Мы поможем в написании ваших работ!



ЗНАЕТЕ ЛИ ВЫ?

IV . Заключительный этап урока.

Поиск

1. Подведение итогов урока.

  2. Оценка деятельности учащихся

V. Домашнее задание.

1. Выписать новые слова словари и выучить их.

2. Выразительное чтение текста упр. № 5.

3. Уметь отвечать на вопросы упр. № 6.

                                                         Урок 98

                                                         Задачи:

1. Повторить, закрепить и проверить новую лексику.

2. Совершенствовать навыки правильного, сознательного чтения.

3. Совершенствовать навыки правильного письма.

4. Познакомить с традиционной народной песней «Сой».

5. Воспитывать уважительное отношение к традициям и культуре осетинского народа.

                                       Тексты в аудиозаписи

 

1. Упр. № 1, стр. 178

 

2. Упр. № 10, стр. 181

Оборудование: картинки по теме, магнитофон, диски, интерактивная доска.

 

Ход урока

I. Начало урока.

Сообщение темы и целей урока.

II. Фонетическая зарядка.

Повторить упр. № 1, стр. 178.

III. Проверка домашнего задания.

1. Проверить знание новой лексики устно (упр. № 3).

2. Выразительное чтение текста упр. № 5.

3. Ответить на вопросы упр. № 6.

IV. Работа над новым материалом.

1. Краткая беседа о погоде летом.

2. Работа с текстом упр. № 7.

(Можно использовать интерактивную доску); (подготовить презентацию по тексту.)

а) самостоятельное чтение текста учениками с карандашом;

æ) разбор непонятных слов;

б) чтение текста хором;

в) контроль понимания содержания текста.

 Выполняется упр. № 8.

3. Краткая беседа о традиционных праздниках осетинского народа в летний период.

4. Работа с текстом упр. № 9.

5. Работа над осетинской традиционной народной песней «Сой» (упр. № 10).

V. Заключительный этап урока.

1. Подведение итогов урока.

  2. Оценка деятельности учащихся.

VI. Домашнее задание.

 Песню «Сой» выучить наизусть.

 

                                                          Урок 99

                                                         Задачи:

1. Совершенствовать навыки аудирования.

2. Совершенствовать навыки правильного, сознательного чтения.

3. Совершенствовать навыки правильного письма.

4. Воспитывать у учащихся любовь и уважительное отношение к народам Осетии, России, мира.

                                       Тексты в аудиозаписи

1.Упр. № 1, стр. 178.

 

2.Упр. № 10, стр. 181

3.Упр. № 11, стр. 182

Оборудование: магнитофон, дски, интерактивная доска.

 

Ход урока

I. Начало урока.

Настрой на урок.

Скъоладзаутæ стæм, æмбæлттæ,

Мах Ирыстоны цæрæм.

Дуне уарзæм, стæй Уæрæсе

Æмæ ахуырмæ тырнæм.

 

II. Фонетическая зарядка.

Упр. № 1, стр. 178.

III. Проверка домашнего задания.

 Проверить знание песни «Сой» наизусть.

IV. Работа над новым материалом.

1. Краткая беседа об окончании учебного года, о проведении летних каникул.  И о толерантном, поликультурном воспитании учащихся.

2. Работа над упр. № 11.

а) Прослушать в исполнении диктора слова учителя.

æ) прослушать рассказ Сослана.

б) чтение и разбор рассказа Сослана.

(Обратить внимание учителя на толерантность и поликулььтурность в воспитании учащихся.)

(Презентация об Осетии.)

в) прослушать письмо из Санкт-Петербурга.

Выразительное чтение письма Миши.

3. Продолжить работу над упр. № 11.

а) Прослушать письмо Дзерассы из Беслана. (Презентация.)

æ) чтение и разбор пиьма Дзерассы.

б) прослушать письмо Азрата из Стамбула. (Презентация.)

в) чтение и разбор письма Азрата.

г) контроль понимания содержания писем:

Выполняется упр. № 12.

V. Развитие монологической речи.

Выполняется упр. № 13.

На уроке составить рассказ устно.

VI. Заключительный этап урока.

   1. Подведение итогов урока.

     2. Оценка деятельности учащихся.

 

 

Урок 100.  Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

Урок 101. Контролон куыст.

Урок 102. Рацыд æрмæгыл куыст

УЁЛЁМХАСЁН ЁРМЁГ

 

                            1) Темæ: «Сæрды каникултæ»

Урочы нысан: 1. Бацамонын темæмæ гæсгæ ног дзырдтæ.

                       2. Раст æмæ аив кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын.

                       3. Æрдзмæ уарзондзинад рæзын кæнын æмæ йæ хъахъхъæнын ахуыр кæнын.

Урочы фæлгонц: Ирыстоны æрдзы нывтæ, Сау денджызы ныв, Мæскуыйы нывтæ, интерактивон фæйнæг.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Сывæллæтты сразæнгард кæнын урокмæ.

Цыппæрæм къласы ахуыр кæнæм, царды бæрзæндтæм иумæ тырнæм. Абон цæттæ стæм ахуырмæ мах, райдайæм кусын иумæ ныр тагъд.

II. Ног æрмæгыл куыст.

1. – Ссарут 5-æм фæлтæрæн. (Кусæн тетрад) дзырд, кæцы æвдисы афæдзы афон.

– Абон дарддæр дзурдзыстæм сæрды тыххæй æмæ базонгæ уыдзыстæм Айларты Зарæмæ гæсгæ фыст текстимæ «Сæрды каникултæ».

2. Дзырдуатон куыст. (Интерактивон фæйнæг) (равдисын дзырд-ныв-тæлмæц).

– Бафæлварут ацы дзырдтимæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ.

3. Чиныгимæ куыст.

а) Текст бакæсын ахуыргæнæгæн.

– Ацы тексты ныхас цæуыл цæуы?

æ) хинымæры каст кърандасимæ.

б) равзарын хаххгонд дзырдтæ (æнæмбаргæ дзырдтæ) иннæ скъоладзауты æххуысæй.

в) абзацгай кæсын текст. Саразын пълан.

 

Пълан:

1. Чи кæм уыдис сæрды каникулты?

2. Цъæйы комы.

3. Мæздæджы.

4. Цхинвалы.

5. Сау денджызы был.

6. Мæскуыйы æмæ æндæр рæтты.

г) Рольтæм гæсгæ каст.

(Автор, ахуыргæнæг, Азæмæт, Дзерассæ, Æхсар, Вадим.)

гъ) Текстмæ гæсгæ дзуапп раттын фæрстытæн 3-æм фæлтæрæны.

д) Фæлварын пъланмæ гæсгæ хи ныхæстæй дзурын текст.

III. Урочы кæронбæттæн.

– Ракæсут интерактивон фæйнæгмæ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм кæм улæфыдысты сæрды сабитæ.

(Нывтæ: Цъæйы ком, Мæздæг, Цхинвал, Сау денджыз, Мæскуы.)

IV. Хæдзармæ куыст.

– Ныффыссут чысыл радзырд «Мæ сæрды каникултæ». Саразут æм ныв.

 

                2) Темæ: «Лæвар»  Уалыты Лаврент

Урочы нысан: 1. Аив æмæ раст кæсыны навыктæ рæзын кæнын.

2. Темæмæ гæсгæ ног дзырдтæ бацамонын;

3. Чиныгмæ уарзондзинад рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц: магнитофон, диск.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Ног æрмæгимæ куыст.

1. – Нæ раздæры урочыты темæ уыд «чиныг – зонды суадон».

– Абон дарддæр дзурдзыстæм чиныджы тыххæй æмæ базонгæ уыдзыстæм Уалыты Лавренты æмдзæвгæимæ «Лæвар».

2. Бацамонын темæмæ гæсгæ ног дзырдтæ: 1-æм фæлтæрæн.

3. Æмдзæвгæимæ куыст:

а) æмдзæвгæмæ байхъусын (дикторы каст.)

æ) хинымæры каст кърандасимæ;

б) равзарын æнæмбаргæ дзырдтæ;

в) хъæрæй иумæ каст;

г) дзуапп раттын фæрстытæн: 3-æм фæлтæрæн.

 гъ) иугай аив каст.

III. Урочы кæронбæттæн.

IV. Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ сахуыр кæнын аив к æ сын.

3) Темæ: Арс, бирæгъ æмæ рувас

Нысан: а) раст æмæ æмбаргæ касты хуызтæ рæзын кæнын;

         æ) ног дзырдтæ бахъуыды кæнын;

         б) ирон адæмон сфæлдыстад зонынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.

 

Фæлгонц: цæрæгойты нывтæ, магнитофон, диск.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Урочы темæ æмæ нысæнттыл ныхас кæнын.

II. Фонетикон зарядкæ.

Зæрдыл æрлæууын кæнæн ис æмбисæндтæм, уыци-уыцитæн, тагъддзуринæгтæм.

III. Ног æрмæгыл куыст.

1. Саразын беседæ ирон дины бардуæгты тыххæй.

Уастырджи (лæгты дзуар), Æфсати, Фæлвæра, Аларды, Уацилла. Алардыйæ адæм тæрсынц æмæ йын скæнынц куывд æмæ йæм фæкувынц, цæмæй сæм æрмæстдæр йæ чъылдым (спина) æвдиса. (Йæ цæсгом куынæ æвдиса, уæд сабитæ рынчын нæ кæндзысты).

2. Дзырдуатон куыст.

Сæххæст кæнын 1-æм фæлтæрæн.

3. Ног дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

– Фæлвæра у хæдзарон фосы бардуаг.

– Æфсати у хъæддаг цæрæгойты бардуаг.

– Аларды у сабиты низты бардуаг.

4. Аргъау кæсы ахуыргæнæг.

5. Аргъауы мидисыл куыст (тæлмацæй кæнын).

6. Сабиты каст хинымæры.

7. Рольтæм гæсгæ каст.

IV. Тексты фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.

V. Урочы кæронбæттæн.

– Цæуыл ахуыр кæны ацы аргъау?

– Аргъауæй уæлдай ма цы хауы ирон адæмон сфæлдыстадмæ?

VI. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Аргъау кæсын.

3. Аргъауы фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.

4) Темæ: «Балцы зарæг».

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сывæллæтты Къостайы æмдзæвгæимæ «Балцы зарæг».

2. Раст æмæ аив кæсыны навыктæ рæзын кæнын;

3. Æмгардзинад, хæлардзинад рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц: Ирон тырысайы ныв, Ирыстоны æрдзы нывтæ.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Ног æрмæгимæ куыст.

1. – Нæ раздæры урочы базонгæ стæм Къостайы æмдзæвгæимæ «Цъиу æмæ сывæллæттæ». Уыцы æмдзæвгæйы нын нæ зæрдæты гуырын кодта уарзондзинад мæргътæм. Æвдыста нын куыд уарзы гыццыл маргъ сæрибардзинад.

2. – Абон та базонгæ уыдзыстæм йæ æмдзæвгæимæ «Балцы зарæг». Ацы æмдзæвгæйы та сæрибардзинадмæ сиды, хоны йæ адæмы. Уый бамбардзыстут, куы байхъусат æмдзæвгæмæ.

3. Бацамонын зынæмбарæн дзырдтæ:

1-æм фæлтæрæн, 50-æм фарс.

2-æм фæлтрæн. Бахъуыды кæн.

4. Байхъусут уал дикторы кастмæ.

5. Æмдзæвгæйыл куыст (3-æм фæлтæрæн.)

а) хинымæры каст кърандасимæ.

æ) равзарын æнæмбаргæ дзырдтæ æмæ ратæлмац кæнын æмдзæвгæ.

б) хъæрæй иумæ каст.

в) фыссæг зæгъы… Скæнæм йæ тырыса «Дзыллæйы номæй…»

– Цавæр тырысайы кой кæны? (Равдисын Ирыстоны тырысайы ныв.)

 Беседæ Ирыстоны тырысайы тыххæй:

– Цал хуызы ис Ирыстоны тырысайæн?

– Цы нысан кæны алы хуыз?

г) хъæрæй иугай каст.

гъ) – Куыд уæм кæсы, нæ абоны царды тыххæй куы дзурæм, уæд Къостайы æмдзæвгæйæ спайда кæнæн ис?

– Цæмæн?

III. Урочы кæронбæттæн.

– Ахæм æмдзæвгæтæ чи фыста, уый сымахмæ гæсгæ, цавæр адæймаг уыди?

– Цымæ нæ абоны цардыл бацин кодтаид Къоста? Цæмæн?

IV. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ ныффыссын дзырдуæтты æмæ сæ сахуыр кæнын;

2. Сахуыр кæнын æмдзæвгæ наизусть.

 

5) Темæ: «Фæззæджы нывтæй» Кочысаты Мухарбег

Нысан: а) раст æмæ аив кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

         æ) фæззыгон æрдзы ивддзинæдты тыххæй сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын;

         б) æрдз уарзын æмæ хъахъхъæнын ахуыр кæнын скъоладзауты.

Фæлгонц: фæззыгон æрдзы нывтæ, магнитофон, диск, интерактивон фæйнæг.

                                                       Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Урочы темæ æмæ хæсты тыххæй дзурын.

II. Фонетикон зарядкæ.

Ахуыргæнæджы куы фæнды, афтæ йæ кæны.

(Зæрдыл æрлæууын кæнæн ис æмбисæндтæн æмæ уыци-уыцитæн.)

III. Беседæ фæззыгон æрдзы ивддзинæдты тыххæй.

(Ис скæнæн презентаци интерактивон фæйнæгыл фæззыгон æрдзы ивддзинæдты тыххæй.)

IV. Дзырдуатон куыст: халас, зæлдаг, къуылдым, бæрæчет, тæнæг.

Сæххæст кæнын 1-æм фæлтæрæн.

V. Беседæ Кочысаты Мухарбеджы тыххæй.

Кочысаты Мухарбег райгуырдис 1920 азы Ольгинскæйы. Ахуыр кодта педагогон техникумы. Уый фæстæ та – педагогон институты. Хæст куы райдыдта, уæд Мухарбег уыд фæстаг курсы. Фæлæ йын институт фæуын нæ бантысти – 1941 азы ацыди Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы быдырмæ, уыдис афицер. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын саккаг кодтой сырх Стъалыйæ орден æмæ майдам «Хъæбатырдзинады тыххæй». Фæмард 1944 азы украинаг горæт Ямполь хъахъхъæнгæйæ. Тагъд ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 24 азы.

Мухарбеджы æмдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты 1937 азæй фæстæмæ. Мæ уарзон æмдзæвгæ у «Фыдыбæстæ».

VI. Æмдзæвгæ «Фæззæджы нывтæй»-ыл куыст.

1. Диктормæ хъусын.

2. Ахуыргæнæджы каст.

3. Сабиты каст хинымæры.

(Кърандасимæ куыст).

4. Æмдзæвгæйы фæрстытыл куыст.

5. Аив кæсыныл куыст.

VII. Урочы кæрнбæттæн.

– Уæдæ абон цавæр поэтимæ базонгæ стæм?

– Поэт куыд æвдисы фæззæджы нысæнттæ æрдзы тыххæй?

VIII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Æмдзæвгæ аив кæсын зонын.

 

                   6) Темæ: «Зымæгон» Дарчиты Дауыт

Нысан: а) раст, æмбаргæ æмæ аив кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

æ) сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын зымæгон хъæзтыты тыххæй;

б) зымæгон æрдзы рæсугъддзинад æмбарын кæнын скъоладзаутæн.

 

Фæлгонц: зымæгон æрдзы нывтæ, сабиты зымæгон хъæзтыты тыххæй ныв, магнитофон, диск.

                                            Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Сабитæн урочы темæ æмæ йæ хæстæ бамбарын кæнын.

I. Фонетикон зарядкæ.

1. 2-æм фæлт.

2. Æмбисæндтæ зымæджы тыххæй (12-æм фæлт.).

III. Беседæ сабиты зымæгон хъæзтыты тыххæй.

– Зымæгон сыгъдæг уæлдæф тынг пайда у сабиты æнæниздзинадæн.

(Нывмæ гæсгæ дарддæр дзурын, сабитæй чи цавæр хъазтытæй хъазы, кæнæ цæуыл бырынц.)

IV. Дзырдуатон куыст.

1. 1-æм фæлтæрæны баххæст кæнын.

Дзырдтæ: хъал, рог, къуыпп, фахс, фидæн, фыййаг, фæлварын, цъуй, æлхыскъ кæнын.

2. Сабитæн бамбарын кæнын бирæнысанон дзырдтæ «хъал, рог».

Баххæст кæнын 2-æм фæлтæрæн.

V. Æмдзæвгæ «Зымæгон»-ыл куыст.

1. Байхъусын дикторы кастæй æмдзæвгæмæ.

2. Æмдзæвгæйы зынæмбарæн дзырдтыл куыст.

3. Иумæ каст.

4. Кæрæдзи фæстæ хъæрæй кæсын.

5. Аив кастыл куыст.

VI. Æмдзæвгæйы мидисмæ гæсгæ фæрстытæн дзуапп дæттын.

Баххæст кæнын 4-æм фæлтæрæн.

VII. Урочы кæронбæттæн.

1. Радзурут-ма, сымах та цавæр хъæзтытæй фæхъазут зымæгон?

2. Сабиты куыстæн аргъ скæнын æмæ сын бæрæггæнæнтæ савæрын.

VIII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Æмдзæвгæ аив кæсын зонын.

 

 

7) Темæ: Ногбон

Нысан: а) раст æмæ æмбаргæ кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

æ) сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын Ногбоны бæрæгбоны тыххæй;

б) скъоладзаутæм цымыдисдзинад рæзын кæнын нæ ирон æгъдæуттæм.

 

Фæлгонц: темæмæ гæсгæ нывтæ, магнитофон, дисктæ.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Байхъусын зарæг «Ног аз»-мæ æмæ скæнын хатдзæг абоны урочы темæйы тыххæй.

– Сабитæ, мах дзырдтам æмæ базыдтам дунейы бæстæты, стæй Уæрæсейы адæм Ногбон куыд бæрæг кæнынц, уый. Базонгæ стæм, ирон адæм дæр куыд æрвитынц сæ Ногбоны бæрæгбон, уыимæ.

Абон дæр дарддæр лæмбынæгдæр зонгæ кæндзыстæм ирон адæмы Ногбоны бæрæгбонимæ. Бакæсдзыстæм æмæ æрдзурдзыстæм Къарджиаты Бекызæйы фыст текст «Ногбон»-ы тыххæй.

Мах цæрæм Ирыстоны æмæ хъуамæ зонæм ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ бæрæгбæттæ.

II. Фонетикон зарядкæ.

5-æм фæлтæрæн, 80 фарсыл.

III. Хæдзармæ куыст бæрæг кæнын.

Сбæрæг кæнын, куыд ныффыстой сабитæ хуызджын къамтыл ногбоны арфæтæ.

IV. Ног æрмæгыл куыст.

1. Беседæ куыд æмбæлынц Ног азы бæрæгбоныл дунейы адæмтæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны.

(Пайда кæнæн ис, скъоладзаутæ уый размæ урокты цы докладтæ æмæ радзырдтæ ныффыстой, уыдонæй.)

2. Дзырдуатон куыст: хъæмп, топп, фыдбылызтæ, искæмæй æддæ (æдде), гæрæхтæ.

3. Ног дзырдтимæ дзырдбæстытæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

4. Беседæ Къарджиаты Бекызæ æмæ йæ чиныг «Ирон æгъдæутты» тыххæй.

5. Текст «Ногбон»-ыл куыст.

а) ахуыргæнæджы каст.

æ) сабитимæ текст тæлмац кæнын.

б) ахуырдзауты каст

6. Тексты фæрстытæм гæсгæ дзуæппытæ дæттын. (3-æм фæлтæрæн.)

V. Урочы кæронбæттæн.

1. – Уæдæ ацы урочы ногæй цы базыдтат Ногбоны бæрæгбоны тыххæй?

2. Сабиты куыстæн аргъ скæнын æмæ сын комментаритимæ бæрæггæнæнæнтæ сæвæрын.

VI. Хæдзармæ куыст.

1. Текст кæсын.

2. Бацæттæ кæнын чысыл радзырд «Куыд арвыстон мæ Ногбоны бæрæгбон».

 

                          8) Темæ: «Тæрхъусы цуан» Дзасохты Музафер

Нысан: а) раст æмæ æмбаргæ кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

æ) сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын цæрæгойты царды тыххæй;

б) æрдзæмæ æмæ цæрæгойтæм, сырдтæм уарзондзинад рæзын кæнын.

 

Фæлгонц: нывтæ темæмæ гæсгæ, магнитофон, дисктæ.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

– Сабитæ, зæгъут-ма, цавæр сырды тыххæй зæгъдзынæн базон-базон.

«Йæ хъустæ-даргъ.

Йæ дымæг-цыбыр.

У тæрсаг æмæ тæппуд».

 

– Раст зæгъут, уæдæ нæ абоны темæ уыдзæн тæрхъусы цуаны тыххæй.

 

II. Фонетикон зарядкæ.

Ныртæккæ та нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм чысыл æмдзæвгæтæ, кæцыты архайæг тынг фæтæрсын кодта нæ тæппуд тæрхъусы.

1. Упр. № 4,

2. Упр. № 13,

 

III.Ног лексикæйыл куыст: уады къуыззитт, пыхсытæ, тыхсын, катай кæнын, тыххæйты, узгæ-узгæ.

IV. Ног лексикæимæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

– Уад къуыззитт кæны.

– Пыхсыты бын бады тæрхъус.

– Арс йæ лæгæты хуыссы.

V. Текст «Тæрхъусы цуан»-ыл куыст.

1. Беседæ автор Дзасохты Музаферы тыххæй. Уый у фыссæг, поэт æмæ сабиты журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор. Цалдæр азы размæ сси Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат.

2. Ахуыргæнæджы каст.

3. Сабиты каст хинымæры кърандасимæ.

4. Зынæмбарæн дзырдтыл куыст.

5. Сабиты каст кæрæдзи фæстæ.

6. Æвзаргæ каст:

– Ссарут-ма тексты арсы лæгæты тыххæй ныхас кæм цæуы, уыцы бынат.

VI. Тексты фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.

– Кæм бамбæхстысты сырдтæ?

VII. Урочы кæронбæттæн.

Сабиты куыстæн аргъ скæнын æмæ сын комментаритимæ бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VIII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Текст кæсын.

 

 

                        9) Темæ «Ног фæлтæр» Чеджемты Геор

Нысан: а) раст æмæ аив кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

æ) нæ рагфыдæлты тыххæй сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын;

б) сæрыстырдзинад рæзын кæнын нæ рагфыдæлтæм.

Фæлгонц: нывтæ темæмæ гæсгæ, магнитофон, диск.

 

Урочы цыд

 

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Равдисын скифты, сæрмæтты, аланты нывтæ, цæмæй скъоладзаутæ сæхæдæг скæной хатдзæг нæ урочы темæйы тыххæй.

II. Фонетикон зарядкæ.

   Зæрдыл æрлæууын кæнæн ис Илас Æрнигоны ныхæстæм гæсгæ фыст зарæг «Ирон лæджы кадæн (3-æм къласы зарджыты диск) æмæ йæ азарын.

III. Беседæ ирон адæмы рагфыдæлты царды тыххæй. (Ис скæнæн сабиты проектон куыстытæн равдыст æмæ уыдонмæ гæсгæ скъоладзауты ныхас. Кæд исчи скодта компьютерон презентаци, уæд ис гæнæн уымæ дæр бакæсын æмæ байхъусын).

IV. Дзырдуатон куыст.

Дзырдтæ: фæлтæр, туг, тугхæстæг, æрвад, иудадзыг, кад, тæхуды, фæдом.

V. Ног дзырдтимæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

– Ирон æгъдæуттæ цыдысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

– Нæ рагфыдæлтæ сты тугхæстæг ирон адæмæн.

– Ирон лæг æрвады хоны йе 'фсымæр.

VI. Ног æрмæгыл куыст.

1. Байхъусын зарæг «Ног фæлтæр»-мæ.

2. Текст кæсын хинымæры æмæ зынæмбарæн дзырдтæ бæрæг кæнын кърандасæй.

3. Тексты мидисыл куыст.

4. Сабиты каст.

5. Зарæг зарын иумæ.

6. Зарæг рæнхъгай зарын.

7. Текстмæ гæсгæ фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.

VII. Урочы кæронбæттæн.

Сабиты куыстæн аргъ скæнын.

VIII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Зарæджы ныхæстæ наизусть ахуыр кæнын.

 

10) Темæ: Уазæгуаты нанамæ

Нысан: а) раст æмæ æмбаргæ кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

æ) ирон хæринæгты æмæ фынгæвæрды тыххæй сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын;

б) скъоладзауты ирон æгъдауыл ахуыр кæнын.

Фæлгонц: нывтæ темæмæ гæсгæ, магнитофон, диск.

 

                                                   Урочы цыд

I. Бацаттæгæнæн рæстæг.

Сабитæн урочы темæ æмæ нысаны тыххæй дзурын.

II. Фонетикон зарядкæ.

1. Æмбисæндтæ дзурын дикторы фæстæ.

2. Зарæг «Сатанайы лæвар» азарын.

III. Рацыд æрмæгыл куыст.

1. Беседæ ирон хæринæгты тыххæй.

2. Басня «Давон, булкъ æмæ мыд»-æй инсценировкæ кæнын.

IV. Рацыд æрмæгыл куыст.

1. Дзырдуатон куыст: зилæнтæ кæнын, æнæмастæй, бæркад, уæливыхтæ.

2. Ног лексикæимæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

3. Ахуыргæнæджы каст.

4. Сабиты каст.

5. Рольтæм гæсгæ каст.

6. Фæрстытæн дзуæппытæ дæттын.

V. Æмбисондыл куыст.

Хæдзары бæркад æфсиныл баст у.

VI. Урочы кæронбæттæн.

Сабиты куыстæн аргъ скæнын æмæ сын бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Текст рольтæм гæсгæ кæсын.

 

11) Темæ: Рагуалдзæг

Нысан: а) раст, æмбаргæ æмæ аив кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

æ) сабиты зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын уалдзыгон æрдзы ивддзинæдты тыххæй;

б) æрдз хъахъхъæнын ахуыр кæнын скъоладзауты.

Фæлгонц: компьютерон презентаци, диск, магнитофон.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Урочы темæ æмæ йæ нысæнттыл ныхас.

II. Фонетикон зарядкæ.

Байхъусæн ис 3-æм къласы зарджыты репертуарæй зарæг «Уалдзæг»-мæ.

III. Хæдзармæ куыст бæрæг кæнын.

Байхъусын скъоладзауты радзырдтæм æмæ сбæрæг кæнын сабиты æххуысæй хуыздæр куыст.

IV. Ног æрмæгыл куыст.

1. Беседæ рагуалдзæджы тыххæй. Спайда кæнæн ис компьютерон презентацитæй.

2. Дзырдуатон куыст: къуылдым, аууон, нæрын, тынтæ нывæндын, тæфсын, райын, райгæ.

3. Ног лексикæимæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

– Къуылдымтыл фæзынд цъæх кæрдæг.

– Аууон рæтты фæзынд цъæх кæрдæг.

– Уалдзæджы арв нæрын райдайы.

– Хур бæрзондæй йæ тынтæ нывæнды зæхмæ.

4. Æмдзæвгæйыл куыст.

а) автор Плиты Харитоны тыххæй сабитæн радзурын (1908 – 1966).

Харитон (Хадо) райгуырд 1908 азы Ручъы хъæуы. Фыста ахсджиаг темæтыл ирд, цыргъ æмæ рæсугъд æвзагыл. Уарзта сабитæн фыссын «Дидинæг», «Æнусон цин», «Тузар», «Сабитæн» æмæ фæхъæздыгдæр кодта сабиты литературæ. Чи нæ зоны зарæг «Инал» Харитоны ныхæстыл фыстæн? Æмдзæвгæтæ «Гыцци», «Гæды æмæ йæ лæппынтæ», «Иласы бæллиц» æмæ æндæртæ.

æ) æмдзæвгæмæ байхъусын дикторы кастæй;

б) сабиты каст хинымæры кърандасимæ;

в) скъоладзауты каст хъæрæй;

г) аив кæсыныл куыст.

V. Фæрстытæн дзуæппытæ дæттын æмдзæвгæйы мидисмæ гæсгæ.

VI. Урочы кæронбæттæн.

Скъоладзауты куыстæн аргъ скæнын сабиты комментаритæм гæсгæ.

VII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын.

2. Æмдзæвгæ аив кæсын.

 

 

                                     12) Темæ: Æнæрхъуыды чызг

Нысан: а) аив æмæ æмбаргæ кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

         æ) сабитæм тырнындзинад рæзын кæнын хæдзары куыстытæм;

         б) мадæлтыл аудын ахуыр кæнын скъоладзауты.

Фæлгонц: интерактивон фæйнæг, компьютерон презентаци, магнитофон, дисктæ.

                                         Урочы цыд

 

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Компьютерон презентацимæ гæсгæ сабитæ скæндзысты хатдзæг абоны темæйы тыххæй.

II. Фонетикон зарядкæ.

1. Упр. № 2, стр. 136

2. Упр. № 10, стр. 139

III. Хæдзармæ куыст бæрæг кæнын.

1. Нымæцонты тыххæй цы базыдтой скъоладзаутæ, уый фæлхат кæнын.

2. Зæрдылдаринæгтæ фæлхат кæнын.

Упр. № 16, стр. 151.

IV. Ног æрмæгыл куыст.

1. Беседа мадæн хæдзары куыстытæн æххуыс кæныны тыххæй.

2. Дзырдуатон куыст: тæригъæд кæнын, æнкъардхуызæй дзурын, æнæрхъуыды адæймаг, ныддис кæнын, æнæ фæугæ нæй.

3. Ног лексикæимæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын.

– Чызг йæ мадæн тæригъæд кæны.

– Мад æнкъардхуызæй дзуры.

4. Текстыл куыст.

а) ахуыргæнæджы каст;

æ) сабиты каст хинымæры æмæ æнæмбаргæ дзырдтыл куыст;

б) сабиты каст хъæрæй;

в) рольтæм гæсгæ каст.

V. Тексты фæрстытæн дзуæппытæ дæттын.

– Куыд тæригъæд кодта чызг йæ мадæн?

– Автор цæмæн хоны чызджы æнæрхъуыды?

VI. Тексты мидис хи ныхæстæй дзурн ахуыр кæнын скъоладзауты.

VII. Урочы кæронбæттæн.

1. – Уæдæ куыд тæригъæд кæнын хъæуы мадæн?

2. Сабиты зонындзинæдтæм аргъ скæнын æмæ сын бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VIII. Хæдзармæ куыст.

1. Ног лексикæ ахуыр кæнын.

2. Текст кæсын æмæ йæ ныхæстæй дзурын зонын.

 

13) Темæ: Сидзæр лæппынтæ

Урочы нысан: 1. Аив æмæ раст кæсыны навыктæ рæзын кæнын;

                       2. Темæмæ гæсгæ ног дзырдтæ бацамонын;

3. Æмгардзинад, хæлардзинад рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц: сырддонцъиу æмæ зæрватыччы нывтæ.

 

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын

III. Ног æрмæгимæ куыст.

1. – Нæ зæрдыл æрлæууын кодтам мæргъты нæмттæ. Абон базондзыстæм, цавæр хабар æрцыд сырддонцъиу æмæ зæрватыччытыл.

– Базонгæ уыдзыстæм Черчесты Хъ. радзырдимæ «Сидзæр лæппынтæ».

2. Бацамонын зынæмбарæн дзырдтæ: 1-æм фæлтæрæн.

3. 2-æм фæлтæрæн. Текстимæ куыст.

а) – Куыд уæм кæсы, цавæр цъиу у сырддонцъиу?

– Зæрватыкк та?

– Афтæ у æви нæ, уый та ныртæккæ базондзыстæм.

æ) бакæсын текст ахуыргæнæгæн.

б) сывæллæтты каст тæлмацимæ.

в) – Дзуапп радтут, афтæ у æви нæ?

  3 фæлтæрæн. Дзуапп радтут фæрстытæн.

г) хинымæры каст кърандасимæ.

гъ) равзарын æнæмбаргæ дзырдтæ.

д) иугай каст.

4. Текстмæ гæсгæ пълан саразын.

                                                        Пълан

1. Зæрватыччыты ахстон байста æдзæсгом сырддонцъиу.

2. Зæрватыччытæ æндæр ран скодтой сæхицæн хæдзар.

3. Сырддонцъиу æмæ зæрватыччыты лæппынтæ.

4. Сидзæр лæппынтæ.

5. Зæрватыччыты æххуыс.

IV. Пъланмæ гæсгæ текст бафæлварын дзурын хи ныхæстæй.

– Кæй ми фæцыд уæ зæрдæмæ сырддонцъиуы æви зæрватыччыты?

– Цæмæн?

V. Хæдзармæ куыст.

Текст аив кæсын, 3-æм фæлтæрæн фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.

 

                     

                                     14) Тем æ: Цæуыл зарыд дон

Урочы нысан: 1. Бацамонын темæмæ гæсгæ ног дзырдтæ;

                      2. Аив æмæ раст кæсыны навыктæ рæзын кæнын;

                      3. Æрдзмæ уарзондзинад рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц: темæмæ гæсгæ нывтæ.

                                           

                                               Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

?

– Куыд вæййы боныхъæд уалдзæджы?

– Цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы?

– Куыд дарынц сæхи цæрæгойтæ уалдзæджы?

– Цавæр куыстытæ фæкæнынц адæм хъæуты æмæ горæтты?

III. Ног æрмæгимæ куыст.

1. – Уалдзæджы æрдз куы райхъал вæййы, уæд цæугæдæттæ дæр суæгъд вæййынц ихтæй æмæ хъæлдзæгæй тындзын райдайынц размæ. Сæ хъæлдзæг зæрдæй адæмиаджы зæрдæ дæр бахъæлдзæг вæййы.

– Абон базонгæ уыдзыстæм Айларты Ч. радзырдимæ «Цæуыл зарыд дон».

2. Равзарын ног лексикæ: 1-æм фæлтæрæн.

3. Текстимæ куыст:

а) ахуыргæнæджы каст;

æ) хинымæры каст кърандасимæ;

б) хъæрæй иугай каст;

в) сæххæст кæнын 3-æм фæлтæрæн, дзуапп раттын фæрстытæн.

г) рольтæм гæсгæ каст.

IV. Урочы кæронбæттæн.

V. Хæдзармæ куыст.

Текст аив кæсын рольтæм гæсгæ.

 

 

15) Темæ: Йæ рæдыд бамбæрста

Урочы нысан: 1. Аив æмæ раст кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын;

                      2. Бацамонын зынæмбарæн дзырдтæ;

                      3. Ахуыр кæнын растдзинад дзурыныл, æмгардзинадыл.

Урочы фæлгонц: темæмæ гæсгæ нывтæ.

 

 

                                                   Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

1. Æмбисæндтæ бафæрсын.

– Цавæр дзырдмæ ахæссæн ис ацы æмбисæндтæ? (Æгъдау.)  

III. Ног æрмæгимæ куыст.

1. – Æгъдау алы ран дæр хъæуы. Уый сбæрæг кодтам. Хъуамæ архайæм, цæмæй нæ рауайа æгъдауджын лæппутæ æмæ чызджытæ.

– Зæгъут-ма, сайгæ чи фæкæны, уый æгъдауджын адæймаг схонæн ис? Цæуылнæ?

2. – Абон базонгæ уыдзыстæм Джиоты Катяйы радзырдимæ «Йæ рæдыд бамбæрста».

3. Бацамонын зынæмбарæн дзырдтæ: 1-æм фæлтæрæн.

4. Текстимæ куыст:

а) текст ахуыргæнæгæн бакæсын;

æ) хинымæры каст кърандасимæ;

б) равзарын æнæмбаргæ дзырдтæ;

в) хъæрæй иумæ каст;

г) иугай каст;

гъ) дзуапп раттын 3-æм фæлтæрæны фарстатæн.

– Ды та куыд бакодтаис Зæирæйы бынаты?

– Мисурæты бынаты та?

IV. Урочы кæронбæттæн.

V. Хæдзармæ куыст.

1. Зынæмбарæн дзырдтæ дзырдуатмæ рафыссын æмæ сахуыр кæнын.

2. Текст аив кæсын.

 

16) Темæ: Фыстæджытæ Интернетæй

Урочы нысан: 1. Раст æмбаргæ æмæ аив кæсыны зонындзинæдтæ рæзын кæнын.

2. Сыв&ael



Поделиться:


Последнее изменение этой страницы: 2021-09-26; просмотров: 156; Нарушение авторского права страницы; Мы поможем в написании вашей работы!

infopedia.su Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав. Обратная связь - 18.119.255.183 (0.01 с.)