II хай. Хæсты сывæллæттæ 


Мы поможем в написании ваших работ!



ЗНАЕТЕ ЛИ ВЫ?

II хай. Хæсты сывæллæттæ

 

Дзабаева-Кесаонова Т.Т. Ива плакучая : роман.

Т. Т. Дзабаева-Кесаонова — Владикавказ: Издательско-полиграфическое пред-приятие им. В. А. Гассиева, 2014 г.

ISBN 978-5-91139-305-2

 

 

Дзабайты-Къесаонты Таисæ

ДОНХÆРИС

I хай. Бæхджын.. 2

I СÆР.. 2

II СÆР.. 6

III СÆР.. 11

IV СÆР.. 16

V СÆР.. 22

VI СÆР.. 25

VII СÆР.. 28

VIII СÆР.. 38

II хай. Хæсты сывæллæттæ... 42

I СÆР.. 42

II СÆР.. 44

III СÆР.. 45

IV СÆР.. 47

V СÆР.. 56

VI СÆР.. 61

VII СÆР.. 63

 

I хай. Бæхджын

I СÆР

Цæгат Кавказы хохрæбынты уалдзæг тæргайгæнаг у. Иу бон нæлгоймаджы сæрыл сæрдыгон худ сæрыстырæй уынгты фæтезгъо кæны, дыккаг бон та тæрхæгæй хæлæггæнгæ акæсы зымæгон худы фæдыл. Фæлæ кæд нæ уалдзæг ахæм тæргайгопп у, уæддæр базмæлыд æрдз. Халсарты цæхæрадæтты сæ сæртæ сдардтой нуры æмæ мыггаджы хъæдындз. Каурæбынты сау хъæлæрдзыйы къутæртæ фæцъæхбын сты, гутоны фындз кæм нæ абыры, уымыты, быруйы хæд рæбынты, обæутты сæрты, йæ сындз сыфтæ сдардта пысыра. Уæдæ хъæдрæбынты, тæрфыты былгæрæтты, донгуырæны дæр нæууытæ уалдзæджы уддзæфмæ фæцъæхбын сты. Æртахтысты сауцъиу æмæ гугукгæнаг.

Гугукгæнаг куы иу хæдзары сæр абады, куы иннæйы. Кæй хæдзары сæр абадт, уыдонмæ агуыридур ныххойы йæ дзæбуг сæрæй «гугу-гукк-гу-г-укк».

Уалдзæджы фидиуæджы хойынмæ адæм змæлынц сæ бæстыхæйтты. Адæймаджы къухты февнæлдмæ гæсгæ тæлфынц кусæнгæрзтæ: сагæйттæ, халамæрзæнтæ, рувæнтæ, белтæ, фæрæттæ... Чи йæ цæхæрадон сыгъдæг кæны фароны фæсалæй, чи зилы йæ бырумæ, чи бийы ног кау, чи та æхсæды дыргъ бæлæстæ. Цæхæрадæттæй кæлы фæздæг. Уæлдæфы адæймаг æхсызгонæн æнкъары фæздæджы тæф. Куыстдзагъд адæмы хъæлæба, сырддонцъиуты цъыбар-цъыбур, гугукгæнаджы уаст... уалдзæджы уыцы миниуджытæ адæймаджы уæнгрог кæнынц.

Астанты Инал æмæ йæ æвддæсаздзыд чызг Асиат дæр архайынц сæ цæхæрадоны. Зымæг-зымæджы дæргъы хъæллæгъы фæлхоримæ фосы фаджыс ирвæзт æмæ ныр уый аххосæй арт гуыр-гуырæй судзын кæй нæ фæразы, уый тыххæй цыма чызгæй йæ маст иста, афтæ-иу æм Асиат фæлхæртты сагойгомимæ куы фæцæйцыди, уæд-иу ыл йæ хуыдуггæнаг бæзджын цъæх фæздæджы тъыфыл баскъæрдта, ууыл цыма тынгдæр мæсты кодта, афтæ-иу ныззылди, фæздæджы бын-иу аууæрста хъæлæрдзыйы къудзитæ, нуры æмæ хъæдындзы лæппын сыфтæ. Инал сагойæ артдзæстимæ архайгæйæ Асиатмæ дзуры:

— Чызг, цæгат-скæсæнæй дымы, уаргæ кæндзæн. Кæрдо бæлас дæр ма куы ахсæдис. Мæнæн куыстмæ цæуын афон у.

— Хорз, — разыйæ загъта Асиат. Базгъордта сарамæ, фездæхт иукъухыг хырх æмæ бæласæхсæдæн хæсгардимæ. Йæ фыд кæрты дуарæй нæма ахызт, афтæ кæрдойы сæрæй ракаст. Йæ цæст ахаста бæласыл. Бæрæг уыдысты бæласы хуылфмæ чи цыди, уыцы æнæхъæугæ къалиутæ æмæ фароны лæппын таутæ.

Асиат акаст хъæумæ. Сывæллæттæ хъазынц уынджы, каурæбынты рыджы бæгъдулæг кæнынц кæрчытæ, рæсугъд нæл гогыз йæ къæдзил ныппака кодта æмæ куы иуырдæм акафы, куы иннæрдæм.

Уæлбыл цъæх кæрдæгыл хизынц рæуæдтæ. Йæ цæст æрæнцад сæ хæдзары сæрыл, астæуæй фефсæрста, цыма йыл раст уæйыг бæхбадт акодта, афтæ.

Бæласы сæрæй хъуысы куы хырхы уынæр, куы хæсгарды чъепп-чъепп... Кæрæдзийы фæдыл бынмæ зивæггæнгæ кæлынц къалиутæ: чи егъаудæр — лæдзæгæн бæзгæ, чи — тæсчъы уисау...

Иналы хæдзар æртæ рудзынгæй кæсы уынгмæ — цæгатырдæм. Æвæрд ис уæлæмæ, хъæдмæ цæугæйæ галиу фарс. Хæдзарæн йæ хуссарварс кæрт, сæнæфсир æм æрбахызт быруйы сæрты цæхæрадонæй. Скъæттæ — хæдзары дæллагварс. Скъæты дуар уынгмæ.

Инал цыди уæззау къахдзæфтæй йæ куыстмæ, колхозы дыргъдонмæ зилы æмæ дзы кусы хъалагъурæй дæр. Йæ зæрдæбын фæллойæ разы сты колхоз æмæ хъæубæстæ. Урсдоны доны хиды сæрты бахызт, фæстейы аззад хъæу, уæддæр йæ сæрæй нæ цух кæны йæ чызг.

Асиатыл авд азы куы сæххæст, уæд амард йæ мад. Фыдмæ ус курыны фæнд нал уыди, фæлæ цард адæймагæй домы йæ æнæфыст закъонтæ. Дыууæ азы фæстæ æрхуыдта Астемыраты чызг, бæрзонд, хæрзхуыз, сæрæн фезмæлд æмæ карз ныхасыуагимæ сылгоймаг. Кæд Асиаты мадау уæздан нæ уыдис, уæддæр хæдзар уынджы рагъыл мæгуырхуыз нал уыди: йæ хъустыл ауад Арсæгты Дибæйы ныхас, агъуысты къуымты йæ цæст ахæсгæйæ. «Кæд цыфæнды у, уæддæр ныр уæ хæдзар сыхбæсты царды зилахары æмцыд кæнын райдыдта».

Дзерассæ хæдзары лæмбынæг æфсин нæ уыд. Сывæллонмæ кæсын та æппын нæ бауарзта. Куыддæр райгуыры, афтæ йæ Асиаты хъæбысмæ баппары, йæхæдæг — быдырмæ... Судзин æмæ хæсгардимæ та — куыдз æмæ лæдзæг. Хæринаг кæныны бæсты быдыртæ иннæрдæм афæлдахдзæн. Йæ сывæллæттæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ йæ мидбыл бахудт. Афæдзмæ йын ныййардта лæппу Фидар. Стæй чызг Аниссæ. Ноджыдæр та лæппу Бибо.

Фæлæ Асиатæн тæригъæд кæны. Йæ тар цæстæнгас ахаста рагуалдзæг быдырыл, раст цыма зæххы бын егъау арт счынди æмæ йæ фæздæг мæры æхсæнтæй уæзбынæй хæрдмæ хъары, афтæ. Йæ цæст æрхæцыд таджы былты бæлæстыл, æхсæр, хъæддаг кæрдо, мугæ æмæ донхæрис бæлæстыл. Æвæдза, иунæг донхæрис нал тæрсы уазалæй æмæ иннæтæй раздæр акодта йæ уалдзыгон къаба... Йе ’рфгуытæ куы фæирд вæййынц, куы фæтар. Йæ хъуыдыйы ноггуырд сабийы кæуын йæ хъустыл куы ауайы, уæд æрфгуытæ сæхи хæрдмæ сисынц...

Уæд æхсæвæддæ мæнæу най кодта Дзерассæ. Фæсæмбисæхсæв уыдаид, афтæ фæзынди сæхимæ. Агъуысты дуарæй куы бакаст, уыцы рæстæг раст Асиат сывæллон йæ хъæбысы, афтæмæй фæтæгены цырагъы судзгæ æвзагмæ дардта кружкæйы æхсыр. Сывæллон цъæхахст кодта. Чызг нæ бафиппайдта, фыдыус куыд бацыд, уый. Ус рамæсты, бауад æмæ Асиаты ныццавта. Чызг фæуыргъуыйау, чысыл ма бахъæуа, цырагъыл ма бахауа... Хъæлæбамæ уатæй рацыд Инал...

Йæхицæн нæ хатыр кæны, йæ сидзæр чызгыл цы æфхæрдтытæ уайы, уый.

Астантæ æмæ Арсæгтæ хæрз сыхæгтæ сты. Сæ лæппу Таймуразæн хæдзармæ бацæуыны хъомыс нал вæййы, Асиат цæхæрадоны куы фæархайы, уæд. Мæнæ йæм ныр дæр дзырдæппарæн кæны сæ фæткъуы бæласы сæрæй. Чызг æм ницы йæ хъус дары. Таймураз колхозы нартхоры зындгонд куыстгæнæг у. Йæ бригад фарон бацахста фыццаг бынат сæ колхозы иннæ бригæдты æхсæн. Ацы аз йæ нысан у районы фыццаг бынатмæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакæндзæн: æнæзивæг, куыстуарзон. Хъæубæстæ йын йæ къæпи æмбисондæн хæссынц. «Таймуразы рувæнау æрттивы»...

— Халоны айчы тъыллупп ма æркæн, — хъазæн ныхас та баппæрста Таймураз чызгмæ.

— Æнæмæт у, — дзуапп радта Асиат, — хизгæ кæнын, къалиуты цæнд æгæр егъау сси, хъæдкалджыты куыстадау...

Чызг æмбары лæппуйы зæрдæйы уаг... Йæ зæрдыл æрлæууыд... фарон нартхор тонгæйæ иннæтæй фæхицæн сты хуымы æмæ йæ бафарста: «Кæдмæ мæ удхарæй мардзынæ?» — «Ницы дæ марын». «Куыд нæ? Мæ минæвæртты мын сæргуыбырæй куы рарвитыс, уæд мæнмæ æрбакæсын». «Омæ, чызджытæ... ракур æндæры». Уæд не ’мбæрста, «æндæры» цæуылнæ куры, уый. Таймураз раиртæста, йæ зæрдæ кæмæдæр кæй æхсайы, уый. Йæ хъуыдыйы æрзилдух кæны сæ хъæуы фæсивæдыл, уæдæ сæ кæцы æрæнцайын кодта Асиаты цæстытыл уарзондзинады тæлм? Суанг ма гуырысходзинад абады сæ колхозмæ горæтæй æрвыст тракторист Сосланыл дæр...

Дымы, куы цæгатæй, куы ныгуылæнæй. Уымæ гæсгæ, цæхæрадæтты фæздæджы хъуымбылтæ дæр куы иуырдæм, куы иннæрдæм фæцæйлæсынц.

Хъæумæ ног трактор фарнимæ фæцæуы. Хъæумæ нæма схæццæ, фæлæ йын йæ домбай зæрдæйы куысты уынæр дымгæ йæ æнæуынгæ базыртыл скъæфта: «Ног трактор, ног трактор!» хæрзæггурæггаг фæци хъæубæстæм. Иу хæдзарæй иннæмæ цины хабар хæссы. Цы хæдзармæ фæхæрзæггурæггаг вæййы, уырдыгæй разгъорынц адæм. Цæхæрадæтты кауты сæртæй гæпп кæнынц, чи хæдзарæй згъоры, чи кæртæй, хæдзары æфсинтæй чи æд сывæллон, чи хыссæ къухæй. Сывæллæттæй та азмæлæн дæр нал уыди. Сабитæй бынтон къаннæг чи уыд æмæ чи ницы æмбæрста хабарæн, уыдон та сæ ныййарджыты фæччитыл ныкъкъæндзæг сты æмæ тарст цæстытæй кастысты.

Адæмы æнæрæнцой змæлд хæдзарон мæргътыл дæр фæзынд. Нæл гогызтæ фæдисон хъæр систой, уасджытæ уасыдысты кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ. Дзæргъ æд хъыбылтæ йæхи айста донгуырæнмæ.

Асиат Сосланыл хъуыды кодта æмæ исдуг нæ бафиппайдта адæмы хъæлæба, афтæмæй та, цалдæр боны йæ хъус хъæугæронмæ дары. Ныр адæмы згъоргæ куы ауыдта, уæд хъавыд афæрсынмæ, цы хабар у, уымæй, фæлæ... Йæ хъус ацахста тракторы уынæр. Афтæ йæм фæкаст, цыма уый æндон бæхы зæрдæйы хъæр нæ уыд, фæлæ Сосланы зæрдæйы уынæр у. Уынгмæ ауайынмæ куыд хъавыд, афтæ Дзерассæйы ауыдта уынгмæ ахизгæ æмæ цъусдуг фæсах. Фездæхт, бæласы быны пыхсытæ рамбырд кодта, артмæ сæ бакалдта. Артдзæст къæцæлæй азмæста. Зынг сыл фæхæцыд. Тракторы гуыв-гуыв хæстæгæй-хæстæгдæр хъуысыд. Хъавыд кауы сæрты акæсынмæ, фæлæ йæ Дзерассæ куы ауына, уымæй æдас нæ уæвгæйæ, йæхи фæиуварс кодта. Зæхмæ хырх æмæ бæласæхсæдæн хæсгардмæ нымдзаст. Исдуг аджих. Дзырды уысммæ йæ цæсгом фæирд. Кæрдо бæласмæ сгæпп кодта. Уынг æм зынди тæбæгъау. Цыма пылы сцæйластой, афтæ адæм чысылæй, стырæй уыдысты уынджы. Чызджы зæрдæ цыдæр æхсызгон гуыпп-гуыпп скодта. Ног тракторыл иттæг аив фидыдта сырх тырыса. Тракторæн йæ разæй, йæ фарсмæ цыдысты бæхджынтæ. Сабиты къорд згъордта йæ фæстæ, бæхджынтæн æдзæстхиз фæндаг нæ дæтгæйæ...

Æфсæн бæх тардта Дзодзыккаты Сослан. Асиатмæ афтæ каст, цыма хъæубæстæ цин кæны æрмæстдæр Сосланыл. Сывæллæттæ цымыдисæй быцæу кæнынц, цал гутоны ласын фæразы, ууыл. Иутæ зæгъынц — æртæ ласдзæн, иннæтæ зæгъынц фондз гутонæй къаддæр нæ.

Астанты сыхы тракторы цыд æрсындæг æмæ бынтондæр æрлæууыд, раст кæрдо бæласы акомкоммæ. Сослан æргæпп кодта. Адæмæн салам дæтгæйæ сылгоймæгты къордмæ æххæст нæма бахæццæ, афтæ Дзерассæйы къухты февзæрд фæндыр.

— Нæ бæлццонæн иу кафт!..

— Æрц то-ох!

Фæндыры рог цагъд, æмзонд къухæмдзæгъд, сахъгуырд бæхджынты бын, гуыбынæлвæст æмæ бæрзондкъах бæхтæн сæ сæпп-сæпп къуылымпы кæй æрцыд, ууыл сæ мæстджын мыр-мыр, сабиты цины уынæр, уыцы хъæлдзæгдзинадæн фæлмæн хъырныдта Урсдоны донгуырæн.

Сослан æрзылд йæ тракторы алыварс. Акæса-ма, дуне дзыллæ йыл цин кæны, Асиат та æгæрыстæмæй сæ къæсæрæй ракæсынмæ дæр йæ сæрмæ не ’рхаста, уый та, хæрæг ихыл ныллæууæгау, ам ныццæхгæрмæ. Уæвгæ йæм цæмæ кæса?!

Ныууынæргъыдта. Ныртæккæ йæхи атондзæн, сæ уæлныхты хæссынмæ йæ разы чи у, уыцы адæмæй, æрбалвасдзæн йæ æфсæн бæхы идон, хъен куыд ныллæууа. Мæстæлгъæдæй ма иу æхсгæ каст фæкодта Иналты ’рдæм æмæ йæ ауыдта бæласы сæр. Цыппар цæсты кæрæдзийы куыд нæ райардтой. Сослан йæ былтæ анцъылдта.

— О, кафын! — сдзырдта æмæ мидбылхудгæ цæстыфæныкъуылдмæ Дибæйы цур æркъах-къухтæ кодта. Фæндырдзагъд æмæ æмдзæгъд сцырен сты...

Сосланы фыд фæмард Советон хицаудзинады сæраппонд, урсгвардионтимæ хæцгæйæ. Йæ мад амард тифæй. Цыппæрдæсаздзыдæй бафтыд кæрдзыны къæбæрыл æххуырсты, хъуымæцты дукани чи дардта, ахæм гуыбынджын лæгмæ. Дуканигæсæн уыди иунæг чызг Сафиат. Фыд базыдта йæ æххуырст, Нарты Сосланау, хъаруджын æмæ уæздан кæй у. Нæ йын бæззы сиахсæн?.. Иуæй хæрзуд у, иннæмæй та йæ фыд ацы цардарæзтыл йæ сæр нывондæн æрхаста æмæ сидзæр лæппумæ фыды цæстæй кæй кæсы, уый дæр хицауадмæ æнæнымады кæй нæ уыдзæн, уый æмбæрста. Дыууæ азы кæстæр у йæ чызгæй æмæ уый ницы кæны. Æстдæс азы куы сæххæст лæппуйыл, уæд бакой кодта йæ чызгæн йæ хъуыды.

Чызг сразы. Сослан нæ куымдта, хойы зæрдæ йæм дарын, зæгъгæ. Куыстуарзон æмæ сыгъдæгзæрдæ лæппу нæ уарзта урскъух æмæ хъал Сафиаты. Фæлæ йæм фыд æмæ чызджы фæндоны ныхмæ схæцыны хъару нæ разынд. Нæ баци йæ бон заводмæ куыстмæ бацæуын, ома куыстмæ зивæг нæ кодта, фæлæ йын йæ тыхсты рæстæг æххуыс чи бакодта, сыдæй мæлын æй чи нæ бауахъта, уыцы зæронд лæджы зæрдæхудт райсын æй нæ фæндыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, искуы йын йæ цæхх æмæ кæрдзыны ратт йæ цæстмæ куы бадардтаид, уæд ын æнцондæр уыдаид йемæ дзурын. Фæлæ уыдис зондджын æмæ хиуылхæцгæ зæронд лæг. Афтæмæй æстдæсаздзыдæй бахауд цардласæн æфсондзы бынмæ. Афæдзмæ фыд амард. Сослан дукани радта паддзахадмæ йæ усы хивастæй.

Сафиат Сосланы сусæгæй зынаргъ дзаумæттæ æмæ æхцатæ бафæсвæд кодта. Бирæ хъуыддæгтæй йæ зæрдæмæ нал цæуы Сослан. Йæ фыдау æххуырстытæ дарын йæ бон нæу, хæдзары æфсиниуæг усы дæр уый фæндонæй арвитид, фæлæ уый ницы хуызы æрлæудзæн пец æмæ пысултæ æхсæн тасы уæлхъус. Сæ иумæйаг царды фыццаг бонтæй райдыдта сывæллоны кой кæнын, фæлæ Сафиат нæ разы кæны. Иуæй йæ мæлæтдзаг тасы æфтыдтой адæймаг гуырыны хъизæмæрттæ, иннæмæй та йæ тынг нæ фæндыд йæ гуыры конд свидауц кæнын. «Уæдæ кæд дæ гуыры кондæн тæрсыс, уæд махæн дарддæр иумæ цæргæ нал у», — загъта иу ахæмы Сослан.

Ус кæд тынг разы нæ уыд йæ лæгæй, уæддæр æй нæ фæндыд Сосланæй фæхицæн уæвын æмæ загъта: «Æрмæст нæ сæхсдзынæн сывæллоны чъизи». «Ау, æмæ сабимæ та цы чъизи ис?» — «Базондзынæ йæ, — æртхъирæнгæнæгау дзуапп радта ус, — сывæллонгæс куы нæ баххуырсай, уæд».

Уыцы бон фыццаг хатт трактор «Фæрзон»-æй хуым кодта колхозы дыргъдоны бæлæсты æхсæнты уынгтæ. Дыргъдон æмызмæлд кодта адæмæй. Сосланмæ афтæ фæкаст, цыма хъæуы ничиуал баззад. Нæлгоймæгтæ бæлæстæ æхсæстой, сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ та сæ чъырæй цагътой. Сихор кæнынмæ æрæмбырд сты Иналы мусонджы раз. Трактор сæ размæ куы æрбахæццæ, уæд æм цалдæрæй сæ къухтæ фæтылдтой. Трактор æрлæууыд. Сослан рог æргæпп кодта. «Уый дын æмбæлæггаг!» Инал æм авæрдта бæгæныйы къус. Цæрвкъахæнты кувæггаг! «Дæ нуазæн бирæ, — загъта Сослан. — Цы зæды номыл конд æрцыд ацы нуазинаг, уымæн табу уæд. Уæ цæрæнбон бирæ уе ’ппæтæн дæр», — къус йæ былтыл куы сцæйдардта æмæ зына-нæзына куы фергъуывта йæ сæр, уæд ауыдта мусонджы раз рæсугъд чызджы. Бафиппайдта, чызджы сау цæстытæ йæ цæсгомыл куыд афæстиат сты, уый. Сослан ферхæцыд. Йæхи фæиуварс кодта. «Дæхи хай», — сдзырдтой чидæртæ. Хатыр ракуырдта æмæ фæраст йæ трактормæ. Йæ рахиз къах схизæныл куы авæрдта, уæд та фæкаст чызгмæ. Дыууæ цæсты та йæм кæсынц æнцад, уæзбын цæстæнгасæй.

«Нал! — фидарæй загъта йæхицæн Сослан æмæ трактор уромæн йæ къахæй тыхджын алвæста. — Нал, кæсгæ дæр æм нал фæкæндзынæн»...

Сæуæхситты хъæуы колхозы картофы бурттæ адаргъ сты Урсдоны быдыры. Егъау кæрийы рагъы алыварс куыстой сылгоймæгтæ, зæронд лæгтæ, чызджытæ æмæ лæппутæ. Бурт йæ алыварс адæмы змæлдимæ афтæ зынд, цыма егъау цыппоркъахыг хъулон-мулон хъуынджын калм базмæлы. Сæ размæ лæууыд дыууæ галуæрдоны, сæ гуыффæты ставд уисæй быд къутутæ. Къутуйы былгæрон алæууы картофæй дзаг бедра, кæнæ тæскъ, фæфæлдæхы, афтид мигæнæн та балæууы кæрийы раз. Къуту æххæст нæма байдзаг вæййы, афтæ æрлæууы дыккаг галуæрдон. Дзаг уæрдон узгæ-узгæ уæзбын ацæуы. Дзаг мигæнæнтæ та, уасæг кауы сæр куыд абады, афтæ абадынц уæрдоны къутуйы былыл.1. Афтæ ерысæй цæуы куыст.

Бурттыты рахиз фарс, хуссарырдыгæй йæхи хохрæбынмæ нылхъывта хъæд. Хъæдрæбын фæхсыл Стыр Къорайы дзуары кувæндон бæлас, хъæддаг кæрдо, аив æмæ сæрыстырæй лæууыд.

Колхозонтæ картоф кæм æвзæрстой, уырдыгæй суанг хъæдрæбынмæ йæхи айтыгъта ног хуымгонд быдыр. Йæ фале, хурыскæсæнырдыгæй, хорз зынынц дыууæ егъау зиллаччы. Хъæумæ хæстæгдæр зиллаккыл цæуынц бæхтæ, иннæйыл та трактор. Рог дымгæ йæ базыртыл æрбахæссы, хуымонты «ауæдз, ау-æ-æдз!»... æмæ тракторы гуыв-гуыв.

Асиат зæрдæрухсæй кусы. Æмраст картофы дзыхъхъыты рæнхъ фæхæццæ кæны кæронмæ, суанг хъæдрæбынмæ, йæ дзыхъхъыты картофы мыггаг æппары Куыдзой, Таймуразы фыд. Йæ фарсмæ дыккаг рæнхъ хæссы Таймураз, Асиаты дзыхъхъытæ æмбæрзгæ. Таймураз йæ чындзæхсæвæй нырма фыццаг бон рацыд адæмы æхсæнмæ. Дыууæ къуырийы фæрамбæхс-бамбæхс кодта йæхи сыхы хистæртæй. Мæнæ ныр, йæ нымæтхуд йæ ныхыл дæлиау конд, афтæмæй кусы йæ фыдимæ. Йæ фыдæн уыны æрмæстдæр йæ къæхтæ кирз цырыхъхъыты æмæ йæ къухты архайд.

Асиат хуымы кæрон æрлæууыд. Йæ цæст ахаста картофсадзджытыл. Хуым зынди, цыма тарбын хъæдабæ егъау гауызыл апырх чынди: сырх, бур, урс, кæрдæгхуыз дидинджытæ. Дидинджытæ змæлыдысты, цыма сæ дымгæ фæлмæн бауигъы, афтæ. Белтæ, бедратæ ферттивынц хурмæ. Адæмы зæрдæбын архайд, сæ уынæр, бел дурылхосты зæлланг, бедраты дзыгъал-мыгъул, тракторы хъæр хъæдæй æхсынцъы дидинджыты тæф, гакк-гуччы уаст, цъиуты зард... Утæппæт змæлд æмæ æрдзы миниуджытæ иу кодтой æмæ лæвæрдтой адæймагæн æхсызгондзинад.

Асиаты зæрдæ æнахуыр гуыпп-гуыпп скæны, дымгæ йæм куы дардæй, куы хæстæгдæрæй тракторы уынæр куы æрбахæссы, уæд. Йæ рæнхъ цыди Сослан кæм хуым кодта, уымæ хæстæгдæр. Трактор куы æрбазилы, уæд æм Сослан не сдзуры, фæлæ йæ хуымы кæрон иунæгæй куы ауыдта, уæд йæ бадæнæй фестад. Чызг дæр мидбыл бахудт, йæ сæры тылдæй салам ратгæйæ.

Трактор куыд дарддæр кодта, афтæ йæ хъæр уæзбынæй-уæзбындæр хъуысыд. Чызг йæ бел зæххы æрсагъта, бацыд пысырайы къутæрмæ. Сæ сыфты кæрæтты сындзытæ хъарагъулау лæууыдысты, цыма афтæ дзырдтой, никæй бауадздзыстæм нæхимæ æвналын, зæгъгæ. Фæлæ чызджы къухтæ рæвдз ратыдтой рагуалдзæг кæрдæг, тылаф-тылуф кæнгæ. Йæ куатæйы цалдæр æууæрцъываг куы ратыдта, уæд фесхъиудта тракторы мынæг дæргъвæтин уастмæ. Фæкаст галиуырдæм, трактор лæууыд хуымы кæрон. Сослан йæ цæнгтæ тракторы цалхыл æруагъта æмæ сыл йæ роцъойæ æрæнцад, афтæмæй каст чызгмæ. Асиат йæхи фæаууон кодта, йæ риуæй фелвæста къухмæрзæн, пысырайы къутæры раз æй авæрдта, дымгæ йæ куыд нæ ахæсса афтæ ма йын йæ кæроныл чысыл дур, раст хъæддаг æхсæры йас, авæрдта æмæ азгъордта.

Æрлæууыд йæ рæнхъыл. Йæ сæр нæ исгæйæ кæны дзыхъхъытæ. Ехх, куыд æй фæндыд фæкæсын пысырайы къутæрмæ, цымæ Сослан бафиппайдта дуры бын йæ лæвар æви нæ? Кæд нæ, уæд тракторы уынæр куы адард уа, уæд æм сызгъордзæн. Фæлæ дзæгъæлы хъынцъым кодта. Сослан уæзбын æрхызт, йæ тракторы алыварс æрзылд, цалх йæ къахæй батъæпп кодта, стæй цъусдуг рæстæджы фæстæ сындæг къахдзæфтæй бацыд, йæхимæ йæ цы урс стъæлф сайдта, уырдæм. Раст чызг кæм бадт дзуццæджы, уым æрбадт йе ’ргом хъæды ’рдæм. Дуры бынæй систа миты хъæпæнау урс-урсид дари къухмæрзæн. Йæ былтæм æй нылхъывта. Чи зоны, цас фæбадтаид афтæ æдзæмæй, йæ мидхъуыдыйы сæнтты, дымгæ йæм хуымонты хъæр куы нæ æрбахастаид, уæд. Фесхъиудта. Къухмæрзæн авæрдта йæ роны. Дур систа, лæмбынæг æм æркаст, авæрдта уый дæр йæ дзыппы æмæ сгæпп кодта трактормæ.

Чызг тыхсти, кæд, мыййаг, Таймураз истæуыл фæгуырысхо, æмæ йын цыма йæ хъуыды бамбæрста, афтæ бафиппайдта лæппу:

— Асиат, а горæтагмæ кæй нæ фæлæууыдтæ, уымæй хорз бакодтай, — чызг асырх, фæлæ ницы сдзырдта.

Таймураз йæ ныхас кодта дарддæр:

— Нæ чындзæхсæвы дæ ме ’мхæрæфырт федта, йæ зæрдæмæ фæцыдтæ. Минæвæрттæ дæм æрбарвитынмæ хъавы. Хъавы нæ, фæлæ æнæмæнг. Нæ мæм хъусыс æви?

— Куыд дæм нæ хъусын. Фæлæ йын зæгъ, дзæгъæл фыдæбон ма кæнæд.

— Фæлæуу-ма, фæлæуу, — рамæсты Таймураз. — Мæнæн нæ бакуымдтай, æмæ, раст зæгъгæйæ, æнхъæл уыдтæн, нæ уазæг трактористмæ дæ зæрдæ æхсайы. Фæлæ ныр бæстон базыдтон, уе ’хсæн кæй ницы ис, уый.

— Цæмæй йæ базыдтай?

— Куыд цæмæй? — бадис лæппу, — куыддæр трактор æрлæууыд, афтæ ды та лидзгæ ракодтай. Дæ бон уыд, дæ разы дæ куатæйы цы пысыратæ ис, уыдоныл ма бафтауын.

Асиат ныр фæхъуыды кодта йæ хъæбысы пысыратæ кæй ис, уый.

— Ныртæккæ æртондзыстæм бирæ, сихоры хæрды скæндзыстæм пысырайы æууæрцъытæ, — йæ зæнгтæ фæдон сты, кæд ма, мыййаг, йæ къухмæрзæн уым ис...

Сæуæхситты хъæуы абон ис дыууæ бæрæгбоны: Фыццæгæм майы æмæ Къорайы Стыр дзуары бæрæгбон. Хæдзæртты тохынаты фæздæг æмæ хæхты цъуппытыл хуры фыццаг тынты сæмбæлд баиу сты. Сæууон уæлдæфы бæлæсты дидинджыты тæфимæ баиу уæливых, дзыкка æмæ гогызы дзидзайы хæрзад тæф. Хъæуæн йæ ныгуылæн фарс цъæх нæуу быдыр æмызмæлд кæны бæрæгбонарæзт адæмæй. Стырæй, чысылæй цыдысты Дзуары бынмæ. Сылгоймæгтæ хуынтимæ, сывæллæттæ хъæлдзæгæй згъордтой сæ ныййарджытæн куы сæ разæй, куы сæ фæстæ. Дзуары бынмæ рæвдзытæ кодта Дзерассæ дæр. Фæлæ куадзæны карз бæгæны сæумæрайсом йæ сæры бацыд æмæ кувинаг уæлвыцгæтæй чи басыгъд, чи та хом уыд.

— Асиат, мæ хур, акæн-ма сæ, — бахатыд чызгмæ, æмæ бафæлдæхт хуыссæнтыл...

Рабадт Дзерассæ. Стъолыл рæвдзæй лæууы хуын, сывæллæттæ бæрæгбонарæзтæй, бадтысты даргъ бандоныл, æрмæст ма Аниссæйы дзыккутыл сырх лент баста Асиат.

Æрбацыд Дибæйы ног чындз Азæ æмæ хатыр курæгау загъта:

— Дзерассæ, Асиаты-ма мемæ ауадз.

— Кæдæм? — фæгæпп ласта Дзерассæ. Сынтæджы раз бандоныл хæрзитувæрдæй лæууыдысты йæ дарæс, бандоны бын та йæ сау лак туфлитæ.

— Омæ ацæуæд, — бакаст чызгмæ. — Æрмæст рухсæй ам куыд уат, афтæ.

Дзерассæ сывæллæттимæ куы ацыд, уæд Асиат хæдзар афснайдта, йæхи арæвдз кодта. Цъиуджын карк æмæ гогызы æд цъиутæ æрбакодта кæртмæ, дуар ахгæдта æмæ рацыд уынгмæ. Уым æм æнхъæлмæ каст Азæ. Уый йæ куы ауыдта, уæд йæ цæстытæ æхсызгон æрттывд фæкодтой. Урс даргъдыс кофтæ аив бадт æрыгон чызджы хæрзконд гуырыл. Сау юбкæ æмæ сау дæрдджын туфлитæ йæ къæхтыл. Йæ дыууæ дзыккуйы быды фæсонтыл уæззау змæлыдысты. Азæйы уæлæ даргъгомау æрвхуыз къаба, урс бæрзондзæвæтджын туфлитæ. Йæ фæсонтыл йæ мыдхуыз дзыккуйы быд зынди даргъхауджын урс цыллæ кæлмæрзæны бынæй.

Азæ Асиатæн йæ галиу цонгыл фæхæцыд æмæ фæраст сты. Хъæуы фæстæ адæмы гуылфæнæй йæ иувæрсты хуыдта. Йемæ йæ аныхас кæнын хъуыд, фæлæ куыд райдыдтаид, уый нæ зыдта. Йæхæдæг дæр æй нæ бамбæрста, йæ армы бафæрсын куыд бафтыд, уый:

— Дисæй мæлын мæхимидæг, махонæн цæуылнæ бакуымдтай?

— Цæмæй ды амондджын уай, уый тыххæй, — дзуапп радта чызг.

— Нæ хæстæг лæппу дыл йæхи мары, нæ йæ федтай дысонизæр?

— Федтон...

— Нæ дæм бауæндыд сдзурын.

— Ау, ахæм бирæгъ дæн?

— Йæ ныфс дæм нæ бахаста...

— Æмæ йæ хъуыддаг дæуыл бафæдзæхста? — йæ хъуыды йын рацахста Асиат...

— О.

— Ницы дзы рауайдзæн.

— Цæуылнæ?..

— Æз мой нæ кæнын, ахуырмæ мæ зæрдæ æхсайы. Йæхицæн та йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд æмæ аджих. «Цымæ кæм и ныртæккæ Сослан?»

— Æвæдза, тынг æхгæд зæрдæ дæ, — бауайдзæф ын кодта Азæ.

— Фыццаг хатт æй нæ хъусын.

— Дæуимæ иу пут нæ, фæлæ дæс путы цæхх чи бахæра, уый дæр дын дæ зæрдæйы уаг нæ базондзæн. Ау, дæуæн уарзон нæй, уый мæ нæ уырны!

Асиаты зæрдæ ныссæххæтт кодта. Ницы сдзырдта. Йæхинымæр та загъта: «Лæппу-уарзон нæй, фæлæ усджын. Æмæ уæд усджын, йæ сæр хъал сагау систа. Мæн æндæр ничи хъæуы. Зонын, мæн нæу, фæлæ уæддæр...»

Дзуары куывддон кæрдо бæлас зынди егъау урс дидинæгау. Йæ быны, йæ алыварс æрæмбырд сты адæм. Хъæд дæр йæхи сфæлыста йæ уалдзыгон дарæсы; егъау урс, сырхбыл дидинджытæ тыбар-тыбур кæнынц кæрдæгхуыз хъæдабæ зæххыл. Рог дымгæ рæвдаугæ бакалы адæмыл фæткъуы бæласы стæммæ иугай уардихуыз æмæ кæрдойы урс дидинджытæ. Хъæд уæззау базмæлы дымгæмæ. Бæлæсты сыф-сыф, алыхуызон мæргъты зарынмæ зæрдæ рухс кæны. Иугай цъиутæ: «чъырритт-чъырритт», «фитт-фитт», зæгъгæ, хъырнынц зараг цъиутæн.

Асиат йæ цæст ахаста хъæуыл, афтæ зынди, цыма йæ райгуырæн хъæу йæ фæллад уадзы егъау дидинджыты бын. Йæ цæстæнгас æрæкцад хъæуысæр цъæхнæуу быдыры адæмыл. Уыдон лæууыдысты аив æмæ кастысты, цъæх нæууыл цы барджытæ тезгъо кодтой, уыдонмæ. Ныр фæхъуыды кодта, абон сæ колхозы дугъонтæ, сыхаг колхозы дугъонтимæ дугъы кæй уайдзысты, уый...

— Азæ, — сдзырдта Асиат, — нæхимæ нæма цæуæм?

— Нæхимæ? Нæма.

— Афон нæма у?

— Дугъмæ бакæсæм. Нæ номдзыд тракторист дæр дугъы уайдзæн.

Асиат кæд иттæг хорз зыдта, чи у «номдзыд тракторист», уæддæр бафарста:

— Чи уайдзæн?

— Махæй, ома трактористтæй, Сослан, æхсæзæм бригады бригадир, хъугдуцæг æмæ дæ сыхаг...

— Таймураз?

Дугъæттæм кæсджытæн сæ кæрон райдыдта хъæдрæбынæй, иннæ кæрон та хæццæ кæны хъæуы дæллаг скъолайы фæстæмæ. Асиаты цæстытæ агуырдтой бæхджынты æхсæн Сосланы. Рæсугъд, æлвæст бæхтæ рог сæпп кодтой ерысты размæ. Барджытæ сæрыстырæй хъазыдысты сæ хъал бæхтыл. Йæ зæрдæ фæкъæпп кодта саулох бæхмæ, йæ фæстаг галиу къах урс кæмæн уыд, цыма йыл исчи урс къуымбил цыбыр цъында скодта, уымæ. Чызгмæ саулох бæх уæлдай аивдæр фæкасти. Сæууон æртæх лæппын кæрдæгыл куыд фидауы, афтæ.

— Асиат, — мидбылхудгæ дзуры Азæ. — Кæс-ма, сырх бæхыл махон бады.

Чызг æргом нæ уæндыд Азæйæ бæхджынты фæдыл кæсын, фæлæ йæ цæстæнгас хаста саулохы фæдыл. Кæсы, æмæ саулох бæх хæстæг бацæуы адæммæ. Кæронмæ æххæст не схæццæ вæййы æмæ та асæпп кæны дарддæр.

— Нæ йæ уыныс? — афарста Азæ сырх бæхмæ амонгæйæ.

— Уынын...

Саулох бæхджын та хæстæг бацыд адæммæ. Зонгæтæн йæ сæр æмæ йæ къухæй салам дæтгæ ссæуы кæронмæ.

Раст цыма Сосланы зæрдæйæ ратахт рæсугъд цъиу æмæ абадт Асиаты зæрдæйы, афтæ цавæрдæр æрдзон хъаруйы ’руаджы бамбæрста чызг, саулох бæхджын уый кæй агуры.

Йæ сæр фæгуыбыр кодта, афтæ йæм фæкаст, цыма йæ цæсгом судзы цырагъау æмæ йæ фендзæн дзыллæ. Йæ амондæн æм Азæ йæ хъус нæ дары.

Саулох барæг ссæуы кæронмæ. Асиат базыдта барæджы, хорз ын уыны йæ къæхтæ æгъдæнцæйтты, йæ рæсугъд сæр, йæ фæтæн риу, ноджы домбайдæр зыны ирон барæджы фæлысты. Нæ ферох кæндзæн æрвхуыз сыгъдæг цæстыты рæвдаугæ цæстæнгас, æрвхуыз цæстытæ ленк кæнынц миты хъæпæнау урс цады, цадæн йæ алыварс сау, даргъ цæсты хаутæ, сау æрфгуытæ, рæсугъд фындз, дзаг былтæ, раст урс дзæнхъа дæндæгтæ, йæ роцъойыл зына-нæзына чысыл дзыхъхъ. Барæг куыд хæстæгдæр цæуы, афтæ йæ тугдадзинты туг тагъддæр зилдух кæны.

— Дæ бон хорз, Азæ! Æмæ дæ бæрæгбоны хорзæх уæд! — фехъуыста Асиат фæлмæн хъæлæсы уаг. Нæ бауæндыд барæгмæ скæсын.

— Дæ дугъ дæхи фæндиаг, — раарфæ кодта Азæ.

Цыдæртæ дзырдтой, фæлæ сæ Асиат нæ хъуыста.

Йæ размæ барæг. Йæ хъал бæх йæ быны кафы, æмбары Сосланы цæстæнгас йæхиуыл, фæлæ нæ уæнды скæсын. Ноджы уадултæ судзынц артау. Йæ цæстæнгас æрæвæры æнцой чи нæ ары, уыцы бæхы къæхтыл, хъуызгæ сбыры барæджы галиу къахмæ. Къах æлвасы æгъдæнцой, фæбыры уæлдæр, Сослан йæ галиу къухæй æртъæпп кодта йæ зæнг. Уыцы тъæппæй йæ цæстæнгас фæтарст æмæ амбæхст бæхы урс зыгъар къахы рæбын.

— Рæсугъд дæр ам куы ис?! — сæ размæ æрлæууыд сырх бæх, — Асиат, куыд дæ рауагътой? — дисæй афарста Таймураз.

Сослан бамбæрста чызджы уавæр. Таймураз уæлбæхæй цыдæртæ дзырдта йæ усмæ. Асиат æмбаргæ дæр нæ бакодта, иунæгæй куыд аззад. Лæппу æмбæрста иу æхсгæ каст дæр æм кæй нæма скодта, уый. Тынг æй фæндыд йæ æрвхуыз цæстытæй Асиаты сау хъæдабæ цæстæнгас арæвдауын. Бæх кафы йæ быны. Чызг лæууы æдзæмæй.

Асиат æфсæрмхуызæй скаст бæхджынмæ. Федта Сосланы цухъхъайы галиу фарс бæрцыты æхсæн къухмæрзæн. Къухмæрзæн зынди дыууæ æвзист бæрцы æхсæн, хохы тигъау.

— Цæй, хæрзбон, — загъта Сослан, — ныртæккæ дугъ райдайдзæн.

— Лæгты зæды уазæг у, — загъта Азæ.

«Уæлахиз у», — загъта Асиаты рæвдаугæ цæстæнгас æмæ акаст Сосланы фæстæ.

Азæ йæ афарста:

— Къухмæрзæн нæ федтай?

— Куы нæ, — загъта чызг, цыма уыцы къухмæрзæнмæ æппындæр ницы бар дары, ахæм хуызæй.

— Бæрцыты æхсæн. Уый йын йæ ус радта, ардæм куы цыд, уæд... Иу бон ын æй скъæфынмæ хъавыдтæн, къухмæрзæн мæ къухы бæргæ уыд, фæлæ кæд разынд дзыпмæ фидаргонд. Йæ иу кæрон та у æлхынцъ, — йæ ныхас фæсабыр кодта, — æвæццæгæн, дзы сызгъæрины къæртт ис, дурау хъæбæр.

— Асиат мидбылты бахудт æмæ загъта:

— Азæ, цом нæхимæ.

— Уый та куыд цыд у? Ныртæккæ дугъ куы райдайдзæн уæд!

— Амондджын уæнт. Афонмæ нæ цъиутæ сыдæй мæлынц.

— Фæлæуу, — лæгъстæйæ загъта Азæ. — Уæлæ дзыццаитæ дæр æрцæуынц.

Æцæгдæр сыхы устытимæ æрцæйцыд Дзерассæ дæр Дибæимæ.

— Дзерассæ сæ бакой кæндзæн.

— Нæ, æз фезгъорын. Æгæр афæстиат дæн...

Асиат кæрты куыстытæ конд куы фæци, уæд райдыдта хæдзар æфснайын. Абон сæудартæй хуын рæвдз кæныныл балæууыд Дзерассæимæ æмæ цырагъы авг дæр хъулонæй баззад. Йæхимæ хардзау æркаст, цырагъы авджы гуыбыныл, ног мæйау, къæлæт сау ала куы ауыдта, уæд. Къамоды лагъзæй райста цырагъы авг сæрфæн сæрмагонд урс хæцъил. Сæрфы авг, йæ хъуыдытæ зилдух кæнынц Сосланы алыварс. Уыны, уадау уайы. Кæсы æмæ саулох бæх скъуырдта йæ къах... — А!, — зæгъгæ, сонт хъæр фæкодта. Кæсагау йæ къухтæй ацъыввытт кодта цырагъы авг æмæ зæххыл йæ тъупп фæцыд. Чызг аджих. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй нырмæ никуыма ницы асаста. Рæвдз афснайдта авджы цъæлтæ. Цармæ сгæпп кодта. Синагыл конд фондз авджы стъарапилы зæгæлыл ауыгъд. Иу дзы райста, фæныкдонæй йæ ахсадта, ныссæрфта йæ, цырагъыл æй бакодта. Уынгмæ рацыд. Йæ хъустыл ауад хъæуы фæстæ дугъмæкæсæг адæмы цины хъæлæба...

Бæстæ æрсабыр. Аивгъуыдта хъæлдзæг бæрæгбон. Хъæу аныгъуылд йæ тар фыны, афтæ зынди, цыма канд адæм нæ фынæй кæнынц, фæлæ фос, хæдзæрттæ, каутæ, суанг дидинæгкалæг бæлæстæ дæр. Сабыр, иу цъиуызмæлæг нæ уыд. Раст уыцы сабыр æхсæвы фæцæйцыд доныбылы ’рдæм сæ цæхæрадæтты Асиат. Йæ уæлæ йæ фыды зæронд куырæт.

Доны был, се ’мцæхæрадон, се ’рвадæлтæм, Мынцитæм, фатеры царди Сослан. Иу бон дзаг бедратимæ æрбацæйцыд Асиат. Ус сæ уынгтæ марзта æмæ йæм чызг фездæхт.

— Аминæт, дон дæ нæ хъæуы?!

— Хорз лæппу дæ хай! Куыд нæ мæ хъæуы, дæ фæхъхъау фæуон, — бадав-ма сæ.

Асиат кæрты куы фæцæйцыд, уæд йæ зæнгтæ фæдон сты. Сослан се ’рвадæлтæм кадæй цæры, уæдæй сæм никуыуал уыд. Къахвæндагмæ лыстæг касти, цыма дзы сызгъæрин дзаума фесæфти, афтæ.

Чызг бедратæ авдæлон кодта æмæ цæуыныл ныллæууыд.

— Нал нæм цæуыс хæстæг... Тагъд куадзæн — чъырæй цæгъдынмæ мæм куы фæкæсис.

— Фæкæсдзынæн, бæгуы, — загъта бедратæ æмæ донхæссæн райсгæйæ æмæ фæраст.

Асиат каурæбынты фæцæуы сæ цæхæрадоны кæронмæ. Акаст, цæхæрадонмæ цы дыууæ рудзынджы и, уыдонмæ. Уыдон сты, Сослан цы уаты цæры, уый рудзгуытæ. Зоны, кæдæм цæуы, уый. Сабыр, æгомыг сабыр, суанг ма хæфсытæ дæр басабыр сты, æрмæст хъуысы Урсдоны абухын. Æрныгъуылд гом рудзынджы бын. Бæлвырд хъуыста йæ уарзоны уæзбын улæфт. Æрбадт... Скаст арвмæ. Сынты базырау æм сау арвæй сæ цæстытæ ныкъуылдтой стъалытæ. Бæрзонд, арвы астæумæ, арвы бикъмæ хæстæг æрлæууыд стъалыты къорд Фисынмæдзæуджытæ. Стъалыты къордæн йæ къусы ком хурыскæсæнырдæм, цыма хурыскæсæны зæдтæ æмæ дауджытæй куырдта рæсугъд райсом.

Бады... Адæм сæрыстыр кæй хонынц, усгур лæппутæ сдзурын кæмæ нæ уæндынц, уый бады кæйдæр лæджы рудзынджы раз æмæ йын нымайы йæ сулæфт — йæ раулæфт. Хуыцауы фæндæй ахсæв афæдзы дæргъæн куы уаид, уый дæр æй фæнды. Бæргæ йæм сдзурид, фæлæ йын куыд бахъыгдара йæ фын. Хурыскæсæнмæ акæсы, мыййаг, мæй æхсырфæнгæс куы скæса, уæд бонмæ бирæ нал уыдзæн...

Бон æрбарухс. Сослан рудзынгæй акаст Иналты ’рдæм. Дидинæгæй цæхæркалгæ дыргъбæлæсты æхсæнты ауыдта Асиаты нурыйы хуым рувгæ. Хуыссæныл йæхи æруагъта фæстæмæ. Йæ хъуыдытæ чызджы алыварс æртыхстысты. Йæ нывæрзæнæй систа къухмæрзæн, кæсы лыстæг сынкмæ, куыд аив хуыд сты дыууæ дамгъæйы. «С», «А». Æрвхуыз дари æндахæй. «Уарзын, тынг бирæ дæ уарзын, мæ бон нæу æнæ дæу цæрын». Цы бакæна, куыд бакæна, йæ къухтæ æмæ къæхтæ баст куы сты. Знон æм скæсын дæр куы нæ уæндыд, мæгуырæг. Йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ хæдзар, кæд ын афонмæ фырт ис кæнæ чызг. Йæ иу зæрдæ фæраст вæййы горæтмæ, иннæ зæрдæ та йæ уромы, ивазы йæ, тæрккъæвдайы хъæд йæхимæ куыд сайа, афтæ. Рабадт йæ хуыссæны, йæ цæст нæ исы Асиатæй. Уый рувы цыбырхъæд чысыл рувæнæй.

Чысыл рæстæджы фæстæ Сослан Гаспойы цæхæрадоны цур тракторæй похци кодта нартхоры хуым. Æнхъæлмæ касти, кæд, мыййаг, Асиат йæ фыдмæ рацæуид... æмæ сихормæ æввахс фæндагыл фæзынд. Сослан трактор баурæдта таджы был бæлæсты аууон. Рог æргæпп кодта, тæгтæ-тæгтæ йын йæ фæндаг рацахста. Æрбадт таджы къанауы был.

Асиат цыд сындæг къахдзæфтæй. Йæ цæстыты раз лæууы саулох бæхджын. «Фыццаг бынат Сослан бацахста, — цингæнгæ йæм базгъордта дысонизæр Азæ. — Кæнæ саулох барæг, кæннод та ничи».

Тагмæ куы ныххызт, дурты сæрты багæпп кæнон, зæгъгæ, афтæ дзыхълæуд фæкодта: таджы, кæсаджы цæстау рæсуг къанауы был бадти Сослан йæхæдæг. Йæ фæсонтæ чызджы ’рдæм.

Лæппу йæ галиу уæхсчы сæрты ракаст. Фенын æнхъæл кæмæн нæ уыд, афтæмæй æвæлмæцгæ кæмæ æнхъæлмæ каст, уый лæууы йæ фæстæ. Фестад...

Иучысыл рæстæг æнæдзургæйæ алæууыдысты. Бæлæсты сæрæй зарыдысты цъиутæ, къанауы доны мынæг хæл-хæл æмæ бæлæсты уæзбын сæр-сæр иу кодтой рог дымгæйы уддзæфмæ.

Сослан дыууæ къахдзæфы акодта чызгмæ:

— Кæс-ма, амоны йæ галиу дзыпмæ. Ссардтон дын дæ къухмæрзæн.

Чызг йæ сæр нæ сисгæйæ загъта:

— Барæй йæ аппæрстон... дæуæн...

— Кæд раст дзурыс, уæд ма мæм уæдæ комкоммæ æрбакæс.

Чызг ныкъкъæмдзæстыг, нæ йæм уæнды бакæсын.

— Ау, хъыг дын у мæ уынд?..

Сослан ма цыдæртæ дзырдта, фæлæ йæм чызг нал хъуыста, аныгъуылд йæ хъуыдыты малы. Уырнгæ дæр æй нæ кæны, дысон-бонмæ фыдæхсæв кæй рудзынджы раз арвыста, уый йæм афтæ хæстæг лæууы, уый. Нæ йæм уæнды скæсын. Йæ мидхъæлæс ын уайдзæф чындæуы: «Лæуу, лæуу, стæй та кæндзынæ фæсмон...» Скаст мидбылхудгæ лæппумæ. Сослан йæ мидбынаты цъилау ныззылд.

Фæндыд æй, йæ хъæбысы Асиаты фелвасын. Иу санчъех акодта, фæлæ дзыхълæуд фæкодта. Йæ размæ лæууыд æнæхин, ноггуырд сабийау, чызг. Хæстæгдæр бацæуыны фæлтау, йæ сæрыл фæхæцыд æмæ, цæф сагау, азгъордта таг-таг хъæды ’рдæм. Асиат цъусдуг алæууыд. Джихæй каст Сосланы фæдыл. Йæ дзæкъул фехста бæласы бынмæ. Азгъордта йæ фæдыл. Иучысыл куы ауад, уæд ын йæ развæндаг рацахстой донхæрисы уæззау къалиутæ, сæ кæрæттæ таджы доны сæхи надтой. Йæхи фæгуыбыр кодта, йæ къухтæй фæйнæрдæм ахæцыд къалиутыл. Мусонгау уыд бæласы бын, сонтæй дарддæр цæуынмæ хъавыд, фæлæ ауыдта, Сослан бæласы зæнгыл куыд ныттыхст, уый. Йæ фæсонтæ змæлыдысты. Чызг бамбæрста кæугæ кæй кæны. «Бафхæрдтон æй», — ахъуыды кодта стыр хъыгзæрдæйæ. Хæстæг æм бацыд.

— Сослан... — йæ былыл фæхæцыд. — Бахатыр мын кæн...

Раздæхтысты фæсонтæ. Сослан йæ хъæбысы ныттыхта Асиаты... Донхæрис бæлас йæ бæзджын, уæззау къалиутæ ноджы ныллæгдæр æруагъта донгуырæнмæ.

Раст уыцы рæстæг, горæты арæн хæдзары ныккуыдта Сосланы лæппу.

II СÆР

Дзæуджыхъæуы сæйраг уынджы бæлæсты аууæттæ дыдзызмæлдæй бырыдысты хурыскæсæнырдæм. Сырх æмæ бур ахуырст трамвайтæ кæрæдзийы фæдыл уадысты уынджы астæуты, бульвары хæд рæбынты. Адæм уыцы æнæвдæлонæй тагъд кодтой, алчи йæ хъуыддаджы фæдыл.

Йæ галиу къухы морæхуыз егъау дымст хызын, афтæмæй фæцæйцыд Сослан. Адæмæй йæхи иуварс кæд дардта, уæддæр-иу ыл куы иу зонгæ амбæлд, куы иннæ. Лæппу йын райгуырд, уый чи зыдта, уыдон йын цингæнгæ йæ хъустæ ивæзтой. Æмæ кæд йæ хъустæ пиллон арт уагътой ивæзтытæй, уæддæр-иу раппæлыди, лæппуйы фыд кæй у, уый, чи йæ нæма зыдта, уыдонæн дæр. Æнæвдæлон горæты цард æм цыдæр æнахуыр фæкаст, хъæуы сабыр цардимæ абаргæйæ. Йæ цæстытыл ауад, колхозы æнæкæрон тыгъд быдырты трактортæ куыд бырынц, денджызы наутæ куыд ленк кæной, афтæ. Ныуулæфыд. Йæ уæззау сагъæсты бын, уæззау къахдзæфтæй цыд Дзодзыккайы-фырт. Йæ аууон, даргъæй-даргъдæр кæнгæ, гуырæй-гуырмæ цыд йæ фæстæ. Куыдфæстæмæ аууон æрæнцад арæн хæдзары дуармæ. Йæ хъустыл ауад æнахуыр хъæр. «Цы уа?» — фæлæууыд, стæй фембæрста хъуыддаг æмæ бахоста, дуарыл цы рудзынггонд уыд, уый.

Чысыл рæстæджы фæстæ бацыд æнхъæлмæ кæсæн агъуыстмæ. Уым æм æнхъæлмæ каст Сафиат. Хæрзхуызтæ, зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг, урс æмæ сырх чырынтæ бæмæзе халаты. Ныццин ис йæ мойыл.

— Æгайтма дæхæдæг дзæбæхæй баззадтæ, — загъта Сослан æмæ æрбахъæбыс кодта йæ бинойнаджы, цыдæр къæмдзæстыг хуызæй. Æрбадтысты урс цикъæйæ æмбæрзт тъахтиныл.

— Сафиат... — рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта лæг.

— Сослан, — чысыл ма бахъæуа ма скæуа ус. — Зоныс, куыд зын у, — йæ сæр бауагъта йæ лæджы риуыл.

— Ма тыхс, æмбарын дын дæ рыст, фæлæ... — фестад Сослан.

— Фæлæ цы?! — фестад Сафиат дæр. Йæ лæгыл сæрæй къæхтæм йæ цæст æрхаста: дохтæй хъулæттæ куырæт, кирз цырыхъхъытæ, цыма йæ дысон-бонмæ фæхты фæхостæуыд, ахæм куыствæлладхуыз. Йæ цæстыты раз февзæрд йæ зонгæ зæрингуырд. «Баком мын...» — йæ хъустыл ауад йæ ныхас. Кæннод йæ палатæйы устытæм цы лæгтæ æрбацæуы! Кæмæ афицер, кæмæ стыр ахуыргонд. Ахуыргонд кæмæн нæу, уымæ та æрбацæуы аикæвдылдау сыгъдæг æмæ арæзтæй. Уымæ та... Цæй хуызæнæй æрбасхъæл? Йæ дзыппæй систа пъапъирозы хуызæн цыдæр муштук æмæ йæ былтæ ацахуырста тугхуыз.

— Айдæн дæр дæ нал хъæуы, афтæ сдæсны дæ, — бафиппайдта йæ усы ахуырст æнгуылдзты ныхтæ дæр. — Дæ хорзæхæй, афтæ карз сырх ахорын сæ цæмæн хъæуы?..

Йæ ныхас ын йæ хъуырæй фелвæста ус:

— Мæ бон нал у дæ талынг митæй...

— Сывæллоны дзыхæй йе ’хсыры хъуыртт исын дæр талынг хъуыддаг у, нæ?!

Ус йæ цæст нæ фæныкъуылгæйæ загъта:

— Мæ гуыры конд нæ халын, — йæ сæр хъал дзæбидыры сæрау фæхъил кодта, — сывæллонæн рæвдауæг ус бацагур. Дзæбæх, фæлмæнзæрдæ адæймаг.

— Мадæй фæлмæндæр никæй зонын æз, стæй агурынмæ дæр нæ хъавын.

— Æндæр дæ ницы хъæуы? Фараст мæйы йæ мæ гуыбыны фæхастон, ныр та йæ мæ риуы гуыдырæй хæссон?.. Нæ, уымæй дын ницы зæрдæ æвæрын. Æз æй ныййардтон, хæсгæ та ды!..

— Дохтыр мын загъта, мæ лæппуйæн дзидзи дары иу сылгоймаг, йæхион мæлгæ акодта. Ды йын дзидзи куы нæ дарай, уæд рахондзынæн уыцы усы, — барджынæй загъта Сослан.

Сафиат йæ лæгимæ кæй нæ базæронд уыдзæн, уый бæрæг у, фæлæ йæ æгады уагъд ныккæна, уый йæ æппындæр нæ фæнды.

— Уый ус нæу, фæлæ чызг у, дзæгъæлзад ныккодта. Гæбæр бæх гæбæр бæхыл йæхи хафы, ды дæр уыцы æгад чызгæй хуыздæры аккаг нæ дæ.

Сослан куы айхъуыста «чызг у», уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, нырма ныр ахъуыды кодта, афтæмæй кæд Асиат?!

— Нæ мæм хъусыс æви? — бакъуырдта йæ Сафиат. — Ды дæр, зæгъын, хуыздæры аккаг нæ дæ!

— Сафиат, — дæтты йæм хызын. — Тагъд суæгъд уыдзынæн мæ куыстæй.

— Сывæллонæн рæвдауæджы кой бакæн, — радзырдта ма йæ мойы фæстæ ус.

— Нæ хæдзары æфсиниуæггæнæг кæм ис?

— Уый дæр нæхимæ, цы диссаг дæ, æфсин сывæллоны хæцъилтæ куы сæхса, уæд ма уый къухæйдзаг чи хæры, и? — фырмæстæй йæ сæр ныттылдта æмæ йæ бæрзонд сæры фаст фехæлд.

Сослан йæ хæлафы дзыппæй систа æхцайы гуцъула æмæ сæ радта усмæ. Сафиаты цæстытæ зыд æрттывд фæкодтой, йæ халаты дзыппы сæ афсæрста.

— Нæ уыныс? — йæ былтæ фесчъил кодта. — Цы халат мыл ис, уый?

— Цы кæны, тынг дзæбæх у. Сыгъдæг, æппæт рынчынтыл дæр ахæмтæ ис.

— Мæн иннæтимæ ма бар, — фырмæстæй йæ цæстытæ цары фæцавта, — уæртæ цавæрдæр къанæуттæ æмæ дзыхъхъытæ чи къахы, заводты сау дохтмæ чи смуды, уыдонæй мæ ма хон!

— Сафиат, мæ хур, бамбар, — лæгъстæйæ йын дзуры Сослан, — уыдонæй нæ дæ, фæлæ уыдонимæ иу палатæйы хуыссыс, дохтыр уе 'ппæтмæ дæр иухуызон кæсы.

— Дохтыр дæр уыдоны хуызæн у. Мæ фарсмæ иу хуыссы, йæ къухты скъуыдтæй хæфсытæ уасынц. Æмæ цы? Дохтыр йæ сынтæгыл æрбады, бæстон æй фæрстытæ райдайы. Æз та йæм дзурын дæр мæ сæрмæ нæ хæссын. Мæ зæрдæ йæм схæццæ вæййы.

— Æвæццæгæн, кадджын кусæг у, — загъта та Сослан, йæ усы хъал ныхæстæй йæ къусы бын кæугæйæ.

— Цыдæр здытайæн пецыл, дам, кусы.

— «Кавцинчы», — загъта Сослан. — Цæй, æз цæуын, курын дæ, сывæллонæн дзидзи дар. Дæ хъæбул у, дæ туг, де стæг, æппынфæстаг.

Дыккаг бон фæссихор Алагирæй Сæуæхситты хъæумæ хъæдрæбын фæндагыл цыд Сослан. Иуæй цин кодта, кæд ын Асиаты феныны фадат фæуаид, иннæмæй та йæхимæ хæцыд, цæмæн фенамонд кодта чызджы. Нæ, куыддæр йæ лæппу йæхиуыл фæхæца, афтæ йæ ракурдзæн, кæд ын Сафиат сывæллоны радта, уæд тынг хорз, науæд дæр æй хæсдзæн...

Уæззау хъуыдытимæ æрбахæццæ хъæды коммæ фæндагмæ. Амбæлд ыл Асиаты æфсымæр Фидар.

— Кæм уыдтæ, кæ?

— Хъæды.

— Дæ ном та цы хуыйны? — цыма йæ нæ зоны, афтæ бафарста Сослан.

— Фидар.

— Мæн нæ зоныс?

— Нагъ! — йæ пехцел сæр батылдта лæппу.

Сослан æмбæрста иунæгæй кæй нæ уыдаид, уый, фæлæ йæ уæддæр бафарста:

— Цы хъæбатыр лæппу дæ, цы! Иунæгæй хъæдмæ ауæнд!

— Нæ, Асиат уым ис, æз та бафæлладтæн æмæ нæхимæ ралыгътæн...

— О, о, лидзгæ?! — кæм ис, уый бæлвырд базоныны тыххæй хинфарст акодта. — Æмæ цæстытæ нæй дæ мадыл, нæ дæ федта?

— Мæ мад нæу...

— Уæдæ?

— Мæ хо! Мæ мад бабаимæ алыгъд Хъызлармæ.

— Уый та куыд лыгъд у?

— Фыййæуттæн хæринаггæнæгæй.

— Æмæ ма уæд уæхимæ та чи ис?

— Мах æмæ Асиат, — загъта лæппу æмæ фæраст.

— Фæлæуу-ма, сайгæ цæмæн кæныс, дæ хо дæ федта?

— Куыдæй мæ федта?! — йæ рахиз къухæй ацамыдта комы хуссарварсмæ. — Уый уæлбылмæ сбырыд.

— Куыд сбырыд? Калм, мыййаг, у?

— Дыууæ бекъæйы зæххы тъысгæ сбырыд.

— Æмæ цы кусы уым?

— Чи?

— Дæ хо, стæй кæимæ ис?

— Никæимæ, — афтæ æнæуи дзуапп радта лæппу, — йæхæдæг иунæгæй хъæдурыхъилтæ кæны. Баба ракодта, фæлæ фаг не сты.

— Цæй уæдæ... Æз æмраст цæуын, ды та?

— Æз та нæхимæ, — загъта Фидар æмæ йæ ных хъæумæ сарæзта.

Сослан фæраст йæ фæндагыл нæ, фæлæ хъæд-хъæд. Мæргъты зарыны æхсæн йæ хъустыл ауад фæрæты хъæр. Фæлæууыд. Цъиуджын карк йæ цъиутæм куыд сида, афтæ йæ йæхимæ сайдта уæзбын фæрæты хъæр. Фидар раст загъта, къул уыди хæрд. Сычъийау бæлæсты къалиутыл хæцгæ сызгъордта уæлбылмæ. Уæлбыл æмбисонды рæсугъд æмæ ноджы сыгъдæгдæр уыди уæлдæф. Йæ бакомкоммæ ног конд хъæдуры хъилтæ сагъд, сæ быны хъæдуры æвзартæ ницы уыйас ма зындысты æмæ æнхъæлæн уыд, цыма уыцы хъилтæ æнæхъуаджы сагъд сты. Рахизырдыгæй картоф конд. Æхсызгонæй сулæфыд.

Сослан лæууыд, хуымæллæг йæ быны цы æхсæр бæласы æрнорста, уый раз. Дис кодта чызджы арæхстдзинадыл. Цыфæнды хъæддзауы къухы дæр афтæ аив нæ фидаудзæн фæрæт. «Цæй мæгуыр дæ, сидзæр...» — ахъуыды кодта хинымæр, бацыд æм хæстæг. Асиат йæ сæр нæ сисгæйæ сдзырдта:

— Фидар, ам дæ?

— Фидар афонмæ уæ дуармæ хъазы...

Уыцы иу уысммæ фæрæт фæсагъд фароны калд бындзæфхады, галиу къухæй та æрфæлдæхтысты æхсæр уистæ.

— Сос-лан... — йæ былыл фæхæцгæйæ сдзырдта Асиат.

— Асиат... — цыдæр рæвдауæн ныхæстæ зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ йе ’взаг ныссуйтæ.

— Сослан, цæргæ кæнæд дæ лæппу, — мидбылхудгæ раарфæ кодта Асиат.

— Асиат... — фæтыхст та... — Мæ зæрдæ мын сау калм æууилы...

— Уæд цæмæн? Сывæллон?..

Сослан дис кодта Асиаты æнæхин зæрдæйы хаттыл.

— Сывæллон дзæбæх у, фæлæ...

— Фæлæ цы?!

— Дæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, куыд цæрдзынæ? — фыртыхстæй йæ худ аууæрста йæ къухы. — Цæмæн фæрæдыдтæн, фенамонд дæ кодтон...

Асиат йæ мидбыл бахудт, йæ сæр систа.

— Æз амондджын дæн. Ды мыл кæй тыхсыс, уый мæнæн стыр амонд у. Цы ’рцыд, уым та мæхæдæг дæн аххосджын... Дзуапп дæр мæхæдæг дæтдзынæн.

— Нæ, Асиат, æз дæу нæ ныууадздзынæн... — цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ йæ фæурæдта:

— Цы аххосджын у дæ ус? Цы ракодта æнахъом ноггуырд? — дард кæдæмдæр хъæды сæрты арвы тыгъдадмæ акаст. — Зон, Сослан, искæй æнамонддзинадæй æз мæ амонд нæ сараздзынæн. Искуы иухатт мæ куы ’рымысай, уæд уый уыдзæн мæнæн стыр амонд.

— Царды хос дын нæ уыдзæн...

Асиат цъусдуг æнæдзургæйæ алæууыд.

— Æрмæст дæ иу хъуыддаг курын. Нæлгоймæгтæ сæхицæй раппæлынц... Макуы мæ рахæсс ныхасы сæрæн... — йæ зæрдæ суынгæг.

Сосланы зæрдæ дæр дурæй конд нæ уыд. Фæрæтмæ февнæлдта æмæ сæ размæ хуымæллæг кæуыл стыхст, уыцы æхсæры къутæрмæ йæхи фæзылдта. А ныр ныдздзæхст кæна, зæгъгæ, афтæ Асиат сдзырдта:

— Ма ныццæв! — Сосланы къух æд фæрæт уæлдæфы аззад ауыгъдæй.

— Нæ уыныс?.. Хуымæллæг фæрисдзæн... Йæ тæккæ къуыбар калгæйæ.

Сослан фæрæт æрæвæрдта зæххыл. Иу цъусдуг æнæдзургæйæ лæууыдысты. Стæй чызджы цонгыл фæхæцыд, бацыдысты æхсæр къутæры бынмæ æмæ уым æрбадтысты. Зæрдæбын ныхасæн цыма хъырнгæ кодтой, афтæ хъæды хъуыст цъиуты зарыны симфони...

Æхсæр бæлас хуымæллæджы хъæбысы куыд аныгъуылд, афтæ лæппуйы хъæбысы аныгъуылд уарзон чызг...

Дзодзыккатæ сæ фыртæн ном раттыны сагъæсы бацыдысты. Сосланы фæндыд ирон ном сæвæрын. Сафиат нæ разы кодта. Чингуытæ бирæ каст æмæ йæ фæндыд æнæмæнг фæсарæйнаг ном раттын йæ лæппуйæн. Афтæмæй бонтæ цыдысты æмæ сæ фырт æнæномæй рæзыд. Бирæ хатт райхъал вæййы йæ ныййарджыты хъаугъамæ.

— Дæумæ хъус, уæд æй Хæмыц схонис!

— Æмæ ма куыд нæ? Хæмыц Сосланы фырт, тынг аив у.

Сафиат дæр нæ сæтты æмæ мæстæй цæхæртæ калы, афтæмæй нымадта фæсарæйнаг нæмттæ Джемтæ, Томтæ, Джектæ.

— Æмæ Джек цы кæны? — фæрæвдз та ус. — Джек Лондон курдиатджын лæг уыди.

— Нæхи ирон нæмттæ рæсугъддæр сты нæхицæн. Уыдон та сæхицæн сты рæсугъд.

— Тæккæ райсом дæм Джекимæ фездæхдзынæн. Джек у нæ лæппу!

— Уæдæ-ма бафæлвар!

Уыцы рæстæг уынгæй æрбайхъуыст, иу сылгоймаг йæ сабимæ Томæс, зæгъгæ, куыд дзырдта, уый. Сафиат рудзынгæй акаст æмæ та лæгмæ дзуры:

— Хъусыс, Томæс, зæгъгæ, куыд дзуры ирон сылгоймаг йæ лæппумæ, уый!

Чи зоны, цас ма фæхъæлæба кодтаиккой, иу бон Сослан дыууæ чиныгимæ куы нæ бацыдаид йæ хæдзармæ, уæд. Сафиат бацин чингуытыл. «Овод» Войничы æмæ Джек Лондоны радзырдты æмбырдгонд.

— Кæс-ма, кæс, æвзæр лæг у Джек? — бауайдзæф кодта ус.

— Æвзæр æй нæ хонын, фæлæ цæмæн цæуæм номгур фурды сæрты, нæхимæ тынг рæсугъд нæмттæ куы ис, уæд?

Сафиат рафæлдæхта Войничы чиныг «Овод». Фыццаджыдæр æркаст йæ рауагъдады текстмæ, чи йæ ратæлмац кодта, кæм æй рауагътой мыхуыры. Цæстæнгас систа рахиз фарс фыццаг сыфы сæрмæ. Бакаст фыццаг хатт фыццаг сæргонд æмæ, афтæ æнæуи, йæхинымæр акаст текстæн йæ фыццаг хъуыдыйад. Йæ цæстытæ аразæй сты æмæ кастысты цыппæрæм, фæндзæм дзырдтæ, афтæ йæ сæры афæстиат тæккæ фыццаг дзырд. Хъуыдыйад æмбисыл кастæй фæуагъта æмæ фездæхта цæстæнгас...

— Артур... Артур! — хъæлдзæгæй сдзырдта Сафиат.

— Цы у? — афарста лæг.

— Цы у нæ, фæлæ чи у? — фæзыст кодта ус. — Нæ лæппу у Артур, æндæр ничи.

— Уый та ма дзы цавæр «тур» у? Æхсарбег, Махарбег, Хъамболат... Цы ма ис нæхи нæмттæй рæсугъддæр. Кæннод нæ кадджын нæртон нæмттæ Уырызмæг, Батрадз...

Сафиат æм кæсы æмæ бамбæрста, ацы номæй дæр та йын кæй ницы рауайдзæн, уый, æмæ карзæй загъта.

— Джек уæдæ, Джек, Уырызмæг нæ фæлæ... — цыдæртæ ма дзырдта, фæлæ йæ Сослан нал хъуыста, «Джектæ», «Томæстæй» Артур дзæбæхдæр ном у æмæ сразы хинымæр йемæ. Фестад йæ бынатæй.

— Артур, — загъта фыд æмæ бацыди авдæнмæ æмæ кæсы йæ фыртмæ мидбылхудгæ.

— Æццæй, Джек дæ æви Артур дæ? И? Ауыстæн, фидауы йыл Артур, — авдæны раз дзуццæджы æрбадт фыд.

— Артур! — сцин кодта Сафиат. — Нырмæ мæ зæрдыл куыд не ’рлæууыд уыцы ном.

— Артур куы дæ æмæ дæ куы нæ зыдтам, — кæсы фыд сабимæ æмæ йын цыма дзуапп ратдзæн, афтæ йæ фæрсы. — Артур, куыд зæгъыс, бафæраздзынæ уыцы кадджын ном хæссын?

Сывæллон йæ былтæ сысчъилтæ кодта æмæ ныккуыдта.

— Тагъд хæринаг, — загъта фыд.

— Аннæ! — цæлгæнæнмæ адзырдта Сафиат. — Рауайма, мæнæ дæ лæппуйыл цы ном сæвæрдтам. Хæринаг дæр демæ раскъæф.

— Дæхæдæг ын бадар хæринаг, ууыл дæр уд ис. Хæринаджы куыст дын кæна, æфснайыны, æви дзаума æхса. Куыстытæ йын иууылдæр йе ’ккой куы скодтай.

Агъуыстмæ бацыди хæрзконд, æфхæрдхуыз уырыссаг сылгоймаг Аннæ. Йæ къухтæ фыр дзаумæттæ æхсынæй ныссырх сты. Айнæг хурмæ куыд æрттива, афтæ æрттивы сæ царм. Сывæллоныл цинтæ кæнынмæ фæци.

— Аннæ, арфæ нын ракæн, ссардтам ном нæ лæппуйæн, — загъта Сослан.

— Уанцон нæу! — бадис кодта Аннæ.

— Артур.

— Артур, — æхсызгон худт аивылд Аннæйы цæсгомыл. — Тынг рæсугъд æмæ фæрнджын ном у, амондимæ уæд, — загъта æмæ рацыди сывæллонæн хæринагмæ...

Цыппармæйдзыд лæппу йæ фыдмæ йæхи æппарын райдайы. Сослан йæ фырты уарзы æнæкæрон уарзтæй. Æдзухдæр йемæ мидбылхудгæ ныхас кæны йæхинымæр.

Сентябры æмбисы Сосланмæ фæсидтысты æфсæддон хайадмæ. Æнкъардæй рацыд хайадæй. Дæс боны фæстæ йæ акæндзысты æфсадмæ. Службæйæ нæ тæрсы, фæлæ йæ фыртыл нæ бабыхсдзæн. Куыд æй ныууадздзæн, йæ мад дæр ам куы нæ и. Ме ’нæниздзинад фæхъыгдард, зæгъгæ, ацыд Сау денджызы былмæ. Ссæуын афон ын бæргæ у, фæлæ куы нæ зыны...

Иу изæр йæ фырты йæ хъæбысы батыхта, афтæмæй бахуыссыд Сослан. Йæ хъæбулы буары хъарм ын лæвæрдта, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æхсызгондзинад.

Сослан уыны фын... Цыма цъымара цады был лæууынц адæм. Цадмæ æхсынц дуртæ, алыхуызон ныхасæппарæн кæнынц, худынц. Сослан бацыд былмæ. Кæсы, æмæ сау ламийæ цады былмæ бырыд фæллад, фæлмаст сылгоймаг. Йæ хуызыл бæрæг уыд, цъымарайы йæ царды сæраппонд рагæй кæй тох кæны, йæ чъизи къух сдары хæрдмæ адæммæ æххуысмæ. Æххуыс нæ, фæлæ йæ къахæй фесхойы, кæмæ бадаргъ кæны йæ къух, уый. Æмæ бæзджын ламийы йæ тъыллупп фæцæуы. Цъымарайы уæлцъар, уæззау мæсты уылæнтæй базмæлы, цыма адæмы худынмæ смæсты вæййы, уыйау. Сылгоймаг та рабырыд былмæ, йæ дæс æнгуылдзы цæргæсы дзæмбытау фæсадзы лæгъз былыл. Былыл сырх-сырхид зынди йæ къухты туджы фæзгъæртæ. Сцæйбырыд. Фæлæ та йæ æнæхатыр адæймаг йæ къахæй фесхуыста цадмæ...

Адæм ныххудтысты. Афарста кæйдæр чи у, зæгъгæ. Уый йын худгæйæ дзуапп радта: «Асиат»... Йæ хъустыл ауад, æрвнæрæгау, адæмы уайдзæф худт...

Фехъал... Исдуг фæуыргъуыйау, йæ сур хид акалд. Цы уа уый? Асиат цъымарайы? Æмæ йæ нæ ныууагъта цъымарайы?!

Хорз фын кæй нæ федта, уый æмбары. О Хуыцау! Сывæллон æм ма бафтæд. Уæд бынтон сæфт кæны. Йæ фырты йæ хъæбысы æрнорста, йæ цæстытæ æрæхгæдта. Йæ сæры зилдух кодта йæ фын. Цæй фынæй æмæ ма цæй æндæр? Рабадт. Æркаст сахатмæ. Цыма йæ исчи схойгæ фæкодта, афтæ рагæпп кодта сынтæгæй. Рæвдз йæ дарæс акодта. Сывæллон Аннæйы фарсмæ авæрдта.

— Æз хъæумæ цæуын.

— Фæндараст! — къуыхцы иронау загъта ус.

Чысыл рæстæджы фæстæ йæ цырыхъхъыты хъыс-хъыс хæлдта горæты æхсæвы сабырдзинад. Тындзыдта вагзалмæ, алагираг поездмæ...

Фæззыгон хурбон Сослан цыди Алагирæй Сæуæхситты хъæумæ хъæдрæбынты. Йæ галиу фарс дæрдтыл йæхи айтыгъта нæргæ хъæд. Йæ бæрзонд тæрс бæлæстæй ныфсджынæй лæууыд, цыма колхозы быдыртæ хъахъхъæны, уыйау. Тагъд нæ кодта.

Гаспойы дыргъцæхæрадон ын æгас цуай загъта йæ хæрзад дыргътæ æмæ алыхуызон мæргъты зардæй. Йæ зæрдæ æнахуыр цинæй байдзаг. Фæндаджы дæлбыл цъымарайы уасыдысты хæфсытæ æмæ сæм куы бахæццæ, уæд ламийы нытътъыллуппытæ кодтой.

Дыргъцæхæрадонæй куы ахызт, уæд азгъордта таджы донхæрис бæласмæ. Раст цыма Гаспойы цæхæрадоны мæргътæ æмæ хæфсытæ йемæ рабалц кодтой, афтæ таг сæ уæлныхты систой. Исдуг ницыуал хъуыста. Йæ цæстытыл ауад Асиат.

Бирæ фæбадт донхæрисы бын. Йæ зæрдæйы æвирхъау тох кодтой дыууæ хъæлæсы, сæ иу йæхи аххосджын кодта, иннæ та нæ. Арвы тыгъдад, раст цыма хуры йæ риуы æгънæгæн æрсагъта, афтæ дунерухсгæнæг арвы тигъæй æркаст Сосланмæ бæласы сыфты æхсæнты æмæ йæ фервæзын кодта йæ хъынцъымæй. Арф ныуулæфыд. Рæвдз йæхи кæрздæлгом фæкодта æмæ таджы донæй хуыппытæ систа. Фестад, йæ ных сарæзта хъæдмæ хуымæллæг æмæ æхсæры къутæрмæ. Йæ хъустыл ауад тракторы æхсызгон хъæр, йæ цæст ахаста ног хуымгæнд быдыртыл. Быдыры куы ам, куы уым æрбæстон сты хъæмпы цъынаты рæгътæ, раст цыма тарбын денджызы зивæггæнгæ бырынц сызгъæринхуыз егъау наутæ. Соса фæндагыл дыууæрдæм згъорынц машинæтæ, галуæрдæттæ æмæ бæхуæрдæттæ. Иутæ аивгъуыйынц быдырты дарддæр сæхи хъуыддаджыфæдыл. Бæрзонд гуыффæджын уæрдæттæ узгæ-узгæ ратулынц дыргъ цæхæрадонæй халсар æмæ дыргъæй цъупдзагæй. Фæндагмæ хæстæг бæрзонд хъæддаг кæрдо бæласæй æнахуыр цъиу ныззарыд. Сосланмæ афтæ каст, цыма йæм цъиу «хъæздыг фæззæг, хъæздыг фæззæг» дзуры. Бæласмæ ма иу каст фæкодта, кæд фенид уыцы цъиуы, фæлæ бæзджын сыфтæрты æхсæн æмбæхст уыди. Тындзы Асиатмæ. Фæлæ йын йæ феныны фадат фæуыдзæн, нæ, ууыл не ’ууæнды. Йе ’рцыдæн хорз æфсон бæргæ ис, Мынциты абæрæг кæнын. Хъуыдытæ кæнгæ цæуы æмæ йæ размæ спъалыты егъау цæнды калдыл хæрхæмбæлд фæци. «Æнæхсæстытæ, ныр сыл æнафоны цæуæг йæхи нæ цæвы», — хъуыды кæны æмæ фæндагыл чи ныццæхгæрмæ, уыдон иуварс аппæрста.

Фæндагаразджытæй ничи зынди, æвæццæгæн сын кусгæ бон нæ уыди. Æфсæнвæндаг куы срæвдз уа, уæд хъæуы куысты уавæр цас фæрæвдздæр уыдзæн, ууыл хъуыды кæнгæйæ тагъд-тагъд цыди. Паддзахады арæзтадон пъланмæ гæсгæ фидæны аз хъæды айзæлдзæн хъæдласæн поезды æхситт. Ноджы ацы хъæдæн хуылфы низтæ сафæн суартæ æмбисонд сты. Науæд йæ адæм та? Нæртон адæм, кæрдзындæттон, кусаг. Йæ фæсивæдæн та бынтон аргъ нæй: хæдæфсарм æмæ хæрзæгъдау. Хъæубæсты цин æмæ зианы лæггадгæнæг.

Йæ хъуыдыты денджызы уылæнты ленк кæнгæйæ нæ бафиппайдта хъæды коммæ куыд бахæццæ, уый. Кæсы æмæ дис кæны, комы рахиз фарс арæзт ног фермæ. Йæ къултæ ногкалд æхсæрхъæд сахъарийæ быд. Йæ æнгузхуыз нæма аивта, йæ сæрыл хъæмп сызгъæринау зынди хурмæ. Фермæйы раз арæзт уыди дæргъæй-дæргъмæ силосæвæрæн къахт. Иу-фондз, æхсæз метры æрфæн. Даргъ дзыхъхъы конд уыди хатæнтæ. Силосгæрдæн агрегатæн йæ иу кæрон уыди хъуыдыды нартхоры хъæды рагъы раз. Сагæйттæй йæм калдтой нартхоры хъæд, машинæ йæ скъæфта, карста йæ йæ домбай кæрдтæй. Карст цъæх нартхор агрегат йæ пылы бырынкъхуыз хæтæлфындзæй калдта силосæвæрæн дзыхъхъы иу хатæнмæ. Силосгæрдæн агрегат кусын кодта, Сослан-иу цы тракторыл бадт, уый.

Йæ тракторы уындæй йæ зæрдæ суынгæг. Чысыл дарддæр лæууыд домбай трактор «Путиловон». Йæ бынæй рабырыд Таймураз. Йæ къухтæ дохтæйдзаг хæцъилæй сæрфгæ разгъордта уазæджы размæ.

— Сослан!..

— Таймураз!..

Дыууæ лæппуйы ныхъхъæбыс кодтой кæрæдзийы.

— Цы хур, цы къæвда? — афарста Таймураз.

— Цы хабæрттæ уæм ис? — къæрцхъусæй хъуыста Таймуразы ныхасмæ. Зæрдæрыстæй æнхъæлмæ каст, сыхбæсты хабæрттæ кæнгæйæ Асиаты æнамонды хабар куы ракæна, уымæ. Фæлæ йын йæ кой дæр не скодта. Йæ уд йæ муд куы æрцыд, уæд трактормæ амонгæйæ бафарста:

— Ног трактор куы у?

— О, «Путиловон» — фырхъæлдзæгæй загъта Таймураз. — Тыхджын трактор у, пыл, пыл! Ацы аз нын радтой ноджыдæр ма хосгæрдæн, мæнæунайгæнæн машинæтæ. Фæлæ цыдæр кæны.

Сослан йæ пъалто феппæрста, мидбыл бахудт.

— Нæ йæ фæнды силос æфснайын, нæ? — тракторы бын фæмидæг. Цъусдуг рæстæджы фæстæ тракторы бынæй ракаст цыппар къахы. Уæлгоммæ хуысгæйæ Таймураз æмæ Сослан ныхас кодтой хъæубæсты цы ног хъуыддæгтæ æрцыд æмæ колхозы куысты хъуыддæгтыл.

— Мах дæр архайæм, — загъта Сослан дæгъæлæй винт здухгæйæ, — фæлæ нæ горæты цы æмбисонды бæстыхæйттæ аразынц, уый æгæр диссаг у. Кæннод заводтæ æмæ фабрикты цы ерысы куыст æхсиды, уый та бынтон нæртон хъуыддаг у!

— Уæд нæ горæты тæккæ бæрæг астæу цы хæдзар аразынц, уый та цы уыдзæн? — бафарста Таймураз.

Уæлгоммæ хуысгæйæ галиуырдæм бакаст Сослан.

— Цыбыр рæстæгмæ нæ горæтæн йæ «астæу» бæрæг нал уыдзæн, афтæ дæрдтыл ныззилдзæн. Куыд дзурынц, афтæмæй ахиздзæн Терчы галиу фарсмæ.

— Бауырнæд дæ, Сослан, цыфæнды дæрдтыл нæ горæт йæхи куы айтындза, уæддæр нæ проспект уыдзæн тæккæ адджындæр æмæ зынаргъдæр уынг ирон адæмæн.

— О, нæ проспект тынг рæсугъд у. А-а, проспектыл Ленины цыртдзæвæны раз цы æртæуæладзыгон хæдзар аразынц, уымæй зæгъыс?

— Уымæй зæгъын.

— Уый егъау дукани уыдзæн.

— Йæ æппæт æртæ уæладзыджы дæр дуканитæ уыдзæн?

— Уæдæ!

— Газеты дæр йæ кой кодтой, фæлæ, зæгъын, уыйас дзы цы уæй кæндзысты?

— Таймураз, паддзахад домбай у, — загъта Сослан æмæ йæ ныхы хид асæрфта. — Уыныс, уæ хъæдрæбынты фæндаджы арæзтад куыд рæзы, уый? Хурбон нæма акастæ, рельсытæ куыд æрттивынц?

Таймуразæн тынг æхсызгон уыди, сæ ахъаззаг арæзтадæй сын кæй раппæлыд горæтаг, уый, æмæ зæрдæрухсæй загъта:

— Нæ æфсæнвæндаг уæйыг къахдзæфтæй бырсы. Ахæм цыдæй куы цæуа, уæд ног азы басылгур Алагиры дуар бахойдзæн, Хетæджыстæн!

— Паддзахадон арæзтæдты пъланмæ гæсгæ уæ ног æфсæнвæндагыл фидæн аз хъуамæ поезд згъора.

— Æвæдза, советон хицауад алы къуыммæ дæр йæ цæст куыд дары, нæ, Сослан? Æндæр мæнæ ам, Мæскуыйæ дард кæмдæр, хъæд ис, æмæ хъæды куыст цæмæй æнцондæр уа, уый тыххæй цытæ аразы махæн, ирон адæмæн. Науæд ма мæнæ нæ хъæумæ акæс. Цас ног хæдзараразджытæ дзы ис. Хъæды куысты уавæртæ цæмæй фенцондæр уой, уый тыххæй дæр нын удæнцой техникæ ратдзысты, стæй ма хъæды арфы кæндзысты хæдзæрттæ...

Сослан исдуг аджих. Зæгъынмæ хъавыд æнæ техникæйы æххуысæй хъæд зынтæй æфты къухы, зæгъгæ. Фыдæбон ыл бирæ ис. Паддзахады та хъæуы хъæд.

— Рæвдз у, — сдзырдта Таймураз æмæ рабырыдысты.

— Ауыстæн, — загъта Дзодзыккайы-фырт, — æмбисонды фермæ сарæзтат.

— Мæнæ йæ адыууæ боны зиуæй куы айсæрдæм, уæд ноджы дзæбæхдæр уыдзæн.

Уæйыг тракторы хъæр айзæлыд хъæдрæбынты æмæ кæмтты.

— Цы хорз у, — сцин кодта Таймураз. — Райсоммæ дæр мын не срæвдз уыдаид.

— Хорзæй баззай, — загъта Сослан. — Æз хъæумæ ныккæсон, — йæ пъалто йе уæнтыл баппæрста.

— Æнæ ’рбауайгæ нæм ма фæу, — йæ фæстæ ма адзырдта Таймураз.

— Фендзыстæм.

Таймураз йæ трактормæ сгæпп кодта. Сослан ма хъæдмæ иу каст фæкодта, ныуулæфыд æмæ фæраст хъæуы ’рдæм. Силос æвæрæн уæрмы размæ куы æрхæццæ, уæд йæ тракторæй æргæпп кодта Азæ. Ныццинтæ сты кæрæдзиуыл.

— Мæнæ ма кæй уынын? — чысыл ма бахъæуа Азæ йæ ма ныхъхъæбыс кæна.

— Уый дын чызг, — мидбыл худгæ загъта Сослан.

— Уарзын денджызы наускъæрæгау трактор быдырты скъæрын.

— Сæрæн чызг дæ, æвæдза.

Ныхас кæнгæ бацыдысты дзыхъхъы размæ. Йæ кæрæтты уыди цæххы бедратæ. Куыдзой армыдзаг фелвасы цæхх куы иу бедрайæ, куы иннæйæ, ныккалы йæ уæрммæ. Сосланы куы ауыдта, уæд йæ куыст фæуагъта:

— Мæнæ нæм цы уазæг æрцыд? — йæ хъæбысы йæ акодта.

«Путиловон» уæззау цыдæй æрцæуы. Азæ йæ хицауæй цæст хизгæйæ сæры тылдæй «хæрзбон» загъта Сосланæн æмæ рог сгæпп кодта трактормæ.

Чысыл рæстæджы фæстæ Азæйы трактор афæндараст быдырмæ. Йæ бынаты æрлæууыд «Путиловон».

— Цæхх! — сыхъуыст уæрмæй хъæр.

Куыдзой та армыдзагæй калын райдыдта дзыхъмæ цæхх.

Сослан бацыд дзыхъхъы былмæ. Цы федта, уый йын йæ зæнгтæ фæдон кодта. Исдуг ницыуал бамбæрста. Æрбадт йæ мидбынат: уæрммæ калди агрегаты пылхуыз уæрæх фындзæй нартхоры карст. Куыдзой æнæвгъау калдта цæхх, дыууæ лæджы æмæ дыууæ сылгоймаджы та сæ цырыхъхъытæй надтой силос. Сылгоймæгтæй иу уыди Дибæ, иннæ та... Асиат... Сослан йæхи фехста дзыхъмæ. Уыцы иу цъусдуг йæхæдæг бынмæ тахт, йæ пъалто та йæ уæнтæй цæргæсау атахт æмæ уæлейы абадт. Уæрмæй хъуыст цины уынæр:

— Мæнæ Сослан!

— Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста? — бæлвырд хъуыст Дибæйы хъæлæс.

Асиаты цæстытæ фæирд сты, фæлæ уайтагъд йæхи аиуварс кодта, раст цыма сæм арвæй æрхауæгау чи æргæпп кодта, уый уындæй йæ зæрдæ ныккæрзыдта, уыйау.

Сослан Асиатмæ куы бацыд, уæд æм Дибæ сдзырдта дисæй:

— Асиат, мæ хур, нал æй зоныс, æви? Уый Сослан у, нæхи Сослан!

Чызджы цæсгомæй иу нуар дæр нæ фезмæлд. Дзодзыккайы-фырт стыр дис фæкодта Асиаты хиуылхæцгæ домбай хъаруйыл. Фæлæ къух исгæйæ сæ къухтæ куы фæныдзæвыдысты, раст уыцы исдуг Асиаты гуыбыны, рахиз тæны цыдæр сызмæлыд, цыма Сосланы зæрдæйы куысты хъару азгъордта дзуарæвæрд къухтыл æмæ скусын кодта Сосланæй Асиатмæ цы гуырдз уыди, уый зæрдæ!.. Чызг фæтарст тæны тъæппæй. Кæд йæхи алы хъуыддагмæ дæр цæттæ кодта, уæддæр. Фондз æмкъай цырыхъхъы нæмын райдыдтой силос, уæлейæ сыл цæхх, лæхурæг митау, згъæлыд. Сосланæн тынг æхсызгон уыди, Асиат æм афтæ хæстæг кæй ис, уый. Афтæ иумæ кусиккой æнусмæ дæр. Фæлæ йæ уарзон йæ уæззау цырыхъхъытæ куыд зынæй исы, уый йæ мары. Афтæ йæм кæсы, цыма чызджы къæхтæ нæ нæмынц силос, фæлæ йын ссæндынц йæ зæрдæ. Цæххы бырдæн æркалд. Хæрдмæ скаст æмæ ныххудт.

— Удæгасæй нæ кæдæм цæхджын кæныс?

— Схиз, ныууадз сæ, — дзуры йæм Куыдзой.

— Нæ, иучысыл уæм фæкæсон.

Кæдæм? Кæм æй цы хъуыддаг ис? Кæмæ æрцыд, уый йæ разы куы и. Æвæццæгæн, йæ дысоны фын ацы силосы дзыхъмæ рацыд. Йæ къах цал исты кæны, уал хатты йæ зæрдæ сриссы. Арвитид сылгоймæгты, фæлæ уæд Асиаты уындæй æнæ хай кæны. Куыдфæстæмæ фæуæлахиз йæ фæлмæн зæрдæ æмæ загъта:

— Ацæут, нæ ныццыдмæ истытæ срæвдз кæнут.

— Дæ рынтæ мæ гуыбыны, — загъта Дибæ æмæ дзыхъхъæй хæрдмæ схизæн асиныл фæхæрд кодта.

Дибæйы фæстæ — Асиат...

Æмбары, уыцы сывæллон ын цас тухитæ, зындзинæдтæ, худинаг æрхæсдзæн, уый. Æмæ, дæ хорзæхæй, чи йын радта ахæм бар æмæ фæхудинаг кæна фæллойуарзаг хъæубæстæ, йæ фыды мыггаг, йæ мæгуыр фыды сæр. Ирон адæмы? Уыдоныл куы ахъуыды кæны, уæд йæхи марынмæ æрцæуы. Фæлæ!.. Цин, цин...

Æмбары, сывæллон зынтæй кæй фæзыны дунейы рухсмæ, куы ахъуыды кæны, куыд æмæ кæм гуырдзæн, уæд æрбатыхсы. Йæ удыл хæцæг Азæ у. Кæнæ йын æй раздæр зæгъдзæн, кæннод та йæм арвитдзæн сывæллæттæй искæй. Йæхи уыйас сцæттæ кодта æмæ ма суанг сывæллоны бикъ бæттын дæр базыдта. Бæтгæ ома нæ бакодта, фæлæ амбулаторийы стъолыл цы чиныг уыд, уым æй бакаст. Карк куы аргæвдынц, уæд æй карчы тъæнгтыл та фæлваргæ бакæны.

Инал æмæ Дзерассæ нæма сыздæхтысты Хъызларæй. Фидар бацыд скъоламæ. Аниссæ æмæ Бибо хæдзары. Кæрт æмызмæлд кæны фосæй, маргъæй... Куы ацыдысты, уæдæй нырмæ иу цыд дæр нæма скодтой нæдæр мад, нæдæр фыд. Сосланы æрцыд Асиаты зæрдæйы бауагъта рухс, дæргъвæтин сæлфынæг рæстæджы фæстæ хурбон райсом куы скæны, уыйау. Æмæ ма куы зыдтаид сæрмагондæй йæ уынынмæ æрцыд, уæд уымæй амондджындæр нæ уыдаид азæххыл. Изæрон куыстытæ акодта, хæринаг скодта, сывæллæтты бахуыссын кодта. Рацыд цæхæрадонмæ. Таймуразты сарайæ цыд нæлгоймæгты дзурын. Чызг архайы Сосланы ныхас фехъусыныл. Фæлæ уазæг дзуры сындæг хъæлæсы уагæй.

Кауыл йæхи бауагъта æмæ йæ дарддæры цардыл хъуыдыты аныгъуылд. Чи зоны, цас фæленк кодтаид йæ æнæбæрæг уæззау хъуыдыты денджызы, Таймуразтæй лæгтæ куы нæ рацыдаиккой, уæд. Кæрты дуары фæстæ амбæхсти. Ныхасы уагæй æмбары, Сослан кæй фæцæуы, фысымтæ «фæндараст» загътой æмæ бацыдысты сæхимæ. «Хæрзæхсæв» чи загъта, уый къæхты хъæр фехъуыст уынгæй. Йæ хъуыдыйы цæуы Сосланимæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ акæсы Сосланы дыууæ рудзынгмæ, фæлæ нартхорконд цæхæрадонæй ницы зыны.

Уасджытæ дыккаг уаст ныккодтой, Таймуразтæй уынæр нал хъуысы, уæддæр æм мидæмæ цæуыны фæнд нæма ис. Йæ цæст ахаста фæззыгон арвыл. Ног мæй ныгуылæнырдыгæй хæхты сæрмæ æрзæбул, цыма сызгъæрин æхсырфы саст хохы фæстейæ сæппæрстæуыд æмæ арвы дæлбазыр абадт, афтæ. Стъалытæм кæсгæйæ дзы исдуг айрох ам цæмæн и. Нæ бамбæрста, кауы сæрæй йæм чидæр куыд æрбадзырдта, уый. Фæтæрсæгау кодта, фæлæ базыдта хъæлæс.

Сослан æмæ Асиат бадынц. Мынæг ныхас кæнынц.

Скæсæнырдыгæй, арвы тыгъдады, нарт Зилахары фæзы куыд симой, афтæ симгæ ссæуынц стъалыты къорд Авд хойы. Сæ бынмæ, хуссарварс, иннæ стъалытæ — Фыййауы лæдзæг, хъавынц «хоты» баййафынмæ.

Дыууæ уарзоны цас фæбадтаиккой, чи зоны. Уасджытæ цалæм хатт ныууасыдысты, уый дæр ничи банымадта, фæлæ бонмæ бирæ нал уыд, уый бæрæг уыди, хæхтæй цы уазал ирдгæ дымдта, уымæй. Авд хойы, Фыййауы лæдзæг, цыма лæугæ æркодтой, афтæ æрттывтой арвы бæрæг астæу.

— Ма суазал у, — рæвдаугæ ныхасæй батыхст Сослан. Катай кодта, цы амалæй базона, йæхи бар у æви нæ? Æмбаргæ дæр нæ бакодта, йæ зæрдæ фæхæссы æви нæ, уымæй йæ куыд бафарста, уый...

Уыцы сонт фарстæн æнцонæй æмбæлд дзуапп раттын «хæссы». Фæлæ чызг ацы фарстамæ дæр уыд цæттæ.

— Ма тæрс, стæй ахæм исты — никуы дæ бахъыгдардзынæн...

— Хъыгдарыны тыххæй нæ зæгъын, фæлæ...

— Дæ зæрдæ ма дзурæд. Мæ уд сæрибар у. Дæ бинонты мæт кæн.

— Æз дæ мæтæй мæхицæн бынат нæ арын...

— Ма дзур! — йæ ныхас ын нал бауагъта кæронмæ зæгъын. — Мах уыцы сывæллоны нæ фæсидзæр кæндзыстæм.

— Ды та куыд уыдзынæ, куыд цæрдзынæ?!

— Сослан! Æртæ боны мын радтай дæ цардæй. Уыдон мæ скодтой амондджын. Мæн æндæр амонд нæ хъæуы. Æз мæ сæр нывондæн хæссын уыцы æртæ бонæн!

Сосланы зæрдæ куыд æрбауынгæг, уый банкъардта чызг, фæлæ ницы сдзырдта, йæхи цæстысыг ауæзт донмарæны сæрты, ракæлынæввонг у.

Чи зоны, кæдмæ фæбадтаиккой? Хурыскæсæнæй нартхоры къæбылайы сæрты Бонвæрнон стъалы куы нæ багудзи кодтаид, уæд.

Сослан йæ риуы дзыппæй систа æхцайы гуцъула, æнæдзургæйæ сæ нывæрдта чызджы телогрейкæйы дзыппы. Асиат фестад. Телыхъæдау æмраст алæууыд æмæ загъта зыбыты иунæг дзырд:

— Сослан!

Сосланæн йæ зæнгтæ фæдон сты. Уыцы дзырды банкъардта стыр уайдзæф æмæ йæхæдæг систа чызджы дзыппæй æхцатæ...

III СÆР

1935 азы фыццæгæм февралы, æхсæвы, уасджытæ фыццаг уаст куы ныккодтой, уæд фехъал Асиат йæ астæуы æнахуыр рыстмæ. Кæд суазал дæн, зæгъгæ, йæхи æрбатыхта хъæццулæй. Афынæй кæныныл архайы, фæлæ кæм. «Æвæццæгæн, фæрыстæн», — ахъуыды та кодта йæ-г хинымæр.

Абондæргъы арахъхъ уагъта хæсгæ дон æмæ митæй. Зымæгон-иу арахъхъ куы уагътой, уæд-иу Инал хæрæг уæрдонæй доныбылæй егъау ихы цæхгæртæ ласта. Ихы къæртт бæлæгъы нывæр æмæ æнцонæй дæ куыст кæн. Бирæ хатт-иу дысвæлдæхтæй балæууыд бæлæгъы раз, æххуыс ын кодта, уымæн æмæ Дзерассæ дыккаг аджы сæр никуы бамбæрзы. Абон дæр афтæ. Фыццаг аг райста, дыккаджы фæуæларт кæнын ма йæ бон баци, фæлæ йæ рафыцынмæ нал бафæрæзта, фыццаг агуйан æй йæ быны æрнорста. Æнтыдæй амæзтæй, æд дзабыртæ, сусæны мæй, къамбец цæугæ доны йæхи куыд афæлдаха, афтæ æнæмæтæй уæлгоммæ адаргъ хуыссæнты уæлæ. Бонсауизæрмæ агъуысты хъуыст Дзерассæйы æнæмæт хуыр-хуыр. Асиатæн бæлæгъ астауæг дæр нæ уыд, афтæмæй цыппар аджы рауагъта. Донмæ-иу куы цыд, уæд-иу Фидарæн алæгъстæ кодта, бæлæгъ-иу астау, зæгъгæ. Фæлæ йæм хæстæгдæр не ’рцыд, хиконд къахдзоныгътыл бырыд доныбыл. «Æз астаудзынæн», — сцин-иу кодта чысыл Бибо, фæлæ дыууæ кæстæры хæдзарæй кæсын дæр нæ уагъта, куы басудзой, уымæй тæрсгæйæ. Йæ фыды къах асаст æмæ хуыссыд рынчындоны. Кæд тынг бафæллад, уæддæр мигæнæнтæ сæхсадта бæлæгъы хъæрмуст донæй фанары рухсмæ. Бацыд хæдзармæ. Ныр бамбæрста, æххормаг кæй у, уый дæр. Стъолыл сывæллæтты уæлдай уазал, æдцъар картофтæй иуы хæргæ рацыд. Тыргъты фанар райста, ныццыд пъадвалмæ хæндыгæй цыхт сисынмæ, фæлæ дуарыл баныдзæвын дæр нæ бауæндыд, раздæхт. Цырагъ сарайы къулыл йæ бынаты сауыгъта. Ныххуыссын æй кодта. Бацыд йæ уатмæ. Дуар сæхгæдта. Хисæрфæнæй хуыд гуыбынæлвасæн куы феуæгъд кодта, уæд, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр, æнцонæй сулæфыд йæ фæлмаст буар. Бахуыссыд, фæлæ куыддæр йæ цæстытæ фæхæцынц, афтæ та фехъал вæййы, йæ къухтæй фæлæбуры хъæдын сынтæджы зырнæйзылд къухмæ., Кæд йæхи цæттæ кодта, кæд зыдта адыууæ боны уыдзæн, кæд ын йæ ’мбæхсын бонæй-бонмæ зындæр уыд, уæддæр æй нæма фæндыд. Ехх, куыд æй нæ фæндыд! Иу бон ма, æрмæстдæр ма йæ иу бон куы бауадзид, куы афынæй уаид, фæлæ!.. Æрдзон тых нæ фæрсы адæймаджы. Уымæн ис йæхи закъонтæ æмæ уыдон æххæст кæны. Бамбæрста, ахсæв, æмбæхстæй кæй дары, уый йæхи кæй æргом кæны. Бамбæрста, ноджы райсом, кæннод иннæбон адæм уынгты лæудзысты къордтæ-къордтæй æмæ æнæвгъау кæндзысты йæ худинаджы кой!.. Æфхæрд цæстысыгтæ згъордтой. Базы бынæй райста йæ гуыбынбæттæн, уæллаг дыууæ сæхтæджы уæгъд æлвæст акодта, иннæты ныууагъта. Йæ сынтæг афснайдта миты мынæг рухсмæ, архайдта сындæг, цæмæй бинонтæ ма райхъал уой, йæ дарæс скодта. Урс æндахы къæбæл æмæ чысыл хæсгард райста, йæ дзыппы сæ авæрдта. Рацыд кæртмæ. Скаст арвмæ, хъавыд стъалытæм гæсгæ рæстæг цафон у, уый базонын, фæлæ арв уыди æнтъыснæг. Дымдта цæгат-ныгуылæнæй.

Скъæтмæ куы фæцæйцыд, уæд галиуырдыгæй кæркдонæй ныууасыд уасæг. Уымæн дзуапп радта Таймуразты уасæг. Афтæмæй бæстæ уасæджы уаст сси. Афтæ йæм фæкаст, цыма уасджытæ фæдис хъæргæнæг сты уый тыххæй. Куыд уыдзынæн? Цы уыдзынæн?! Уыцы фарстатæн дзуапп лæвæрдта цæстысыджы æнæвгъау дыууæ сыгæй.

Уасджытæ ныууасыдысты дыккаг хатт — æмбисæхсæвмæ фæхæстæг кæны. Хъуджы кæвдæсæй систа хосы хъæбыс, рахиз фарс къуымы йæхицæн скодта лыстæн. Уазал ризæг ыл бахæцыд.

Сарайы къулыл ауыгъд дзаумæттæй, æрмифицаугæйæ ссардта йæ зæронд пъалто æмæ йæхи быд урс къуымбил гаруз. Йæ къухтæ аныдзæвдысты йæ фыды дæрдджын кæрцы уæлдзармыл. Бæргæ дзы йæхи æрбатухид, фæлæ нæ бауæндыд. Фæдыдагъ-фæдыдагъ кæнгæ рацыд сарайæ. Тыхтæй-амæлттæй баирвæзт скъæтмæ. Хъуджы иугæндзон сынæры цагъд ын йе уæнгты бауагъта цыдæр ныфс. Скъæт уыди уазал. Йæ пъалтойыл йæхи æруагъта. Йæ фæсонтæм фæбыцæу цыдæр хъæбæр, уый цы у, зæгъгæ, рабадт, ферох дзы хъуг æхсæв-бонмæ «селатæ» кæй æппары, уый. Йæхи феккуырста иуварс. Хъуджы фæздоныл йæ къухтæ æмæ цæсгом хъарм кæнгæ, чысыл ма бахъæуа, ма афынæй уа. Фæлæ та куыддæр йæ цæстытæ кæрæдзиуыл æрцæйæвæрдта, афтæ йын цыма чидæр йæ астæуыстæджы фæрæт фæсагъта æмæ йæ ивазы фæйнæрдæм... Хъуджы сынæр цагъдимæ айхъуыста йæ хъæлæс. Æнуд, цыма йын исчи йæ хурх æлвасы, ахæм уынгæг, дæргъвæтин хъæр...

Фервæзт та йæ рызтæй, фæтарст. Афтæ ма куы ныхъхъæр кæна, уæд æй фехъусдзæн йæ фыдыус. Миты мынæг рухсмæ йæ цæстæнгас ахаста скъæты къуымты. Къæрцхъусæй айхъуыста — никæцæй ницы сыбыртт хъуыст. Йæхи хъугыл фæдæлгоммæ кодта. Ныккуыдта, æмыр куыдæй... Йæ рыст цас уыди, уымæй фылдæр æй тухæнæй мардта æбæрæгдзинад. Куыд уыдзæн? Цы уыдзæн райсом?..

Чи зоны æмæ æрдз хъавыд Асиаты æмыр хъæрзын Дзерассæйæ бамбæхсынмæ æмæ рауагъта дымгæ. Фæлæ дымгæмæ райхъал фыдыус. Абон райсомæй куыд бафæлдæхт, уæдæй нырмæ йæ къах дæр нæ атылдта.

— Цы æвзæр дымгæ у, — загъта æмæ йæ дзабыртæй сыррытсыррытгæнгæ бацыд рудзынгмæ. Салд рудзынджы авгмæ, цыма дымгæ хъарм комы тæфæй баулæфыд, афтæ авджы их æмбисмæ атад æмæ миты рухсмæ зынди, хæхты тигътау, къуыбыртæ-къуыбыртæй. Йæ бæмбæджджыны æгънæджытæ æфтауынмæ куыд фæци, æрхуыссон, зæгъгæ, афтæ йæ хъустыл ауад дæргъвæтин, æнуд хъæрзын. Дымгæ архайдта чызджы хъæрзын бамынæг кæныныл, фæлæ йæ æнæрхъуыдыйæ йæ æнæуынгæ базыртыл фыдыусмæ баскъæфта. Бæргæ ма ныффуттытæ кодта, цыма хæдзармæ цы хъæрзын фехъуыст, уый фæстæмæ раскъæфынмæ хъавыд, афтæ ныккафыд кæрты. Фæлæ та Дзерассæ айхъуыста хъæрзын.

— Цы диссаг у уый? — бадис кодта æмæ рауад тыргътæм. — Асиат! — бахъæр кодта. Дуар бахойынмæ хъавыд, фæлæ йыл куыддæр бандзæвыд, афтæ фегом. — Асиат, кæм дæ, кæм?! — Миты рухсмæ ауыдта чызджы сынтæг æфснайдæй. Разгъордта. Хæдзарæй спичкæтæ радавта. Сарайы фанар ссыгъта. Айхъуыста та дæргъвæтин хъæр.

— Сыгъдæгæй дæр арахъхъы фыхæй йæхи басыгъта, — азгъордта арахъхъ кæм уагътой, уырдæм. Фæлæ дæлбазыр сара уыд æфснайд, цыма дзы цæрæнбонты дæр арахъхъы куыст никуы чындæуыд, афтæ, æрмæст цырагъы рухсмæ урс дардта артдзæсты бынат æмæ фындзыл уади æнтыды æхсызгон туаг тæф. — Кæм ингæны ныххаудтæ, кæ? —

мæстыйæ дзуры Дзерассæ, — æнарæхст, дæхи басыгътай, нæ?..

Асиат фехъуыста фыдыусы ныхас. Бæргæ йæ дзыхыл ныххæцыд, фæлæ йæ бон нæ баци. Уыны, скъæты дуары зыхъхъыртæй цырагъы рухс скъæты талынг куыд фаринтæ кæны, уый. Дуар фегом...

Дзерассæ исдугмæ ницы уыдта. Йæ лыстæг сау цæстытæ сгаргæ æрзылдысты скъæты къуымты. Рахиз къуымы лыстæныл æвдылы Асиат, йæ цæстытæ цæф сырдау тарстæй ныдздзагъыр сты.

— Ам цы ми кæныс?! — йæ фарстæн ын дзуапп радтой йæ тухитæ, æрбатымбылтæ...

Йæ разы арæг сылгоймаг кæй ис, уый гуырысхойаг нал уыд.

— Сау туг дыл ныууара! — фæхъæр кодта Дзерассæ. Фанар бæрзонд систа æмæ йæм ноджы хæстæгдæр бацыд. Рахиз къух уæлдæфы баззад æд фанар, цыма цырагъ хъæдыл ауыгъд у, афтæ. Йæ рахиз къах Асиаты фарсы бын атъыста. Уыцы иу риуыгъдæй йæ фæуæлгоммæ кодта. — Сывæрджын уыдтæ?! — йæ дæндæгты къæс-къæсы бын фæци хъуджы сынæрцагъд. Фанар дуары тарвазы зæгæлыл ацауыгъта, фездæхт Асиатмæ. Йæ цонгæй йæ фелвæста, карчы цъиу доны бедрайæ фелвасæгау, йæ былтæ сысчъилтæ кодта æмæ йæ ныззылдта.

Асиат дыдагъæй ахауд. Дзерассæйы æнæхатыр зæрдæйы мисхалы бæрц дæр нæ базмæлыд мады, сылгоймаджы зæрдæ. Æрбайрох æй сты йæхи тухитæ, йæхи рыстытæ. Нæ, фæлæ ма йæ мæнгарддзинад рафыхт цæджджинагау, йæ сæры февзæрд: йæ фыды хæдзары дыууын æхсæз азы фæцард æмæ йыл къæм дæр нæ абадт, уæд ын ныр ацы куыдз йæ сæр, йæ хæдзар, йæ сывæллæттæ фегад, фæхудинаг кодта, йæ цæстытыл ауад, йæ хъæбултæ уынгæй æрдиаг кæнгæ куыд згъордзысты: Асиатæй мæ мæстæй марынц, зæгъгæ. Йæ чызджы та йын æфхæрдзысты: «Ды дæр дæ хойы хуызæн уыдзынæ...»

Дзерассæ нæ бауадздзæн, йæ цотæн ын афтæ фидистæ кæной, уый. Ныртæккæ йæ æрбамардзæн ам, скъæты йæ аныгæндзæн! Дыууæ къухæй йыл хафт-хафтæй ралæууыд.

Асиатæн йæ бон куыд уыд, афтæ хъахъхъæдта йæ гуыбын. Дзерассæ ауыдта чызджы æнцъылдтæ цæсгом.

— Кæс-ма йæм, — тымбыл къухæй ныццавта цæсгом, — уæддæр уый хъахъхъæны! — Дзыхæй туг рахъардта. Ус уый фенгæйæ тарстæй алæууыд.

Асиат æрбатымбыл, йæ рыстæй йæ дзых фæхæлиу кодта, денджызы уылæн былмæ цы кæсаг раппары, уыйау.

— Курын дæ... Ма хъæр кæн, худинаг у...

— Худинагæн та цы ’мбарыс? — йæ къахæй батъæпп кæнынмæ хъавыд гуыбын, фæлæ йæ хъахъхъæдтой къухтæ æмæ тымбыл тыхт къæхтæ. Цæф ауад галиу уæраджы сæрыл. — Худинагæн цы ’мбарыс, æвзæр цъымарайы дзæргъ!

Асиат æм скаст.

— Дзерассæ, уæддæр уæлдай нал у... Феххуыс мын кæн, рисгæ кæнын... мæл-гæ кæн-ы-ын... — йæ фæстаг дзырд даргъ ауагъта.

— Уæлдай нал у?! — фæтъæлланг кодта ус. — Уый дæуæн уæлдай нал у, фæлæ дæу мæ сывæллæттæн цæрæнбонты фидисы сæрæн дардзысты! — йæ æхсæрварс ын ныдздзæхст кодта. Фæлæ чызджы рыст буар Дзерассæйы цæфтæ нал æмбæрста.

— «Рисгæ кæнын, — худы... — Феххуыс мын кæн»... Куыдзау каурæбынты куы хаттæ... — йæ фырмæнгардæй йæхи ныууыгъта, йæ сæры фæмидæг мæнгард, хин хъуыды:

— Асиат, феххуыс дын кæндзынæн...

Чызджы цæстытæ ныфсы æрттывд фæкодтой.

— Æрмæст зæгъ чи у?..

Асиат йæ цæстытæ фæцъынд кодта, афтæ йæм фæкаст цыма Дзерассæйы налат цæстытæ цырагъы рухсмæ фендзысты йæ горæтаг трактористы рæсугъд цæсгом.

— Нæ йæ зæгъыс?! — фæхъæр кодта ус. — Уæдæ дын уæларвон сихæй гуыры.

Дзерассæйы уырныдта, йæ уд æрдуйæ нарæгдæр кæмæн сси, уыцы фæлмæст чызг сау æлгъыстытæ калгæ зæгъдзæн, ацы тухитæ кæй фæдыл æвзары, уый ном. Фæлæ, уый кæсагау, ныхъхъус.

— Нæ йæ зæгъыс?!

— Нæ, — йæ сæр батылдта чызг.

Дзерассæ æлгъгæнгæ кæсы Асиатмæ. Уый тыххæй абонæй фæстæмæ йæ хæдзар уыдзæн фидиссаг, адæм ын йæ кадджын къух нал исдзысты. Æмæ кæмæн? Дзерассæйæн, йæ фыды мыггаджы кадджынæй чи бадт, уымæн. Æмæ кæй тыххæй? Дзæргъау скъæты лыстæны чи тулæччытæ кæны, уый тыххæй. Йæ иу акъахдзæфы кады аргъ чи нæ у, уыцы куыдзы тыххæй. Нæ, уый йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн. «Маргæ»! Куыд æм фæгуыбыр кодта, афтæ йын цыма йæ хъусы бадзырдæуыд «ахæстон, ноджы хъæздыджы чызг дæ!» Фестад. Чи зоны æмæ йæм æй æрбахаста дымгæ, чи зоны æмæ йæ æрцахста йæхи зонд.

— Тагъд цæугæ ардыгæй! — уайтагъд Асиаты марыны тæрхон, хæдзарæй асурынæй аивта. — Цæугæ! — мынæг, фæлæ карз ныхасы уагæй загъта ус æмæ скъæты дуар уæрæх фегом кодта.

Асиат исдуг нæ бамбæрста, афтæ æнхъæл уыд, кæд йæ мæстæй дзуры, æндæр æй, кæй зæгъын æй хъæуы, тæргæ нæ акæндзæн. Дзерассæ азгъордта.

Асиат фехъуыста сарайæн уынгмæ цы дуар ис, уый хъист. Сæ хæдзары æппæт дуæртты хъæр дæр зоны. Зæгъæм, сæ пъадвалы дуары æвдузæн тынг хъæр кæны, иу хатт æй царвæй байсæрста æмæ йæ фыдыус фæнадта, барæй, дам, æй байсæрстай, цæмæй æнæ стыфæй давай хæринæгтæ.

Дзерассæ агъуыд бирæгъау фæмидæг скъæты.

Асиат бамбæрста, уазалмæ йæ кæй тæры, уый. Йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæ æнæбон къухтæ, Хуыцаумæ кувæгау, сдардта æвирхъау усмæ. Йæ дзыхæй дзырд тыххæй хауди, афтæмæй загъта:

— М-ма мæ т-æр... Курын дæ, феххуыс мын кæн, рисгæ... — фæдыдагъ та.

— Ацу ардыгæй, цалынмæ ам нæма æрзадтæ, уæдмæ! — йе уæхск ын батъæпп кодта йæ къахæй.

Асиат ахауд йæ рахиз фарсыл. Йæ сæр æм разылдта галиуырдæм, тæригъæддаг цæстæнгасæй йæм скаст æмæ загъта тыхулæфт кæнгæ.

— Æз иу... цырагъау лæууыдтæн...

— Пуй, æдзæсгом, куыд уæндыс мæ кой кæнын. Мæнæн мæ сывæллæттæ лæгæй гуырдысты дæуæн та кæй куыдзæй гуыры, уый бæрæг дæр нæй! Абонæй фæстæмæ дæ чъизи дзыхæй мауал сдзур мæ зæды хуызæн сывæллæтты ном!

Асиат бамбæрста, уæлмит, уæлихмæ йæ кæй тæрынц, уый! Ныккуыдта зæрдæхалæн куыдæй. Йæ тæригъæдмæ хъуг фестад, ныффу кæнгæйæ, йæхи ныттылдта.

Дзерассæ фæлæбурдта Асиатмæ. Сыфцæй йæ йæ фæдыл адавта. Чызг ауыдта фосы сарайы дуар уæрæх гомæй. Фæтарст, афтæ йæм фæкаст, цыма дуар гом конд у æнæбын бæстæмæ, зындонмæ! Уыцы уæрæх гом дуар ыл бафтыдта ризæг, йæ дæндæгтæ кæрæдзийы хостой. Æвæдза, куы йæ бауадзид! Скъæты, скъæты дæр нæ. Куыд кæсы, афтæмæй йын уый дæр æгæр у. Фæлæ мæнæ ам! Фосы сарайы. Кæмфæнды дæр уæд, æрмæст уыцы гом дуары æддейы нæ! Кауы михыл фæхæцыд.

Дзерассæ йæм дзуры:

— Фæнды дæ хъарм хæдзармæ? — мæстæй маргæйæ та йæ бафарста.

— Фæнды... — чызджы рыст буар, цыдæр æнахуыр æрбалæмæгъ.

— Зæгъ, чи у?!

Асиат бамбæрста, æгæр зынаргъ аргъ дзы агуры. Кауыл ныффидар æмæ лæууы, æнæбасæтгæ лæудæй.

— Нæ йæ зæгъыс?!

Цæмæй Асиаты рыст зæрдæ ноджы тынгдæр фæрисса, уый тыххæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Куы йæ загътаис, уæддæр дæ не ’рбауагътаин, уый зон! — æмæ йæ фесхуыста.

Асиат ахауд. Йæ гуыр уынджы, йæ къæхтæ дуары тарвазыл. Дзерассæ чызджы къæхтæ йæ къахæй скъуырдта. Чызг йæ фазыл абырыд. Дуары цæджы æхгæнæны уынæр айхъуыста Дзерассæйы сæрыстыр ныхасимæ:

— Ныр мæ хæдзар ирвæзт у худинагæй! — загъта æмæ йын йæ фæстæ раппæрста йæ пъалто æмæ йæ гаруз.

Асиат тарст цæстæнгасæй, хуыснæгау акаст йæ алфамбылаймæ. Кæд мæй мигъты аууон уыди, уæддæр йæ рухсы тæфаг лæвæрдта зæххæн. Дымдта хъæрмуст митæмхæццæ... Йæ размæ сæргуыбырæй балæууыд сæ урс фыййау куыдз Домбай. Инал æй Хъызларæй сласта. Æрбахъæбыс æй кодта æмæ ныккуыдта мынæг куыдæй. Цы кæна, кæдæм фæцæуа? Куы никæм ын ничи ис? Хъуыдыты денджызы уылæн æй æппæрста иу уæззау хъуыдыйæ иннæмæ. Фестад. Йæ пъалтойы риуы æгънæджытæ æрбангæмттæ кодта, йæ гарузы йæхи æрбатыхта, йæ дзыппы асгæрста къæбæл æмæ хæсгард.

Куыдз йæ къæдзил тилгæ æнæрынцойæ йæ мидбынат тæлфыд. Æнхъæлмæ каст чызг цы уынаффæ скæрддзæн, уымæ.

Асиат Домбайы рагъыл йæ къух æрхаста:

— Цом мемæ донхæрис бæласмæ.

Куыдз чызджы рыст уæнгты бауагъта ныфс, сæлæф мит ссæндгæ фæраст сты донбылмæ...

Мæй æмæ миты дыдзы рухсмæ уыдта йæ развæндаг... Хъавыдис доны рахизфарсмæ ихкъахвæндагыл бацæуын, фæлæ Домбай ныййарц хидмæ, Асиат дæр йæ фæстæ, фæкъæдз, фæгуыбыр кæнгæ, йæ ных сарæзта фæйнæг хидмæ.

Хиды хъусмæ куы бахæццæ, уæд федта цæугæдон уæзбын ласта ихы къæрттытæ... Куыдз куы йæ разæй азгъоры, куы та йæ фæстæ аззайы.

Зыдта, фыццаг сывæллон тагъд кæй нæ гуыры, уый. Йæ зæрдыл æрлæууыд Азæ, йæ лæппу Маркыл хъуыдытæ кæнгæ, æмбаргæ дæр нæ бакодта, хъæу фæсте куыд аззад æмæ урс мит быдырты Гаспойы цæхæрадоны ’рдæм куыд фæраст, уый. Чи зоны æмæ йæ уд бахсыст рыстытæн, чи зоны æмæ йын цавæрдæр æрдзон тых æххуыс кодта. Цыдæриддæр уыди, уæддæр цыд размæ. Куы сриссы, уæд йæ мидбынаты атымбыл вæййы, куы йæ суадзы, уæд та атындзы размæ. Иннæ срысты агъоммæ куыд фылдæр ацæуа, ууыл архайгæ. Йæ куыдз цыди йæ фарсмæ æрмахуыр уæрыккау. Куы æрбатыхсы, уæд та йæ алыварс зилдух сисы. Кæд дзургæ нæ кæны, уæддæр йæ æппæт митæй бæрæг кодта, йæ хицауы тыхст кæй хаты. Чызг æмбарын райдыдта, иу срысты уысмæй иннæмæ къаддæр фæндаг кæй цæуы. Урс быдырыл йæ цæст ахаста. Ауыдта, хъарм къонайау кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыцы донхæрис бæлас. Афтæ йæм кæсы, цыма донхæрисмæ куы бахæццæ уа, уæд фервæздзæн йæ хъизæмæрттæй.

Бахæццæ тагмæ. Таджы зылын-мылын къардиуты æхсæнты акаст йæ бæллиц бынатмæ. Атымбыл, æрхауд йæ мидбынат. Астæуыстæджы рыст тæлыйау æлвасы... Куыдз æнæрынцойæ рауай-бауай кæны, нæ зоны куыд ын аххуыс кæна!

Дзаг мæй тæнæг мигъы фæстæйæ зынди, авдæны сæрхъæдыл фæныкхуыз зæлдаг æмбæрзæны бынæй, сывæллоны цæсгом зынæгау. Дыдзы рухсмæ уыдта хæрз чысыл ма кæй баззад бæласмæ, уый. Стæй æмбæрста, уыцы хæрз цыбыр фæндаг ацæуынæн æм хъару кæй нал и, уый дæр. Йæ фæстаг хъарутæ æрбамбырд кодта... Йæ цыппæртыл цæуын дæр та нал уыд йæ бон... Райдыдта йæ фазыл бырын...

Ехх, æвæдза, уыцы амондджын бонæй фæстæмæ цал æмæ цал хатты уыди ацы бæласы бын. Цы цæстысыг фезгъордта йæ цæстытæй, уыдоныл къада куырой разылдаид. Уæд рæуæд агурыны æфсон, фыс агурыны æфсонты-иу ам æрбалæууыд.

Бафæллад. Бастад. Иу рыстæй иннæмæ фæзæгъы, «ныр ма куы сриссон, уæд ын нал бафæраздзынæн», фæлæ фæрæзта... Бабырыд донхæрисы бынмæ æмæ æхцонæн йæхи ауагъта.

Зын зæгъæн у, куыдз куыд иртасы адæмы æхсæн фæлмæнзæрдæ адæймаджы. Чи зоны æмæ Домбай донхæрис бæласы бынæй комкоммæ азгъордта Байсогъуырты Лазæры хæдзармæ, чи зоны æмæ фæразгъор-базгъор кодта Ногхъæуы уынгты, уæдæ арæг сылгоймагæн чи феххуыс кæна, зæгъгæ.

Ногхъæуы, хъæуы сæр иу къæсы царди мæгуыр сидзæр лæппу Байсогъуырты Лазæр дыууын фондз, дыууынæхсæзаздзыд. Уыдис ын уарзон чызг Зæринæ. Цыбыр къух ын фадат нæма лæвæрдта чындзæхсæв кæнынмæ. Зæрдæбын фæллой кæны колхозы. Йæ къухы ис дыууæ бæхы æмæ уæрдон. Сæрддæргъы колхозы быдырты кусы, зымæг та колхозонтæн къæскъæсгæнгæ суджы уæрдæттæ фæласы. Уыцы æхсæв æм Домбай цыппæрвадæй куы згъордта, уæд Байсогъуыры-фырт райхъал дымгæйы уынæрмæ.

— О Уастырджи, ахæм рæстæг фæндаггон чи у, æххуысгæнæг ын фæу, — загъта æмæ ихæнриз бакæнгæйæ йæхи æрнорста. Йæ цæстытæ кæрæдзиуыл нæма æрхæцыдысты, афтæ йæ хъустыл æрцыд куыдзы æрхæндæг хъынцъым. «Уый цы уа?» — хинымæр ахъуыды кодта æмæ ракаст рудзынгæй. Фæтарст. Бирæгъы йас урс куыдз, йæ раззаг дыууæ къахы рудзынджы авгыл сæвæрдта, йæ цæстытæ миты мынæг рухсмæ кæрдæгхуыз ферттывтой. Цы зын бамбаринаг уыди, куыдз цæуылдæр кæй тыхсы, уый. Рудзынг фегом кодта æмæ дзуры куыдзмæ, цыма йæм æнæмæнг дзыхæй сдзырдтаид, афтæ:

— Цы кæныс, цы, и? Цæуыл тыхсыс? — йæ къухæй йын йæ фындзы рагъ æрсæрфта.

Куыдз ныхъхъынцъым кодта. Стæй хъисхъисгæнгæ агæппытæ ласта куы иуырдæм, куы иннæрдæм. Бамбæрста кæдæмдæр æй кæй хоны. Кæмæндæр æххуыс кæнын кæй хъæуы. Цæстыфæныкъуылдмæ акодта йæ дарæс. Йæ кæрцы æгънæджытæ æвæргæ дуары æдде фæци. Уым æм бæхты раз æнхъæлмæ каст Домбай.

— Цом, цом.

Домбай батыхсти, бæхты ’рдæм бахъынцъым кодта.

— Бæх хъæуы?.. — уайтагъд арæвдз кодта бæх, абадт ыл æмæ дзуры куыдзмæ:

— Кæцырдæм ныр?

Домбай ма цалдæр зылды ныккодта кæрты къуымты, чи зоны, фырцинæй, кæннод та Лазæры бæлццонарæзт йæ зæрдæмæ нæ цыд.

— Кæдæм?

Куыдз уыцы иу сæррæтт акодта кæрты кауы сæрты уынгмæ. Бæхджыны разæй згъоры. Æгæр куы аразæй вæййы, уæд фæстæмæ фездæхы, абады, йæ мукъу хæрдмæ ацаразы. Уыцы гуыры æвæрды уагæй цыма аулæфы, афтæ та рогæн азгъоры.

Домбай згъоры Гаспойы цæхæрадоны ’рдæм. Фæстейы Иналы мусонг. Фæхоны йæ тагмæ. Таджы фæзылд галиуырдæм. Лазæры хъустыл ауад бæзджын хъæлæсы уагæй цавæрдæр сырды хъæрау дæргъвæтин хъæр. Исдуг фæтарст. Бæх дзыхълæуд фæкодта. Куыдз ныууынæргъыдта, æвæццæгæн, фæтарст, бæхджын куы алидза, уымæй. Уыцы иу гæппæй бæхы фæстæ алæууыд. Йæ уындæй Лазæры сæрыхъуын арц абадт. Раст цыма тигримæ тох кæнынмæ æрцæттæ кодта йæхи, ахæм хуызы æрлæууыд.

— А-а-а! — айзæлд та кæйдæр дæргъвæтин хъæр æмæ кæмдæр таджы бамынæг.

Лазæр фæцагайдта бæх. Куыдз йæ разæй. Донхæрис бæласы къалиутæ нæ бауагътой бæхы.

— А-а-а! — хæрз хæстæг та фехъуыст æвирхъау, цыма йæ исчи хурх кæны, ахæм хъæр.

— Ныртæккæ! — ныхъхъæр кодта Лазæр бæхæй рог æргæпп кæнгæйæ...

Бæласы бын фæмидæг. Ауыдта, удхарæймæлæг сылгоймаджы. Йæ размæ йæ зонгуытыл æрбадт.

— Цы кæныс?.. Кæм дын риссы?

Сонтæй нæ раиртæста хъуыддаг. Асиат æм ракаст:

— Чи дæ?.. Кæцæй фæдæ?..

— Æз Лазæр. Ды та?

— Мæлы-ын... — йæ бон нал сси дзурын. Фæлæбурдта бæласы къалиумæ, афтæ тыхджын æй æривæзта йæхимæ æмæ æппæт бæлас нызмæлыд.

Лазæр бадис кодта, æнæхъару сылгоймаджы бон куыд у ахæм бæлас базмæлын кæнын... Стæй йæ цымæ цæмæн хъæуы уигъын?! Лазæр базыдта, бирæ ивæзтытæ кæй фесты. Æмæ ноджы тынгдæр бадис кодта: сæрдыгон рувгæйæ адæймаджы хид куыд згъора, афтæ та сылгоймаджы хид цæмæн згъоры йæ ныхыл, йæ тæнуадултыл ахæм уазал рæстæг.

Асиат йæ æнæхъару къух йæ ныхыл æрхаста.

— Лазæр, хатыр дæ курын... Адæмæй ницы ис басусæг кæнæн, фæлæ басусæг кæн мæнæ ацы ран... донхæрис... — чысыл раздæр, дзидзайы тымбылтау æнæбон чи уыд, уыцы къухтæ та ныууыгътой хохы йас бæлас. А-а-а!..

— Æри-ма æз æй бындзарæй сæппарон! — загъта Лазæр æмæ бæласыл фæхæцыд, нызмæлын æй кодта.

Къухтæ та æрхаудысты хыссæйы тулатау.

— Лазæр, кæд нæ амæлон, уæд исты кæндзынæн, кæннод... схъомыл æй кæндзынæ... — зæрдæхалæн хъæр та айзæлыд...

Лæппу фестъæлфыд. Йæ сæр йæ къухæй батъæпп кодта.

— Æдылы къоппа! — бамбæрста хъуыддаг. Цъилау ныззылд, куыд ын æххуыс кæна, цы йын кæна? Куы ницы зоны. Фенгæс куыдзмæ æмæ йæм дзуры:

— Гормон, мæнæй хуыздæр не ссардтай цурыбадæгæн?

Бæласы къалиутæ та сæхи систой. Лæппуйы хъустыл æрцыд:

— Дзыппы æндах æмæ хæсгард!..

Лазæр ын афтæ фæтæригъæд кодта, йæ зæрдæ æрбауынгæг. Йæ кæрц феппæрста æмæ бамбæрста сылгоймаджы.

— Асиат февнæлдта Лазæры рахиз къухмæ, карчы цъиуау æй æрбаскъæфта йæхимæ. Стæй йæ фесхуыста æмæ та бæласы къалиумæ фæлæбурдта. Бæлас æртасыд...

— Ныр цы кæнон?.. — катайы бацыд лæппу. Бафиппайдта сылгоймаг æд пысултæ кæй уыд, уый. — Ахæм диссаг ма уа! Уый бынтон сывæллон куы дæ! — афтæмæй йæ дыстæ фæфæлдæхта...

Фæрнджын кæсæг, афтæ нæ зæгъын, æмæ Асиат йæ уды тыхстæй не ’мбæрста йæ разы нæлгоймаг кæй ис, уый. Фæлæ...

— Мæ цæсгом мын асæрф...

Йæ дæрзæг къух æрхаста Асиаты ныхыл. Уазал хид ставд æртæхтæй згъордта тæнуадултыл.

— Бахатыр кæн...

— Цытæ дзурыс?..

Цымæ ахæм сывæллон-чызджы чи асайдта. Æмæ ныр уый мæнæ ацы уазалы хъизæмæрттæ кæны, уый та йæ хъарм хуыссæны æнæмæтæй хуыссы. Йæ амарыныл нæ фæфæстиат уаид, æвæдза!

Асиаты фæлмæст цæсгом та фенцъылдтæ. Йæ зæрдæхалæн хъæр та айзæлд таджы. Бæлас та нызмæлыд...

Хъæры хъаруйы зæлланг нæма атад тæгты, афтæ ныцъцъæхахст кодта ноггуырд...

Лазæр фатау февзæрд йæ разы.

— Чызг! — ныхъхъæр кодта Лазæр.

«Чызг», загъта йæхинымæр Асиат æмæ исдуг аныгъуылд кæмдæр... Дзырдтæй зæгъæн кæмæн нæй, дамгъæтæй ныффыссæн, ахæм æхсызгондзинад анхъæвзта Асиаты фæллад уæнгты.

Фæллад, рыст, æнæхуыссæг æмæ стонг æй æмдыхæй ластой цавæрдæр фæлмæн цадмæ, фæлæ йæхи урæдта. Лазæрæн амыдта, ноггуырды кой кæнынмæ цы куынæг зонындзинæдтæ зыдта, уыдон. Цыма рагæй дæр цурыбадæг уыди, афтæ йын йæ бикъ алыг кодта, бабаста йæ бæстон. Йæ уæлæйæ раласта хъарм хæдон, батыхта йæ, хæдоны æддейæ та йæ батыхта йæ къахтухæнты. Сывæллон тухгæйæ бахудт йæ мидбыл. Диссаг æм фæкаст, ау, ахæм дынджыр лæг дæр кæддæр ахæм гыццыл уыд, къахтухæн ын хъæццулæн бæззыд? Йæ хъуыды йын фескъуыдта куыдз. Домбайы уазал фындз андзæвыд Лазæры русыл.

— Хорз, хорз, — йæ галиу къухæй сывæллоныл хæцыд, рахизæй та æрсæрфта куыдзы фындзы рагъ. — Ды сæ разы фæлæуу, æз нæхимæ азгъорон. — Сабийы йæ мады раз авæрдта.

Асиат дзуры лæппумæ:

— Лазæр, афтæ куы зæгъон æмæ, кæд ацы бæласы кой никуы скæндзынæ, уæд цæуын дæ хæдзармæ, кæннод нæ цæуын, зæгъгæ, уæд уый уыдзæн æнæбынаты ныхас. Уымæн æмæ зонын, ам мæ нæ ныууадздзынæ. Фæлæ дæ курын, макуы скæн донхæрисы кой.

— Сомы дын кæнын, æз хъæдмæ ацæугæйæ дæр «донхæрис», зæгъгæ дæр куыд никуы зæгъдзынæн. Кæд мыл æууæндыс, уæд мын æцæг радзурдзынæ дæ цард, науæд дæр дæ никуы батыхсын кæндзынæн. Æз ныртæккæ ам уыдзынæн.

Чысыл рæстæджы фæстæ бæхы къæхты хъæр ссыд таджы.

Асиат чысыл хъарм муры йæ хъæбысы æрбакодта.

Сæрдыгон сæлфынæг рæстæджы сау бæзджын мигътæ лæсæнтæй куыд бырой, афтæ Асиаты уæззау хъуыдытæ бырыдысты йæ фæлмаст сæры магъзы. Хъавыд искуыдæм къардиумæ абырын, уым бамбæхсын, уыцы фæлмæнзæрдæ лæппуйæ, лæппу у æмæ лæг у, уый дæр нæ зоны. Уазал, фæллад æмæ æнæхуыссæгыл уæлахиз кодта стонг. Фырстонгæй йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ. Бæласы фæсал къалиутæй хъавыд ахæрынмæ, фæлæ фæхъуыды кодта, йæ уды тыхсты йын æххуысгæнæг кæй уыдысты, уый. «Куырм лæг» дæр ыл йæ хъару æвзары, фæлæ стонг тыхджындæр у. Домбай йæм иу цъусдуг касти, стæй йæхи ауагъта сабийы хæд рæбын.

Лазæр бæхыл уади. Фæдисонæй æрфистæг йæ кæрты. Дыууæ бæхы бричкæйы аивтыгъта, гуыффæ айдзаг кодта хосæй. Уатмæ бауад, йæ хъæбысы фелвæста йæ чындздзон хуыссæнтæ æд баз, æд хуыссæнæмбæрзæн, хосыл сæ авæрдта. Кулдуар гом кæнынмæ куы фæциц, уæд бафиппайдта бæстæ æрци æнахуыр сабыр.

Хуыссæнтæ бæстондæр æрæмбæрзта хосæй, сгæпп кодта бричкæмæ æмæ бæхтæм адзырдта.

Чысыл рæстæджы фæстæ бричкæйы хъæр куы айхъуыст быдырты, уæд хуры фыццаг тынтæ сæмбæлдысты Эльбрусы хохы цъуппыл...

Бон æрбарухс. Хур æрбакаст Лазæры хæдзармæ. Лазæр ахъуыды кодта: цы зæгъдзæн адæмæн? Æнæ æмгар нæу æмæ сын цы зæгъдзæн. Абон куы нæ уа, уæддæр æй райсом уындзысты... Æмæ сындæг къахдзæфтæй хæстæг бацыд Асиаты сынтæгмæ. Йæ сыгъдæг, чындздзон хуыссæнты хуыссыд, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм рæсугъд чызг. Æдзынæг кæсгæ йæм баззад. Ферох дзы йæ Зæринæ.

Чызг уыди тарффынæй. Йæ сау даргъ цæстыхаутæ æмбæрзтой егъау цæстытæ, йæ уадултыл туг мынæг адардта. Йæ урс дæллагхъуыртæ миты хъæпæнау. «Хуымæтæджы амондджын нæу уыцы лæг, ахæмы чи басайдта, — ахъуыды кодта Лазæр. — Амондджын у? — афарста йæхи. — Нæ, уый цъаммар у».

Асиатмæ хуры тын базылд. Ракаст, исдугмæ фæтарст, кæм дæн, зæгъгæ. Стæй йæхи фембæрста, йæ цæсгом амбæрзта хъæццулы бын æмæ ныккуыдта. Лазæр фыркатайæ цы акодтаид, уый нал зыдта. Бауад æм хæстæг.

— Ма ку, — хъавыд ын йæ сау дзыккутæ йæ къухæй æрсæрфынмæ, фæлæ йæм нæ бауæндыд æмæ йæ къух дыууæрдæм кодта чызджы сæрмæ уæлдæфы.

Асиат ракаст æмæ йæм дзуры:

— Лазæр, зонын батыхсын дæ кодтон, фæлæ кæд цæрон, уæд дæ никуы ферох кæндзынæн. Æндæр, æвæццæгæн, цы хорз мын фæдæ, уый бафидын нæ бауыдзæн мæ бон. Зонын, тыхсыс, чи дæн? Æз дæн Сæуæхситты хъæуæй. Мæ ном Асиат. Дарддæр дын ницы зæгъдзынæн. Куыд бамбæрстон, афтæмæй хæдзары сылгоймаг нæй. Дæумæ дæр ма исты дзырд æрхаудзæн. Куыддæр мæхиуыл фæхæцон, афтæ ацæудзынæн...

— Кæдæм?.. Æз дæ никæдæм ауадздзынæн...

— Уымæн уæвæн нæй. Бадгæ скæн æмæ бауынаффæ кæнæм, адæмæн, сыхбæстæн цы зæгъдзынæ?

— Нæ зонын.

— Цыфæнды куы зæгъай, уæддæр адæмæй ницы ис басусæг кæнæн.

Сбадт йæ разы Лазæр æмæ йын радзырдта, йæ ус куырдуаты куыд ис, æмæ йе ’рхæссын йæ армы куыд не ’фты...

— Цæй, исты ахæрæм ныр, — загъта Лазæр.

— Ныртæккæ куы хордтам.

— Карчы фыд нæ хордтам.

— Фæлæуу-ма, — йæ хъустыл уыди йæ мады зынаргъ хъусцæджытæ, æриста сæ. — Айс мæнæ адон, ауæй сæ кæн æмæ æрхон дæ бинойнаджы. Бирæ æххуыс не сты, фæлæ уæддæр.

Лæппу фырдисæй фæуыргъуыйау. Йæ къухтæ сцагъта.

— Нæ, нæ, уымæй мæ тынг бафхæрдзынæ!

— Афтæ у? — фæтæргайхуыз чызг. — Уæдæ æз дæ хæдзары мæ дзыхмæ комдзаг дæр нал схæсдзынæн. Райс...

— Нæ райсдзынæн, — загъта фидарæй лæппу.

— Нæ райсдзынæ?.. Уый амоны æмæ мæ тæргæ кæй кæныс, — йæ цæстытæ доны аленк кодтой.

— Мæ бон нæу дæ цæссыгтæ уынын, — зæрдæуынгæгæй загъта Лазæр.

— Мæнæн мæ кæуыны бонтæ даргъ сты...

— Нæ, нæ уыдзысты! Æз мæхи дæр амардзынæн, уæддæр ды нæ кæудзынæ.

— Кæд дæ мæ кæуын нæ фæнды, уæд райс мæ хъусцæджытæ æмæ дæ усы æрхон.

— Нæ уыдзæн...

— Куыд не ’мбарыс? Дæуæн ус куы нæ уа, уæд нæ адæм цы дзурдзысты?

Ахъуыды кодта лæппу.

— Хорз, мæ хæстæджытæй æфстау райсдзынæн æхца.

— Афтæ у, уæдæ ма кæс, æз сæ ныртæккæ пецы судзгæ арты баппардзынæн, мæхæдæг ацæудзынæн...

— Хорз, — Лазæр гуырысхо нæ кæны Асиат йæ сызгъæрин арты кæй баппардзæн, ууыл. Стæй иу æхсæв йæ чызгимæ кæй алидздзæн, уый дæр æй уырны.

Фырдисæй та йæ сæры февзæрд: «Чи басаста уыцы хиуылхæцгæ, сæрыстыр чызджы зæрдæ, чи йæм ссардта фæндаг?» Хъавыд йæ цæстытыл ауайын кæнынмæ Асиаты фарсмæ цалдæр хуызы нæлгоймаджы, фæлæ йын нæ рауад, йæ сæрыстыр цæстæнгас никæй уагъта йæхимæ хæстæг. Йæ хъуыдыты афтæ аныгъуылд, æмæ нæ хъуыста чызджы ныхас. Æрæджиау ауыдта Асиаты къухы сызгъæрин хурмæ куыд ферттывта, уый.

— Айс, айс мæ лæвар.

Æртыккаг хуыцаубон Асиатмæ бакуывта ног чындз Зæринæ.

IV СÆР

Дзерассæ Асиатыл дуар куыддæр ахгæдта, афтæ йæ хъустыл ауад фысы уасын. Бакаст фысты скъæтмæ. Йæ уастæй бамбæрста, йæ фыстæй иу кæй ныззад. Чысыл рæстæджы фæстæ, фыс йæ урс къæбæлдзыг ноггуырд уæрыччы рæвдыдта хъарм агъуысты.

Цырагъ ахуыссын кодта æмæ бахуыссыд.

Æрбабон. Адæм фыййæгтæй калдтой сæлæф мит. Хуры тынтæм хæхтæ зындысты æвзист доны тылдау. Хурмæ мит æрттывдтытæ калдта. Иугай миты тъыфылтæ зивæггæнгæ хаудысты ног сæрфтмæ æмæ зындысты хæмпусæй. Рæстæг уыди сабыр.

Хæдзары тохына лæууы уазал æмæ сидзæрхуызæй иннæ тохынаты æхсæн. Скъæтæй уасы хъуг, фысдонæй уасынц фыстæ, кæркдоны сæ кæрæдзийы хъуын-хъис тонынц кæрчытæ, уасджытæ æмæ гогызтæ. Уыцы хъæлæбамæ йæ тых йæ бонæй ныхъхъæр кæны нæл гогыз «хъуыр-хъуыр-хъуыр!»

Таймураз Иналты дуар бахоста.

— Гъе хæдзар, цы фестут?!

Рудзынгæй хуыссæгхъæлдзæгæй ракаст Дзерассæ.

— Дæ райсом хорз...

— Цавæр райсом у? Сихор куы у ныр! — Дзерассæ йæхи фæзылдта, сонтæй хъавыд Асиатæн алывыд акалынмæ, фæлæ уайтагъд йæ сæры февзæрд дысоны хъуыддаг. Йæ къухтæ йæ сины сæртыл авæрдта, йæ цæстытæ фæирд сты æмæ йæхинымæр загъта: «Цы хорз бакодтон, æндæр мæ зарджыты фæзарыдаиккой». Стæй джихæй алæууыд æнахуыр сагъæсхуызæй. Йæ бæзджын кæлмæрзæны йæхи æрбатыхта. Дуары æддейы фæци. Фосы сарайы дуар хъуызгæ байгом кодта, афтæ æнхъæл уыд, кæд Асиат фæстæмæ æрбаздæхт. Уынгмæ куы рацыд, уæд хæрхæмбæлд фæци Таймураз æмæ Азæйыл.

— Гъа, ды хуысгæ баззадтæ, уый диссаг нæу, — загъта Таймураз, — фæлæ Асиат та кæм ис Асиат?!

Уыцы фарста Дзерассæйы феййæфта хæлиудзыхæй. Фæтыхст. Йæ амондæн Азæ сдзырдта:

— Æвæццæгæн, æнæфæразгæ исты у. Знон изæрмæ арахъхъ фæуагъта...

Дзерассæ йæ сæр бæрзонд систа.

— Ницы фæрынчын. Дысон æй мæ хоимæ арвыстон Налцыкмæ. Уадз æмæ истæуыл сахуыр кæна. Æз ын йæхи мæт кæнын, æндæр мæнæн æнæ уый куыд зын уыдзæн, уый мæ уд зоны...

Таймураз æмæ Азæ дзургæ ницыма скодтой, афтæмæй фæбузныг сты Дзерассæйæ.

Асиат хæдзары кæй нæй, уый фæбæрæг. Алы къуым дæр æвдыста, куыстуарзон чызджы къухтæ кæй нал змæлынц хæдзары, уый. Скъæттæн йæ фаджыс уæраджы сæрмæ сси. Райсомæй ма ницы, фæлæ хурбон сихорафон кæркдонæй кæрчытæ æмæ гогызтæ куы рацæуынц, уæд митыл фæуадзынц сау фæдтæ, егъау зыхъхъыргонд гарузы кæрæттау. Хæдзары пецæн йæ самандуртæ æнцонæй банымайæн ис, аив чырынтæ-чырынтæ афæстытæ ис пец. Пецы чъилы кæройнаг самандур фыццаг айчы буарау слæгъз, стæй суæгъд æмæ куы рабыры, уæд æй дзулы буханкæйау баккуырсынц йæ бынатмæ. Арт дзы куы бакæнынц, уæд пецы къулы зыхъхъыртæй фæздæг кæлын райдайы, цыма пецæн йæ алы самандур дæр тамако дымы, раст афтæ. Пъадвалы галиу къуымы æфснайд бæргæ ис бурсыджыт сæрдынæн. Йæ размæ дыууæ бедрайы, иу сыджытдонæн, иннæ чъырæн. Къулыл зæгæлыл сæ синæгтæй ауыгъд дыууæ чъырæйдзæгъдæны, фæлæ уыдон никæй хъæуынц. Агъуысты зæххы тæрс фæйнæг хуыд ис, фæлæ зын раиртасæн у, хъæд у æви зæхбын? Фæйнæг кæй у, ууыл гадзрахатæй цæуы сынтæджы бын, къулрæбыны змисæй хафт фæйнæг — Асиаты къухты фæд.

Рæстæг цыди. Адæм дис кодтой, Асиат йæ хæдзармæ иу зынд куыд нæ кæны, зæгъгæ. Ноджы тынгдæр та дис кодтой сæ урс куыдзы сæфтыл. «Фыййæуттæн æй радтон», сæфсон кодта Астемырон.

Дзерассæ æддейæ бакæсгæйæ кæд стырзæрдæ зынди, уæддæр хъынцъым кодта Асиатыл. Сыхаг хъæуккæгтæй кæуыл æмбæлд, уыдон аивæй фарста, цы хабæрттæ уæм ис, зæгъгæ, фæлæ ахæмæй куы ницы хъуыста, уæд хъуыддаг дæр æй ницы уыд, афтæмæй сæ районы сæйраг хъæуы балæууыд. Йæ амондæн чысыл базары ногхъæуккаг йæ зонгæ усыл амбæлд æмæ йæм йæ æнæрынцой фарста дæтгæ дæр нæма ракодта, афтæмæй дын ын сындæг хъæлæсæй афтæ куы зæгъид:

«Зæгъгæ йæ макæмæн кæн... Нæ хъæумæ дзæгъæлзад чи ныккодта, ахæм чызг æрбафтыд. Ахæмты марын хъæуы!..»

Дзерассæ аджих. Йæ миддунейы хъуырдухæн уромгæйæ, хъæугæ дæр æй нæ кодта, афтæмæй усы фæткъуытæй иу систа. Хорз базар бакæн, зæгъгæ, ма йын загъта æмæ йæ хæдзармæ рараст. Мæстыйæ абадт йæ лæджы раз.

— Асиат иу хъуымыхъхъагимæ алыгъд.

— Куыд алыгъд? — фесхъиудта йæ лæдзджытыл Инал. — Уæлдайдæр хъуымыхъхъагимæ?!

— Алыгъд куыд вæййы, афтæ. Раст Астæуккаг Азийы балæууыд.

— Искæй арвитын хъæуы, — батыхст фыд.

— Кæдæм æрвитыс? — лæгъзæвзагæй афарста ус. — Дæ чызг æнæзонд нæу, зоны, кæй фæдыл цæуын хъæуы, уый. Ахæм хъæздыг лæг æй хонынц æмæ диссаг.

— Гъе-уæууæй-гъе, — ныккатай кодта Инал. — Мæ дыууæ къахыл куы уаин, уæд Налцыччы балæууин, бæргæ...

— Цæмæ?

— Дæ хомæ...

— Мæ хойæн йæ рыг дæр уым нал ис.

— Куыд нал ис?

— Куыд вæййы, афтæ. Алыгъдысты уырдыгæй...

Ууыл банцад хъуыддаг.

Цæстæй дард — зæрдæйæ дард, фæзæгъынц. Рохуаты аззад Асиат. Се ’рвадæлты лæг, Мынци ма-иу æй афарста, фæлæ куыдфæстæмæ уымæй дæр байрох.

Иу бон Дибæ æмæ Куыдзой Ногхъæуы зианæй куы раздæхтысты, уæд бацыдысты Мынцитæм.

— Мидæмæ! — бацин сыл кодтой лæг æмæ ус. — Уæхи ахъарм кæнут.

Уазджытæ «изæр хорз» загътой æмæ æнкъардæй æрбадтысты. Фысымтæ дæр фенкъард сты, банхъæлдтой, зианыл ма æнкъард кæнынц, зæгъгæ.

— Хуыцауыстæн, — загъта Мынци, — ницы мын загътат, æндæр фæцыдаин уемæ...

— Мынци... — йæ худ йæ къухы æууæрды Куыдзой. — Хатыр мын уæд, фæлæ абон цы диссаг фехъуыстон, уый æгæр стыр зиан æмæ хъыг у канд сымахæн нæ, фæлæ æппæт хъæубæстæн дæр.

— Цы кодтам?! — тарстæй афарста Аминæт.

— Чи фæзиан?!

— Ничи, фæлæ зианæй фыддæр... Хъуыды ма кæнут, цæудзæн ыл иу мæйы бæрц, уæд хъус-хъусæй дзырдтой, зæгъгæ, дам, хъæды, Бадзийы комы, иу чызг ныййардта.

Дибæ йæ цæстытæ æруагъта.

— Чи у? — сонтæй афарста Мынци æмæ Аминæтмæ бакаст.

— Нæхи Асиат... — йæ къухæй йæ зæнг æртъæпп кодта Куыдзой.

— Мæ бон куыд бакалд!.. — ныккуыдта Аминæт.

— Уый раст нæу! — фестад йæ бынатæй Мынци. — Чидæр цъыфкалæн кæны!

— Раст у, раст, — загъта Куыдзой. — Бæргæ куы нæ уыдаид раст. Кæд мæ туг, ме стæг нæу, уæддæр мæ тынг риссы.

— Мæнæ нын нæ сæртæ куыд фегад кодта, — куыдта Аминæт.

— Тагъд мын Дзерассæмæ фæдзур, æрмæст ын мацы зæгъ.

Аминæт феддæ.

— Мæ фыны фенгæйæ дæр уый æнхъæл никуы уыдтæн, — загъта зæрдæуынгæгæй Дибæ, — æмæ Асиаты уæздан афтæ бакæндзæн.

— Бакодта уæдæ, бакодта, — загъта Куыдзой, — фæлæ чи уа уыцы цъаммар?!

— Мæ хæсгæ мæрдтæ, — йæ сæр йæ армытъæпæнæй батъæпп кодта Мынци. — Сæрыстыр кæмæй уыдтæн, уый мын мæ сæр куыд фегад кодта. Маргæ. Æнæ маргæ йын нæй!..

— Сабыр, — уæздан ныхасæй дзуры Куыдзой. — Сайд паддзахыл дæр цæуы, фæлæ диссаг у, чи уа?

— Нæ зонын, — загъта Дибæ. — Кæд уæларвон сих у, æндæр йæ аууонæй дæр тæрсгæ куы кодта...

Лæфлæфгæнгæ æрбацыдысты Дзерассæ æмæ Аминæт.

— Чындз, — дзуры Мынци. — Асиат дæ хомæ ис нæ загътай?

Дзерассæ бамбæрста, цæмæн æм фæдзырдтой, уый. Ницы дзуры.

— Дæумæ дзурынц, — йæхи йæм нал баурæдта Куыдзой.

— Кæм ис уыцы чызг? — мæстыйæ бафарста Мынци. — Кæм æмæ йæ чи басайдта?

Дзерассæ йæ уæзбын гуыр батылдта, æвзæр лæджы уыгæс рог дымгæмæ дæр куыд базмæлы, афтæ. Фæхъыг ын, æгæр къæйных æм кæй дзуры йæ тиу, уый, æмæ йæ сæр фæхъил кодта:

— Бузныг нæ зæгъут, уæ куыдзы уын куыдзы мард кæй нæ акодтон, уымæй, фæлæ ма...

— Махæн бамбарын кодтаис æмæ йын исты кодтаиккам... — загъта Аминæт.

— Дзерассæ, кæд цыфæнды уыди, уæддæр... — фæтыхст Куыдзой. — Тæригъæд уыди зымæгон хъæды...

— Мæгуырæг, — ныккуыдта Дибæ. — Ныр цымæ куыдтæтæ уыди?..

— Иунæг нæ уыд, — загъта Куыдзой, — Домбай йæ разы уыди.

— Æмæ афтæ нæ загътай, — фездæхт Мынци Дзерассæмæ, — куыдзы фыййæуттæн радтон, зæгъгæ?

Дзерассæ йæ къухтæ йæ сины сæртыл авæрдта:

— Æз мæ хæдзар æмæ мæ сывæллæтты худинагæй хъахъхъæдтон, сымах цы зæгъут, уый хъуыддаг мæн æппындæр нæй! — дуар нытътъæпп кодта афтæ, æмæ дуары сæрстытæ æркалдысты.

Бирæ фæныхас кодтой Асиаты дарддæры хъысмæтыл...

— Бабæрæг æй хъæуы, — загъта Дибæ.

— Иунæг бæрæг дæр нæ! — фæхъæр ыл кодта Мынци. — Махæн Асиат нал и! Амарди!

Адæм базыдтой Асиаты худинаг.

Асиаты хъысмæтыл æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвыстой дыууæ адæймаджы Таймураз æмæ Азæ. Уалынмæ уыдонæй дæр рохуаты аззад.

Иу изæр Лазæр æмæ Зæринæмæ уаты рауад ныхас:

— Асиат цыдæр къæсхуыртæ хæссын райдыдта, — загъта ус.

— Мацы кусын æй уадз...

— Æмæ хъусы? Цалынмæ аходæн фæцæттæ кæнын, уæдмæ хæдзар афснайы, фосы кой бакæны, — йæ ныхас фæсабыр кодта, йæ лæгмæ хæстæгдæр бабадт, цыма Асиатимæ се ’хсæн кæттаг æмбæрзæн ис, самандурæй амад къул нæ фæлæ, афтæ. — Абон мын афтæ зæгъы, ауадз, дам, мæ иучысыл рæстæг, уынгмæ акæсын.

Лазæр бамбæрста, кæдæм хъуамæ ацыдаид, уый.

— Æмæ йæ ауагътай?

— Уæдæ йын цы хъуамæ кодтаин...

— Æмæ?..

— Сывæллон хъал дæр нæма раци, афтæ фездæхт, — бакаст къулмæ, цыма йæм Асиат кæсы, афтæ. Лазæры хъусы бадзырдта. — Саубыны кæуындзастæй, йæ цæстытæ кæсаджы тъупгæнæнты хуызæн тыппыр уыдысты.

Лазæрæн цы зын базонæн уыд, Асиат донхæрис бæласы бын кæй уыди, уый. Ныуулæфыд.

— Искуы ма ацыд?

— Иу хатт.

— Ныр ма куы цæуа, уæд æй мауал ауадз.

— Æмæ мæм байхъусдзæн?

— Байхъусдзæн. Зæгъдзынæ йын мæнæй, ууыл дæ, зæгъ, сардаудзынæн.

Лазæр йæ усы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йын радзырдта хъусцæджыты хабар.

— Нæ сæ куымдтон, фæлæ сæ афтæ зæрдиагæй лæвæрдта æмæ, уырны дæ, сæ нæ райсын мæ бон нæ уыд.

— Уæдæ мæ мæгуыр чызджы сызгъæринæй æрхуыдтай?

— О, æрхуыдтон, — зæрдæхудтæй загъта лæг. — Æфстау æхца райстон.

— Уыдон та цы фесты?

— Бамбæхстон сæ.

— Цы хорз бакодтай. Ратт ын сæ.

— Афтæ сонт-монты дæтгæ не сты.

— Цæуылнæ? — бадис кодта ус.

— Нæ йæ уыныс, цы зондахаст ын ис, уый?..

— Диссаджы адæймаг у, — сразы йæ лæгимæ Зæринæ. — Нæ хъусыс æви? — йæ къухмæ йын февнæлдта ус.

Уыцы къухы февнæлдæй фесхъиудта Лазæр.

— Хъусын...

— Афтæ куы бакæниккам æмæ йын куы зæгъиккам, зæрингуырдæй сæ фæстæмæ балхæдтам, зæгъгæ, уæд куыд уаид?

— Бафæлварæм, — сразы Лазæр. — Тынг хорз, ауыстæн, уый мæ сæр не ’рцахстаид.

— Æхца ма бирæ дарæм?

— Иучысыл, нæ фосæй исты ауæй кæндзыстæм æмæ дæ рынтæ дæр афтæ фесæфæнт.

— Æз дæр мæ цæгатæй райсдзынæн. Æвæдза, ныр дыккаг аз цæрæм æмæ мын куыд никуы ской кодтай æхца дарæм, уый?

— Тыхстаис...

Лазæры зæрдæйыл анхъæвзта йæ усмæ рæвдаугæ уарзондзинад. Афтæ æнхъæл уыди æмæ сылгоймагау хъусцæджытæм бахæлæг кæндзæн, фæлæ сæ зæрдиагæй куы дæтты сæ хицауæн. Æгæрыстæмæй ма афтæ дæр нæ загъта цымыдисæй: «Равдис-ма, фенон сæ!» Бауынаффæ кодтой Асиаты лæвар фæстæмæ раттын. Æрмæст сæ раттын стыр зын кæй у, уый æмбæрстой сæ дыууæ дæр æмæ бирæ рæстæг сæ ныфс нæ хастой уыцы хъуыддаг ской кæнынмæ.

Асиаты рагæй фæнды горæтмæ иу каст скæнын. Фæлæ нæ уæндыд Лазæрæй йæхи ракурын. Иу хатт загъта йæ фæндон.

— Æмæ цы кæны? Ацу, дæхи аирхæфс, — загъта йын Зæринæ.

Асиат лæууыд уæддæр сæргуыбырæй, æнхъæлмæ каст, Лазæр цы зæгъдзæн, уымæ.

— Ацæудзынæ, фæлæ æрмæст фæстæдæр. Мæнæ дын исты балхæндзынæн.

— Ницы мæ хъæуы. Мæхи æвдисынмæ нæ цæуын.

Сразы сты бинонтæ йемæ. Йæхæдæг хуыздæр зоны йæ цард, йæ хъуыддæгтæ.

Мартъийы фæстаг бонтæй иуы Асиат рабæлццон и.

— Сывæллонмæ дæ зæрдæ ма æхсайæд, — загъта Зæринæ æмæ чысыл Светланæйы йæ хъæбысмæ фелвæста.

— Чи зоны, абон куы нæ æрцæуон, уæд уæ зæрдæ ма æхсайæд.

— Фæндараст фæу, — загътой Лазæр æмæ Зæринæ æмдзыхæй.

— Цигайнаджы хуызæн йæхи куыд скодта! — хъыг зæрдæйæ загъта Лазæр.

— Æхца йын исты радтай?

— Радтон... — фенкъард лæг. — Æхца йын бæргæ радтон, фæлæ Хуыцау йæ зонæг кæдæм цæуы?

Асиат горæты сæйраг уынгмæ куы схæццæ, уæд хур уыди арвы бæстастæу. Зыдта, Сослан æртæ азы службæйы кæй уыдзæн, уый. Афтæ загъта фæстаг хатт куы фембæлдысты, уæд.

Æрлæууыд Сосланы хæдзары раз. Дыууæ рудзынджы æмæ уынгæй бацæуæн раздуарыл хуры тынтæ хъазыдысты. Дуармæ дыууæ схизæн асины тæрс фæйнæгæй конд. Рудзгуытæм кæсгæ аджих. Йæхи фембæрста, искæй рудзгуытæм кæсын аив нæу, зæгъгæ. Бацыд хæстæгдæр, æрбадт схизæнтæй фыццаг къæпхæныл. Хуыфæг æй ссардта. Йæ хуыфæджы катайæ нæ бамбæрста, дуар куыд байгом, уый. Йæ сæр хæрдмæ нæ сисгæйæ ауыдта асинтыл æрхызтысты нæлгоймаджы къæхтæ, æрттивгæ сау батинкæты. Базыдта йæ зынаргъ адæймаджы къæхтæ. Къæхтæ æрхызтысты асинтæй, бауадысты йæ рæзты рудзынгмæ. Фехъуыста Сосланы мæлгъæвзаг ныхас:

— Сафиат, дæ хорзæхæй, мæнæ нæ къæсæрмæ иу мæгуыргур ус бады, исты йын авæр.

— Хорз... — сылгоймаджы дæргъвæтин ныхас райхъуыст агъуыстæй.

Къæхтæ аив цыдæй ауадысты уынджы уæлæмæ. Йæ сæр сабыргай систа, акаст сæ фæдыл. Базыдта Сосланы аив гуыры конд æфсæддон дарæсы. Цинел æнгом æрбалвæста фæтæн рон. Роны æлвæстæй ноджы фæтæндæр зындысты йæ фæсонтæ. Йæ хъыджы цæссыгтæ æнæвгъау згъордтой. Йæ цæстæнгас ацахста фæйнæгыл Сосланы къахы фæд. Йæ галиу армытъæпæнæй нылхъывта фæд. Систа йæ къух, æркаст æм. «Сослан... куыд нæ мæ базыдтай? Уæвгæ мæ куы базыдтаис, уæд цы ми кодтаин?.. Ма тæрс. Цæр æнæмæтæй...»

Сослан адард. Йæ фæдыл кæсгæйæ йæхинымæр ныхас кодта йемæ: «Хъыг дæ нæ дарын, фæлæ мын зæгъ, кæдмæ цæрон искæй фæсдуар? Куыд кæнон? Ацы æнæхайыры хуыфæг мыл арфæй-арфдæр куы кæны? Дæ чызг куы рахъомыл уа, куы мæ фæрса, мæ фыд чи у, уæд уымæн та цы дзуапп ратдзынæн?!»

Хуыфæг та йæ йæ быны скодта, галиу къуыммæ йæхи нылхъывта. Дуар байгом. Ракаст хæрзхуызтæ, зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг, фæлмæн уæлдзарм хæдзарон дзабыртæ æмæ рæсугъд дидинджытæ халаты, йæ къухы дзулы карст.

— Айс кæрдзын, — сдзырдта йæм Сафиат.

Йæ хуыфæг сæтгæйæ райста дзул Асиат, йæ роны йæ атъыста арфæйагæй. Сафиат ын фæтæригъæд кодта, йæ къухыл ын фæхæцыд.

— Мидæмæ рацу, хъарм æхсыр ануаз. Фенцондæр дын уыдзæн.

Æрмахуыр уæрыккау фæраст Сафиаты фæстæ.

— Сбад, исты нæм ахæр, — цæлгæнæны азилæнтæ кодта æфсин.

Асиат æрбадт сындзытыл бадæгау. Цæлгæнæнæй гом дуарæй зынди галиуырдыгæй сынтæг, хуыссыд дзы саби, бакæсæны та сау къамод. Къамодыл уыди Сосланы хуызистытæй цалдæр. Цы хуызы йæ къухы бафтдзæн къамтæй иу адавын. Йæ цыды сæр уый куы у, уæд.

Сафиат стъолыл авæрдта лывзæйы тæбæгъ, æхсыры кружкæ, фæлæ дзулы карст нæ ары. Æнхъæлмæ каст, мæгуыргур йæ ронæй райсдзæн йæ къæбæр, фæлæ... «Хуыцау, дæумæ бирæ хæрзтæ ис», — йæхинымæр куывта Асиат.

— Æмбарыс, кæрдзын нæм дзаг у.

Ницы дзуры Асиат.

— Ой, — ныуулæфыд Сафиат, — йæ мæгуыры уæлæмхасæн ма къуытты дæр куы у, — йæ уæнтыл тинтычъи гаруз баппæрста. — Нæ сыхæгтæй дзул æрбадавон, — ацамыдта йæ къухæй.

Сафиаты фæстæ дуар куы фехгæд, уæд Асиат бауад къамодмæ, райста Сослан комкоммæ кæм каст, урс лыстæг дæргъытæ хæдоны, йæ уæллаг цæппузыр уагъд, бæгъæмсарæй, уыцы къам. Йæ роны йæ арф, суанг йæ хъарм буарыл авæрдта, сынтæджы лæппумæ иу каст фæкодта æмæ абадт йæ бадæны. Уырдыгæй бакæс-бакæс кæны лæппумæ.

Æрбацыд Сафиат. Асиат æфсæрмæй цыдæртæ ахордта...

— Ахæр-ма.

«Нæ», йæ сæр батылдта. Раарфæ кодта йæ сæры тылдæй æмæ рацыд. Йæ роны цыма йæ царддæттæг ныфс уыди, афтæ зæрдæхъæлдзæгæй ныххæццæ æфсæнвæндаджы вагзалмæ. Аивæй къаммæ бирæ фæкаст, стæй уæд фездæхт фæстæмæ. Йæ къæхтæ йæ сæхæдæг хастой Сосланты уынгмæ. Сæ хæдзары размæ та куы схæццæ, уæд уыцырдæм кæсгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй фæраст уынджы уæлæмæ, чысыл раздæр Сослан кæуылты фæцæйцыд, ууылты. Цæуы æмæ хъуыды кæны: «Ныр ма йыл куы амбæлон, уæд æм æнæсдзургæ нæ фæуыдзынæн...» Афтæ хъуыдытæ кæнгæ схæццæ, кино кæм æвдисынц, уыцы галуанмæ. Цыди кино «Ленин Октябры». Райста билет. Кино райдайынмæ ма уыди æрдæг сахат. Бонасадæн рацу-бацу кодта уынджы. Кæсы æмæ йæ разæй фæцæуынц: Сослан йæ æфсæддон дарæсы, йæ хъæбысы йæ лæппу, хæрзхаст æмæ рæвдз арæзт сывæллон æмæ йæ ус йæ фарсмæ. Йæ уæлæ зынаргъ кæрц æмæ æрттиваг бæрзондзæвæт цырыхъхъытæ. Уадзыгау цыди сæ фæстæ Асиат, чидæр ма йæ къуыргæ дæр скодта, фæлæ йæм фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Адæм уыцы гуылфæй цыдысты. Бахæццæ кинотеатрмæ. Сослан дуар фегом кодта, аив фæхæцыд дуарыл, бар радта йæ усæн фыццаг бацæуынæн. «Æз та? — ахъуыды кодта. — Чи йын дæн? Ничи...» Хъавыд фæстæмæ фездæхынмæ, фæлæ дуары мидæг фæци. «Цы уа, уый уæд», — загъта æмæ сбадт йæ бадæны фæстаг рæгъыл кæронæй.

Кæсы, Сосланитæ æрбадтысты астæуккаг рæнхъытæй иуы Асиаты ’рдыгæй кæронмæ æввахс. Сослан фестад, сывæллон бандоныл авæрдта æмæ йæм уæртæ комкоммæ æрбацæуы. Йæ сæр фæгуыбыр кодта, куы нæ йæ базонид. Чысыл рæстæджы фæстæ йæ рæзты аивгъуыдта. Бацыд йæ бандонмæ, егъау гæххæтты тыхтон авæрдта йæ усмæ, йæ лæппуйы та йæ хъæбысы сæвæрдта. Уыдонмæ кæсгæйæ йæ зæрдæ скъуынынмæ æрцыд. «Цæй амондджын дæ, дæлæ ус. Кæс-ма, кæс, йæ къухтæ йыл куыд тилы. Цымæ цæуыл цæхæртæ калы?» Цæвиттон йæ лæджы æлхæд рæвдауæнтæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Йæ комы дæттæ æруадысты Асиатæн. Хъуыды дæр нал кæны, кæд бахордта фæстаг хатт къафет кæнæ печенитæ. Йæ хъуыдыйы нырмæ никуы æрцыд, йæ царды ныфс афтæ хæстæг бада сылгоймагмæ, уый та йыл бустæтæ кæна. Нæ йæ бауырныдтаид, йæ дыууæ цæстæй йæ куы нæ федтаид, уæд. Кæд зыдта, бинонтæ йын ис, кæд ын дзырдта йæхæдæг, мæ мæт ма кæн, дæ бинонты мæт кæн, зæгъгæ, кæд зыдта Сослан уый нæу, фæлæ кæйдæр кæй у, уый, уæддæр ын абоны онг афтæ зын нæ уыд. Ныр ын йæ зæрдæйы уидæгтæ æууилы йæ фенд «кæйдæр» сылгоймагимæ, йæ зæрдæхæлар узæлд йæ бинонтыл...

«Цæй кино мæ хъуыд, — хæцыд йæхимæ. — Мæхæдæг кинойæ кинодæр куы дæн, — аивæй йæ цæстысыг асæрфы. — Мæ домбай фæндтæ, мæ рæсугъд бæллицтæ, мæ хъару, мæ ныфс цæмæн ныссастон мæ киномæ æрбацыдæй. Цæй кино мæ хъуыд?!»

Зал баталынг. Райдыдта кино, фæлæ Асиат уымæ нæ каст, йæ цæстæнгас нæ иста Сосланы сæрæй. Йæ фæстæбадæг адæймаг æм цыдæр сдзырдта, уый фæкаст, йæ сæр батылдта æмæ йæ худ систа. Йæ цæст ахаста залыл. Денджызау бирæ сæртæ, фæлæ йæ хивæнд цæстæнгас йæхи æрæвæры Сосланы бæгъæмсар сæрыл.

Асиаты цæстытыл уади Сосланимæ фембæлдтытæ, йæ уарзгæ сæнтты, афтæ аныгъуылд æмæ нæ бафиппайдта, зал куыд срухс, уый. Рухсимæ базмæлыдысты адæм, цъусдуг рæстæджы размæ цавддуртау æнцад чи бадти, уыдон. Адæм аивгъуыдтой залы фæсчъылдымы дуæрттæм. Уый дæр фестад, иуварс алæууыд æмæ кæсы Сосланы фæдыл. Йæ галиу цонгыл йæ лæппу, йæ рахиз къух та йæ усы дæларм. Йæхинымæр загъта: «Уæддæр дæ æз фылдæр уарзын. Иу агъуысты цы чысыл рæстæг фæдæн абон демæ, иу уæлдæф кæй улæфыдтæн, уый дæр мæнæн у стыр амонд. Цы лæвар мын ракодтай, уый æз схъомыл кæндзынæн», — афтæтæ хъуыды кæнгæйæ нæ бамбæрста залы иунæгæй куыд аззад.

Уынгмæ куы рацыд, уæд горæтыл æрæнцад мигъджын изæрмилтæ. Адæмыл ма йæ цæст бæргæ ахаста, фæлæ Сосланы нал ауыдта. Атындзыдта уынджы дæлæмæ вагзалмæ...

Цард диссаг у, æвæдза. Æвæдæй йæм ницы хъуыддаг сæфы. Рацыд дыууæ азы Асиаты чызгыл. Иу бон Таймураз æрбацæйцыд Алагирæй сæхимæ хъæдрæбынты. Ацы уалдзæг сара кæнынвæнд скодта æмæ йæ цæстæнгас хъæдæрмæгæн бæзгæ бæлæстæ агуырдта. Йæ рахиз фарс хъæдмæ йæхи айста Ногхъæу. Къабузджын тæрс бæласы раз куы афæстиат, æвæджиауы хъæдæрмæг ыл ис, зæгъгæ, афтæ йын йæ риуыл йæ дзæмбытæ авæрдта бирæгъы хуызæн куыдз. Исдугмæ фæтарст, фæлæ уайтагъд базыдта сæ сыхæгты куыдзы æмæ йæм цингæнгæ сдзырдта, раст цыма Асиаты федта, афтæ:

— Домбай, Домбай, кæм уыдтæ?!.

Куыдз хæдзары ’рдæм азгъоры æмæ та фездæхы.

— Ам хæстæг цæрыс? — акаст. Ауыдта иу ныллæг, самандур хæдзар. Йæ дыууæ рудзынджы хъæдмæ кæмæн кастысты, ахæм. Кæрты дыууæ бæхы æмæ бричкæ.

— Домбай! — айхъуыста Таймураз кæйдæр хъæлæс. Хæдзарæй рауад æрыгон нæлгоймаг.

— Дæ бон хорз, — салам радта Таймураз.

— Æгас нæм цу, мидæмæ, — загъта Лазæр.

Сæ къухтæ исгæйæ загътой сæ нæмттæ.

— Куыдз дыл, зæгъын, куы фæхæца.

— Ма тæрс, нæ мыл фæхæцдзæн, — мидбыл бахудгæйæ бакаст Таймураз Лазæрмæ. — Дæ куыдз у?

— О, — æнæбары дзуапп радта хæдзары хицау.

Уыцы дзуапп нæ аирвæзт Таймуразæй æмæ бафарста:

— Диссаг дæм нæ кæсы, цæмæн мыл цинтæ кæны, уый?

Лазæрмæ диссаг нæ фæкаст, уымæн æмæ Домбай цъиу атæхæг дæр нæ уадзы сæ рæзты. Æмæ ныр цин кæуыл кæны, уый æцæгæлон нæ уыдзæн, фæлæ чи уа цымæ? Кæд Асиаты хъæуккаг у, уæд ыл баууæндæн ис? Сонтæй йæ нæ афæрсдзынæ.

— Саккаг кæн нæ къæсмæ, — загъта Лазæр.

— Цæуын, — стыр разæнгардæй фæраст Таймураз.

Чысыл рæстæджы фæстæ уазæг æмæ фысым зæрдиаг ныхас кæнгæ бадтысты æртæкъахыг тымбыл фынджы уæлхъус. Фынгыл уыди æртæ уæливыхы, карк æмæ графин æртæ нуазæнимæ. Фæлæ нуазæнтæй иу дæр йæ куыст нæ æххæст кодта.

Уазæг æмбæрста, ацы хæдзар Асиатæн цыдæр кæй зоны, уый. Фысым дæр æнæ æмбаргæ нæ уыд, Домбай кæй базыдта, уый Асиатæн кæнæ йæ зонгæ у, кæннод та йæ хæстæг. Фæлæ сæ иу дæр æмæ иннæ дæр кæрæдзийы нæ уæндынц æргом бафæрсын æмæ бонасадæн кæнынц. Ныхас кодтой царды уаг куыд рæвдздæр кæны азæй-азмæ...

Фæлæ сæ дыууæ дæр сæхи цæттæ кодтой ахсджиаг ныхасмæ.

Лазæр бамбæрста, Асиаты хъуыддаг кæуыл баууæнда, йæ уазæг ахæм адæймаг кæй у. Исдуг æм æдзынæг фæкаст, стæй афтæ бакодта хъазгæмхасæнты:

— Дæ усæн сызгъæрин не ’лхæныс, мыййаг?..

— Æмæ-гъа... — загъта Таймураз. — Ис ын цыдæртæ, фæлæ...

— Равдисон дæм сæ? Батыхстæн æндæр сæ нæ ауæй кæнин.

Лазæр уатæй рахаста урс дари хæцъилы тыхтон. Æрбадт йæ бынаты, райхæлдта баст. Æвдисы сæ уазæгмæ.

— А-а-а... — зæгъгæ фæкодта Таймураз. Йе ’рфгуытæ тæхæг зæрватыккау сæхи ныхыл хæрдмæ фелвæстой. Бакаст фысыммæ æмæ бафарста:

— Кæм дын уыдысты, кæ? — Таймуразы цæстытыл ауад Асиат сызгъæрин хъусцæджытимæ.

Уый йæм æнкъард цæстæнгасæй бакаст æмæ сындæг хъæлæсы уагæй загъта:

— Сæ хицау мын сæ радта...

— Асиат?! — фырдисæй афарста Таймураз.

— Асиат, — ныуулæфыд фысым. — Куыд кæсын, афтæмæй ды уыцы чызгæн æцæгæлон нæ дæ.

— Мæ хорз сыхаг у. Кæм ис?..

Лазæр радзырдта Асиаты хъуыддаг, æрмæст донхæрисы кой, ома, кæм райгуырд сывæллон, уый кой не скодта.

— Тынг лымæнæй цардыстæм. Æрмæст адæмы цæстæй йæхи хызта, — зæрдæуынгæгæй дзырдта Лазæр, къуыхцыйæ. — Уайтагъд хъус-хъусæй йæ фыдгой кæнын райдыдтой. Уынджы-иу дыууæ усы ныхас кæнгæ куы федта, уæд-иу æнкъардæй кæсгæ аззад, мæ кой та кæнынц, зæгъгæ.

Таймураз лæмбынæг хъуыста Лазæрмæ, æрмæст йæ фырдисæй куы йæ иу уæраджы сæр æртъæпп кæны, куы йæ иннæ тымбыл къухæй. Йæхи нал баурæдта фæстагмæ æмæ афарста:

— Кæм ис ныр?..

— Æвæццæгæн, уыцы æхсæв суазал кодта, — бакаст йæ усмæ. — Мах нæхи æфхæрæм, кæд æй хорз нæ бахъахъхъæдтам, зæгъгæ, фæлæ дохтыртæ загътой раджы йæм фæхæццæ рæуджыты низ. Раст зæгъын хъæуы, алы куыстмæ дæр йæхи æппæрста, фæлæ-иу тагъд афæллад, йæ сурхид-иу акалд, куыдфæстагмæ чысыл уазалæй дæр хуыфыд. Æхсæв хид кодта... Дохтырмæ-иу æй ахуыдтам, цыдæр хостæ йын-иу рафыстой, фæлæ ницы сæрæндæр кодта. Йæ амондæн нæ хъæумæ æрцыд рентген, дохтыртæ нæ рамбырд кодтой чысылæй, стырæй æмæ... — фæхъус.

— Уæд рабæрæг, — æнкъардæй Лазæры хъуыды загъта Таймураз.

— Ныр хуыссы рынчындоны.

— Сывæллон кæм ис?

— Дохтыртæ йæ нæ ныууагътой, сæрмагонд каст, дам, æм хъæуы, æмæ сидзæрты хæдзары ис. Уырдæм æй радтой... Мах æй бæргæ нæ уагътам. Ахæм дзæбæх чызг у æмæ диссаг. Таймураз йæ фырзæрдæхæларæй Лазæры къух алхъывта.

— Ды стыр зæрдæйы хицау дæ. Афтæмæй, нæ фыдæлтæ куыд фæзæгъынц, хæйрæг æй куы фæхуыдтаис æмæ йæм куы нæ бацыдаис, уæд... — фæтыхст Таймураз, — уæд нæ басыдаиккой?

— Ныр афтæ бакæнæм... — бахатыд Лазæр Таймуразмæ, — ацы хъусцæджытæ ауæй кæнæм, мах дæр ма йæм фæкæсдзыстæм æмæ йæ Хъырыммæ арвитæм рынчындонæй куы рацæуа, уæд.

— Уыдон ратт Зæринæйæн æмæ сæ дарæд æнæнизæй, — загъта Таймураз, къухмæрзæнæй йæ цæстытæ асæрфгæйæ.

— Хуыцау мæ уыцы фыдæй бахизæд! — йæ къухтæ сцагъта ус. — Раттут ын сæ йæхицæн.

— Æнцон раттæн не сты, — загъта Лазæр. — Уырны дæ, Таймураз, æмгарардыстæн, нæ сæ уæндæм раттын.

— Уырны мæ, — сразы йемæ Таймураз. — Сымах куы зониккат, Асиат цавæр чызг у, уый...

— Зонæм æй...

— Стыр диссаг у, — батыхст Таймураз. — Кæмæй... Бауырнæд уæ, мæ дыууæ цæстæй йæ куы федтаин, уæддæр мæ нæ бауырныдтаид. Хиуылхæцгæ æмæ уæздандæр чызгæн скæнæн нæй! Уæд... — йæ уæхсчытæ фæхъил кодта... — ницы ’мбарын, — йæ сæр батылдта ахъаззаг.

Радзырдта Таймураз Дзерассæйы ныхæстæ, Асиаты ахуырмæ куыд арвыста, стæй йæ чидæр куыд аскъæфта.

— Уый æнаккаг сылгоймаг у, — загъта Лазæр.

Таймураз йæ цæстысыг нал урæдта, йæ мæт ын цæссыг куы ахсадта, уæд загъта:

— Мæ сæр куыройы цалхау зилы нæ хъæуы фæсивæдыл... Никæуыл гуырысхо кæнын. Сывæллоны куы федтаин, уæд æй, чи зоны, æнгæсæй базыдтаин.

— Сайд алкæуыл дæр æрцæуы, — загъта Лазæр. — Мæнмæ диссаг уый кæсы, дыууæ азы дæргъы иу цъиуызмæлæг йæ фæдыл куыд нæ фæци.

— Сымах куы зониккат, уыцы хæдзары ацы чызг куыд фыдæбонджын у, уый. Уыцы усы раст бæхы къæдзилыл бæттын хъæуы... — загъта Таймураз.

— Таймураз, — карз цæстæнгасæй йæм бакаст Лазæр. — Фыдыус, чи зоны, йæхирдыгонау раст у. Æз фехъуыстон, ахæм хъуыддаджы фæхудинаджы бæсты сывæллоны дæр амарынц, чызгæн йæхи дæр...

— Омæ ахæм чызг нæу Асиат!

— Ууыл нал дзурдзыстæм. Хъусцæджытæ уæй кæнæм? — ныфсхастæй бафарста Лазæр Таймуразы.

— Æвæццæгæн, — йæ сæр разыйы тылд бакодта уазæг. — Афтæ хуыздæр у, кæннод куы базона дæ чындзæхсæвы йæ фæллойæ ницы уыд, уæд дын дæ хæдзармæ цæугæ дæр нал æркæндзæн. Тынг æй бафхæрдзынæ уымæй.

— Æмæ дын нæ загътон куыд загъта уый?

— Загътай, — дзуапп радта Таймураз. — Ма тæрс, ацыдаид, йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтаид, афтæмæй, æмæ искæм басыдаиккой.

Чысыл рæстæджы фæстæ Ногхъæуæй хъæдрæбынты фæцæйцыд бричкæ дыууæ сырх хæрзхаст æмæ хæрззылд бæхы ивтыгъд дзы. Цалдæр сахаты размæ æнæзонгæ чи уыди, уыцы дыууæ нæлгоймаджы зæрдиаг ныхасгæнгæ бадтысты бричкæйы. Бадæн фæйнæгыл — кæрц. Бричкæ дыргъдонæй куыддæр ахызт, афтæ Лазæр баурæдта бæхты.

— Æз дарддæр нал цæуын, хатыр мын уæд.

— Уый та куыд?! — бахатыд Таймураз. — Нæ цæхх æмæ кæрдзын...

— Æндæр хатт, — Лазæр Таймуразы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. — Хатырæй уæд.

Таймураз ма балæгъстæ кодта, фæлæ бамбæрста, Лазæр абон йæ уазæг кæнын кæй нæ бакомдзæн, уый.

Кæрæдзийæн хæрзæхсæв æмæ фæндараст загътой æмæ сæ иу хурыскæсæнмæ фæстæмæ араст, иннæ хурныгуылæнмæ.

Азæ бафиппайдта йæ мой тынг æнкъардæй кæй æрбацыд, уый. Стыр цымыдисæй æнхъæлмæ каст бинонтæ кæд бахуысдзысты, уымæ. Рæстæг цыма фыдæнæн кодта, афтæ размæ нал æккуырсти.

Бинонтæ цалынмæ бадой, уæдмæ йын фадат нæй йæ лæгимæ аныхас кæнынæн. Æмбары, йæ цæстæнгас ын дзуры, стыр сусæгдзинад æм кæй ис, уый. Æппынфæстаг, уаты дуар фехгæдæй Азæйы фарст фæраздæр:

— Таму, цы кæныс? Цы маст дæ ис?

Лæппу йæ хъæбысы æрбакодта йæ бинойнаджы, стæй æрæджиау сдзырдта:

— Азæ, расомы кæн, цы дын зæгъон, уый куыд ничи базондзæн, уый тыххæй.

— Ау, æмæ мæ нæма базыдтай?

— Гъемæ хорз, — йæ зæрдыл æрбалæууыд Лазæры ныхас. «Адæймаг йе ’ууæнкæй адæймаг у».

Тъахтиныл æрбадтысты æмæ радзырдта Асиаты хабар.

— Гъе, афтæтæ, мæ хур, — ныууынæргъгæйæ загъта Таймураз.

— Мæгуырæг, — скуыдта Азæ.

— Афтæ бакæнæм æмæ йæ бабæрæг кæнæм.

— Кæд?.. — разыйæ афарста Азæ.

— Райсом дæр уæд.

— Омæ хорз.

Уыцы ныхасы фæстæ рæхджы Таймураз æмæ Азæ ацыдысты Асиатмæ. Рынчындон уыди горæтæн йæ бæрæгастæу.

Рынчынфæрсæг цæуæг адæмы агъуыстмæ сæм рацыд хæрзконд сылгоймаг, иу-цыппор азы кæуыл цыд, ахæм, хъарм халат æмæ жакеткæйы. Йæ къæхтыл дæр хъарм хæдзарыдаргæ сандалитæ. Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ сын загъта, Асиат процедурон кабинеты кæй ис, уый, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Мæ ном Любæ, сымах та?.. сбадут, уæ хорзæхæй, — æрбадтысты кушеткæйыл. Таймураз та сæ размæ табуреткæйыл æмæ æфсæрмдзæстæй йæ усмæ ацамонгæйæ загъта:

— Мæ бинойнаг у Азæ, æз та Таймураз...

— Тынг æхсызгон мын у уемæ базонгæ уын, чи йын стут?

— Сыхæгтæ... — сдзырдта Таймураз, — сыхæгтæ, хъæуы иумæ схъомыл стæм...

— Иттæг хорз бакодтат Асиаты кæй абæрæг кодтат, уымæй. Æрмæстдæр æм Лазæр æмæ Зæринæ вæййынц.

Таймураз æмæ Азæ кæрæдзимæ бакастысты, куыд загътаиккой, кæм уыди уымæн сæ сæрæн кæй ницы зыдтой, уый. Таймураз иучысыл ахъуыдыйы фæстæ сфæрæзта зæгъын:

— Мах тынг аххосджын стæм йæ разы. Сраст кæндзыстæм нæ рæдыд.

— Æууæндын, — райгонд цæстæнгасæй загъта Любæ.

Азæ та афтæ афарста:

— Куыд у Асиат? Хорз уæм зилынц?..

— Тынг хорз дохтыртæ сты, фæлæ мах низ æгъатыр у, зæгъæм мæнæ мæн авд мæйы дзæбæх кæнынц, мæхи хорз æнкъарын, уæддæр мæ æрвитынц санаторимæ, уырдыгæй та Хъыргъыстанмæ, бæхы æхсырæй дзæбæх кæнынмæ. Ис уæлæнгай рынчынтæ, уыдон бинонтæ дæр кæнынц, Хуыцауæй разы. Асиат дæр саг-сырды хуызæн сдзæбæх уыдзæн, стæй хорз адæймаг у. Лазæр æмæ йын Зæринæ æрбахастой стыр къуыбылой фысы хъуынæй хи æлвыст. Æмæ цы æнхъæл стут? Асиат бавдæлд æмæ фыццаджыдæр дыууæ цъындайы сбыдта иу æвæгæсæг зæронд усæн сыхаг палатæйæ. Уый фæстæ та мæнæн... Афтæ нæ палатæйы не ’ппæтæн дæр.

— Йæхицæн та? — афарста Азæ.

— Ис йын хорз къуымбил цъындатæ æмæ хæдон, Зæринæ йын сæ æрбахаста. Йæхицæн дæр сбыдта, уæдæ. Асиат бирæ лæппуты зæрдæмæ цæуы. Ам рынчынтæ йæ хион-зонгæтæн банымудзынц, фæлæ сæ мисхалмæ дæр нæ дары, уыдон ын æлвисын райдайынц сæ зæрдæйы уаг, фæлæ сæм мур дæр ницы сдзуры... Къухджын та куыд у! — йæ сæр батылдта Любæ, — йæ къухтæй зæринтæ цæгъды: арæхсы уæлæдарæс хуыйынмæ, алыхуызон æндæхтæй кæны нывæфтыдтæ хъуымацыл, кæсы чингуытæ... Æз æрмæстдæр чингуытæ кæсын, литературæйы ахуыргæнæг дæн, — арф сулæфыд æмæ сæм æнкъард цæстæнгасæй бакæсгæйæ афарста, — нæ мæ сфæлмæцыдыстут?

Таймураз фæрæвдз:

— Нæ, нæ, цытæ дзурыс.

Азæ та йæ сæр батылдта, «нæ», зæгъгæ. Æмæ та уæд, Любæ йæ ныхас дарддæр кодта:

— Ам рынчындонæн йæхимидæг ис медицинон курсытæ. Асиат уым ахуыр кæны. Æмæ цы æнхъæл стут? Ахуыр кæны æнтыстджынæй... — аджих уæвгæйæ та фæхъус.

Æмæ уæд Таймураз загъта:

— Асиаты къухты канд цъындагæнæн къæбæлтæ æмæ судзин арæхстгай нæ тæлфынц, фæлæ хъæууон хæдзары цыдæриддæр кусæнгарз ис, уыдон иууылдæр...

Любæ та бакаст сæ дыууæйæн дæр сæ цæстытæм æмæ арæхсгæ ныхасы уагæй афтæ зæгъы:

— Бахатыр мын кæнут, уæ хорзæхæй, мæ ныхас уæм æнæсæрфат куы фæкæса, уæд, фæлæ хæрзæфсарм æмæ хæрзæгъдау чызг Асиатыл куыд æрцыд ахæм хъуыддаг? Фæлæ хуымæтæджы нæ загъдæуы: «Кæмæ цы кæсы, уымæн базонæн нæй...»

Таймураз цыдæр сдзуринаг уыди, фæлæ дуар байгом æмæ бацыд Асиат йæхæдæг.

Æртæйæ дæр фестадысты. Асиат куы ауыдта йæ зынаргъ сыхæгты, уæд зæрдæрухсæй сдзырдта:

— Мæнæ диссæгтæ!.. — æмæ йæ галиу цонгæй æрбахъæбыс кодта Таймуразы, йæ рахизæй та Азæйы...

Любæ та бирæ нæ асагъæс кæнгæйæ йæ цæнгтæ айтыгъта сæ æртæйыл дæр...

Рацыд æхсæз мæйы. Асиаты рафыстой рынчындонæй. Лазæр æмæ Таймураз æрæмбырд кодтой æхца æмæ йæ арвыстой Хъырыммæ. Рынчындонæй куы рацыд, уæд дæр æмæ цы бон цыди, уæд дæр бацыд сидзæрты хæдзармæ, фæлæ сывæллæттæ хъæды лагерьты уыдысты æмæ йын уырдæм ацæуыны фадат нæ уыд, афтæмæй ацыди Хъырыммæ. Ног бæсты йæ æнæниздзинад фæхуыздæр, фæлæ та куы фæуалдзæг, уæд та рынчындонмæ бахауд.

Февралы мæйы 1940 азы Зæринæ ныййардта чызг. Асиаты зæрдæ балхæныны тыххæй йæм ныффыстой, ном ыл сæвæр, зæгъгæ. Раст цæрвкъахæнты райстой писмо Хъырымæй. «Дианæ ном мæм дзæбæх кæсы, æмæ уæ кæд фæнды, уæд»... — фыста Асиат.

Асиаты æнæниздзинад фæрæвдз, фæлæ йæ уырдыгæй комкоммæ арвыстой Хъыргъыстанмæ, рæуджыты низ бæхы æхсырæй кæм дзæбæх кæнынц, уырдæм. Лазæр æмæ Таймураз ныр сфæнд кодтой хъусцæджытæ ауæй кæнын. Зæрингуырдмæ сæ куы бахастой, уæд сæ Лазæр райста йæ къухмæ. Зæрдæйы хуызæн, æртæ къуымых тигъон хъусцæджытыл фæстейæ фыст уыди: «С» «А». Лазæр бирæ фæхъуыды кодта, Асиат куыд ныффыстаид афтæ лыстæг, зæгъгæ. Фæлæ бамбæрста, тæвд судзины фындзæй фыст кæй сты, уый. Æвæццæгæн, æрцындзыссæн къæбæлыл бакодта судзин, зынгæй та йæ тæвд кодта æмæ фыста. Йæ амондæн Таймураз нæ бафиппайдта фæстейы лыстæг фыстытæ. Æндæр сæ хъæуы, йæ ном дамгъæ «С»-йæ, кæмæн райдайы, уыцы лæппутæй гуырысхо Елиа дæр нал систаид.

Тыппыртæ зæрингуырд цингæнгæ райста хъусцæджытæ. Таймураз æмæ Лазæр, æхцаимæ уынгмæ нæма ахызтысты, афтæ зæрингуырд Сæдо хъусцæджытæ йæ роны амбæхста.

Дыууæ къуырийы фæстæ, дард Хъыргъыстаны райста Асиат æхца. Йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, уыцы æхца йæ хъусцæджыты аргъ кæй сты, уый.

Сослан Советон æфсады рæнхъыты баззад службæйы. Танкæты полк лæууыд Дзæуджыхъæуы сæрмæ. Сафиатæн йæ цард йæхи фæндон уыди, цалынмæ Сослан службæйы уыди, уæдмæ. Фæсæхсæвæрты Аннæ æмæ Артур сæ фыццаг фынты куы уыдысты, уæд Сафиаты рудзынг нысаны къуырцц-къуырцц æрбачынд. Ус чиныджы касти, къуырцмæ йæ сæр фæхъил кодта. Йæ даргъ хъарм халат йæ уæлæ æрбакодта æмæ рауад. Гæдыйау йæ къахы хъæр нæ фæцыд, цыма йыл нымæтын дзабыртæ уыди, афтæмæй уатмæ фæмидæг зæрингуырд.

— Цы хур цы къæвда? — афарста йæ ус дисæй, уымæн æмæ сын ацы фембæлд бæлвырд нæ уыд.

Сæдо хинхудт бакодта, йæ рахиз къух йæ роны атъыста.

— Мæ карк, дæ дзæццытæ бацъынд кæн, цыдæр дын æрбахастон.

Сафиат сахуыр Сæдойы рæвдауæн митæ æмæ зынаргъ лæвæрттыл. Раст зæгъын хъæуы, Сафиат дæр ацал-ауал азы йæ зæрдæхудты никуы бацыд.

— Ма-ма ракæс, — мæстæй мары Сафиаты Сæдо, цыма кæйдæр уаты нæй, фæлæ йæхи уаты.

— Рæвдздæр! Мæ удыгага схауы, — фырцымыдисæй йæ мидбынат скафыд Сафиат...

Зæрингуырд йæ тымбыл къух цырагъмæ хæстæг бахаста:

— Ракæс...

Сафиат ракаст. Сæдойы армытъæпæны цырагъы мынæг рухсмæ æрттывдтытæ калдтой зæрдæхуыз хъусцæджытæ.

— Цы рæсугъд сты!.. — ныддис ус, цыма йæ цæрæнбонты сызгъæрин никуы федта, афтæ.

— Ахæм хъусцæджытæ дæ цæсты кæронæй дæр никуы федтай, — сæрыстырæй загъта Сæдо. — Адон сты тынг рагон, лæмбынæг зæрингуырды куыст. Сызгъæрин та у тæккæ хуыздæр.

— Бузныг, — загъта Сафиат æмæ сæ йæ хъустыл кæнынмæ фæци.

Раст уыцы цъусдуг дуар æрбахостæуыд. Лæг æмæ ус фæйнæрдæм фесхъиудтой, электрон иухуызон буаргъæдтæ кæрæдзийæ куыд фесхъиуой, афтæ. Йæ цæстытæ фæирд кæнгæйæ Сафиат хъусцæджытæ гобаны бын атъыста, Сæдо та агъуысты галиу къуымы егъау чырынмæ ныггæпп кодта. Ацы чырыны ныр дыккаг хатт æмбæхсы. Фыццаг хатт дзы куы бадт, уæд Артур нæма райгуырд. Искуы ма куы бахъæуа, зæгъгæ, чырыны пысултæ уыдысты уæгъд æппæрст, йæ сæрыл та гауыз æмбæрзт. Хæрзхуызтæ, иуæртын фондз азы кæуыл цыд, уыцы нæлгоймаг æнæ стыф улæфт кодта, чырыны сæр йæ къухæй уромгæйæ.

Сафиат рауад йæ лæгмæ.

— Нæма бахуыссыдтæ æви? — афарста Сослан.

— Цы хорз уыди, кæй æрбауадтæ, — загъта ус стыр бæллицхуызæй, раст цыма Сосланмæ æнхъæлмæ кæсынæй йæ цæстытæ ныуурс сты, уыйау.

— Ме ’мбалы чиныгмæ фездæхтæн, — чингуыты скъаппæй райста æфсæддон ахуырты тыххæй фыст кæрдæгхуыз чиныг. Сафиатæн йæ уд йæ къæхты бынæй азгъордта, Сæдойы худ уыди сынтæгæй чырыны æхсæн зæххы, архайдта худы йæ аууон кæныныл. Æмæ Сослан скъапмæ куы фæци, уæд æй Сафиат йæ къахæй сынтæджы бынмæ баппæрста.

— Цæй, хæрзæхсæв у, — загъта Сослан.

— Тæхуды-тæхуды, кæд та мыл æрбон уыдзæн, — йæ цæсгом кæуынхуыз анхъырдтæ кæнгæйæ загъта Сафиат.

— Бахуысс, кæннод та райсом сихормæ нæ сыстдзынæ.

— Диссаджы чиныг кæсын, — загъта ус, — иучысыл ма акæсдзынæн...

Сосланы автомобилы хъæр нал хъуыст, уæддæр ма дуары раз цавддурау лæууыд Сафиат.

V СÆР

Доцитæ лæппумæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ Мæдинæ куы ныцъцъæхахст кодта, уæд дыууæ чызджы фыд фенкъард. Сывæллæттæ хъомыл кодтой хæрззылд æмæ хæрзкойгондæй. Сæ фыд Марклен кæстæр чызг Мæдинæйы афтæ уарзта æмæ-иу исдуг аджих, лæппу куы уыдаид, уæд æй, æвæццæгæн, уыйас нæ уарзтаид.

Сывæллæттæн иумæ сæ хъазт нæ цыди, кæстæр уарзта иунæгæй хъазын. Йæ нымæтын чындзытæй-иу уайтагъд ахъыг, стæй-иу сæ хæдзары фæскъулмæ азгъордта æлыгæй чындзытæ кæнынмæ. Фæйнæджытыл-иу сæ сæвæрдта æмæ-иу сæ бахаста кæртмæ. Фыд æм йæ хъус дардта. Мад æм хæцыди цъыфæй ма хъаз, зæгъгæ. Фæлæ йын фыд уайдзæф кодта, уадз æмæ хъаза, уæлдайдæр йæ фæстæ æнæфснайдæй никуы ныууадзы. Куы-иу бахус сты, уæд-иу кæмæн йæ къах бабаста, кæмæн йæ къух. Искуы-иу афтæ рауад æмæ-иу дзы искæмæн йæ къах фæхаудаид йæ гуырæй. Уæд-иу æй гуыримæ аныхæста, чи йын куыд арæхст, афтæ: кæй къæцæлæй, кæй спичкæйæ. Уыди-иу афтæ, æмæ-иу чындз баззад уæнгхъуагæй. Афтæмæй-иу цæнкуылтæ æмæ бæстытæй хуыссыдысты йæ чындзытæ. Нымæтын чындзытæй цæуылнæ хъазыс, зæгъгæ-иу æй куы бафарста фыд, уæд ын дзуапп лæвæрдта: «Уыдонæн сæ цæфтæ æмæ сæ сæстытæ зын дзæбæхгæнæн сты».

Марклен бамбæрста, йæ хæдзары æрдзæй ратгæ стæгсастæвæрæг кæй хъомыл кæны. Йæ хъæзтытæ бирæ зиан æмæ маст хастой йæ мадæн. Нæ уагъта къуымты урс хæцъил. Базы цъар дæр-иу афарин кодта. Мады зæрдæ æлхæнгæйæ-иу фыд йæ чызгæн куы загъта, æндæр истæмæй дæр-иу сæ бабæтт, зæгъгæ, уæд ын чызг загъта: «Хъулон-мулон чъизи у», ома хъулон хъуымац у чъизи. Уæд ын иу хатт фыд афтæ, æз дын урс бинт балхæндзынæн. Æмæ сæрмагондæй ацыди горæтмæ, балхæдта бинт. Фыд катайы бацыд, уæдæ йæ чызгæн рынчындон цы амалæй фенын кæна, зæгъгæ. Иуахæмы йæ амондæн сæ хъæумæ æрцыди егъау сæрæхгæд рентген машинæ. Уæд фыд бар ракуырдта æмæ Мæдинæйæн фенын кодта медицинон мигæнæнтæ. Ноджы ма йæ фæндыди, дохтыр адæмы риуыгуыдыртæм куыд кæсы, афтæ кæсыны бар куы раттиккой йæ чызгæн дæр. Фæлæ йын бамбарын кодтой, уый адæймаджы æнæниздзинадæн зиан хæссы, уæлдайдæр та сывæллонæн, уæд йæ чызджы къухыл хæцгæ æрхызт машинæйæ. Цæй, цы йыл тыхсы, куыддæр куыстытæй февдæлон уа, афтæ йæ горæтмæ ахондзæн æмæ йын фенын кæндзæн æцæг рынчындон. Уый уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр машинæ йеддæмæ куы ницы у.

Фæлæ æрбарынчын йæ сæрæй æмæ амард.

Рацыд дæс азы. 19... азы сæрды, хур арвы бæрæгастæуæй куы æркаст, раст уыцы афон, йæ дæларм чингуытæ, афтæмæй тагъд кодта Мæдинæ мединститутмæ. Йæ уæлæ хæрз хуымæтæг хуыд джиппæйфыст къаба, кæрдæгхуыз зæххыл къаппа-къуппа дидинджытæ. Дидинджытæй иутæ сæ тæккæ тымбылæй, иннæтæн сæ буц пухтæ апырх сты. Йæ дзыкку иунæг быд æмæ йæ къæбутыл æнгом тыхт. Йæ зæнгтæ бæгънæг, йæ къæхтыл — сау хъуымацæй хуыд ирон дзабыртæ. Дзабырты хъуыртæн сæ сау сатин сивта æмæ фæныкхуыз райста, сæ фындзты сау сæрак дæр алæбырдтытæ.

Мæдинæ фæлварæн лæвæрдта фæссихор. Згъоргæзгъорын æркæсы чиныгмæ... Институтмæ куыддæр фæзылди, афтæ банкъардта, йæ рахиз къахы дзабыр асуйтæ, йæ æнгуылдзтæ бамбæрстой тæвд асфальт, æркаст æмæ дæ фыдгул афтæ, дзабыры раззаг æрдæг, раст æй цыма исчи кардæй афаста, афтæ уафс æмæ уæлфад фæхицæн сты. Дзабыр йæ къухмæ фелвæста æмæ бауад бырумæ. Быру разынд бæстон койгонд, кауы рæбынты сагъд уыди сæгъы сыкъа — сындз бæлæстæ. Афтæ бæзджын сагъд зынди, цыма калм дæр нæ абырыдаид се ’хсæнты. Гъе, фæлæ дзы хъæдур ссардта йæхицæн бынат. Мæдинæ арæхстгай ракодта бæласы сындз, фæцарæзта йæ кауы михмæ, сбыцæу æм кодта йæ дзабыры фындз, йæ бæрæгастæу æмæ æрцындзау алæгæрста уафс æд уæлфад. Кауыл йæ цæст ахаста, уæдæ йæ цæмæй фæхæцын чындæуа, зæгъгæ. Быруйы мидæггаг фарс кауыл разынд æндон тел æвæрд. Æвæццæгæн, цæхæрадоны архайгæйæ къæхтыл атыхст æмæ йæ кауы зыхъхъырыл æрцæггаг чынди. Кауы хуынчъыты йæ лыстæг æмæ арæхсгæ æнгуылдзтæ бауагъта, раласта телы кæрон æддæмæ. Ратас-батас æй систа æмæ сæртлыг фæци. Бирæ нæ ахъуыды кæнгæйæ, телы кæрон аласта уафсы, стæй уæлфады. Уæлфадмæ, цæуынмæ йæ куыд нæ хъыгдара, афтæ телы кæрæттæ аздыхта, æмæ дæ хъуыддаг раст, дзабыры уафс æмæ уæлфад кæрæдзиуыл фæхæцыдысты. Фæлæ дзабыры иуæй зын цæуæн уыд, иннæмæй та афтæ зынди, цыма йæ стыр æнгуылдзы бынаты егъау хъæндил бады дзабыры мидæг æмæ йæ рихитæ æддæмæ зынынц. Æркæстытæ кодта йæ къахмæ иуырдæм, иннæрдæм, бæргæ нæ фидауы, худæг дæр æй ссардта, фæлæ цы кæна, кæй аххос у, йæ дзабыры хуыд асфальты тæвдмæ кæй атъæпп ласта, уый.

Дæс боны агъоммæ æппындæр кæрæдзийы чи нæ зыдта, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ бахæлар сты. Мæдинæйы хъустыл æрцыд хъæлæба. Фæкаст æмæ йæм сæ къухтæ тилынц «рæвдздæр!» Бæргæ атындзыдта, фæлæ æвирхъау дзабыр нæ уадзы фæндон цæуын. Йе ’мбæлттæй йæм чи æрбахæстæг, уыдонæй иу лæппу фæкаст йæ дзабырмæ, æнæ бахудгæйæ йе ’мбæлтты цæстæнгас сарæзта Мæдинæйы дзабырмæ æмæ загъта: «Мæдинæ бынтон цæттæйæ цæуы физикæйы фæлварæнмæ, йæ рахиз къахæй кæсы антеннæ...»

Фæсивæд ныххудтысты. Мæдинæ сæ мисхалмæ дæр не ’рдардта, уый фæрæствæндаг уæд æмæ, бæгъæввадæй дæр æрлæудзæн фæлварæнтæисæг къамисы раз.

Рацыди æхсæз азы. Фæци каст медицинон институт æмæ уыцы сæрд моймæ дæр ацыд горæтмæ, дæндæгтæаразæг Сæдомæ. Мæдинæйы чындзæхсæвы фæстæ сæ хъæуы фæсивæдæй бирæтæ сæ амонд ссардтой. Горæтаг фæсивæд æмхиц кæд не сты хъæуккаг уæздан чызджытæм.

Райдыдта Мæдинæйы ахъаззаг цард: иуæй, тох кодта адæмы æнæниздзинады сæрвæлтау, иннæмæй хаста бинонты царды æфсондз. Алцæмæн дæр фæрæзта: æхсæвбадæнтæ рынчынты уæлхъус, æвæстиат операци, кæм хуры, кæм къæвдайы, кæм фистæгæй, кæм уæрдоны рынчынмæ æххуысмæ тындзыдта. Разы уыд йæ куыстæй. Фæлæ иу хъуыддагæй тыхст æмæ йæ сагъæсы æфтыдта: сывæллон сæм нæма уыд. Æмæ кæй нæ улæфыд, уый аххос у, зæгъгæ, рæстæгмæ бацыд дохтырæй сидзæрты хæдзармæ. Бæргæ нæ уыд уым йæ зæрдæзæгъгæ куыст. Егъау науы тæнæг доны баскъæрæгау. Сывæллæтты æгæрон бирæ уарзта. Йæ куысты фæстæ сæхимæ никуы тагъд кодта: куы иу къордимæ, куы иннæ къордимæ хъазгæ баззайы.

Иу бон зæрдæфæйлыдæй бацыд сæхимæ. Рæвдз йæ пъалто ласынмæ фæци. Сæдо бадти диваныл æмæ йыл дис дæр ма бакодта, афтæ хъæлдзæгæй йæ æрæджыты кæй никуыуал федта, ууыл.

— Цы хорз ныл æрцыд? — афарста лæг. — Лæппу нын райгуырди, мыййаг?..

— Чызг, Сæдо, чызг!..

— Æдылы фæдæ?..

— Нæ фæдæн!

— Фæлæуу-ма, цы хорз ныл æрцыд, зæгъын æз?

— Сæдо, чызг, замманай чызг ссардтон.

— Цы?! — сахълæуд акодта агъуысты астæу. — Æз æй уайтагъддæр бамбæрстон, ды дзæгъæлтæм кусынмæ дæр уый тыххæй кæй бацыдтæ.

Мæдинæ йæ къухтæ йæ риуыл атыхта, исдуг æнцад алæууыд.

— Фыццаджыдæр, æз уырдæм сывæллон мæ фæуа, уый тыххæй нæ бацыдтæн. Стæй дын, мæнмæ гæсгæ, бамбарын афон у, æз æфсæддон лæг кæй дæн æмæ паддзахады лæг дæр. Паддзахад кæдæм æрвита, уырдæм мын æнæ цæугæ кæй нæй.

— Гъер уый ныхæстæм хъус! Алы бæстæйæн дæр йæ адæм паддзахады адæм сты.

— Æз мæ ныхас нæма фæдæн...

— Зонын, цы зæгъыс, уый, ахæм ныхас нæм фыццаг хатт нæ рауад.

— Фæлæуу-ма, байхъус мæм... — лæгъз æвзагæй асайынмæ хъавыди йæ лæджы, фæлæ, йæ зæрдæйы æндæр сылгоймаг цы нæлгоймагæн вæййы, уымæн йæ усмæ йæ зæрдæ хæццæ фæкæны.

— Ахæм ныхæстæ ма кæн! — марг цæстæнгасæй загъта Сæдо.

— Цавæр ныхæстæ, куы ницыма загътон? Байхъус-ма, ды куы зонис, цæй æмбисонды дзæбæх чызг у, уый!

— Нæ дæм хъусын, мæн нæ хъæуы, йæ ныййарджыты чи нæ хъæуы, уыцы дзæгъæл... — загъта фидарæй лæг. Йæ пъалто рагъæнæй раскъæфта æмæ дуары æдде фæци.

Мæдинæ æнкъардæй æрбадт диваныл, нымдзаст агъуысты къуыммæ, стæй йæ цæстытыл ауад...

Дыууæаздзыдты къордмæ йæ иунæг Хуыцау бауагъта абон. Семæ хъазыныл фæци. Кæсы æмæ дын къулæнцой лæууы саусæр чызг. Йе ’рфгуытæ балхынцъ кодта, йæ цæнгтæ йæ фæрстæм балхъывта, йæ чысыл къухтæ стымбыл кодта, йæ галиу къах чысыл раздæр, афтæмæй лæууыд, цыма йыл ныртæккæ ныббырсдзысты æмæ сын ныхкъуырд раттынмæ йæхи æрцæттæ кодта, ахæм хуызы. Мæдинæ йæхи нал баурæдта æмæ фелвæста чызджы йæ хъæбысмæ: «Мæ чысыл хур, мæ цæст... мæ карк...» — афтæтæ дзургæ чысыл бандоныл æрбадинаг уыди, фæлæ нæ сарæхст æмæ азгъордта æд сывæллон йæ кабинетмæ. Алы рæвдауæн ныхæстæ йын кæны, стъолыл æй æрбадын кодта æмæ йæм лыстæг кæсы: сау егъау æмбаргæ цæстытæ, даргъ сау цæстыхаутæ, сæ кæрæттæ хæрдмæ къæдз. Лыстæг даргъ æрфгуытæ бæлвырд æлхынцъ фындзы сæрмæ. Хæрз аив фындз, сырх былтæ. Раиртæста былты æлхынцъ, æрфгуыты æлхынцъ æмæ къухты тымбыл кæрæдзиимæ баст кæй сты. Æмæ йæм æлхынцтæ райхалынмæ фыццаджыдæр радта йæ хъусæнтæ, фæлæ сæ нæ бакуымдта. Хæрдмæ йæ систа æмæ йæ бафарста: «Дохтыр нæ дæ, уый уынын, фæлæ чи дæ? Цæй, адæймаг у, æндæр мæ ницы хъæуы». Йæ галиу цонгыл æй авæрдта, йæ рахиз къухæй та йæм дæтты куы цы, куы цы, фæлæ-иу сæ фехста. Сырх кърандасмæ йæхи аивæзта. Радта йæм æй æмæ дын куы сдзурид: «Гæххæтт».

Мæдинæ ныххудти.

— Гæххæтт дæ хъæуы? Дæ низтæ дын ахæрон, — гæххæтты сыф æм авæрдта. Йæ къухы гæххæтт æмæ кърандас куы бафтыдысты, уæд хъæбысæй зæхмæ бырынмæ фæци. Æриста йæ, чызг бандоны фарсмæ балæууыд æмæ гæххæттыл хæххытæ кæнынмæ бавнæлдта. Мæдинæ йæм кæсы æмæ йæ мидбыл худы: «Мæн у, мæн у, æндæр никæй», — загъта хъæрæй æмæ чызджы русæн аба кодта.

— Дæ ном та цы хуыйны, и?

Чызг нæ дæтты дзуапп.

Цалдæр фæлтæрæны скодта йæ ном базоныныл, фæлæ сывæллон йæ хъус нæ дары. Стæй йæ бынтон æнæнхъæлæджы бафарста:

— Чи дæ ды?

Уæд æм скаст:

— Æз? Сиетæ...

— Светæ? О, ме ’дылы сæр, — загъта Доцион æмæ стъолы фарсмæ абадт. Йæ хуызмæ гæсгæ йæ рацагуырдта: «Донхæристы Светланæ Сосланы чызг. Мад рынчын у...»

— Хæсгæ, хæсгæ йæ кæнын æз. Мæхи дæр амардзынæн, уæддæр æй нæ ныууадздзынæн.

Йæхицæн бынат нал ардта. Тæккæ райсом! Иу бон фæстæдæр дæр нæ! Райсом! Райсом мæ хæдзары уыдзæн. Нæ, иу бон дæр нал саккаг кæндзæн йæ цард йæхицæн æнæ сывæллон. Сывæллон æй хъæуы, уым цы аххосджын у, дæ хорзæхæй?

Фæлæ Доцион куыд æнхъæл уыди, хъуыддаг афтæ æнцонтæй къухы не ’фтыд.

Дыккаг бон нæ, фæлæ рацыд æнæхъæн мæй. Фыццаджыдæр хъуыди сывæллоны йæхиуыл сахуыр кæнын. Йæ зæрдæбын ахастытæ æмæ узæлæнтæ нæ фæдзæгъæл сты. Базыдта, цавæр хъазæнтæ фылдæр уарзы, уый, æмæ йын уыдон æлхæдта. Æппæтæй фылдæр уарзта бурсæр æмæ цъæхцæст чындзытæ. Бавдæлд æмæ йын балхæдта, хъæбысы дзаг сывæллон у, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм бурсæр чындз. Уый нæ ахаста сидзæрты хæдзармæ, фæлæ йæ ныууагъта сæхимæ. Куы банкъардта, фæцахуыр ыл ис, уый, æмæ гæххæттытæ куы срæвдз сты, уæд ын æрхæццæ амондджын бон. Æмæ иу изæр йæ хъæбысы Светланæ, афтæмæй йæ хæдзары къæсæрæй бахызт.

Сывæллоны хъарм дзаумæттæ раласта, сæхсадта йын йæ къухтæ. Рæсугъд, ног хæдзары даргæ дзабыртæ йын йæ къæхтыл скодта æмæ йæ агъуыстмæ бахуыдта. Куыддæр дуарæй бакаст Светланæ, афтæ ауыдта къулрæбын лæугæ егъау чындз. Йæ дыууæ къухы радаргъ кодта, афтæмæй.

— Светланæ, уый дæуæн, — загъта Мæдинæ чындзмæ амонгæйæ.

Саби чындзмæ бацыд, бацин ыл кодта, йæхи йас уыди раст. Схæцыд ыл.

— Цом, хæргæ уал исты бакæнæм, — сывæллонмæ куыд фæгуыбыр кодта, афтæ дуары хъæр фæцыд.

Мæдинæ æмбæрста, стыр маст æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый, æмæ йæхи цæттæ кодта, хъуыддаг куыд фæлмæндæр уагыл ацæуа, уымæ.

«Нæ нæ хъæуы искæй сывæллон!» — йæ хъусты айзæлыд йæ лæджы фæстаг ныхас дысон. Фæхæсс æй, стæй дын дæ бынтæ хурмæ ракалдзæн». Цæй, схъомыл æй кæндзысты, стæй сæ кæд куыдзæппарæнæй æппара, уæддæр цы сæ бон у? Хи туг, хи стæгæй æвзæрд сывæллæттæй дæр разыны ахæмтæ, ныййарæгыл йæ къух чи сисы. Афтæ йæм фæкаст, цыма ныры онг æгомыг æмæ æнкъард цы хæдзары дзаумæттæ уыдысты, уыдон худын райдыдтой...

Фæлæ... Бацыд Сæдо.

— Уый та цы у? — цыма сæм сывæллоны тыххæй æппындæр ныхас нæ уыд, раст цыма хуылыдз къæбыла уыди, ахæм хуызы бафарста лæг Светланæмæ амонгæйæ. Сывæллон æм тарст цæстæй скаст, стæй ныккуыдта. Мæдинæ йæ фелвæста йæ хъæбысмæ æд чындз. Чындзы къæхтæ уыдысты дæлдæр чызджы къæхтæй.

— Сабыр, фæтарст... — загъта сылгоймаг сывæллоны рæвдаугæйæ.

— О, о, чи фæтæрса ахæмтæ сты!

Светланæ нæ сабыр кодта. Иуæй сидзæрты хæдзары нæлгоймаг никуы федта, иннæмæй та ахæм мæсты лæджы хуызæй пыл дæр фæтæрсдзæн.

— Куыд æй нал фенон, афтæ! — хъæрæй та загъта Сæдо.

Светланæйы цæстытæй æвзæрдысты цæстысыгтæ, агуайæнмæ арахъхъы фыццаг æртæхтæ куыд æвзæрой хæтæлæй, афтæ. Сæдойы маст куыд фыхти, афтæ сывæллон та куыдта æмæ йын уалынмæ кæуын рахызт хæкъуырцмæ. Мæдинæйы сæры цæмæдæр гæсгæ фегуырд хъуыды: «Йæ мады хъæбысы, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хæкъуырцц нæ кæнид».

— Æз кæмæ дзурын! — фесхъиудта йæ лæджы хъæрмæ.

— Цы дзæбæх чызг у, уымæ-ма æрбакæс, гормон, — лæгъстæ кæныныл фæлвары сылгоймаг.

— Нæ йæм кæсын! Ницæмæн мæ хъæуы!

— Æз уал æй æнæуи æрхуыдтон, цæмæй ныл ахуыр уа, æндæр æй æнæ рæвдауæг кæнæ сывæллæтты цæхæрадонмæ бынат скæнгæйæ нæма уыдтæн æрхонинаг, фæлæ...

— Нæ нæ хъæуы искæй...

Мæдинæ сывæллоны диваныл авæрдта, æвæццæгæн, фæтарст, мæстыйæ йын куы феуæгъд уа. Йæ рахиз амонæн æнгуылдз дамбацайы лулæйау фæджебогъ кодта, къух фыццаг хæрдмæ систа йæхи, стæй цыма лом уыди æмæ агъуысты зæхх фæхъуынкъ кæнынмæ хъавыд, афтæ æнгуылдз кæрзуырдыг алæууыд, зæхмæ...

— Уæдæ кæд афтæ у, уæд абонæй фæстæмæ ацы сывæллон цæрдзæн ацы хæдзары!

— Уый бæрæг кæны, мæ къах ам кæй нал уыдзæн!

— Ницы дæ хъыг дары!

— Хъыг мæ дары! Мæн нæ фæнды мæ фæллой доны калын! Чызг у ирон. Абон куы нæ уа, уæддæр ын райсом разындзæн хион... Нæ зонын, нæ, ирон адæмы, æви?! — йæ пысултæ æмбырд кæнынмæ фæци, тæргайгæнаг чындзау.

Мæдинæ йæ хъæбысмæ фелвæста Светланæйы, цыма йæ лæг йæ дзаумæттимæ чумæданы куы авæра, уымæй йын тарсти.

Сæдо æртхъирæнгæнæджы лæуд акодта, йæ чумæдан йæ рахиз къухы, афтæмæй:

— Кæнæ æз, кæннод уыцы чызг.

— Аргæ нæ ныккодтон, — загъта Доцион, — фæлæ сывæллон схъомыл кæнын нымайын мæ хæсыл.

Сæдо фæзылд. Дуар ныггуыпп кодта æмæ ацыд. Мæдинæ æд сывæллон æрбадт бандоныл, йæ хъæбысы йæ æнгом куы æрбалхъывта, уæд фæллад зæронд лæгау ныуулæфыд сывæллон. Уыцы улæфтмæ Мæдинæйы зæрдæ æрбауынгæг.

— Ма улæф ас лæгау, æз дын уыдзынæн мад. О, мад! Абонæй фæстæмæ уыдзынæн дæ мамæ. Зæгъ-ма «мамæ».

— Мамæ, — афтæ æнæуи, йæ фæстæ чи ницы домы, ахæм ныхасы уагæй загъта Светланæ.

— Зæгъ-ма ногæй, — цымыдисæй лæгъстæ кодта чызгæн, — «мамæ». Фæнды дæ, мах иумæ цæрдзыстæм. Ды мæ чызг, æз дæ мамæ. Зæгъ-ма «мамæ»...

— Мамæ...

Йæ зæрдæйы алы уидаг дæр дзырд «мамæйæн» дзуапп лæвæрдта рæвдыд æмæ уарзтæй. Æмбæрста, саби цæмæй зæрдæбынæй «мамæ» дзурын райдайа, уый тыххæй кæй хъæуы рæстæг æмæ рæвдыд. Рæвдыд рæстæгыл кæй фæуæлахиз уыдзæн, уыцы хъару йæхимæ æнкъардта.

«Цæй, цы зæгъыс?» — йæ хъустыл айзæлыд йæ лæджы æртхъирæны хъæлæс. Æз æви ацы чызг?» ...Бæргæ куы нæ ацыдаид Сæдо.

Доцион у хæрзконд, фæлмæнзæрдæ сылгоймаг. Йæ карæй бирæ кæстæрхуыз. Йæ тымбыл рæхснæгцъар цæсгом сылгоймаджы ахорæнтæ никуы бавзæрста, егъау æрвхуыз цæстытæ æмбаргæ каст кодтой.

Ралæууыд 1939 аз, Ногбон. Уыди фæлмæн рæстæг. Иугай миты гæлæбутæ зивæггæнгæ зилахар кодтой уæлдæфы. Мæдинæ æмæ Светланæ рацыдысты тезгъо кæнынмæ проспектмæ.:

Трамвай аивгъуыдта сæ рæзты.

— Мамæ, трамвайæн сыкъатæ ис, нæ? — афарста чызг. Цæмæй йæ нæ бафæрсдзæн, цы дзырдтæ не схауы йæ дзыхæй? Диссаг у, æвæдза, ныр саби куы нæ райстаид, уæд кæцæй базыдтаид сывæллоны ад?

— Мæ хъæбул, уый сыкъа нæу, сыкъатæ ис хъутæн, галæн, сæгъæн.

— Мамæ, трамвайæн дæр ис сыкъа. Уæдæ уый цы у?

— О, трамвайæн дæр ис сыкъа, — сæ рæзты цардбæллонæй азгъордта трамвай. — Кæсыс, сыкъа уæлæ телыл. Телыл цæуы ток, зоныс, цы у ток, уый?

— Зонын, цырагъ.

— Уыцы точы руаджы цæуы трамвай, кæс-ма, мæ хъæбул, телæй сыкъа куыд фæхицæн вæййы. Талынджы трамвайы цæугæйæ никуы федтай рухс куы ахуыссы, куы та ссудзы, цыма йæ цæст фæныкъулы, уыйау?

Мæдинæ сывæллонмæ дзырдта иронау. Фыццаг æппындæр не ’мбæрста, фæлæ ныр æххæстæй дзуры иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.

— Мамæ, ацы бæлæстæ чи ныссагъта?

— Уыдон хорз лæгтæ ныссагътой.

— Цæмæн?

— Цæмæй рæсугъд уа нæ горæты уынг, проспект, уæлдайдæр та сæрдыгон.

— Уæлæ уыцы хæдзар та йæ къæлидор уынгмæ цæмæн раппæрста? — ацамыдта балкъонмæ.

Доцион йе ’фцæгготы амбæхста йæ былтæ æмæ аивæй бахудт.

— Мамæ, цæмæн?

— Уый, мæ хур, балкъон хуыйны. Кæс-ма, фендзыстæм та ноджыдæр.

— Уый балкъон нæу, уый къæлидор у.

— О, къæлидор, фæлæ уыныс, хæрз чысыл у, нæ? Æмæ ахæм чысыл къæлидортæ хуыйнынц балкъонтæ...

Сæ размæ фæци уырыссаг сылгоймаг сырх дидинджытимæ. Мæдинæ йын балхæдта иу дидинæг æмæ йæ Светланæйы худы счъилы æрсагъта.

— Мамæ, æмæ балкъон циу?

Мæдинæ стыр æхсызгонæй бадис кодта, йæ чызг йæ фарстæн дзуапп кæй нæ райста, уый дзы кæй нæ ферох, ууыл.

— Балкъон, мæ цæсты рухс, у чысыл къæлидор. Дзырд «балкон» у уырыссагау, иронау та къаннæг къæлидор...

Ныхæстæ кæнгæ бахæццæ сты, горæты тæккæ зæрдæ кæй хонынц, уырдæм, Ленины номыл фæзмæ. Мæдинæ кæсы æмæ фæзæй проспектмæ хърихъуппыты рæнхъау ахал сты сывæллæттæ дыууæ хъомылгæнæгимæ. Сæ иу разæй, иннæ фæстæдæр.

Трамвай зæлланггæнгæ сцæйцыди галиуырдыгæй, хъомылгæнæг хæрз чысыл сырх тырыса хæрдмæ систа, трамвай æрлæууыд æмæ сæ цыма раст сæ кæртмæ хуыдта, афтæ æнæ уæлдай змæлдæй бахуыдта сабиты проспектмæ.

Доцион йæ чызгимæ æрлæууыд Ленины цыртдзæвæны раз. Галиуырдыгæй рæсугъд агъуыстмæ амонгæйæ бафарста сабийы:

— Нал хъуыды кæныс?

— Куыд нæ? Кино дзы февдисынц.

— Уæдæ уæртæ уый дæр зондзынæ?

— Зонын. Дукани. Уым мын пъалто балхæдтай.

Йæ бакомкоммæ заз бæласы хæдфæстæ райдзастæй лæууы ирон театр, раст цыма йæ æппæт уынд афтæ дзырдта: «Æз дзыллæты æхсæн аивады рухстауæг дæн».

Мæдинæйы бафæндыд базонын, цымæ Светланæ хъуыды кæны, цы у ацы бæстыхай, стæй æрæджы «Пæсæйы фæндонмæ» кастысты æмæ дзы цымæ исты йæ зæрдыл бадардта?

— Светланæ, дукани зоныс, фæлæ-ма базон, уæртæ нæ бакомкоммæ уыцы хæдзар та цы у, искуы дзы уыдыстæм?

Чызг исдуг ахъуыды кодта:

— Уый, мамæ, Мысырхан...

— Уæ, мамæ дын дæ низтæ ахæра, гъе, цом заз бæласмæ, кæннод нæ куы нал бауадзой. Кæс-ма, куыд рæсугъд у.

Сывæллон ныддис кодта. Заз бæлас йæ мидбынат зилгæ фыццаг хатт уыны.

Тынг рæсугъд уыди Ногбоны Ленины номыл фæз. Адæм æм тырныдтой. Ацы фæз ма ахста ахсджиаг бынат ирон адæмы царды. Ардыгæй Гуырдзыстонмæ цæуынц машинæтæ. Ныртæккæ Бæзæфцæгыл ахизæн нæй. Иу ныхасæй, æфцæг арсау зымæгиуат кæны, улæфы. Фæлæ машинæтæ æмæ автобустæн се змæлд нæ къаддæр кæны. Цæуынц сыхаг хъæутæ æмæ горæттæм. Адæм фæзы æмызмæлд кæй кæнынц, уымæ гæсгæ машинæты лæууæн рæстæгмæ аивтой дуканийы дæллаг фарсмæ.

Иу автобус æрлæууыд. Адæм æм багуылф кодтой. Шофыр гæххæттытимæ архайдта, стæй куыддæр афæндараст уа, зæгъгæ, афтæ, цыма йæ исчи расхуыста, афтæ рагæпп кодта иу ас сылгоймаг æмæ уыцы уæзбынæй базгъордта дуканийы дуары галиу фарс посты асыкмæ æмæ дзы писмо нысхуыста. Сылгоймагæн йæ фыртагъд-тагъдæй ницыуал æнтыст æмæ йæ рахиз къах автобусы къæпхæныл куы авæрдта, уæд ныссуйтæ, фæлæууыд йæ даргъ къабайы фæччийыл. Иу нæлгоймаг æм йæ къух авæрдта, æппынфæстаг автобусы дуар бахгæд.

Бæлццæттæ афæндараст сты. Доционы æрфæндыд уыцы сæрæн сылгоймагмæ кæсгæйæ искуыдæм ацæуын. Кæдæмфæнды уæд, æрмæстдæр иучысыл искуы куы аирхæфсид йæхи. Йæ цæст та ахаста театры бæстыхайыл. Афишæмæ хæстæг æрлæууыдысты чызг æмæ лæппу. Æмæ кæд сæ фæсонтæ зындысты, уæддæр бамбæрста сæ лæуд æмæ ахастæй уарзæттæ кæй сты. «Æвæдза, уарзын тынг рæсугъд у», — загъта йæхинымæр. Йæ хъустыл ауад сывæллæтты хъæлдзæг худт. Фæкаст æмæ федта — заз бæлас йæ æппæт фыдрæсугъд хъазæнтæ æмæ алыхуызон рухсытимæ йæ мидбынат сындæг зылди.

Изæрмилтæ сæхи æруагътой зымæгон горæтыл æмæ алыхуызон электрон цырæгътæ ссыгъдысты. Фæзы рæсугъддзинадмæ Мæдинæйы зæрдæ бахъæлдзæг. Заз бæласы алыварс сывæллæттæ кæрæдзийы къухтыл хæцгæ æмкафт систой. Адæм куыдфылдæр кодтой изæрырдæм, афтæ Доционыл зонгæтæ арæхдæр æмбæлд.

«Ног азы хорзæх дæ уæд, дохтыр», «Дохтыр, де ’зæр хорз!» — салам ын лæвæрдтой. Дыууæ сылгоймагимæ ныхас куы фæци, уæд æм иу лæппулæг хæстæг бацыд.

— Дохтыр Доцион, Ног аз дын æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстдзинæдтæ æрхæссæд! Нал мæ хъуыды кæныс? Æз Муради дæн.

Мæдинæ йæ исдуг нæ базыдта, стæй йыл ныццин æмæ йын уый дæр ног азы арфæтæ ракодта. Лæппу йæ галиу къух февдыста.

— Кæс-ма, мæ къухы æнгуылдзтæ змæлын райдыдтой. Ды куы нæ уыдаис, уæд цæнкуыл уаин, — загъта æмæ сын цыма сæ ныхас кæй бахъыгдæрдта, уымæй фефсæрмы, афтæ адæмы æхсæн фæцыдæр.

Медицинон институты фæстаг курсмæ куы бацыди, уæд сæрды уыди сæхимæ. Иу изæр æм фæмидæг сты цыппар лæппуйы, тугæйдзæгтæй. Исдуг раиртасæн нæ уыди, чи кæй æрхуыдта, уый. Фæлæ ауыдта сæ иуы галиу къух хæдоны скъуыдтæй баст. Фæтæгены цырагъы рухсмæ рæвдз февнæлдта, йæ хирургон мигæнæнтæ æдзух цæттæйæ лæууыдысты, æмæ дæ хъуыддаг раст, ахæм цæттæ дохтырмæ балæууай. Рæвдзгомау, арæхсгæ къухтæй, фыццаджыдæр, резинæ синагæй абаста цонг рæнбыныкъæдзæй уæлдæр. Асыгъдæг кодта хъæдгом, туг уромæн æлхъивæнтæ аныхæстысты къухыл. Лæппу фыццаг фæрæзта, фæлæ фæстагмæ нал быхсыд æмæ хъæр кодта.

Бахуыдта хъæдгом, куыд йæ бон уыди æмæ хæдзары уавæрты куыд арæхст, афтæ. Цал æмæ цал адæймаджы бамбæрстой Мæдинæйы къухтæ. Афтæмæй та адæмы сабитæм хæлæггæнгæ фæцард. Акаст зазы раз хъæлдзæг, æнæмæт сабитæм, сæ амондджын ныййарджытæм. Йæ рахиз къухæй нылхъывта Светланæйы къух. Цыдæр æнахуыр тас дзы бацыд, цыма йын æй ныртæккæ исчи исдзæн, сæхимæ куыд рацæуинаг уыди, афтæ Муради йæ уæлхъус алæууыд, гæххæтты тыхт егъау къоппимæ:

— Дохтыр Доцион, саккаг кæ дæ Ногбоны басылы хай! — мидбылхудгæ загъта Муради.

Ныфсæрмы ис Мæдинæ. Ахæм хуызы йæ лæвæрдта æмæ йæм æфсоны «нæ» зæгъыны ныфс дæр нæ разынд. Стæй, ау, аив у, зæрдиаг лæвар нæ исын?

Райста лæвар, Муради Светланæйыл цинтæ кæны, цыдæртæ йын дзуры... Кæсы Мæдинæ, æмæ æрбацæуынц хæрзконд нæлгоймаг æфсæддон дарæсы, йæ рахиз къухæй хæцы иу-цыппар азы кæуыл цыдаид, лæджы бындзæфхад у кæмæй фæзæгъынц, ахæмтæ арæзт лæппуйы къухыл. Йæ разæй цыди рæсугъд сылгоймаг. «Цымæ дыууæ æмкъайæ иу раздæр цæмæн фæцæуы? — ахъуыды кодта йæхинымæр Мæдинæ. Гъер адон лæг æмæ ус сты, æмæ ус раздæр кæй цæуы, уымæй йæ æнæфенд æвдисы». Кæсы æмæ йæ хæд размæ æрлæууыдысты. Фæлæ сылгоймаг Мæдинæйы фенгæйæ йæхи айста иуварс. «Цымæ цæмæн?» — фæдис та кодта Мæдинæ.

Уыдон уыдысты Сослан æмæ Сафиат сæ лæппуимæ. Сафиат зыдта йæ хæзгулы бинойнаджы, уымæ гæсгæ йæхи айста иуварс. Фæлæ йæ Мæдинæ никуы федта.

Сослан æм дзырдта, иучысыл бакæсæм, зæгъгæ, фæлæ ус нæ байхъуыста. Йæ фыртæн дæр цыдæртæ дзырдта, фæлæ уый та йæ хъус адардта, йæ размæ цы чызг лæууыд, йæ худы счъилы сырх дидинæг кæмæн уыди, уымæ. Сослан дæр æдзынæг ныккаст сывæллæттæм. Йæ лæппу цыдæр æнахуыр рæвдаугæ ныхас кодта æнæзонгæ чызгимæ.

— Кæрæдзийы куыд бамбæрстой, — хинхудт кæнгæ бафиппайдта Муради.

— Æцæг, æцæг, — загъта Сослан. Ног азы хорзæх уæ уæд, бафтыдта ма йæ ныхасмæ æмæ бакаст Мæдинæмæ. Мæдинæ та ма цæмæдæр гæсгæ Сафиатыл хъуыды кодта. Чи зоны æмæ йæ уыцы хъуыдыйыл бафтыдта — æрдзон æнæуынгæ æнкъарæнты тых. Сосланмæ куы фæкасти, уæд та бынтон йæ зæрдæ фæтыхст, сгуыпп-гуыпп ын кодта. Дыууæ нæлгоймаджы ныхасмæ йæ хъус нæ даргæйæ та акаст, Сафиат кæцырдæм ацыд, уыцырдæм. Светланæ та чысыл лæппуимæ балымæн, стæй сæм Сослан куы сдзырдта, уæд æм чызг хæрдмæ скаст æмæ Сослан æдзæмæй кæсгæ аззад. Цыдæр зонгæхуыз æм фæкастысты чызджы цæстытæ.

Уыцы рæстæг йæ хъустыл ауад Мурадийы ныхас:

— Дохтыр Доцион, фæрсæг сонт у, фæлæ куыд кæсын, афтæмæй дæ чызджы фыд у?

Доцион фесхъиудта, йæ сæрыхъуын арц абадт æмæ бафарста къуызгæйæ:

— Нæ дæ бам-бæрс-стон, цæм-мæн дæм аф-фтæ фæкаст?

Муради фæкъæмдзæстыг, ахæм стыр адæймаджы куыд хуымæтæг фарст акодта, фæлæ та загъта:

— Куыд, цæмæ? — ацамыдта чызгмæ. — Дæ чызг йæ фыды æнгæс у.

— Уый йæ фыд нæу, — загъта Мæдинæ.

— Хуыцау мæ амарæд... — батыхст Муради, — æнгæс мæм фæкастысты...

— Нæ зонын, æз æддæкъах никуы уыдтæн, — худгæйæ загъта Мæдинæ, фæлæ йæ зæрдæмæ та тар æндæрг баирвæзт. «Кæд, æцæгдæр?.. Кæс-ма, дæ хорзæхæй... Ныккаст лæппумæ. Куыд балымæн сты?.. Æниу цæй, алкæимæ дæр афтæ куы алымæн вæййы».

— Цом, Артур, — загъта Сослан æмæ йæ фырты къухыл рахæцыд.

Раст уыцы рæстæг лæппу æвнæлдта чызджы дидинæгмæ.

Куы фæцæйцыдысты фырт æмæ фыд, уæд Светланæ исдуг сæ фæстæ джихæй кæсгæ аззад, стæй йæ худæй дидинæг фелвæста, асырдта сæ æмæ йæ лæппуйы хъусджын худы галиуырдыгæй æрсагъта.

— Дæ къух æм авæр, хæрзбон ын зæгъ, — загъта Сослан йæ фыртæн.

Чызгмæ бауад Мæдинæ. Муради ныфсæрмы:

— Хатыр бакæн, дохтыр Доцион... Нæ зонын, уыцы лæг мæм йæ фыды хуызæн цæмæн фæкаст!

— Ницы кæны, царды бирæ адæмтæ ис кæрæдзи æнгæстæ.

Муради фæныфсджын.

— Гъер æз иу номдзыд хирурджы хуызæн дæн, уый дæм диссаг нæ кæсы?

— Нæ кæсы, — бахудт Доцион. — Кæд дæ фыд, мыййаг, æддæкъах лæг уыд, уый мад та?..

Муради ныххудти?

— Нæ, мæ фыд уæздан лæг у.

VI СÆР

1941 азы июны райдайæны Лазæрмæ фæсидтысты æфсæддон ахуыртæм. Иунæг Хуыцау, Лазæр цы къазармайы уыди, уырдæм æрбахаста Таймуразы дæр. Ахуыртæ цыдысты горæт Дзæуджыхъæуы сæрмæ. Дыууæ хæлары æнувыд уыдысты кæрæдзиуыл. Æдзух сæ ныхасы сæр Асиаты цард æмæ хъысмæт сси. Лазæрæй Таймураз базыдта, Светланæйы чидæр кæй райста, уый.

Иу бон сихорафон, æфсæддон къазарматæ йæ сæрыл систа æнæнцой фæдис. Фæдисонæй згъордтой æфсæддонтæ. Лазæр тарстхуызæй афарста Таймуразы:

— Цыдæр хабар ис?

— Цы хабар уыдзæн? — стырзæрдæйæ загъта Таймураз. — Салдаты фæлварын сæ куы бафæнды, уæд та ныффæдис кæнынц.

Цъусдуг рæстæджы размæ ма бонасадæн цы лæппутæ кодтой, уыдон сыгъдмæ згъорæгау згъордтой кæртмæ...

Цæст кæуыл не ’ххæссыд, уыцы гарнизоны плацдармы æфсæддон æгъдаумæ гæсгæ лæууыдысты æфсæддонтæ.

Цыдæр æнахуыр бæстæ ныссабыр...

Сабырдзинад фехæлдтой гарнизоны хицауы æгъатыр ныхæстæ:

— Хæст! Немыцимæ!..

Лазæр æмæ Таймураз иумæ лæууыдысты. Куыд се ’мбæлттæ, афтæ уыдон дæр ахъуыды кодтой нæ бæстæйы ныгуылæн хъæутæ, горæттæ æмæ быдырты фашист цы æбуалгъ митæ кæны, ууыл...

Таймураз йæ фыркатайæ йæ сæр куы батылдта, уæд йæ размæ ауыдта хæрзконд æфсæддоны, танкон æфсады офицеры æмæ йæм дзуры:

— Таймураз, нал мæ зоныс, æви?! — æмæ гæзæмæ йæ мидбылты бахудт.

Уый æм исдуг ницы нысаниуæг цæстæнгасæй каст, гъе стæй цины хъæр фæкодта:

— Сослан! Ау, уый ды дæ?! — æмæ æфсымæртау ныхъхъæбыс кодтой...

Стыр хъыджы рæстæг, адæймаджы раз зæрдæмæхæстæг хион куы æрбалæууы, уæд йæ хъыг фæрогдæр вæййы... Таймураз æмæ Сосланы размæ бацыд Лазæр. Таймураз æм Дзуры:

— Лазæр, базонгæ у. Нæ кæддæры зындгонд тракторист... — къухтæ исгæйæ сæ нæмттæ загътой:

— Лазæр...

— Сослан...

«Сослан», цæмæдæр гæсгæ Лазæры зæрдæ ныссæххæтт ласта. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты «С» «А» Асиаты хъусцæджытыл фыст дамгъæтæ.

Диссаг у адæймаджы зонд. Цы хъуамæ уа иумæйаг танкист æмæ æнамонд чызгæн? Цæмæн февзæрд Лазæры сæры гуырысхо? Цыма йын йæ хъуыдытæ бамбæрста, афтæ Таймураз йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Сослан нæ хъæуы цы чысыл рæстæг фæци, уым ныууагъта стыр кад.

— Цы?! — дисæй афарста Лазæр.

— Нæ колхозмæ трактористæй æрвыст уыди...

— Кæд?! — афтæ куыд афарста, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта Байсангуры-фырт.

— Æртын цыппæрæм азы...

Лазæр сæм дарддæр нал хъуыста. Таймуразы хуымæтæджы дзуапп, йæхæдæг уый не ‘мбаргæйæ, бауагъта Асиаты сусæг хъуыддагмæ зынджы æртхутæг. Лазæр Сосланмæ бакаст æнæуынон æмæ дисы цæстæнгасæй. Йæ цæстытыл ауад, Асиат йæ хæдзары райсомы хуры тынтæм куы фынæй кодта, уæд ын йæ хъуыдыйы йæ фарсмæ цал хуызы нæлгоймаджы æвæрдта, уый. Ничи, никæй уагъта йæ цæстæнгас хæстæг хиуылхæцгæ, зынæмбæлд чызгмæ. Фæлæ!.. Мæнæ йæм ныр йæ цæстæнгас фæхоны Сосланы. Диссаг! Æрмæстдæр ахæм хæрзконд нæлгоймаг басастаид Асиаты сæрыстырдзинад. Йæ цæстытыл ауадысты чызджы тухитæ æхсæвы донхæрисы бын. Уыцы фыдæхсæвæн æмбæрзæн Асиаты сусæг цæссыгтæ. Йæ худинаджы кой адæмæн æмбисонд. «Уый у!» — фидарæй скарста хинымæр æмæ цыдæр æнахуыр уынæргъыд ныккодта, фæдонзоныг.

— Цы кодтай?! — тарстæй йæ афарста Сослан.

— Дæхиуыл фæхæц! — загъта Таймураз. — Иннæтæ кæм фæразой, уым мах дæр исты амæлттæ кæндзыстæм. Сослан бафиппайдта Лазæры дызæрдыггаг цæстæнгас, фæлæ йæ абоны æбуалгъ хъуыддагмæ бамбæрста. Лазæр йæхиуыл хæцыд. Тарсти æнæрхъуыдыйæ исты куы сдзура, уымæй. «Уый у, уыцы нæлгоймаг у», — фидарæй та загъта Лазæр хинымæр æмæ комкоммæ бакаст Сосланмæ, стæй йæ хинымæр бафарста: «Уый ды, дæ?!»

Сосланмæ фæдзырдтой.

— Бахатыр кæнут, — йæ галиу къух йæ риуыл авæрдта Сослан, — мæн цæуын хъæуы.

— Таймураз, гуырысхойаг нæу, ацы хæрзконд танкист уæ хъæуы нæртон кад кæй ныууагъта, уый, — загъта Лазæр.

— Тынг хæрзæгъдау лæппу уыди, — сæрыстырæй загъта Таймураз, Лазæры дæлгоммæ ныхас нæ бамбаргæйæ.

Сослан та йæ мидбыл бахудт, йæ галиу уæхск зынанæзына фезмæлын кодта.

Хæрыныл чи уыд, фæлæ æфсæддон æгъдæутты сæрты хизæн нæй. Хæрæндонмæ цæугæйæ Лазæр архайдта Сосланы кой ма кæнын, тарсти йæ гуырысхо куы срæдийа, уымæй. «Кæд, мæгуыр, йæ сæрæн ницы зоны, уæддæр», — ахæм хъуыды фæзынд йæ сæры фæстагмæ. Къæрных хъарæджы удыбæстæ нæй, фæзæгъынц.

— Дæ хорзæхæй, — бакъуырдта йæ Таймураз. — Кæм зилахар кæныс, кæ?

— А-а... Куы никуы, — фестъæлфыд Лазæр.

Сафиат Сосланмæ не ’нхъæлмæ каст аизæр æмæ йе ’мбалы чындзæхсæвмæ йæхи цæттæ кодта. Тынг хъыгаг у, фæндон кæй нæ фæкафдзæн, уый, фæлæ хи аирхæфсын дæр мæнæ нæй ацы фыдбоны. Йæ уæлæ чъерамихуыз дари къаба, урс туфлитæ, йæ сæр фыдрæсугъд фаст. Айдæны раз куыд зылди, афтæ æрбахызт æнкъардæй Сослан. Джихæй кæсгæ аззад йæ усы æнæмæт хуызмæ. Сафиат йæ лæджы ауыдта айдæнмæ:

— Гъы, гæды дæ æви? Гæдыйы къахвæды уынæр дæр ма ссæуы, уæд ды?!

Сослан ницы дзуры, æдзынæг æм каст æмæ фарста йæхи: «Мæ фырты мын схæсдзæн æви нæ? Нæ!..» — фидар дзуапп ын радта йæ мидхъæлæс.

— Мæ хæдзар бахорз! — ныттыхст Сафиат. — Цы кæныс, цы?..

Сослан йæ цæстæнгас ахаста йæ усыл къахæй сæрмæ. Исдуг сæ ничи ницы сдзырдта. Ус фæтыхст, йæ хъусцæджытæм ын цымæ афтæ лыстæг цы ныккаст. Фыццаг хатт сæ куы нæ уыны, мыййаг? Æнæстыфæй ацыди уатæй. Сосланмæ та уыди бынтон æндæр сагъæс: куыд уыдзæн йæ хæдзар сомбон? Схъомыл кæндзæн сывæллон? Ахæм хъаймæты бон цыма æппындæр ницы æрцыди, ахæм хуызæй кæсæнмæ чи кæсы, уыцы сылгоймаг? Рудзынгмæ бацыд, цыма искæй къæхтыл цыди, ахæм цыдæй. Джихæй касти рудзынгæй уынгмæ.

Хурныгуылæн, туджы æвдылдау, сырх-сырхид дардта, цыма стыр арт сыгъди, афтæ зынди. Хохы рæбынты, ныгуылæнырдыгæй, уæззау сау мигътæ лæсыдысты æмæ лæсыдысты. Хурыскæсæны дымгæ сæм йæхи фездахы, бацæуы сау мигътимæ карз тохы, фæлæ сæ фæстæ, ныгуылæнмæ, аздахын йæ бон нæ бавæййы... Бæлвырд сынæнцойхуыз ис горæт, кæд цæуынц адæм, знон, æндæрæбон куыд цыдысты, афтæ, трамвайтæ згъорынц, дуканиты дуæрттæ дæр гом сты, уæддæр бæрæг у æвирхъау бæллæх кæй æрцыди, уый. Афтæ йæм фæкаст, цыма суанг уынджы гæдыбæлæстæ дæр ноджы æнгомдæр балæууыдысты кæрæдзимæ фыртæссæй.

Йæ хъуыды йын фехæлдта сывæллоны кæуын. Иу хæрз æрыгон сывæрджын сылгоймаг, йæ галиу къухы уæззау хызын, иннæйæ сыфцæй ласæгау кæны, æртыккаг азы чи бацыди, ахæм лæппуйы, йæ уæлæ цыбыркъах сау хæлаф æмæ урс цыбырдыс хæдон. Хæлафы бæттæнтæ разæй дæр æмæ фæстейæ дæр дзуарæвæрд кодтой йæ чысыл гуыр. Йæ къæхтыл сырх туфлитæ æмæ урс цыбыр цъындатæ. Саби кæуы, нæ æййафы йæ мады. Мад тынг тыхст æмæ æнæвдæлон кæй у, уый бæрæг у йæ æппæт гуыры ахастæй, уæдæ кæд йæ кæуын нæ хъуысы, уæддæр йæ фыртæй æнæ кæугæдæр нæу. Æнæфсæрмæй асæрфы йæ армытъæпæнæй йæ цæсгом. Сывæллон тыхсы, ахуыр у хистæртæ йе ’мцыд кæной, ууыл, фæлæ ныр не ’мбары, цымæ цæуылнæ кæны абон йæ мад йе ’мцыд? Нæ, фæлæ ма йын йæхи цæмæн хъæуы стыртимæ æмцыд кæнын? Уæдæ йæ йæ мад куыд нæ æмбары, йæ хæрз чысыл къæхтæй стыр къæхтимæ æмцыд кæнын тынг зын кæй у, уый? Æмæ та фæцæйхауы, мад æй сивазы йæ цонгæй æмæ та атындзы...

Тындз! Тындз. Згъор, згъор! Нæ сылгоймаг, ку, ку, нæ саби, зæгъгæ, загъта йæхинымæр Дзодзыккайы-фырт æмæ йæ рустыл æрызгъордтой цæссыгтæ, фыдбон кæуынæй фидауы... Тагъд-тагъд фæуайы иннæ фыдхæрзконд сывæрджын æрыгон чындз. «Фыццаг зæнæг у æнæмæнг, — ахъуыды кодта Сослан. — Цымæ ма йæ йæ фыд фендзæн? Кæннод, мæгуырæг, уыцы сылгоймаг, арæн хæдзары йæ уд суæлдай кæнгæйæ, цардæн адæймаг чи ратдзæн, афтæмæй æд саби уазал уатмæ чи бацæудзæн... скуыдта хъæрæй, къухты кæлмæрзæн æмвæтæнæгæй æрхаста æгас цæсгомыл: Оххай-гъе, уæдæ цал æмæ цал лæппуйы нæ бавзардзысты уарзондзинады ад!.. Цал æмæ цал лæппуйы нæ банкъардзысты ныййарæджы ад...»

— Охх, мæнæ ныл хъаймæт куыд сыстад! — хъæрæй загъта, ныккуыдта æмæ дæлгоммæ баппæрста йæхи хуыссæныл. Афтæмæй йæ баййæфта Сафиат. Ныддис кодта, цæмæн змæлынц йæ мойы фæсонтæ?

— Цы кæныс?

Сослан йæхи систа, фестад:

— Цы ма кæнæм? Нæ бæстæйыл пиллон арт куы сирвæзт...

— О, о, — скуыдта йæ лæджы кæуынмæ Сафиат дæр.

— Кæуын дæр æмбæлы, фæлæ дæ, мæ хур, дæ дыстæ бафæлдахын бахъæудзæн. Сывæллон де уазæг, — йæ къухтæ йæ усы уадултыл рæвдаугæ æрхаста.

— Ныр куыд уыдзыстæм?! — Сослан æнхъæл куыд нæ уыди, ахæм хуызы бафарста Сафиат. — Хойрагæй дæр кадавар куы стæм.

— Адæм цы кæной, уыимæ разы уыдзынæ ды дæр, фæлæ исты балхæнын хъæуы. Зæгъ-ма, цы нæ хъæуы?

— Ссад, сæкæр, дзидза... — йæ зæрдæ æрбауынгæг æмæ ницыуал сфæрæзта дзурын.

— Уыцы лæппумæ суай, нæ сæрдыгон улæфтытæ нæ хъуыры фæбадтысты.

— Уыдон сæхæдæг зындзысты, — загъта Сафиат æмæ йæ сызгъæринтæ исынмæ фæци. Фыццаджыдæр æриста йæ хъусцæджытæ, йæ хъуырыл даргæ рæхыс, къухдарæнтæ... Æрæвæрдта сæ кæсæны стъолыл.

— Афтæ стырзæрдæйæ сæ мауал уадз, — бауайдзæф кодта Сослан æмæ сæм аджих, куыд уыдзæн йæ ус, кусын куы нæ уарзы, уæд? Цымæ кæцы сызгъæрин фæуыдзæн фыццаджыдæр кæрдзыны къæбæры амæттаг?

— Ницы сын уыдзæн, — загъта ус æмæ армыдзаг сызгъæрин дзаумæттæ ныккалдта стъолы лагъзы, раст цыма тыччы дуртæ уыдысты, ахæм хуызы.

— Æвæдза, ахсджиаг дæм куыд ницы ис, — загъта лæг.

— Цы æнахуыр ныхæстæ кæныс. — Кæд исты æлхæныс, уæд мауал фæстиат кæн.

— Æхцайæ рæвдз куы нæ дæн.

— Дæлæ, — ацамыдта сызгъæринтæм. — Уыдонæй исты ауæй кæн. Мæ бон ницы самал кæнын бауыдзæн.

Уыцы ныхасæй Дзодзыккайы-фырт фесхъиудта. Ау, уый та куыд! Æмæ йæ усы рæвдауæнтæм æрхауд, йæ уд ма йæ мидæг куы ис, уæд!

Сылгоймаг æй бамбæрста.

— Ахæсс сæ иууылдæр... — йæ зæрдæ æрбауынгæг. — Æз цæуон, дзул æрбахæссон... — загъта æмæ дуары æддейæ фæци.

Сослан цыма йæ рахиз къух донæй дымст уыди, уыцы хуызæнæй бавнæлдта сызгъæринтæм. Систа сæ, йæ армытъæпæны сæ змæлын кæны æмæ сæм кæсы бынтон æнæ исты нысаниуæгæй, хъусцæджытæй иу къæссавæлдæхт фæци.

— Диссаг! Уый та цы æмбисонд у? Фынæй у æви хъал? Уымæн уæвæн нæй! — мынæг уынæргъыд фæкодта Сослан. Дыууæ хъусцæджы фелвæста, иннæты ныккалдта лагъзы.

— Мæнæ цы диссаг ис! — æдзынæг кæсы хъусцæджытæм. — Аси-и-ат!.. — ныууынæргъыдта. Уæддæр ма рæстдзинадæн йæ галиу риуы дзыппæй фелвæста къухмæрзæн. Æрæмдых кодта, дыууæ фысты: дызæрдыггаг нал уыди, дыууæ «СА»-йы уыдысты иу къухфыст.

Фырфæсмонæй уаты цъилау зылди. Уый та куыд?! Куыд байтаман разынд, ныр цалдæр азы йæ ус уыцы æнамонд чызджы хъусцæджытæ дары æмæ сæм йæ хъус никуы æрдардта, никуы сыл фæгуырысхо. Кæд æмæ сæ Асиаты хъустыл иттæг хорз хъуыды кæны. Æмæ, дам, царды диссæгтæ нæй? Йæ тæккæ цъупдзаг у цард æнæнхъæлгæ цаутæй! Цы кæна, куыдæй йæ къухы бафтой? Цы хуызы сæ райса, уый нæма сбæрæг кодта, афтæмæй сæ абаста къухмæрзæны кæрон. Ныр ис дыууæ æлхынцъы йæ къухмæрзæны: иуы дур, иннæйы хъусцæджытæ. Хæрзаг тыхст бакодта, мæгуыр, йæ мады лæвар кæм ауæй кодта?.. «Мæгуырæг, цымæ кæм ис? Ехх, æвæдза...» — ныккæрзыдта æмæ йæ дыууæ тымбыл къухæй йæ къæмисæнтæ нылхъывта...

Цы кæна? Куыд кæна? Цыдæр куыстаг ын куы загъта йæ ус? О, хойраг æлхæнын хъæуы... Æмæ йæ сæры фæмидæг иу ахсджиаг хъуыды. Бахудт, йæ риуы дзыппæй фелвæста кърандас æмæ боныг. Иу сыф дзы фескъуыдта æмæ афыста: «Сафиат, æхцайæ рæвдз куыд не стæм, уымæ гæсгæ мæхи къухдарæн æмæ дæ хъусцæджытæ райстон... Стæй, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Балхæндзыстæм та ноджы хуыздæр æмæ рæсугъддæртæ дæр, куы цæрæм, уæд. Æрмæст хатырæй уæд... Дæхи Сослан».

Æвæстиатæй азгъордта æфсæддон хайадмæ. Уым райста æхца йæ мызды ныхмæ, йæ къухдарæн æрбауæй кодта, адæмæй дæрдджын дзаумæттæ кæм æлхæнынц, уыцы дуканийы.

Чысыл рæстæджы фæстæ Сафиаты къæбицы балæууыдысты дыууæ голладжы фæрсæй-фæрстæм: ссад æмæ сæкæр. Уæдæ дæ хъуыддаг раст æрбауа, мæ фæрнджын кæсæг, дзидзайы къуылдых æмæ ма алы фæлхас. Сафиаты зæрдæ балхæнын дæр дзы нæ байрох, абон йæ уæлæ цы къаба уыди, уый хуызмæ æнгæс æнгузхуыз дыууæ туфлийы æрæвæрдта стъолыл.

Уынгæй æрбайхъуыст худын. Фæкаст æмæ федта æрыгон, хæрз æрыгон, фынддæс-æхсæрдæсаздзыд чызг æмæ лæппу худгæ фæцæуынц. Лæппу цæугæ-цæуын аивæй алхъывта чызджы къух. Чызг ныххудти... Сослан дæр йæ мидбыл бахудт. Дуары хъæр æмæ ныхасы уынæр йæ хъустыл æрцыд. Рауад тыргътæм.

— Мæ лæппу! — Сослан йæ хъæбысмæ фелвæста йæ фырты. Йæ иу къухæй лæппуйыл хæцыд, иннæмæй та Аннæйыл, афтæмæй бацыдысты агъуыстмæ. Аннæ куыдта. Куыдта Сослан дæр. Артур дæр йæ былтæ сцъупп кодта раздæр, стæй ныккуыдта... Фырзæрдæхъуырмæйæ сдзурын сæ бон никæмæн уыди, афтæмæй сах лæуд кодтой.

Фесхъиудтой уынджы машинæйы æвæстиат иугæндзон уастмæ. Сослан акаст уыгмæ æмæ федта, сæ рудзгуыты раз лæууыд æфсæддон хайы машинæ. Раздæхт æмæ зæронд усы къухтæ райста йæ къухтæм, йе ’миас куыд уа, афтæ йæм æргуыбыр кодта.

— Аннæ, æз дæр æмæ мæ хъæбул дæр дæ къухтæй бирæ рæвдыд зонæм. Уый бахатын мæ зæрды уыдис, фæлæ мын нæ бантыст. Кæд искуы дæ зæрдæхудты бацыдтæн, ныххатыр мын кæн... — сæ дыууæйæн дæр цæстысыг сæ рустыл згъордта...

Машинæ та ныууасыд.

— Æрбахæццæ мæм сты. Чи зоны, ахсæв æрбацæуон, чи зоны, нæ. Йæ къухтæ йын схаста йæ былтæм. Аннæ, курын дæ, мæ лæппу де уазæг... æмбарыс мæ? Лæппуйы уæхсчытыл фæхæцыд. Ныууыгъта йæ. Лæппу хъæддых лæууыд, цурк хъæды лыггаджы куы ныффидар уа, афтæ.

— Уадзгæ ма йæ кæн, уадзгæ, лæджы бындзæфхад у уый! — загъта Аннæ дæр.

— Хъыг мын у, йæ цæстыты хуыз мæнæй кæй нæ фесты, уый.

— О, хатыр бакæн, Сослан, кæд цæстытæ цъæх не сты, уæддæр сæ конд дæу у. Йæ æрфгуытæ та? Уæд йæ фындз, йæ былтæ, йæ дæндæгтæ, йæ ных, иууылдæр дæхи хуызæн у.

Машинæйы фæдисон уаст æмæ радиойы сидты хъæлæс фæиу сты...

— Аннæ, къæбицы цыдæр хойрæгтæ, æхсæвæр скæнут, — дуармæ ауад, фæлæууыд, йæ къух йæ дзыппы афсæрста, æхца систа, авæрдта сæ Аннæмæ æмæ азгъордта, цыма йæ радиойы тызмæг хъæлæсы тых йæ уæлныхты фелвæста, афтæ.

— Аннæ, мæ лæппу де уазæг! Аннæ-æ!.. — машинæ фенкъуыст æмæ ма Аннæйы хъусты азæлыд йæ ном...

VII СÆР

Иу сæрдыгон сæумæрайсом 1942 азы, Ногхъæуы уынгты хъæуысæры ’рдæм фæцæйцыд æрыгон сылгоймаг. Йæ иу къухы морæ чумæдан, иннæйы хызын. Сынты базырау сау къаба аив бадти йæ хæрзконд гуырыл. Дæрдджын, бæрзонд зæвæтджын сау туфлитæ йæ къæхтыл. Сау дзыккутæ аив тыхт йæ къæбутыл. Кæд йæ сæрыл сау сæрбæттæн нæ уыд, кæд йæ къæхтыл сау цъындатæ нæ уыд, уæддæр йе ’ппæт гуырæй, йæ къах айстæй... бæрæг уыд, сагъæсджын кæй у, уый.

Уый уыди Асиат.

Зæринæ цæлгæнæны аходæн цæттæ кодта, йæ чызг та сынтæгыл бадт. Дуар æрбахостæуыд.

— Мидæмæ! — радзырдта Зæринæ.

Дуар байгом.

— Асиат!.. — мынæг хъæлæсæй фæкодта Зæринæ.

— Зæринæ!..

Кæрæдзиуыл ныттыхстысты дыууæ сылгоймаджы. Сылгоймæгты кæуынмæ ныккуыдта сывæллон. Асиат æй ауыдта, фæджих. Исдуг æй йæ хъæбул фæхуыдта, раст уыйасæй ныууагъта йæ чызджы дæр.

— Дианæ! — Асиат сывæллоны фелвæста йæ хъæбысмæ.

— Тæхуды, мæнон та кæм и?..

Йæ кæуындзæг ныхъуыргæйæ загъта Зæринæ:

— Æмæ... Дианæ дæр дæ чызг куы у. Номæвæрæг ныййарæджы ивы.

— Барæй йын ахæм ном радтон, — загъта Асиат зæрдæуынгæгæй. — Дианæ æмæ Светæ, хотæ уыдаиккой... Светæ нал ис...

— Бæргæ ма йæ рацагуырдтам...

— Æнамонд гуырд уыди æмæ æнамонд сæфт фæкодта, — æнæбонæй æд сывæллон æрбадт бандоныл Асиат.

— Мæскуыйæ, дам, иу булкъон ссыд æмæ, дам, æй уый райста...

— Мæхицæн дæр афтæ загътой.. кæд мæлгæ акодта, уæддæр.

— Нæ! Хуыцау бахизæд.

— Æппынфæстаг, йæ уд йæ мидæг уæд, цæрæд, æндæр ын мæ бон цы у.

— Ма тыхс, исты амæлттæ кæндзыстæм, — загъта Зæринæ.

— Амæлттæ бæргæ кæниккам, — загъта Асиат. — Хæст нæм хæрз хæстæг куы ссæуы. Æфсæддон хайадмæ курдиат радтон хæстмæ цæуынмæ, фæлæ мæ нæ айстой.

— Омæ ам дæр бирæ куыст ис. Æхсæвæй-бонæй быдыры стæм. Абон мæхи ракуырдтон, æвæццæгæн, дæу амондæн.

— Ам нæ, æфсæддон госпитæлы кусдзынæн.

— Куыд тагъд арæвдз дæ? — бадис кодта Зæринæ.

— Знон ссыдтæн. Мæ чызгæй мæ бон куы базыдтон, уæд комкоммæ бацыдтæн æфсæддон хайадмæ.

— Де ’нæниздзинад дын куы бахъыгдара?..

— Нæ, мæ рæуджытæ ныхсыстысты. Æрмæст хъæдгом носæй баззад æмæ рентгены разыны.

Асиат сывæллоны æрæвæрдта сынтæгыл. Чумæдан байгом кодта, систа дзул æмæ къафеттæ. Адджинæгтæ радта сывæллонæн. Чумæданы пысултæ азмæста, цыма дзы исты ферох, афтæ. Зæринæйы цæст æрхæцыд урс къуымбилæй быд гарузыл.

— Дæ хорзæхæй, уый дæ гаруз нæу?

— О. Мæ зынаргъ гаруз.

Цалынмæ уазæг йæхи æхсадта, уæдмæ хæдзары æфсин æртæкъахыг фынгыл авæрдта картæфтæ, нурыдзæхдон, хъарм нартхоры кæрдзын.

— Хæдæгай, — сдзырдта Зæринæ, — цæргæ кæм кæндзынæ уымæй дæр дæ нæ афарстон.

— Мæ куыстмæ хæстæг баххуырстон фатер.

Аходæны фæстæ иучысыл нæ быдыртæм акæсон, зæгъгæ, йæхи арæвдз кодта Асиат. Сосланы къам йæ роны афснайдта, йæ уæлæ джиппæйфыст къаба акодта, урс сæрбæттæн йæ сæрыл æнгом æрбабаста, йæ къæхтыл Зæринæйы дзабыртæ, афтæмæй рауад кæртмæ. Кæрты дзыхълæуд фæкодта. Аххосджын цæстæй бакаст Зæринæмæ æмæ бафарста:

— Домбайы та кæм баныгæдтат?

— Куы æрбаздæхай, уæд дын æй бацамондзынæн.

Асиат кæрты дуарæй ахызт. Хурныгуылæнырдæм фæраст. Зæринæйы фæндыди йæ фæстæ гурæй-гурмæ ацæуын, цымæ кæдæм фæцæуы? Фæлæ ракæсын дæр нæ бауæндыд йæ фæстæ. Афтæ йæм каст, цыма йыл фæстæмæ дæр цæстытæ ис æмæ йæ фендзæн.

Тындзы донхæрис бæласмæ, раст æм цыма уым, бæласы бын, Сослан æнхъæлмæ кæсы, афтæ. Фæстейы аззад цæхæрадон. Мæнæ таг. Таджы дон хæл-хæл кодта, аст азы размæ куыд хæл-хæл кодта, афтæ. Цъиутæ зарыдысты, фæлæ сæ зарыны уыдис цавæрдæр тасдзинад. Йæ зæрдæ бынтон суынгæг цъиуты æнæнцой зардмæ. Зæхмæ каст æдзынæг, раст цыма зынаргъ лыстæг дзаума агуры, афтæ агуырдта Сосланы къахдзæфтæ таджы. Донхæрис бæласы къалиутæ аст азы размæ куыд уыдысты, уымæй ноджы хæстæгдæр сæхи æруагътой таджы донмæ, цыма дон нуазынц. Къалиуты фæйнæрдæм акодта, ауыдта бæласы зæнг. Йæхи йыл ныттыхта.

— Сослан, дæ сусæг лæвар бахъахъхъæнын нæ бафæрæзтон.

Асиат донхæрис бæласы бын куы уыди, раст уыцы рæстæг Зæринæйы дуармæ æрлæууыдысты дыууæ нæлгоймаджы: сæ иу хъæуыхицау, иннæ та æрыгон лæппу æфсæддон дарæсы, горæты æфсæддон хайадæй æрвыст. Хæст йæ хъæлæсы адæмы ныхъуыргæ, йæ развæндагыл арæзтæдтæ пырх кæнгæ, хæстæгæй-хæстæгдæр Ирыстонмæ кæй лæсыд, уымæ гæсгæ хъуыди, знаг йæ бæрзæй кæуыл асастаид, ахæм цæлхдуртæ аразын. Советон хицауад фæсидтис йæ адæммæ, бел æмæ киркæ райсын йæ бон кæмæн у, уыдонмæ: æнахъом сабитæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæм. Гъе, уый тыххæй курæг балæууыдысты Байсогъуырты дуармæ дæр.

...Дыккаг бон райсомæй Асиат æрыхъал адæмы хъæлæбамæ. Йæ уæлæ бæмæзе халат акодта æмæ рудзынгмæ хæстæг бацыд. Кæсы æмæ лæууынц адæм хордзентимæ: кæмæ дзы цыргъфындз бел, кæмæ къуырф бел, кæмæ киркæ. Адæм зæгъын? Цæй адæм — зæронд лæгтæ, сылгоймæгтæ, æнахъом чызджытæ æмæ лæппутæ. Фæлæ иууылдæр афтæ разæнгард уыдысты æмæ, цыма ныртæккæ бæстæ иннæрдæм афæлдахдзысты.

— Цы ’рцыди? — рауад тыргъмæ. Кæрты ауыдта Зæринæйы, белы хъæдыл зæгæл къуыргæ.

— Дæ райсом хорз.

— Кæй райсом у, уый хорзæх. Цæй раджы рабадтæ?

— Цы хабар и? — афарста Асиат уынгмæ амонгæйæ.

— Фиййагдонмæ нæ кæнынц знаджы танкæты ныхмæ дзыхъхъытæ къахынмæ.

— Æз дæр ацæудзынæн.

— Ды нæ цæуыс, фæлæ æз цæуын. Знон дзырд радтон.

— Сывæллон та?

— Сывæллæттæн дæр бынæттæ ис. Æз æй хъуамæ мæнæ мæ сыхагмæ ныууагътаин, фæлæ йæм ныр ды кæсдзынæ.

— Нæ! Æз цæуын дæ бæсты!

— Нæ, мæнæн æнæ цæугæ нæй, æмбарыс?

— Уый мæнæн нæй æнæ цæугæ, — загъта та Асиат æмæ йæхи æхсынмæ батагъд кодта дæлбазыр сарамæ.

— Цом уæдæ, æз дын хæринаг исты фенон.

— Нæ хъæуы.

— Ау, уый та куыд? Куыннæ хъæуы? — батыхст Зæринæ. — Бынтон дæхи фæнд ма тæр.

— Æххормаг нæ уыдзысты. Æппынфæстаг та, иннæтыл цы цæуа, ууыл æз дæр разы.

— Алы колхоз дæр йæ адæмимæ сæрмагонд хæринаггæнæг æмæ хойраджы фæлхас æрвитдзæн.

Уынгæй æрбайхъуыст адæмы æнæрæнцой хъæлæбайы уынæр, белты зæлланг... Асиат йæ хордзен йе ’ккой акодта, бел райста æмæ уынгмæ ахызт.

— Уæртæ уый та цы бакæндзæн? — ацамыдта иу æртындæс-цыппæрдæсаздзыд къæсхуыртæ лæппумæ, — йæ хордзенимæ уаргъхæссæг мæлдзыджы хуызæн у раст.

— Уый йæ мады бæсты цæуы, дæ цæст æм фæдар, — лæгъстæхуызæй йын афæдзæхста Зæринæ.

— Ноджы киркæ куы райста.

— Бел уа, киркæ уа, уæззау куыст уыдзæн, — батыхст Зæринæ. — Танк чи баурома, ахæм дзыхъхъ къахын картофы уæрм къахæгау нæу.

Уалынмæ æрбайхъуыст цæлхыты уынæр æмæ сæ размæ схæццæ дыууæ бæхы ивтыгъд кæм уыд, ахæм гуыффæджын бричкæ æд прицеп. Хæстæг бацыд хъæдын стыр асинтæм, тута бæласы бынмæ. Хъомылдæр лæппутæ æмæ ас лæгтæ йæм базгъордтой... Чысыл рæстæджы фæстæ, бричкæ æмæ йæ прицепы æхсæн æвæрд æрцыдысты асинтæ. Сæ уæлæ ма сын сæвæрдтой къаннæг асинтæ дæр.

Белтæ, ломтæ, киркатæ, бедратæ æмæ æппæт кусæнгæрзтæ та сæвæрдтой галтæ ивтыгъд уæрдæтты... Фæзынд хойраджы бричкæ дæр. Ногфых, хъарм дзулы хæрзад тæф апырх сыхбæстыл. Адæм фæраст сты...

Быдыры Фиййагдоны былмæ ахæм каравантæ, разæнгард æмæ куыстдзагъд адæмимæ, цыдысты Ирыстоны бирæ хъæутæй, немыцаг танкæтæн цæлхдур къахынмæ, кæцыйыл Гитлер басæтдзæн йæ бæрзæй.

Хирург Доциты Мæдинæ Марклены чызг куыста 1620-æм эвакуацион хæстон госпиталы, кæцы æрбынæттон хæххон-металлургом техникумы бæстыхæйтты. Уырдæм æрвыст æрцыд Асиат дæр медицинон хойæ.

1942 азы Советон Цæдисæн йæ тæккæ зындæр рæстæг немыцимæ карз хæстыты, горæт Владикавказы нæ фаг кодта дохтыртæ, куыд æппæт бæстæйы, афтæ. Уымæ гæсгæ-иу хатгай «Медицинон тагъд æххуысы станцæмæ» рæстæгмæ хуынд цыдысты дохтыртæ кæнæ фельдшертæ, канд амбулаторийæ æмæ рынчындæттæй нæ, фæлæ ма госпитæлтæй дæр.

Афтæ Доционмæ дæр фæсидтысты «тагъд æххуысы» станцæмæ æмæ йæ радгæсы фехъуысын кодтой, Фиййагдоны танкæты ныхмæ траншейæ къахджытæй иу лæппуйы гуыбын риссы.

Доцион æвæстиатæй уым æрфистæг æмæ фæраст штабмæ, фæлæ йæ размæ фæци хæрзконд хæстон æмæ фехъусын кодта:

— Сырх Æфсады инженерон хæйтты майор Суворов!

— Хирург Доцион, — дзуапп радта Мæдинæ. — Кæм ис рынчын?

— Æнахъом лæппу, — ацамыдта майор домбай къахтмæ, кæцыйы мидæг дæр æмæ йæ алфамбылай дæр, куыст кæрæдзийы къухтæй искæйæ куыстой адæм.

Мæдинæ æмæ æфсæддон инженер куы бацыдысты даргъ, фæтæн æмæ дзæвгар арф къахтмæ, уæд дохтыр бацыд фырдисы. Чысылæй, зæрондæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй, æнахъом лæппутæй... иууылдæр куыстой æнæзивæг, куысты цыды уагмæ гæсгæ кусæнгæрзтæ ивгæ.

Уыцы æмбисæнтты дзуринаг куыст цæстытыл уайын кодта кæсагахсæн чысыл нау, кæцыйы мидæг иууылдæр змæлыдысты хъуыддагарæзтæй, сæ хид цъыккæй згъоргæ... Хъуысыдысты алымыггаг кусæнгæрзты уынæр, адæмы кæрæдзийы æмбаргæ ныхас. Уыдон иу кодтой æмæ, стыр къахты сæрмæ, уæлдæфы зилахар кодта Уæлахизы канонада...

— Дæ хорзæхæй, æмбал хирург... — Мæдинæ айхъуыста майоры хъæлæс æмæ фефсæрмы.

Майор разæй йæ фæстæ Доцион, афтæмæй фæуырдыг кодтой къахтмæ. Къахты фарстыл зæххæн йæхиуыл белæй конд къахт къæпхæнтæ. Ахæм къæпхæнтæ ма егъау къахты фæрстыл уыди бирæ рæтты конд. Адæм сыл лæууыдысты, хуырæй, дурæй, сыджытæйдзаг бедратæ къухæй-къухмæ лæвæрдтой хæрдмæ...

Доцион йе ’нгуылдзтæ æрхаста рынчын лæппуйы фыдхуыз гуыбыныл æмæ загъта:

— Лæппуйæн йæ гуыбыны цъар лыстæг фыдыскъуыдтæ фæци...

Сæ размæ бацыд Асиат, йæ цæсгом, куыд æппæтæн, афтæ уымæн дæр шахтерау рыгæй сау, æмæ бафарста:

— Æмбал дохтыр, цы кæны лæппу? Мæ сыхаг у.

— Уæззау куыстæй фæрыст... Тæссагæй дзы ницы ис. Сæхимæ йæ æрвитын.

— Куыд?..

— Мæхæдæг æй аласдзынæн ацы фæдыл. Дæ хорзæхæй, уæдæ йæ ды арæвдз кæн, — загъта æмæ цы къæпхæнтыл ныццыдысты, уыдоныл фæхæрд кодтой майоримæ.

Къахтæй куы фæуæлбыл сты, уæд Мæдинæ фæзылд фæстæмæ æмæ федта сылгоймæгтæ, æрыгон чызджытæ... къулы къæпхæнтыл сæ бынæтты алæууыдысты кæрæдзимæ даргъцонгбæрц æмæ уыцы фæдыл кæрæдзимæ дзаг бедратæ лæвæрдтой къухæй-къухмæ... Афтæмæй бедратæ истой хæрдмæ къахты былмæ...

Ардыгæй та дæрддзæф ранмæ хуыр, сыджыт æмæ дур хастой бедратæ æмæ уæзхæссæн цыппаркъух хæссæнтыл... Стæй Мæдинæ йæ цæстæнгас ахаста уым дæлæмæ егъау къахтыл. Кæронмæ æввахсдæр, къахтæн йæ иу былæй иннæмæ цæджындзтыл æвæрд уыдысты стыр асинтæ, сæ уæлæ та фæйнæджытæ. Ахæм хидгондыл лæууыдысты адæм æмæ цæгæфтыд бæндæнтыл хæрдмæ истой дзаг бедратæ... Автид бедратæ та бæндæнты цæгтыл дæлæмæ уагътой...

Доцион сындæг йæ сæр разылдта æмæ сæрыстырæй афтæ зæгъы:

— Æмбал хæстон инженер, ацы адæмы куыстмæ кæсгæйæ зæгъын æмбæлы, адæм æппындæр кæй не ’нкъарынц нæдæр фæллад, нæдæг зивæг...

— Хъæбатыр адæм! Ныхас дæр ыл нæй, — загъта майор.

Уалынмæ фехъуыст сывæллæтты хъæлæба.

— Кæцæй сты сабитæ æд бедратæ?

— Уыдон мæнæ Фиййагдон æмæ Расветы хъæуты сывæллæттæ сты, алы бон дæр ардæм дон хæссынц кусджытæн...

— Дзæбæх сывæллæттæ, — загъта Мæдинæ.

Иу цъусдуг рæстæджы фæстæ хæстон инженер йæ сæр Доционмæ фæгуыбыр кæнгæйæ ныллæг хъæлæсы уагæй афтæ зæгъы:

— Ам ма, æмбал хирург, ис куыст гидравликтæн дæр...

— Дон рауадздзысты?! — дис æмæ сындæг хъæлæсæй афарста Мæдинæ, кæд сæм хæстæг ничи уыди, уæддæр.

— Уæдæ куыд æнхъæл дæ?! — сæрыстырæй дзуапп радта майор. — Ам, танкты фыццаг эшелонтæ, Фиййагдоны доны къахты хуыдуг кæндзысты. Сæ фæстæ, размæ цыппарвадыгæй тырнгæ танкæтæ та, сæхи инерцийæ кæрæдзи къуырдзысты... Ацы къахты доны иунæг гитлерон танк дæр иннæ былмæ нæ басенк кæндзæн. Иу дæр, уый дзырды дын цæуын, æмбал хирург...

Цас ма ныхас кодтаиккой, чи зоны, Асиат æмæ йæ сыхаг лæппу, йæ мады бæсты чи рацыд, уый дæр сæ размæ куы нæ бацыдаиккой, уæд. Асиат йæ иу къухæй хæцыд лæппуйы къухыл, иннæйæ та хаста лæппуйы хызын.

Доцион раарфæ кодта Асиатæн, хæрзбон загъта майорæн, йæ иу къухæй фæхæцыд лæппуйы галиу къухыл, иннæ къухæй та хъавыд хызын райсын Асиаты къухæй, фæлæ уый загъта:

— Æз æй хæсдзынæн.

Æмæ æртæйæ дæр фæраст сты санитарон автомобилмæ...

Иу фæззыгон райсом, æфсæддон эвакуацион госпиталь 1620-ы хицау, медицинон службæйы дæлбулкъон Езеты Андрей Андрейы фырт, дыккæгæм хирургион хайады тыргъты, æнæвдæлон хуызæй фæцæйцыд. Къалидоры кæройнаг рудзынг æхсадта Асиат, уыцы сæударты. Йæ размæ лæууыд дæсны хирург Саранты Микъала Микъалайы фырт. Къола дæр ма йæ хуыдтой.

Æфсæддон фæткмæ гæсгæ «Рæстмæ ут», зæгъгæ, кæрæдзийæн салам радтой. Хицау банкъардта Сараны фырты зæрдæ Асиатмæ кæй æхсайы. Æмæ кæд зоны чызг æм æппындæр йе ’ргом кæй нæ хаты, уый, уæддæр загъта:

— Æмбал капитан, Асиат мæ чызджы æмгар у, стæй, — бакаст æм бирæ нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цæстæнгасæй æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, — Асиат сидзæр чызг у, æмæ...

— Бамбæрстон дæ, æмбал хицау, — къæмдзæстыгæй фæрæвдз Сараны фырт æмæ ма загъта хъуыддаг хуызæй. — Нæ ныхасы сæр у уæззау цæфтыл.

Езейы-фырт фездæхт Асиатмæ æмæ йæ афарста:

— Дысон цæфтæ ласынмæ нæ уыдтæ?

— Уыдтæн...

— Уæдæ цу æмæ баулæф.

Æмбæрста, хицауы дзырдмæ æнæ хъусгæ нæй, æмæ аххосджын хуызæй загъта:

— Курын дæ, бар мын ратт, мæ рудзынг æххæст фæуон æхсад. Иунæг ацы рудзынг ма у æмæ...

— Гъемæ хорз, — загъта хицау æмæ фæраст йæ кабинетмæ.

Сараны-фырт рахизырдыгæй кæройнаг палатæмæ бацыд. Иу 35-37-аздзыд, бæзæрхыг, хæрзконд нæлгоймаг.

Тыхджын ахуырæй йæ чызджытæм æвдæлгæ дæр никуы ракодта. Стæй зæрдæмæдзæугæ адæймагыл нæ фембæлд. Мæнæ ныр, хиваст, хиуылхæцгæ Асиат æй нал уадзы æнцой...

Саумылазон мигътæ, горæт Дзæуджыхъæумæ хæстæгæй-хæстæгдæр бырыдысты... Лæууыдысты станицæ Æрхонкæ æмæ Джызæлы æхсæн.

Дæлбулкъон Езейы-фырт иу бон фæссихор фæдисæй æрбамбырд кодта госпитæлы кусджыты. Бакаст Цæгат Ирыстоны Æфсæддон гарнизоны къамандыгæнæджы бардзырд æппæт госпитæлы кусджытæн.

— Æрхонкæйы хæсты быдырмæ, цæфтæ ласынмæ!

Кусджытæ разгъордтой уынгмæ. Госпитæлы раз рæвдзæй лæууыдысты цалдæр санитарон машинæйы. Асиат æмæ Нинæ абадтысты раззаг машинæйы.

Горæтæй иучысыл куы ауадысты, уæд зæхх æмризæджы ризын райдыдта хæстæй... Знаджы сау хæлуарæгхуыз хæдтæхджытæ æмæ нæхи сырх стъалыджын хæдтæхджытæ карз тох кодтой уæлдæфы. Æрхонкæйæ кæрæдзи фæдыл тахтысты «катюшæйы» нæмгуытæ. Дыууæрдыгæй ихуарæгау уарыд мæлæтхæссæг зды. Уæлдæфы хæдтæхджыты гуыв-гуыв, зæххыл танкты уæззау хъæр, «катюшæты» уынæргъын, бомбæты рæмыгъды гуыппытæ... уыцы мæлæтхæссæн хæстон уынæртæ иу кодтой æмæ зæхх æнкъуыст. Советон æфсæддонты та не ’вдæлд мæлæтыл хъуыды кæнынмæ, сæ райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæныны сæраппонд бырстой размæ. Медицинон кусджытæ дæр, мæлæтæй нæ тæрсгæйæ, нæмгуыты æхсæнты бырыдысты цæф салдæттæм. Цæф хæстонмæ фезгъоры Асиат. Йæ алыварс згъæлынц нæмгуытæ...

Абырыд йæ гуыбыныл, цæф æфсæддоныл фæхæцыд æмæ йæ машинæмæ æрбахæццæ кодта. Сæрæн æмæ æнæзивæг архайы, нæмгуыты ницæмæ даргæйæ, цæст ыл нæ хæцы. Фæззыгон бон скæс æмæ ныккæсæй æндæр нæу, фæзæгъынц. Куыд æрбаталынг, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтой.

— Машинæтæм! — айхъуыста Асиат, сæ командиры бæрнон хъæлæс...

Фесхъиудта, райдыдта йæ гуыбыныл бырын йæ машинæмæ. Æнæнхъæлæджы йæ хъустыл ауад хъæрзын, къæрцхъусæй айхъуыста. Йæ зæрдыл æрбалæууыд йæхи тыхст æхсæв, кæд, мыййаг, уыйау исчи æвæгæсæгæй тухитæ кæны. Цымæ кæм ис йæ ирвæзынгæнæг Лазæр та ныртæккæ? Цымæ кæм сты? Йæ сæр сдардта æмæ йæ хъустыл ауад уæззау нæтын. Æмбæрста, йе ’мбæлттæ куы ацæуой, уæд иунæгæй баззайдзæн. Машинæтæ куыд фæцæуынц, уый дæр уыны изæрмилты. Исдуг йе уæнгты февзæрд тас. Фестад. Гуыбыр-гуыбырæй азгъордта. Фæлæ та йæ хъус ацахста нæтын. Сахълæуд фæкодта, кæд искæй ныууагътой. Фæдæлгом зæххыл. Айхъуыста, фæлæ ницы. Кæд йæ хъустыл ауад, зæгъгæ та фæраст. Йæ зæнгтæ фæдон вæййынц. Йæ хъустыл та ауад хъæрзын... Дæргъвæтин æмыр хъæрзын. Цыдæр æнахуыр зæрдæхалæн къуымых нæтын. Фæлæууыд та. Æнæнхъæлæджы хæст фæсабыр. Æрмæст ма хъуыст иугай гæрæхтæ. Хъæрзын кæцæй цæуы, уый бæлвырддæр базоныны тыххæй йæ сæр фæхъил кодта. Йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста хæсты быдыры уындæй. Фыййæутты изæрон æртытау сыгъдысты танктæ... Йæ цæстытыл ауад, чысыл раздæр судзгæ танктæй, бæгæны фыцæн цуайнаджы бын стыр артæй, судзгæ æхсидæвтæ иуварс куыд калай, афтæ куыд гæппытæ кодтой сæ фæсонтæ судзгæ хъæбатыр танкисттæ, уый...

Хъæрзын æй ныссайдта хъамылджын æрхмæ. Æдас нæ уыд, кæд, мыййаг, цæф немыцаг у, уæд та? Чысыл æддæдæр ауыдта, йæ фæздæг кæмæн калд, ахæм сырхстъалыджын танк. «Нæхион у», — загъта йæхинымæр æмæ йæ гуыбыны цъарыл быргæ æрхмæ фæуырдыг кодта, æваст къулы атылд æмæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ раст цæф лæджы раз смидæг. Йæ галиу фарс æрхаста цыдæр хъæбæрыл, фæлæ йæ рыст ницæмæ æрдардта. Фестад, дамбаца фелвæста.

— Фест!..

Фæлæ цæф салдат бахъуыр-хъуыр кодта, цыдæр æнæсæрфат ныхæстæ. Бамбæрста, æфсæддон сæнттæ кæй цæгъды, уый. Йæ дамбаца йæ хуымпъыры авæрдта æмæ йæ асгæрста. Куы йæ базмæлын кодта, уæд зæрдæхалæн хъæрзт ныккодта.

«Уæйыджы йас лæг», — ныккатай кодта Асиат. Куыд æй ахæсдзæн? æргуыбыр æм кодта. Лæг сдзырдта уырыссагау:

— Ма мæм æвнал, — æмæ æнæбонæй ауагъта йæхи.

Йæ хъарутæ æрбамбырд кодта. Схæцыд цæф лæгыл. Абон куыд хаста цæфты, афтæ йæ хъавыд, фæлæ лæг йæ къæхтыл нæ лæууыд. Йæ сæры цæф ын абаста. Йе ’ккойы йæ акодта, йæ дыууæ къухы, уæрдоны рæтæнæгъдтау, æрзæбул сты Асиаты риуыл. Тыххæй-амæлттæй йæ фæуæле кодта æрхæй. Фыдбон рæстæг æрдз адæймагæн дæтты алæмæты хъару. Афтæ куы нæ уаид, уæд Асиаты бон нæ бауыдаид цæф æфсæддонæн æнцойæн фæлæууын.

Æфсæддонæн цæф уыдысты йæ фæсонтæ æмæ уымæ гæсгæ ноджы зындæр уыди йæ хæссын. Æрхæй схизгæйæ иу ран ахауд, ныхъхъæр кодта, Асиат æй фæдæлгоммæ кодта, йæ къухтыл ын фæхæцыд æмæ та йæ йе ’ккой акодта. Чызджы сурхид акалд, кæд бæгъæмсар уыди, уæддæр уазал не ’мбæрста. Иучысыл куы ауад, уæд уазал дымгæ йæ буары иннæрдæм хизын райдыдта. Йæ урс гаруз бæргæ бабæттид, фæлæ арвыл дзуарæвæрд цы рухсы тынтæ фæвæййынц, уыдон æй бафиппайдзысты.

Кæм цæугæ, кæм быргæ, кæм бадгæ... Тухитæ кæнгæ бырыд уаргъимæ. Уæззау лæджы бын цæугæйæ йæ сæрæй нæ цух кодта, йæ сывæллон цы æхсæв гуырд, уыцы æхсæв. Йæ зæрдыл æрлæууы, Домбай-иу ын йæ æфцæгготыл куыд ныххæцыд æмæ-иу æй куыд ахæр-хæр кодта...

«Цымæ кæм ис, мæ сæр кæй тыххæй ныттыхтон, уый?» — ахъуыды та кодта Сосланыл.

Скаст арвмæ. Талынг уæрммæ хур бакæсæгау, йæ зæрдæмæ рухс бакалд, хурыскæсæны мигъты æхсæн Бонвæрноны куы ауыдта, уæд. Джызæлмæ цæуын, зæгъгæ, загъта йæхинымæр. Хъæуастæумæ нæма бахæццæ, афтæ фехъуыст нæ «катюшæты» æхситт. Джызæл æмæ Æрхонкæйы дзаг хоры къæбицы быдыр тугуарæн зæй фестад. Боныцъæхтыл удхæссæг æхсидæвтæ згъæлынц зæхмæ. Зæхх уыны, йæ хъæбултæ куыд сæфынц, уый. Уыцы æбуалгъ сæфт нæ уромы зæхх. Ныууынæргъы...

Бон нæма фæцъæх, афтæ Асиат бахæццæ Джызæлы хъæусоветы бæстыхæйттæм. Æхсæвгæс зæронд лæг ын феххуыс кодта цæфы тъахтиныл æрæвæрынмæ. Хъæусоветы агъуыст уыди мынæг талынг. Асиат телефонæй бадзырдта госпитæлмæ.

Чысыл рæстæджы фæстæ хъæусоветы раз æрлæууыдысты сæ госпитæлы санитарон цыппар машинæйы. Цалынмæ Асиат йе ’мбал Нинæимæ ныхæстæ кодта, уæдмæ цæф æфсæддоны авæрдтой машинæйы æмæ йæ аскъæфтой. Асиат абадт Нинæйы фарсмæ. Æнхъæл уыд æмæ сæ йæ цæфимæ ласынц госпитæлмæ, фæлæ кæсы æмæ цæуынц хæсты быдырмæ. Ницы сдзырдта. Нинæ йын цыма йæ хъуыды бамбæрста, афтæ йæ бафарста:

— Асиат, куы баулæфыдаис, уæд хуыздæр нæ уаид?

— Цæй улæфты кой кæныс, цæ? Бæстæ судзгæ куы кæны уæд, — загъта æмæ арф ныуулæфыд.

Бон æрбарухс, афтæ машинæтæ ахæццæ сты хæсты быдырмæ. Санитартæ рагæппытæ кодтой медицинон хотимæ. Удаистæй атындзыдтой цæфтæм. Асиат бæгъæмсарæй судзгæ танкмæ куы фæцæйзгъордта, уæд ауыдта, сæ командир йæ фæдыл куыд азгъордта, уый. Асиат бахæццæ танкмæ. Кæсы æмæ танчы фæрстыл æрзæбултæ сты æрдæг сыгъдтытæй æртæ танкисты...

Асиаты сæр разылд. «Танк сыгъд æфсæддонтимæ...» Дард кæцæйдæр йæ хъустыл ауад сæ командиры хъæр... æмæ... Æрхауд...

— Хæст нæм куы схæццæ кæны, уæд куыд уыдзыстæм? — загъта Сæдойæн Сафиат. — Ратт хæдзар. Цы аргъ исы, ууыл. Рæвдздæр ацæуæм ардыгæй.

— Хорз, — загъта Сæдо сагъæсхуызæй.

Дуар бахостæуыд.

— Уый у, — сдзырдта Сафиат æмæ дуар гом кæнынмæ атындзыдта.

Тыргъты фехъуыст уæззау къахы уынæр æмæ дыууæ лæдзæджы къупп-къупп. Уый уыди сæ хæдзарæлхæнæг.

Лæварæмхасæнты ныууæй кодта Сафиат йæ фыды къона. Тагъддæр, тагъддæр алидзын хъæуы ацы горæтæй, кусын кæм хъæуы, хойраджы хъуыддаг бонæй-бонмæ кадавардæр кæм кæны, уырдыгæй.

Иу уаргæбон Сафиат æмæ Сæдо, Аннæ æмæ Артур фæцæйцыдысты Чъребайы сахары уынгтæй иуы. Уарынæй сæхи бааууон кодтой иу дуканийы дæлбазыр. Уайтагъд уарын фæхъус. Сафиатмæ афтæ каст, цыма фæсхохмæ «уазал» хæсты судзгæ æвзæгтæ нæ фæхæццæ уыдзысты. Адон разы сты сæ балцæй, фæлæ ма бакæсæм, сæ фæстæ чи цæуы, уыдонмæ.

Æфхæрд, ссæстхуызæй цæуы Аннæ. Йæ галиу къухы уæззау хызын, йæ цонджы хъулмæ та сæрбæттæнæй баст лæппу, йæ рахиз къухы уæззау сау чумæдан. Артур йæ рахиз къухæй хæцы Аннæйы хæссинагыл, йæ галиу къухы та скъоладзауы хызын, хæрдмæ Аннæмæ скæсы, æмбары, уæззау хæссинæгтимæ кæй цæуы, уый.

— Нана, — сдзуры йæм лæппу, — чумæдан ацы къухмæ райс æмæ дын æз аххуыс кæнон.

— Нæ, мæ хур, фæрисдзынæ, — рæвдаугæ ныхасæй фæзæгъы Аннæ.

Аннæ тынг æнæбары цæуы ацы стыр горæты уынгты. Адæмы змæлд, машинæты уынæр, æцæгæлон, æнæмбаргæ ныхас йæ зæрдæйы карды цæфау хызтысты.

Сафиат йæ хæдзар уæй кæнынвæнд куы скодта, уæд Аннæ бамбæрста, чысыл лæппуимæ зилгæ цалхыл кæй сбаддзысты, уый. Бæргæ-иу алæгъстæ кодта Сафиатæн, ам мæ уадз, зæгъгæ, фæлæ йæ нæ уагъта ской дæр. Æгæр къæйныхæй йæм куы ныллæууыд, уæд ын йæ кæддæры мæгуырыбон йæ тæбæгъы авæрдта: «Ныр дæ нал хъæуын, — йæ хъустыл уадысты Сафиаты ныхæстæ. — Æз дын куы нæ уыдаин, уæд раджы куыдзы мард ныккодтаис искæй каурæбын».

Уыцы æфхæрæн ныхæстæ нæ баурæдтаиккой Аннæйы, фæлæ æмбæрста, Артур йæ къухæй куы фæцух уа, уæд фесæфдзæн, йæ мады уымæ не ’вдæлы. Йæ зæрдыл æхсынцъыйы нæмыгау лæууы Сосланы фæдзæхст: «Мæ хъæбул де уазæг»... Йæ цард дæр ратдзæн, уæддæр сæххæст кæндзæн Сосланы фæдзæхст. Уый цæуы йæ уæззау уаргъы бын, йæ уæззау хъуыдытимæ. Лæппуйы цымыдис фарстытæн ратты æнæбары дзуаппытæ. «Куысты ныллæудзынæн, æнæмæнг». Йæ зæрдыл æрлæууыд фарон Сафиат куыд сразы Аннæйы куыстмæ ауадзыныл. Æртыккаг бон куыстæй куы æрбацыд, уæд, куыддæр мигæнæнтæ æхсын райдыдта, афтæ Сафиат хæрз арæзтæй йæ размæ балæууыд æмæ загъта карз ныхасы уагæй: «Æркæс-ма, цы хуызæн у нæ цæлгæнæн? — былысчъилæй йæ цæст ахаста æнæфснайд хойраджы мигæнæнтыл. — Иу куыст дæр нал æмæ иннæ куыст дæр». — «Сафиат, — удаистæй ныллæгъстæ кодта Аннæ, — ныртæккæ сæ афснайдзынæн...» «Къустæ афснайдзынæ, фæлæ, — ацамыдта фæсдуар тасы дзаг чъизи пысултæм, — уыдон та кæд сæхсдзынæ. Мæ уæлæ сыгъдæг дзаумайæн цы скæнон, уый куынæуал ис!» — «Сæхсдзынæн... — загъта ус, — æхсæв нæ бахуысдзынæн, æрмæст мæ ма цух кæн куыстæй». «Фестæм ныхасгонд!» — «Цæуыл тыхдзырд кæныс?» — афарста йæ Сæдо. «Ницæуыл», йæ сæр паддзахы усау, хæрдмæ фæхъил кодта...

Уæд Сæдо æмæ Сафиат сæхи театрмæ рæвдз кодтой. Цæлгæнæнæй ацыдысты. Аннæ æрбадт чысыл бандоныл æмæ æмыр куыдæй ныккуыдта. Артур æм бацыд: «Нана», — йæ чысыл къухтæй йын йæ цæстысыгтæ сæрфы. Аннæ йæ æрбахъæбыс кодта. — Мæ зæрдæйы æнцой, ды мæ куы нæ уромис, уæд мæ йæ цæст дæр бæргæ нал ауынид...

Чысыл рæстæджы фæстæ уынгмæ ахизæн дуары хъæр фæцыд. Баззадысты та иунæгæй Аннæ æмæ лæппу.

Дыууæ уаты кæм уыди, ахæм зæронд къæс балхæдтой Сæдо æмæ Сафиат. Иу уаты цардысты лæг æмæ ус, иннæйы та уыд цæлгæнæн. Цæлгæнæны та цардысты Аннæ æмæ Артур. Сафиат æмæ Сæдо бирæ рæстæг нæ ацардысты æнцойæ Гуырдзыстоны. Фæсхохæй йæ судзгæ æвзæгтæ хаста «уазал» хæст. Иубон æфсæддон хайадæй æрбацыд Сæдомæ сидты гæххæтт. Сафиат йæхи æрхоста, Сæдойы хъуырыл ныттыхст.

— Нæ дæ ауадздзынæн! Æз цы фæуыдзынæн уæд?!

— Худæгæй марыс! — загъта мæстыйæ лæг. — Цыма мæ сыхаг хъæумæ чындзхон нæ уадзыс, уый ныхæстæ кæныс!

— Рынчынæфсон скæн дæхи...

— Ау! — ахъаззаг рамæсты Сæдо. — Дохтыртæ гуыбыны цал тъанджы ис, уый куы анымайдзысты, уæд рынчын æфсон мæхи куыд хъуамæ скæнон?!

— Дæуæн хæстмæ цæуын афон нал у.

— Афонæй нæ нал фæрсынц. Нæ бæстæ судзгæ кæны. Бирæ нæ фæхæцыд, мæгуырæг. Æртæ мæйы æххæст нæ рацыд, афтæ йæ сау хабар сыхъуыст. Фæлæ Сафиат тынг нæ батыхст. Æрæджы базонгæ иу лæгимæ. Раст зæгъын хъæуы, Сæдойау хъæздыг нæу, фæлæ æрыгон. Уыцы æрыгонмæ дæр та фæсидтысты... Кæфхъуындарау аныхъуырдта уый дæр хæст.

Асиат Сосланы хæсты быдырæй Джызæлмæ цы æхсæв хаста, раст уыцы æхсæв Аннæ æмæ Артур бадтысты пецы раз. Аннæ лæппуйæн быдта фæсмын цъындатæ, уый та касти «Абеты» чиныджы. Аннæ лæппуйы галиу къахыл æрдæгконд цъында акодта.

— Зæвæт кæнын хъæуы, — загъта Аннæ.

Дуары хъæр фæцыд. Сылгоймаджы къухтæ аззадысты сабийы къахыл.

— Нана, дæ къухтæ цы хъарм сты, — æхсызгонæй ’ загъта Артур.

Фæлæ йæм уый йæ хъус куы нæ æрдардта, уæд тарст цæстæй акаст дуармæ.

Æрбацыд Сафиат, йæ фæстæ дуар гомæй ныууагъта. Бамбæрстой мæгуыр ус æмæ лæппу, Сафиат та кæйдæр æрбахуыдта. «Ног папæ» куы æрбакæны, уæд афтæ ныууадзы йæ фæстæ дуар гомæй. «Цы хуызы лæг та æрбахиздзæн, Хуыцау йæ зонæг», — ахъуыды кодта Аннæ.

— Мидæмæ, мидæмæ! — цингæнгæ дзырдта Сафиат.

Æрбахызт ныллæггомау къуылых гуырдзиаг. Йæ бæзджын бур рихитæ, йæ маймулийы хæмхудты алыварс æрзæбултæ сты.

— Лæппу, — мидбылхудгæ дзуры Сафиат йæ фыртмæ. — Абонæй фæстæмæ мæнæ Гæдо уыдзæн дæ папæ.

Артур нымдзаст йæ галиу къахмæ. Фатхъулæй æрдæгконд цъындайæ джебогътау ныйирд сты цъындагæнæн телтæ. Æрфæндыд æй «джебогъджын» къахæй «ног папæйы» фыдуынд цæсгомыл ралæууын.

Лæппу йæхи фæтар кодта, йæ рæсугъд сау сæр фергъуывта:

— Мæнæн мæ папæ хæсты ис, уый мæ папæ нæу! — Сафиат ахæм дæрзæг ныхас фехъусын æнхъæлмæ нæ каст йæ лæппуйæ. Йæ зæрдæйы къуымы кæмдæр срыст, фæлæ фæлмæн хъæлæсы уагæй сдзырдта:

— Дæ папæ раджы амард хæсты, ардыгæй фæстæмæ Гæдойы уарз, хъус æм...

— Нæ мæ хъæуы! — фæхъæр кодта Артур æмæ Аннæйы хъæбысы йæ сæр атъыста.

— Уый йæ ды ардауыс! — фездæхт усмæ Сафиат. — Цавæр хæсты ис йæ фыд? Уымæн фыд никуы уыдис. Куы колхозы, куы службæйы, стæй та хæст... Зæгъын дын, ма ардау сабийы. Æмбарын, ды Сосланы фарс дæ, уымæн æмæ гæбæр бæх гæбæр бæхыл йæхи хафы, — фездæхт Гæдомæ, фæлмæн хъæлæсæй йæм дзуры, — хъуыды дæр сæ ма кæн, уый дæр мæ фыццаг лæгау мæгуыргур зылди, — йæ къух лæджы дæларм акодта æмæ ацыдысты.

Аннæ скуыдта. Артур фестад, сæрфы йын йæ цæссыгтæ.

— Ма ку, нана, ма ку, нана...

Артурмæ бирæ ардауинæгтæ ис. Йæ фыд куы ссæуа, уæд сардаудзæн, мамæ Аннæйы куыд æфхæры, уый. Стæй сардаудзæн, йæ мад ын ныр æртыккаг «папæ» куыд æрбахуыдта, уый дæр. Стæй сардаудзæн, уыцы «папæтæй» Сæдойæ хуыздæр ничи уыди, уый йæ никуы фæнадта. Ныр цы рихиджын æрбакодта, уый дæр нæмгæ кæндзæн, уый бæрæг у, йæ лыстæг сау цæстытæ æмæ рихиты мæсты змæлдæй. Йæ чысыл сæры зилдух кæнын райдыдтой хъуыдытæ, сабийы бæллиццаг æмæ æртхъирæны хъуыдытæ. Йæ мадмæ нæ уæнды, фæлæ Аннæйы куы афæрсы, папæйæ писмо кæдæй нал исæм, зæгъгæ, уæд ын æнæбары дзуапп ратты: «Рагæй».

Хъуыддаг та уый мидæг уыд æмæ Артурæн паддзахадæй цы æхцайы æххуыс цыди, уый Сафиат Чъребайы нал иста, гæххæттытæ фесæфта. Ног гæххæтт срæвдз кæнынмæ та йын нæ уыд рæстæг, йæхи ирхæфсынæй йæ не ’вдæлд. Абон-райсомæй рæстæг цыди. Райсомæй фестыны зивæгæй-иу загъта: «Цæй, уыцы капеччытæй та ма Хъарсы фидар басæтдзынæн», æмæ-иу йæхи хъæццулы бын анорста. Ноджы ма йæ фыррог сæрæй сæ мыггаг ныффыста гуырдзыйæгтæн лæгъстæмæ, уыдон мыггагмæ æнгæс Дзодзишвили. Афтæмæй Дзодзыккаты Артур сси Дзодзишвили Артур».

Фæсæмбисæхсæв, Асиат цæф сырхæфсæддоны куы хаста, уыцы æхсæв Сараны-фырт уæззау операци скæныны фæстæ кæртмæ ацæуынвæнд скодта. Сындæг къахдзæфтæй фæраст. Къæлидоры кæронмæ куы ахæццæ, уæд æрлæууыд. Цырæгъты мынæг рухсмæ йæ цæст ахаста цæфтыл. Арф ныуулæфыд. Хæсты размæ, цардæфсæст æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ цы къæлидорты згъордтой, уыцы уæрæх тыргъты ныр сынтæджытæй къах æрæвæрæн нал ис. Цæф æфсæддонтæй кæмæн йæ къах, кæмæн йæ къух ауыгъд сты сæ сынтæджыты сæрмæ сæрмагонд никелæй рагъхъæдтæм, æмæ афтæ зыны, цыма егъау наулæууæны лæууынц чи бæрзонддæр, чи ныллæгдæр наутæ мачтæтимæ. Асинтыл куы фæцæйцыд, уæд хæрхæмбæлд фæци хирург Доциты Мæдинæимæ.

— Кæд дæ æвдæлы, уæд иучысыл уынгмæ акæсæм.

— Цом, — æхсызгонæй сразы Мæдинæ.

Къола Сараны-фырт сылгоймаджы галиу цонгыл фæхæцыд. Рацыдысты кæртмæ. Сыгъдæг уæлдæф æхсызгонæй сулæфыдысты. Хирург ссыгъта тамако.

— Цымæ рæстæг цас у? — афарста Доцион.

Æвзарæн пункты рудзгуыты дыдзы рухсмæ Къола æркаст йæ сахатмæ:

— Цыппар. Фынæй кæнынæн тæккæ адджындæр афон, — загъта хирург. Æвзарæн пунктмæ зул цæстæй бакаст. Исдуг дзы айрох, дыууæ боны æхсæвæй-бонæй цырагъау цы кусджытæ лæууыдысты, уыдонæн иучысыл аулæфыны бар йæхæдæг кæй радта, уый. Цыма æвзарæн пункты, карк æфтуан хъæдыл куыд фынæй кæна, афтæ чи рæхцы, уыдон раст кодта, уыйау загъта:

— Бон куыддæр фæцъæх уа, афтæ та цæфтæ æмбырд кæнынмæ Æрхонкæйы быдырмæ.

Мæдинæ æнахуыр зыр-зыр бакодта.

— Кæм ма сæ æрæвæрдзыстæм?

— Фыццæгæм æмæ æртыккæгæм хирургион хайæдты къæлидорты. Фыццæгæмы ма ис æртæ бынаты, — йæ сахатмæ та æркаст. — Иу чысыл ма сæ бауадзæм, стæй сæ фестын кæндзыстæм. Дысон сæхимæ чи улæфыд, уыдонмæ ныртæккæ арвитдзынæн æмæ тыргъты сынтæджытæ æрæвæрæнт.

Æрхонкæйы ’рдыгæй фехъуыст сармадзаны хъæр.

— Уыныс, Мæдинæ, уыдон дæр нæ хуыссынц.

— Цæфтæ ласынмæ машинæтæ цæттæ сты? — афарста Доцион.

— Уыдон цæттæ сты, фæлæ... — тамакойы зынг дæргъвæтин æрттывд фæкодта, стæй æхсырфхуыз æмбис зиллакк акодта æмæ бамынæг. Йæ былты галиу къуымæй рауагъта æлвæст фæздæг.

Мæдинæ банхъæлмæ каст, Сараны-фырт йæ ныхас дарддæр кæд зæгъдзæн, уымæ. Фæлæ æгæр куы ныффæстиат, уæд æй йæхи дзырдæй афарста:

— «Фæлæ?..»

— Уыцы чызг не ’рбаздæхт, уый зоныс?

— Кæцы чызг?! — цымыдисæй афарста Доцион.

— Асиат...

— Ау, æмæ кæм уа? — батыхст Доцион.

Фæлæ йæм Къола йæ хъус не ’рдардта. Йæ цæстытыл уади, цыма Асиатыл сæмбæлд дзæгъæл нæмыг æмæ дысон-бонмæ йæ туджы мæцы, уый та, йæхицæн æнцад рацу-бацу кæны тамако дымгæ. Бæргæ йæм азгъордтаид, йæ гуыбыны цъарыл дæр æм абырыдаид, фæлæ цæф æрыгон фæсивæдмæ æнæуынгæ рæхыстæй баст у. Мæдинæ дæр аныгъуылд хъуыдыты. Адæмæй ницы сусæг кæнæн ис. Бафиппайдта, йæ зæрдæ Асиатмæ кæй æхсайы, уый. Фæлæ... Хæрæгæн, дам, йæ сæр фынгмæ хастæуыд, уый та зæхмæ тылд. Йæ къæхтæ ныссагъта æмæ нæ комы. Мæдинæйы зæрдæ кæмдæр фæкъæпп кæны Асиаты уындæй. Фыццаг хатт æй куы федта, Фиййагдоны... траншейæтæ къахгæ, уæддæр цыдæр æнахуыр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Цæмæн, уый та æмбаргæ дæр нæ кæны. Æдзух дæр æм афтæ кæсы, цыма йæ кæмдæр федта. Цыма кæрæдзийы зыдтой, фæлæ фæхицæн сты стыр зæрдæхудтæй. Йæ хъуыдыйы æвæрæнты агурын райдайы, кæд æмæ йæ кæм федтаид, уый, фæлæ йын йæ хъуыды ницы бæлвырд дзуапп ратты. Æрсабыр вæййы, фæлæ йæ Асиаты уазал цæстæнгас æнцой нæ уадзы. Асиатæн йæ зæрдæбын фæллойы тыххæй «Кады гæххæтт» лæвæрд æрцыд. Æмбырдты дзы æппæлгæ куы фæкæнынц, уæддæр йæхи ницы уæлдайхуызон фæкæны. «Æмæ йын æмбæлгæ дæр кæны, — загъта йæхинымæр Мæдинæ. Æнæ уæлдай дзырд, аууонау цæуы». Батыхст.

— Мæгуырæг, знон райсом ма йæ ауыдтон, — тамакойы зынджы æрдæг зиллакк арæхæй-арæхдæр зынди талынджы, цыма сау хъæдабæ хъуымацыл зынгхуыз æхсырфытæ-æхсырфытæ нывæфтыдтытæ чындæуы, афтæ...

— Бинонты хъуыддаг кæнын дæ хъæуы, азтæ згъорынц, — бафиппайдта Мæдинæ.

— Дæ хорзæхæй, уыцы чызгæн ма исты зæгъ, чи зоны, дæумæ байхъусдзæн.

— Кæцы чызгæн? — цыма йæ нæ зоны, афтæ афарста Доцион.

— Асиатæн...

— Æмæ... — фæхъус, — чызг у?

— Идæдз у, уый загъта, фæлæ мæ нæ уырны.

— Нæ зонын, æгæр хиуылхæцгæ у, — загъта Мæдинæ. — Сывæллон дæр, дам, ын куы уыдис.

— Уыдис, фæлæ йын, цыма, мæлгæ акодта. Цыфæнды кæд у, уæддæр мæ уымæй æндæр ничи хъæуы.

Фехъуыст та уæззау æхсты хъæр. Сараны-фырт фесхъиудта, афтæ йæм кæсы, цыма немыцаг рæстдзæвин æрмæстдæр æхсы Асиаты. Фехъуыст дыккаг, æртыккаг...

Раст уыцы цъусдуг æвзарæн пункт йæ сæрыл фелвæста телефоны дзæнгæрæг. Дыккаг дзæнгæрæгимæ ныррухс сты рудзгуытæ. Урс бæлæттау разгъордтой медицинон кусджытæ. Æхсæвбадæг дохтыр, къæсхуыртæ сылгоймаг телефонæй нæма фæци дзырд, афтæ кæрты дуармæ æрбалæууыдысты санитарон машинæтæ.

— Мæлæты раджы не ’рхæццæ сты? — тарстхуызæй загъта Мæдинæ.

— Уым дæр раджы райдыдтой, — йæ къухæй Æрхонкæйы ’рдæм ацамыдта хирург.

Сæумæрайсом горæтыл айхъуыст уасæджы уаст нæ, фæлæ удхæссæг зды уарыны уынæр. Сармадзанты хъæр, «катюшæты» уынæргъын, машинæты гуыв-гуыв иу кодтой æмæ адæймаджы уæнгты уагътой æнахуыр тасдзинад.

— Мæдинæ, — хатыркурæгау загъта Сараны-фырт, — ды ацу рынчынтæм, æз та уынгмæ акæсон.

— Хорз, — загъта Доцион æмæ фæтагъд кодта дыккæгæм хирургион хайадмæ.

Хирург кулдуармæ нæма ахæццæ, афтæ æвзарæн пунктæй рауад къæсхуыртæ дохтыр æмæ загъта:

— Æмбал капитан, хъæусоветæй дзуры Асиат!

— Уым цы ми кæны. Цæф у?!

— Нæу, цæф æфсæддонимæ ис! — Къола йæ фырцинæй хъавыд сылгоймаджы ныхъхъæбыс кæнынмæ, иу къахдзæф дæр æм хæстæгдæр бакодта, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. «Хуыцау, дæуæй бузныг»... Æхсызгонæн сулæфыд.

Урс бæлæттау, сæ санитарон хызынтимæ разгъордтой санитаркæтæ, медицинон хотæ æмæ æмраст рæнхъæй лæууыдысты кæрты.

— Зноны æртæ машинæйы ацæудзысты хæсты быдырмæ цæфтæ æмбырд кæнынмæ. Цыппæрæймаг машинæ та Джызæлы хъæусоветмæ цæф æфсæддон ласынмæ! Уæхи хъахъхъæнут, — бардзырд радта Къола.

Азгъордтой машинæтæм.

Госпитæл уыди Джызæлы фæндагыл. Цалынмæ санитарон машинæ цæфимæ æрбазылд, уæдмæ хирург лæууыд уынджы.

Бон æрбарухс, афтæ æрлæууыд машинæ госпитæлы дуармæ. Капитан æм бацыд. Æгас æнхъæл кæмæн нал уыд, уый ныртæккæ рахиздзæн машинæйæ. Фæлæ...

Гуыффæйæ сынтытыл æристой цæф æфсæддоны. Йæ сæры бастыл, туджы æртæхтæ ныхъхъæбæр сты. Цæф танкист хуыссыд йæ рахиз фарсыл æрæнцайгæйæ, æрдæг дæлгоммæ. Хирург базыдта, танкистæн канд йæ сæр нæу цæф, фæлæ йæ фæсонтæ дæр. «Кæнæ цæф сты, кæннод та сыгъд», — ахъуыды кодта сынты фæстæ акæсгæйæ. Хъавыд мидæмæ бацæуынмæ, фæлæ йæхæдæг уый не ’мбаргæйæ машинæйы гуыффæмæ бакаст: «Асиат, — ахъуыды кодта. Ау æмæ кæм уа?» Шофыр машинæйы моторимæ цыдæртæ архайдта. Бауад æм æмæ йæ афарста зæрдæсастæй:

— Цæфимæ санитаркæ нæ уыд?

— Уыди, — загъта шофыр, — Нинæимæ ацыди.

Сараны-фырты зæнгтæ фæдон сты, фæллад æмæ æнæхуыссæг æхсæвтæ йыл уыцы æмуæзæй æрæнцадысты. Цæмæй ма ахауа, уый тыххæй йæхи машинæйы дуармæ нылхъывта. Йæ хъустыл ауад ныхас:

— Стыр диссаг у! Асиат уыйас лæджы куыд хаста? — ныхасгæнгæ рауадысты дыууæ санитаркæйы, цæфы чи бахаста, уыдон, сæ къухты сынт, афтæмæй.

Хирург йæхи фæиуварс кодта, санитартæ абадтысты машинæйы. Мах фæцæуæм, зæгъгæ, ма сдзырдтой сæ хицаумæ. Шофыр капот бæстон сæхгæдта.

— Фæндараст, — загъта æмæ мидæмæ атындзыдта. Æвзарæн пункты телефонæй адзырдта Мæдинæмæ.

— Мæдинæ, дæ хорзæхæй, сæхимæ чи улæфы, уыдонмæ искæй арвит, сынтæджытæ æрæвæрын хъæуы, тыргъты ма бынат кæм ис, уымыты, — æмæ ма арф уынæргъгæ загъта: — Гæнæн нæй... — уæззау æрæвæрдта телефоны хæтæл.

— Цæф у йæ сæр, йæ фæсонтæ та сыгъд, — загъта къæсхуыртæ дохтыр цæф танкистæй. — Фыццаг медицинон æххуыс ын уыд.

Къола бæстон федта цæфы.

— Сæры цæфæн тæссаг нæу, фæлæ сыгъд арф у, дыккагæртыккаг къæпхæны сыгъд. Цæфы хæлафы комы чысыл дзыппæй систа чысыл фистон, райхæлдта йæ, кæсы: «Дзодзыккаты Сослан», — бакаст цæфмæ. — Нæхи хъæубæстаг куы у!— Кæсы дарддæр. — Советон Цæдисы танкæты æфсæддон хæйтты. Цæгат Ирыстонæй... — йæ цæст ахаста фыстыл æмæ бакаст цæфмæ. — Сыхæгтæ стæм.

— Хъæбатыр! — загъта дохтыр. — Уымæй нæхи Асиат хъæбатырдæр у, ахæм лæджы хæсты быдырæй Джызæлмæ чи фæхаста.

Къола цæфы фындзмæ насатырон спъирты тылд бæмбæджы тула бадардта. Æргуыбыр æм кодта æмæ йæ фæрсы иронау:

— Нæ мæ уыныс, ракæс-ма?

Лæг цыдæртæ бадыгъал-дыгъул кодта. Ныр та йæм дзуры уырыссагау. Ницы уæлдай бæлвырд ныхæстæ загъта цæф. Уый йæм æдзынæг кæсгæ аззад. «Цæй хæрзконд у, Хуыцауы хатырæй, — загъта йæхинымæр. — Хæрзконд нæ, фæлæ фыдрæсугъд». — Фыццæгæм хирургион хаймæ. Æстæм палатæмæ.

Сынтыл схæцыдысты цыппарæй.

— Дæ хорзæхæй, йæ танк дæр аныхъуырдта æви? — бахъуыр-хъуыр кодта санитартæй чидæр.

— Цæй-ма, ахæм стыр дæр нæу, — загъта Сараныфырт, — фæллад стæм æмæ нæм уымæн афтæ кæсы... Стæй танкисттæн уæйгуытæ нæ исынц...

Медицинон хотæ Зоя æмæ Зинæ цæф танкисты сынтæгыл нæма æрæвæрдтаиккой, афтæ æвзарæн пунктмæ æрбахуыдтой Асиаты мæрдфæлурсæй.

Хирург Сараны-фырт цæф сырхæфсæддонты палатæтыл æрзылды фæстæ бацыд стыр палатæмæ, раздæры спортзалмæ. Кæрæдзийæн «рæстмæ у», зæгъгæ, салам радтой.

Бирæ сынтæджытыл арæзт уыдысты сæрхъæнтæ. Кæцытæм, салдæттæй кæмæн йæ къух, кæмæн йæ къах, ивтыгъд уыдысты сæрмагонд медицинон ивтонггæрзтæ.

Уыцы зæрдæриссæн панорамæ та ног хирурджы цæстытыл ауайын кодта денджызы был наулæууæн порт.

Дуары бакомкоммæ сынтæгыл бадти йе уæхск цæф кæмæн уыди, ахæм салдат Федыр æмæ газеты касти.

— Цы кæсут, цы?! — афарста Къола, — æз дæр байхъусон, — æмæ кæройнаг уæгъд сынтæджы кæрон йæхи æруагъта.

— Табуафси, — дзуапп радта Федыр æмæ ногæй райдыдта ахсджиаг уац кæсын:

— 5-æм ноябры 1942 азы, 9-æм æмæ 37-æм Сырх æфсæдты дивизиты хъарутæй, горæт Владикавказы бынмæ, фашистон Германы æфсæдты бырст Фæскавказмæ урæд æрцыд. Уыимæ ма немыцы æфсæдтæ æрцыдысты æрдæгхъулагонд...

— Ура-а!.. — ныййазæлыд стыр палатæйы цæф æфсæддонты цины хъæр, стæй райдыдтой цармæ сæ худтæ æппарын...

Уæлахизы цин куы æрсабыр, уæд салдат дарддæр касти.

...Уыцы зынгкалгæ тугуарæн хæстон арæны, сырх æфсады иунæг салдат дæр знагæн зыбыты иунæг уылынг дæр нæ радта нæ зæххæй...

Хирурджы цæстытæ зæрдæрухс æрттывд фæкæнгæйæ, доны разылдысты æмæ хатыр ракургæйæ палатæйæ рацыд.

Йæ хæд фæстæ палатæмæ бацыд хирург Доцион йæ къухы газет «Правда», Федырæн ацамыдта газеты фарсыл хæстон быдырты æмбырдгонд уацтæй иумæ æмæ загъта:

— Уæ хорзæхæй, бакæсут немыцаг згъæртанкон æфсæдты командыгæнæг инæлар Макензены раныхас, — æмæ рацыд.

Æмæ та Федыр райдыдта кæсын: цæф салдæттæ та цымыдисæй хъуыстой, цымæ цы загъта немыцаг?!

«...Цыппар боны дæргъы танкæты ахъаззаг тох Джызæлы бынмæ банцад, немыцаг 3-æм танкон корпус бынтон дæрæнгонд кæй æрцыд, уымæй...

Сырх æфсадæн æнтыстджынæй мах басæттын бантыст, уымæн æмæ йæ æппæт хæстон хæйттæ, мах ныхмæ хæстыты, хæцыдысты æмзонд æмæ æмзæрдæйæ... Æз зæгъын мæ хъыг æмæ мæ æмкъарынад империйы æфсæдтæн...»1.

Ралæууыд уалдзæг. 1943 азы 8-æм Мартъийы бæрæгбонмæ уыди æмбырд госпитæлы. Кусæг сылгоймæгтæй бирæтæн сæ хорз куысты тыххæй лæвæрд цыд Кады гæххæттытæ æмæ хæрзиуджытæ. Езейы-фыртæн зæрдæйы фæндиаг æмбырд скæныны рæстæг нæ уыд, фæлæ уæддæр къух бакæнæн нал уыд йæ кабинеты райсомæй. Асиат æмæ Нинæ ныр дыууæ боны цырагъау цæфты сæргъы лæууыдысты. Бæрæгбоны лæвæрттæ дæр сæ не ’ндæвтой, сæ сæртæ ма нывæрзæныл куы æруадзиккой, æндæр.

— Бирæ уæ нæ бауромдзынæн, — хатыркурæгау загъта Езейы-фырт.

Медицинон хотæ, санитаркæтæ, дохтыртæ, цыдысты хицауы агъуыстмæ. Асиат бацыд мидæмæ, йæ цæст ахаста агъуыстыл. Бакæсæны къулыл Ленин æмæ Сталины портреттæ, сæ бынмæ стъолы раз бады Сараны-фырт... Галиуырдыгæй тъахтиныл æнтъыснæгæй бадтысты цалдæр сылгоймаджы. Рахизырдыгæй дыууæ рудзынджы, сæ бынмæ бандæттыл бадынц адæм.

Езейы-фырт мидбыл бахудт.

— Нæ кадджын сылгоймæгтæ, бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Уæ зæрдæбын фæллойæн кад æмæ намыс кæны нæ Советон хицауад, — дзырдта дарддæр. — Знаг нæ горæтмæ куы бырста, уæд госпитæлы кусджытæй горæт хъахъхъæныныл бел æмæ киркæйæ чи тох кодта, уыдонæн лæвæрд æрцыд хицауадæй арфæйы гæххæттытæ.

— Иста æрттиваг гæххæттытæ æмæ касти номхыгъд. Кæй ном-иу загъта, уый-иу бацыд стъолмæ æмæ райста йæ лæвар хицауы къухæй.

— Санитаркæ Нинæйæн... Дзæуджыхъæуæн йæ цæгатварс знаджы танктæн цæлхдур æвæрæнтæ æмæ дзыхъхъытæ къахгæйæ йæхи хъазуатонæй кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыд медалæй.

1 Чиныг «Зæрдыл лæууæн», 4 том, 11 с., 1997 аз.

— Хирург Доциты Мæдинæйæн йæ зæрдæбын, æнувыд фæллой æмæ дæсныдзинады тыххæй, хорзæхгонд æрцыд майданæй.

— Хæрзиуæг Асиатæн... Йæ зæрдиаг фæллой æмæ хæсты быдырæй йе ’ккой æхсæв-бонмæ цæф танкисты кæй хаста, уый тыххæй, хорзæхгонд æрцыд медалæй.

Езейы-фырт бамбæрста Асиаты уавæр æмæ йæм сдзырдта:

— Асиат, æз дæумæ куы дзурын: райс дæ хæрзиуæг æмæ Кады гæххæтт...

Асиат дызæрдыг цæстæнгас ахаста агъуыстыл. Ничи ницы дзырдта, фæлæ Нинæ йæхи нæ баурæдта:

— Сауджын къуырмайæн дыууæ хатты нæ фæаргъауы.

Мæдинæ фестад, хатыр ракуырдта æмæ загъта хицауæн:

— Махæн бар ратт ацæуынæн, Асиатимæ та уæхæдæг аныхас кæнут...

— Асиат, — рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта Езейыфырт. Райс дæ хæрзиуæг, — æмæ йæхи бандоныл нæ, фæлæ къулрæбын бандæттæй иуыл æрбадт.

Асиат æмбаргæ дæр нæ бакодта, кабинеты æртæйæ куыд аззадысты, уый.

— Æнхъæлдæн æмæ дæм дæ хæрзиуæг зынгæ дæр нæ кæны? — афарста йæ Андрей Андрейы фырт.

Асиат йе ’рфгуытæ фæтар кодта.

— Цавæр хæрзиуæг?!

Езейы-фырт ницы сдзырдта. Стъолæй райста гæххæтт æмæ майдан.

— Уый мæнæн?! — дисæй афарста Асиат. — Цæй тыххæй?..

Хъавыд зæгъынмæ, цæй тыххæй, уый раджы кæй загъта, уый, фæлæ чызджы зæрдæ куы фæхуда, уымæй тæрсгæйæ фестад æмæ йæм бацыд.

— Кады гæххæтт — дæ зæрдиаг фæллойы тыххæй. Майдан та дын лæвæрд æрцыд Ирыстоны зæххыл хæст куы цыд, уæд хæсты быдырæй цæфтæ æмбырд кæнынмæ æхсардзинад æмæ ныфс кæй равдыстай, уый тыххæй. Ноджы Джызæл æмæ Æрхонкæйы быдырты танкон фыдкарз тох куы цыди, уæд иу æхсæв, дæ уд суæлдай кæнгæйæ, сыгъд танкист Дзодзыккаты Сосланы кæй фервæзын кодтай... Абон тох кæны Советон æфсады рæнхъыты...

Асиат сонт каст фæкодта хицаумæ. Уый та йæ ныхас кодта дарддæр...

«Дзодзыккаты Сосланы фервæзын...» — Асиаты зæрдæ йæхи къултыл ныххоста. «Ау! Æхсæв-бонмæ йæ зынаргъ адæймагимæ уыд... Уый хаста йе уæнтыл?!» — йæхицæн зæрдæ авæрдта æмæ загъта йæхинымæр: «Æвæццæгæн, сæ æрвадæлтæй исчи уыд. Цымæ йын цъæх цæстытæ уыди». Езейы-фырт йын йæ хъуыды бамбарæгау загъта:

— Ахæм хæрзконд лæппу нæ горæты нæ хъуыды кæнын, раст зæгъгæйæ, æз раджы афтыдтæн Ленинградмæ, фæлæ... Ныр дæр ма мæ цæстыты раз лæууынц йæ сыгъдæг æрвхуыз цæстытæ...

— Æрвхуыз цæстытæ?!.

Асиат ницыуал бамбæрста æмæ æрхауд... Сараны-фырт уыцы-иу гæппæй йæ разы балæууыд æмæ Асиаты систой. Æрæвæрдтой йæ диваныл. Езейы-фырт ын насатыры спъирты тылд бæмбæджы тула йæ фындзмæ бадардта. Сараны-фырт та йæ сгæллад хъæццулæй арæхстгай бамбæрзта.

Дыууæ хирурджы кæрæдзимæ бакастысты æмæ бамбæрстой, сахъ танкист Асиатæн хуымæтæджы танкист кæй нæу... Æмæ уæддæр Къола æнхъæл уыди Сослан йæ хæстæг-хион у...

Æппынфæстаг Асиат йæхимæ æрцыд. Уыцы цъусдуг рæстæг дуар байгом æмæ хицаумæ фæдзырдтой. Уый ма ацамыдта Сараны-фыртæн Асиатæн ма куыд аххуыс кæнын хъæуы, уый, æмæ ацыд.

Уæдмæ Асиат фæсæрæндæр. Йæ цæсгомы хуыз дæр фæрæвдздæр...

Фæсмон æмæ хъыджы ставд цæстысыгтæ райдыдтой згъорын Асиаты цæстытæй. Сараны-фырт йæ размæ дзуццæджы æрбадт æмæ йæ бафарста:

— Чи у Дзодзыккайы-фырт?

Асиат æм йæ сæр разылдта. Бакаст æм... йæ къухмæ йын февнæлдта æмæ афтæ зырзыргæнгæ хъæлæсы уагæй Къола куы бафæрсид:

— Кæм хуыссыд?..

Сараны-фыртæн йæ æнувыд уарзт, сыгъдæгзæрдæйы бæрзонд миниуджытæ, митын мæсыг хурмæ атайæгау, атайын кодта фарст: «Кæм хуыссыд?..»

Иу цъусдуг æнæдзургæйæ алæууыд. Мæсты нæ, фæлæ йæм февзæрд сæрыстырдзинад Асиатмæ.

Асиат æнхъæлмæ каст йæ фарстæн дзуапмæ. Нæлгоймагæй дæр нæ ферох. Агъуысты къуыммæ ныджджих, афтæмæй загъта:

— Фыццæгæм хирургийы, 8-æм палатæйы... — йæ сахатмæ æркаст.

— Дæ хъуыддаг раст. Ныртæккæ цæфтæ хæрæндоны сты, цом, фестынмæ йын феххуыс кодта.

Чысыл рæстæджы фæстæ хирург æмæ Асиат лæууыдысты Сослан кæм хуыссыд, уыцы палатæйы дуармæ.

Къола æнхъæл уыди æмæ Асиат йæхи ныццæвдзæн дуарыл, сонтæй фæмидæг уыдзæн палатæйы, фæрсдзæн æй, «кæцы сынтæгыл хуыссыд»... Фæлæ... Лæууыд æнцад.

Æмæ уæд Сараны-фырт байгом кодта дуар. Палатæйæ райхъуыст хъæлдзæг ныхас. Хирурджы куы ауыдтой, уæд ныхасы бæсты райхъуыст лæдзджыты къупп-къупп. Палатæйæ рацыдысты, сæ фатхъултыл гипс æвæрд кæмæн уыд, ахæм дыууæ цæфы. Хатыр ракуырдтой æмæ хæрæндонмæ фæраст сты. Хирург дуарыл хæцыд, Асиатæн лæвæрдта фыццаг бахизыны бар.

Асиаты зæрдæ йæ тæнæг риу æддæмæ тыдта. Бацыд мидæмæ. Цæстæнгас ахаста палатæйы сынтæджытыл. «Кæцы сынтæг?», зæгъгæ, йæхи нæма афарста, афтæ хирург бацыд, йæ фæстæ дуар æнгом рахгæдта. Ацамыдта дуары галиу фарс, къулрæбын æрвхуыз æмбæрзæнæй æмбæрзт фыццаг сынтæгмæ. Асиат æм хæстæгдæр бацыд. Базыл уыди туджы хус æртахты тъæпп. Афтæ йæм фæкаст, цыма ма уый Сосланы сæры цæфы туг у. Сынтæгыл нывæрзæнæй къæхтæм йæ цæстæнгас ахаста. Стæй йæхи фæдæлгом кодта сынтæгыл. Йæ æмыр куыды хъаруйæ, змæлы сынтæджы æмбуар æвæрд тумбочкæйыл агуывзæйы дон.

Сараны-фырт лæууыд æмæ зæрдæфæйлыдæй касти Асиатмæ. «Цæстысыг рог кæны хъыг», — загъта йæхинымæр, фæлæ æгæр куы куыдта, уæд æм бацыд, рæвдаугæ йын йæ уæхсчытыл схæцыд æмæ загъта:

— Цом, мæ хур... Худинаг у рынчынтæй. Нæ хъусыс?

Асиаты былтæ йæ фæлурс цæсгомыл сырх дидинсыфтау мынæг змæлыдысты. Цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ бон нæ баци. Æмæ йæм уæд арфæйы цæстæнгасæй скаст...

Къæлидорыл куы фæцæйцыдысты, уæд хирург йæхинымæр сфæнд кодта: «Дзодзыккайы-фырты бацагурдзынæн», — Асиатæн та загъта: — Ацу, баулæф.

— Хъæумæ ацæуыны бар ма мын ратт, — сдзырдта Асиат.

— Нæ, — не сразы хицау.

Асиат бамбæрста, цæфты эшелон та сæм кæй ссæуы, уый, æмæ æмбаргæ цæстæнгасæй акаст къæлидоры къуыммæ.

— Кæд схæццæ уыдзæн?

— Ахсæв...

— Хорз...

Сараны-фырт уынгмæ акæсыны зæрды уыди, фæлæ къæлидоры йæ размæ фæци Нинæ æмæ йын фехъусын кодта хицау æй кæй агуры, уый.

Чысыл рæстæджы фæстæ бахызт Езейы-фырты кабинеты къæсæрæй.

Хицау æй афарста:

— Куыд у Асиат?

Къола йын ахæм дзуапп радта:

— Æмбал медицинон службæйы дæлбулкъон, Асиат у ахæм адæмы мыггæгтæй, кæцытæ хъысмæты æнæхатыр цæфтæ уромынц æрсарджынæй...

Хæст Ирыстонæй куы аздæхт, уæд Зæринæ йæ сывæллонимæ ацыд йæ цæгатмæ Цъæймæ. Раст Доныскъæфæнты Лазæры зынгхуысты гæххæтт райста... Сидзæргæсы уæззау æфсондз хæссынмæ йæ ныфс нæ бахаста æмæ мой скодта Фæсхохмæ.

Асиат йæ фатеры цыдæртæ ацархайдта, стæй сбадти Дианæйæн къаба хуыйыныл. Кæд зыдта, тагъд рæстæг сæм нæ бафтдзæн, уый, уæддæр. Зæринæйæн та балхæдта тæбын къабайаг.

Фæсæхсæвæрафон, радио фæстаг хабæрттæ дзырд куы фæци, уæд Асиат дæр Дианæйы къаба фæци хуыд. Бандоны къухыл æй æрæвæрдта, цырагъ бафу кодта æмæ бахуыссыд... Боныцъæхты йæ рудзынджы раз æрлæууыд санитарон машинæ...

Æфсæддон лæгау, дзырды уысммæ йæ хызын йе ’ккой, афтæмæй разгъордта Асиат. Кæбинæйы дуары къупп æмæ кæрæдзийæн салам раттын, фæиу сты.

Машинæйы хъæр фæдисонæй айзæлыд сабыр æхсæвы.

— Нинæ нæ рацыд?

— Уæлæ кузовы къуымы йæ фын кæронмæ хæццæ кæны, — дзуапп радта шофыр хъазгæйæ.

Вагзалы фæзы урс халатджын адæм, куыд алыхатт, афтæ ныр дæр æмызмæлд кодтой цæфхæссæн сынтытимæ. Санитарон автомобилтæ вагзалмæ згъордтой тæргæбæхæй, фæстæмæ та цыдысты уæзбынæй, цыма бедрайыдзаг дон ласынц æмæ дзы иу æртах акæлын не ’мбæлы, ахæм хуызы. Медицинон кусджытæ рæвдз архайдтой æмæ афтæ зынди, цыма ацы адæм сæ цæрæнбонты дæр сæ сæртæ нывæрзæныл никуы æрæвæрдтой.

Асиат рог æргæпп кодта кабинæйæ, йæ рон æрбалвæста, йæ размæ бауад Нинæ.

— Алы хатт дæр дын зæгъинаг вæййын æмæ мын нæ бантысы. Ды нæ федтай ам, ацы фæзы цы тох уыди, санитарон поездтæ фыццаджыдæр цæуын куы райдыдтой, уæд, — æрбатыхст. — Адæм гуылф кодтой вагæттæм кæугæ, ниугæ, хъарæг кæнгæ. Бырстой автомобилтæм, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ. Дæлгæмттæ кодтой цæфтимæ сынтытыл. Ныр дæр ма нæ хъустыл айзæлынц сæ хъæлæстæ: «Мæ хъæбулы фæхæссынц», «Махон! Уый махон у! йæ тугтæй æндæр хуызон сси, æндæр махон у!» ...Æмæ та-иу сæхи сынтыл андзæрстой. Цæвиттон, нæ нæ уагътой кусын. Хъалагъуртæ æвæрын бахъуыд, уæддæр дзыназгæ дзыллæйы гуылфæн ничи урæдта. Фæстагмæ рæстæг цыд æмæ... стæмæй стæммæ кæнын райдыдтой. Куыдфæстæмæ æрсабыр сты...

— Адæймаг алцæуыл дæр фæлтæры, — загъта Асиат.

Нинæйы къухыл фæхæцыд æмæ адæмы ’хсæнты атындзыдтой поездмæ.

Ацы вагзалæй ацæуынц гуыппырсар лæппутæ. Æвирхъау Гитлер сæ йæ кæфхъуындар гуыбын бафсады. Чи дзы нал фæцæуы, уыдон та дæндагдзæфтæ æмæ цæнкуылтæй рату кæны. Дохтыртæ æмæ адæм та æхсæв-бон нæ иртасгæйæ, фæллад нæ зонгæйæ, бавдæлынц æмæ... карз тох самайынц, зайлаг калмы дæндагсхъауæнтæй ма, кæд майды ма исчи... гутондар æмæ усгурæн сбæззид...

Цыппæрæм вагоны раз лæууыд сылгоймаг дохтыр. Асиат æм æххæст нæма бахæццæ, афтæ айхъуыста ныхас:

— Æмбæлттæ! Зæнгцæфтæ, къахцæфтæ чи исы?

— Мах! — загъта Асиат.

Дохтыры размæ бассæндæгау кодта Асиаты къорд.

— Райс цæфты низыхаттыты историтæ, — загъта дохтыр æмæ рог сгæпп кодта вагонмæ. Йæ фæстæ Асиат дæр, æмæ историтимæ йæхи куыддæр разылдта, афтæ йæ размæ фесты Нинæ æмæ шофыр.

— Федоров Иван!..» — бакаст фыццаг историйы мыггаг Асиат.

— Æз! — фехъуыст вагоны галиу фарсæй цæфы дзуапп.

Афтæ райдыдтой вагонæй иу иннæйы фæдыл хæссын цæфты. Цас фылдæр цæфтæ хастой, уыйас та Асиаты галиу къухы цæфты низыхаттыты историтæ кодтой къаддæр, иу цæфы куы ахæссынц, уæд та истори ныггæпп кæны йæ хызынмæ.

Адæмы змæлд, афтид машинæты уынæр, цæфтæй дзаг машинæты уæзбын цыд, цæфты уæззау хъæрзын, адæмы мынæг ныхæстæ, уыдон иу кодтой æмæ æнкъард уынæрæй бырыдысты вагзалмæ хæстæг хæдзæртты рудзгуыты зыхъхъыртæй адæммæ. Æмбарын кодтой адæм æмæ сабыр горæтæн, æвирхъау хæстытæ кæй цæуы нæ бæстæйы ныгуылæн хайы, уый...

Асиаты къухы ма иунæг цæфы истори куы баззад, уæд ныгуылæн фарсæй, мигъты æхсæнтæй вагонмæ багудзи кодта дзаг мæй. Мидбылхудгæ йæм фæгуыбыр кодта, акаст рудзынгæй, мæй бæстондæр фенон, зæгъгæ. Раст уыцы уысм Нинæ æмæ шофыр сынтыл авæрдтой цæфы. Асиат фесхъиудта цæфы зæрдæхалæн хъæрмæ.

— Сабырдæр! — адзырдта сæ фæстæ.

— Фæхæссæм æй! — сдзырдта шофыр.

Асиат джихæй акаст сæ фæстæ. Бамбæрста фæстаг цæфы кæй фæхæссынц, уый. Йæ цæст ахаста вагоныл, кæд ма дзы мыййаг исчи баззад. Историмæ кæсгæ дæр нал æркодта, афтæмæй йæ атъыста йæ хызыны æмæ атындзыдта вагоны кæронмæ. Дуармæ йыл амбæлд дохтыр æмæ йæм сдзырдта:

— Дæ хорзæхæй, дæ къух æрæвæр...

Асиат фелвæста йæ историтæ, бæстон сæ анымадта, æркаст чиныгмæ æмæ æрæвæрдта йæ къух.

— Сæрæн чызг дæ, — загъта сылгоймаг дохтыр.

— Хæрзæхсæв, — загъта æмæ рог æргæпп кодта вагонæй Асиат.

Вагзалы асинтыл куы фæцæйзгъордта, фæзмæ куы схæццæ, уæд кæсы æмæ сынт æд цæф зæххы æвæрд, шофыр лæууы йæ размæ.

— Цы хабар у? — афарста сæ.

— Бынат ын уæгъд кæнынц, — загъта шофыр.

— Рахæссут, — фехъуыст машинæйæ Нинæйы дзурын.

— Схæцут-ма, — загъта Асиат.

Шофыр хæцыд сæры ’рдыгæй, Асиат та къæхты ’рдыгæй, афтæмæй схæцыдысты цæфыл. Машинæйы размæ куы бахæццæ сты, уæд Нинæ сæ рæзты йæ хъæбысы фæцæйхаста цыппар-фондзаздзыд лæппуйы, йæ галиу къах баст, афтæмæй. Лæппу ныхъхъæр кодта:

— Тато, тато, иды до мэне!..

Цæфы машинæмæ куы систой, уæд уый йæ галиу къух радаргъ кодта лæппумæ, шофырмæ бакаст æмæ сдзырдта иронау:

— Курын уæ, ма нæ фæхицæн кæнут...

Асиат хъавыд сынтыл рæбынмæ бахæцын, фæлæ йæ цæфы зæрдæмæдзæугæ хъæлæс фæурæдта. Зонгæ хъæлæс... Йæ цæстæнгас хъуызгæ сбырыд цæсгоммæ... «Сослан!.. Сослан!..» — сдзырдта йæхинымæр, ныххæцыд машинæйы бортыл... Дард кæцæйдæр, уæрмæй дзурæгау, йæ хъустыл уадысты украинаг лæппуйы ныхæстæ: «Тато, тато...»

Нинæ Асиаты уæхскмæ февнæлдта æмæ йæ бафарста:

— Фыд æмæ фырты иумæ аласæм?

— О...

Йæ хызынæй систа фæстаг истори... «Дзодзыккаты Сослан... цæгатирыстойнаг...» телыхъæдмæ йæхи сбыцæу кодта.

Машинæйы «бипп»-мæ фесхъиудта. Цудтытæгæнгæ бацыд. Кабинæйы Нинæйы куы федта, уæд æнæбары фæраст гуыффæмæ. Йæ сæрбæттæн йæ ныхыл арфдæр æркодта, йæ маскæ суанг йæ цæстытæм систа, афтæмæй уæзбынæй схызт гуыффæмæ. Сæ фембæлд мин-мин хуызы уыдта йæ хъуыдыйы, фæлæ ахæм фембæлд йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Нæ, нæ йæм равдисдзæн йæхи. Сосланы зæрдæйы къуымы ма кæд искæм æртхутæгау сæ уарзондзинады æрттиваг уа, уæд æм бафу кæндзæн, агурдзæн æй йæхæдæг... Йæ уарзондзинады рохтыл цас фæстæмæдæр хæцыд, уыйас та, æхсæрсæттæг зилгæ цалхы мидæг куыд зилдух кæна, афтæ йæ бæттæнтæ тыдта риуæй æддæмæ йæ фæлмаст зæрдæ. Машинæ кæд сындæг цыди, уæддæр-иу искуы фæндаджы гуыргъахъы куы ныххауд, уæд-иу куы иу цæфы хъæрзын райхъуыст, куы иннæйы...

Иу ахæм риуыгъды Сослан ныхъхъæр кодта, Асиат йæхи нал баурæдта æмæ йæм æргуыбыр кодта, уырыссагау ын загъта, тагъд кæй бахæццæ уыдзысты, уый. Афтæ дзургæйæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, Сосланы цонгмæ куыд бавнæлдта. Чысыл лæппу йæ риуыл ныддæлгом æмæ «тато, тато» кæнгæ афынæй. Асиат æй аиуварс кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæм Сослан сдзырдта уырыссагау, йæ рысты катайæ æрдæгцъæррæмыхстытæй, уадз æй, зæгъгæ. Асиат фæгуырысхо тæвд æм кæй ис, ууыл. Зырзыргæнгæ йын йæ къух йæ ныхыл авæрдта. Сæр уыди тæвд. Сослан хъавыд чызджы уазал къух йæ сæрмæ нылхъивынмæ, фæлæ уый йæ къух рæвдз айста. «Базыдта мæ», — тарстæй ахъуыды кодта Асиат.

Госпитæлы кæртмæ куы бахæццæ сты, уæд хуры тынтæ хъазыдысты цæфтæ æвзарæн пункты рудзгуыты æвгтыл. Зæрдæсастæй раздæхт Асиат сæхимæ, цыма йæ зæрдæйы æрдæг госпитæлы палатæтæй иуы баззад, афтæ йæм касти.

Суткæйы улæфт радтой, цæфтæ чи ласта, уыдонæн. Асиатмæ уыцы бон афæдзы дæргъæн фæкаст. Йæхинымæр æнхъæлмæ касти, Къола Сосланы куы базона, уæд æм æнæмæнг арвитдзæн. Операцион хатæны хуыссыд стъолыл, фæлæ йæм ницы сдзырдта. Æгæр-мæгуыр ма йæм нæ зæронд зонгæ, зæгъгæ, дæр не сдзырдта. Цæф зæнгмæ бæстон кæсгæйæ йæхинымæр загъта: «Хуымæтæджы дæм нæ бады Асиат», — дис кодта Сосланы фидар удыкондыл. Ахæм уæззау хъæдгом сыгъдæггæнгæйæ иу хъæр, иу сыпп йæ дзыхæй ма схауæд. Æрмæст, мæгуыр, йæ цæсгом анцъылдтæ кæны, йæ дæндæгты хъыс-хъыс райхъуысы.

Сосланы куы аластой, уæд Къола Мæдинæйы афтæ бафарста:

— Куыд дæм кæсы ацы цæфы хабар?

— Нæ зонын, — йæ уæхсчытæ базмæлын кодта Доцион.

— Йæхимидæг фæхæрам, хъæдгом, тæрсын, лыггæнгæ куы ’рцæуа, уымæй...

— Уæд ын уый цавæр лæппу у? — бафарста Мæдинæ.

— Иу украинаг хъæуы кæрæтты фæцæйцыдысты. Танктæ разæй, сæ фæстæ та — салдæттæ. Сослан цыди раззаг танчы. Кæсы æмæ бæласыл хæлынбыттырау цыдæр дзедзыкка кæны. Рагæпп кодта танкæй. Бæласмæ фæцæйхæццæ, афтæ йæ знаджы снайпер размæ нал уагъта. Йæ гуыбыны цъарыл бабырыд, скаст бæласмæ, къалиуыл йæ хæдонæй ныдздзедзыкка сывæллон. Куыддæр лæппуйы феуæгъд кодта къалиуæй, афтæ нæмыг сæмбæлд йæ рахиз уæхскыл, цæф уыди рог æмæ йæ ницæмæ æрдардта. Лæппуйы æриста. Иу æфсæддонæн æй медицинон пунктмæ арвыста. Уыцы бон изæрæй æфсæддон быдырон медицинон пунктмæ йæ галиу къахы «фад» цъæлæй бахастой Сосланæн йæхи дæр. Лæппу йæ базыдта æмæ йæм дзуры «тато», ома баба, гъе та дада.

Зæрдæуынгæгæй хъуыста Мæдинæ.

— Ничи йын ис лæппуйæн, æвæццæгæн?

— Йæ хоты, дам, ын немыц амардтой... мад та бæрæг нæу цы фæци...

— Сосланæн дæр, дам, ничи ис, æнхъæлдæн? — бафарста Мæдинæ.

— Цæмæй йæ зоныс ничи йын ис, уый?

— Ничи йæм цæуы, йæ ус, дам, æндæр лæгмæ фæцыд...

— Адæмы ныхæстæм ма хъус. Æз дын зæгъын, тынг хорз адæймаг æм æнхъæлмæ кæсы.

— Чи у?! — цымыдисæй афарста Доцион.

— Цæмæн дæ хъæуы. Уæддæр æй нæ зоныс.

— Уæдæ мæнмæ та цыдæр зонгæ кæсы.

— Чи?

— Сослан. Цыма йæ кæмдæр федтон. Йæ цъæх дыууæ цæсты мын цыдæр зонгæ сты.

Не схъæр кодта, кæй ма сæм хуыссыд, уый:

— Чи зоны, йæ федтаис искуы.

Æхсæв-бонмæ нæ бахуыссыд Дзодзыккайы-фырт йæ къахы рыстæй. Хъæр кодта. Бонырдæм иучысыл йæ цæстытæ кæрæдзиуыл фæхæцыдысты. Аходæн нæ бахордта, сæнттæ цæгъдын райдыдта. Изæрырдæм та йæ тæвд тынг сбæрзонд, цæфы алыварс сау кæнын райдыдта, йæхимидæг фæхæрам. Сосланы уавæр тынг февзæр. Операци кæнынмæ йæм сæ ныфс нал хастой, уæддæр нæ аирвæздзæн, зæгъгæ. Сослан-иу йе ’муд куы ’рцыд, уæдиу куырдта хирургæй, йæ къах алыг кæнын. Езейы-фырт ма йæм профессоры дæр æрхуыдта. Фæлæ уый къах алыг кæныны бар нæ радта. Доцион куы бамбæрста, кæй нæ басæтдзæн, уый, уæд загъта ныфсджынæй:

— Æз дзуапп дæттын...

— Нæ уыдзæн! — загъта профессор.

Доцион æм бакаст.

— Дзодзыккайы-фырты хъуыддаг тынг æвзæр у. Йæ къахы фад ын куы алыг кæнæм, уæд ма, чи зоны, фæцæра, афтæмæй та бирæйы фаг нал у.

Профессор смæсты:

— Мард у уый нæ уынут! Уæнгхъуагæй хъуамæ бацæуа йæ рагфыдæлты размæ?!

— Чи зоны, аирвæздзæн, — загъта та Мæдинæ.

— Куыддæр æй стъолыл æрæвæрат, афтæ уын афæндараст уыдзæн.

Мæдинæ ныфсджынæй фестад, суанг ма йæ халаты дыстæ дæр цæмæдæр гæсгæ бафæлдæхта.

— Æз дзуапп дæттын Сосланы цардыл.

— Æз дæр, — загъта Езейы-фырт, — стæй дохтыртерапевт загъта, — йæ зæрдæ фидар у.

— Цы уæ фæнды, уый кæнут, уæдæ. Фæлæ уын æз мæ къух нæ æвæрын.

— Нæ нæ хъæуы! — мæстыйæ загъта Доцион.

Профессор мæстæлгъæдæй ацыд. Сараны-фырт исдуг аджих.

— Цымæ Асиат ам нæй?

— Нæй, — дзуапп радта Мадинæ, — райсом хъуамæ рацæуа.

«Хорз у, Сослан ам ис, уый кæй нæ зоны, уый», — ахъуыды кодта. Афтæмæй куы нæ аирвæза... уадз æмæ йæм æнхъæлмæ кæса, æнхъæлмæкæсæг нæ фæллайы...»

Дыууæ медицинон хойы палатæйæ операцион агъуыстмæ æрдæгмардæй æрбаластой Сосланы. Операцион агъуысты миты хъæпæнау алцыдæр цæхæртæ калдта. Рухс, цыма æппæт дунейы рухс уыцы агъуыстмæ арæзт уыди, афтæ. Сосланы стъолмæ куы истой, уæд иу уæлдай змæлд, иу уæлдай хъæрзт дæр не скодта, цыма йæ рыстытæн афтæ загъта: «Цы уæ фæнды, уый кæнут, æз уæ бафæлладтæн».

Сараны-фырт æмæ Доцион рæвдзæй лæууыдысты, цыма фурды бынмæ аныгъуылдзысты, афтæ. Сæ къæхтыл цыдæр бурбын зæнгæйттæ, сæ цæсгæмттæй зынынц æрмæстдæр сæ цæстытæ.

Сараны-фырт йæ цæст ахаста стъолыл. Бæзæрхыгтæ лæг хуыссыд æнæбон, æнæхъаруйæ. Хуыцау йæ зонæг цас дугъы фæуадысты хæсты быдыры йæ къæхтæ... Ныр та æгъатыр хырх ахенц кæндзæн йæ къахы фад. Цæмæдæр гæсгæ йæ æрфæндыд Асиат ам куы уаид, уый. Дуармæ ма цалдæр касты дæр акодта, искæйы йæм арвитыны зæрдæйæ, фæлæ йæ ныууагъта...

Сосланы рахиз фарс бахъуаджы рæстæг цæттæйæ лæууыд тугуадзæн системæ, йæ галиуырдыгæй йæ сæрмæ æрлæууыд наркоздæттæг медицинон хо Зинæ æмæ, Мæдинæмæ фæрсæджы каст бакодта. Доцион æй бамбæрста!

— Наркоз...

Сосланмæ хæстæг бацыд Мæдинæ, йæ мæрдонхуыз цæсгоммæ йын хæстæг æргуыбыр кодта æмæ зæрдæуынгæгæй загъта:

— Сослан, бахатыр мын кæн, мыййаг...

Сосланы цæсты уæлтъыфæлттæ, уарди дидин сыфтау, уæззау сæхи систой, скастысты Мæдинæмæ, стæй сæхи æруагътой.

Мæдинæ æрлæууыд Сосланы галиу фарс йæ рисгæ къахы раз. Йæ комкоммæ, Сосланы рахиз фарс лæууыд ассистент Езейы-фырт йæхæдæг. Мæдинæйы галиу фарс — Сараны-фырт æмæ медицинон хо Зоя. Йæ размæ — хирургион инструментты стъол...

Доцион райста кард...

Райдыдта операци. Зоя Мæдинæмæ авæры сыгъдæг инструмент. Мæдинæдзы иу æвнæлд фæкæны Сосланы къахмæ æмæ йæ дзинг йæ рахиз фарс стъолы бын тæбæгъы фæцæуы. Мæдинæ куыд лыг кæны къахы фæлмæн фыд, афтæ дзы Сараны-фырт та туг æлхъивæн асадзы...

Лæмбынæг, æмбаргæ, бæстон æвдисынц Доционы арæхстджын къухтæ йæ хирургон дæсныйад. Рæстæгæй-рæстæгмæ тарст цæстæнгасæй бакæсы Дзодзыккайыфырты фæлурс цæсгоммæ. Бæлвырд уыны Зинæйы тарст, æнæнцой цæстæнгас. Уый йæм ныфсджын цæстæнгасæй бакæсы. Æнæдзургæйæ æмбарынц кæрæдзийы медицинон хо æмæ хирург. Зинæ загъта:

— Пульс... Пульс!

— Туаггуыр... — сдзырдта хирург.

— Ис...

— Камфорæ...

— Ис!... — загъта медицинон хо.

Инструменты иугæндзон змæлд... Хирургты къухтæй инструментты дзинг тæбæгъыл, медицинон хоты арæхсгæ архайд, хирургты ставд хиды тæдзынджытæ, хурмæ инструментты ферттывд... иууылдæр иу кодтой æмæ лæвæрдтой цавæрдæр диссаджы ахъаззаг, хъæугæ уавæр, зæххон нæ, фæлæ уæларвон.

Операцион агъуыстæй хур куыд азылд, уый ничи бамбæрста. Зояйы стъолыл инструментты кæри куыд къаддæр кодта, афтæ Мæдинæйы раз чъизи инструментты кæри та егъауæй-егъаудæр йæхи иста. Операци кæронмæ фæхæццæ кæны. Хирург бæстон анымадта инструменттæ; цал ма йæм баззад сыгъдæгæй, цал сты чъизитæ. Анымадта тугæлхъивæнтæ æмæ бинтæй комрæзтæ... Æрмæст гъеуæд, райдыдта хуыйын...

Хур ныгуылæнмæ фæкъул, афтæ Сосланы æрæвæрдтой Нинæйы палатæтæй иуы. Рынчыны цыдæр сдзурын фæндыд, фæлæ йе ’взаг йæ коммæ нæ каст.

— Мæ-ди-и, бу-уз-з... — йæ комæй цыма тыхджын дымгæ цыди, афтæ радымдта. Тыхсти. Йæ домбай буар карз тох кодта наркозимæ...

Дохтырты агъуыстмæ куы бацыдысты, уæд Мæдинæ бандоныл фæллад бадт æркодта, йæ зæрдæ æрбауынгæг. Йæ цæстытæ доны аленк кодтой.

— Фырцинæй кæуыс æви? — рæвдаугæ хъæлæсæй йæ афарста Къола...

— Раджы ма у цин кæнынмæ, — загъта Мæдинæ. — Нæ госпитæлы ма уыдис куы зæгъынц?

Цыма ницы зоны, афтæ дзуапп радта хирург:

— Нæ зонын... Иу æмæ нæм дыууæ вæййы, — аджих, йæхинымæр дисæй марди, Асиат куыд фидар адæймаг у, ууыл. Кæд æй мыййаг, нæ зоны? Фæлæ йæ куыд хъуамæ ма зона?..

Сосланы операци кæнынмæ куы ластой, уæд къæлидоры кæрон чысыл агъуысты дуар уыди зыхъхъыр. Уырдыгæй касти Асиат.

Сослан тыргъты куы нал зынди, уæд Асиат йæхиуыл дуар ахгæдта, йæ зонгуытыл æрхауд æмæ кувыныл фæци Хуыцæумæ, зæдтæ, дауджытæм. Фæстагмæ йæ бафæдзæхста: «Лæгты зæд, Сослан де уазæг!» — загъта æмæ йæхи зæххы цыдæр бызгъуыртыл æруагъта æмæ бафынæй... Æрыхъал дуар хойынмæ. Агъуысты чысыл рудзынгæй касти хур. Йæ тынтæ хъазыдысты фæсдуар бедрайы фарсыл.

Дуар та æрбахостæуыд:

— Мæлгæ ныккодтай, æви?!

Асиат фестад, цудтытæгæнгæ бакодта дуар. Æрбахызт Нинæ.

— Дысон-бонмæ бирæгътæ сырдтай, æви?

— Æмæ-гъа, афынæй дæн...

— Дæ хорзæхæй, мæ бæсты ма уæлмæрдтæм ацу... — балæгъстæ кодта Нинæ.

Асиат исдуг нæ бамбæрста, уæлмæрдты йæ цы хъуыддаг ис, уый. Йæ къухы йын ауыдта тыхтон, цыма йын йæ сæры магъз исчи уæхстæй фæрæхуыста, афтæ фæци. Нинæйы къухы урс хъуымацы тыхтæй уыди Сосланы ахъаззаг уæнг — йæ къахы фад... Арвы æрттывдау йæ сæры февзæрд хъуыды: «Нинæ йæ уæлæнгай ныгæдтытæ акæндзæн».

— Цæй, цæуыс æви нæ?

— Цæуын, — загъта Асиат, зæрдæхъуырмæйæ райста тыхтон, бел æмæ фæраст госпитæлы рæзты, Джызæлы ’рдæм уæлмæрдтæм. Бæстон бынат бацагуырдта, сæппæрста иу белгом, дыккаг... Чысыл ингæныл тъæпæн дур æрæвæрдта. Йæ къух ыл авæрдта, бел райста æмæ рацыд.

Госпитæлы кулдуармæ куы бахæццæ, уæд хæрхæмбæлд фæци Къолаимæ, йæ къухæй йын бел райста, дуары мидæг æй авæрдта.

— Асиат, æз дæм цæуинаг уыдтæн.

— Кæдæм?

— Уæлмæрдтæм.

— Курын дæ, мацы йын ской кæн. Кæд мæ ферох кодта, уæд та?..

— Мæнмæ диссаг кæсы, цы ис иумæйагæй сымахæн... Уымæн бинонтæ...

— Йемæ дæр ма лæппу куы сласта? — йæхи нал баурæдта чызг.

— Уый йæхи лæппу нæу, хæсты быдыры йæ цæфæй ссардта.

Асиаты зæрдæмæ рухсы цъыртт бакалд, фæлæ уæддæр бафарста:

— «Баба» йæ куы хоны.

— Ничи йын ис. Сослан æй йæхицæн «фырт» скодта. Мах та йæ «госпитæлы фырт» хонæм, дæхæдæг æй куы зоныс.

Исдуг сæ ничи ницыуал дзырдта, стæй та хирург загъта:

— Цыппар азы улæфынмæ нæма уыдтæн. Ацы аз кæд иу-дыууæ боны ацæуин, хонын дæ мемæ.

Цыбæл, бæллиццаг фæндтæ дзырдта, фæлæ сæм Асиат йæ хъус не ’рдардта.

Асиат 3-æм палатæйы рæзты фæцæйыд æмæ палатæйæ йæ лæдзджытыл æнцойгæнгæ ракаст чысыл лæппу Тарас. Лæппу тарстхъæр фæкодта.

— Тато!..

Зинæ, Мæдинæ, Зоя æрбазгъордтой.

Асиат бахызт сæ фæстæ. Диссаг, 8-æм палатæйы куыд хуыссыд, афтæ дуары фæстæ галиуырдыгæй хуыссыд Сослан. Йæ алыварс лæууыдысты Доцион æмæ медицинон хотæ. Зинæ йын йæ галиу цонгмæ сарæзта тугуадзæн системæ. Хуыцау йæ зонæг, кæй æвдадзы хос туг тæдзы Сосланы домбай уæнгты? Сослан тыхулæфт кодта, кæддæры рæсугъд былтæ, сау чылауийау, ныссау сты. Йæ рахиз къах гобаныл, рæстæгæй-рæстæгмæ уæзбын базмæлы...

Зинæ рацыд тыргътæм, ауыдта Асиаты рудзынджы раз лæугæ æмæ йын загъта:

— Дæ хозæхæй, Сосланы раз ма абад иучысыл, æз ныртæккæ.

Асиат ницы сдзырдта. Зинæ афтæ банхъæлдта, кæд æй нæ фæнды, зæгъгæ, æмæ та йын алæгъстæ кодта:

— Фынæй у, æрмæстдæр йæ цуры абад.

Уæзбын къахдзæфтæй фæраст. Палатæмæ бацыд, рынчынты иугæндзон хуыр-хуыримæ йæ хъустыл ауад хъæрзын. Бауад, рудзынджы бынмæ цы рынчын хуыссыд, уымæ, дон ын радта, стæй бацыд Сосланы размæ. Мынæг рухсмæ бæлвырд уыдта Сосланы цæсгом. Æргуыбыр æм кодта, йæ улæфтæй бæрæг уыди, йæ уавæр кæй фæрæвдздæр, уый. Бандон куы фæхъист кæна, уымæй тæрсгæйæ, бандоныл нæ, фæлæ дзуццæджы бадт. Йæ былтæ æрхаста хæстæг цонгмæ. Уыцы рæстæг цыма Асиаты миддунейы хъуырдухæн банкъардта, афтæ базмæлыд Сослан.

— Дон...

Асиат рог фестад. Тумбочкæйы сæрæй райста доны агуывзæ. Бахъуыд æй Сосланы сæрыл схæцын. Чи зоны, Сосланы зæрдæйы къуымы баззад Асиаты къухты ныдзæвд. Скаст æмæ бафарста:

— Чи дæ? Зинæ дæ?... — æмæ та афынæй...

VIII СÆР

Дыккæгæм майы 1944 азы бæрæгбоны аходæны фæстæ, госпитæлы кæрты уалдзыгон хурмæ бадтысты цæфтæ. Чи шахмæттæй хъазыд, чи лотойæ, чи доминойæ, чи та чиныджы каст. Кæмæн йæ сæр баст, кæмæн йæ цонг, чи та лæдзджытыл æруагъта йæ цæнкуыл къах. Йæ рахиз къах йæ уæлæ кæмæн нæ уыд, ахæм лæг лæууыд лæдзджыты æнцой, цыма йæ гуыры конд афтæ дзырдта, кæсут-ма, æз лæууын, кæд мыл къах нæй, уæддæр, зæгъгæ. Кæртæй хъуысыд хъæлдзæг ныхас, худын æмæ уырыссаг фæндыры цагъд.

Къæлидоры кæрон, санитаркæты агъуысты раз, стъолыл йæ халатыл иту æвæрдта Асиат.

Иу цæуæг æм нæма бафиппайдта. Ау, æмæ йæ ус, йæ фырт кæм сты? Аджих. Йæ фырт?.. Арв ферттывдау йæ сæры фегуырдысты хъуыдытæ. Куыд дзы ферох, абон дæс азы Сосланы фыртыл сæххæст... Абон дæс азы... Сосланимæ фембæлдыл... Ныккатай кодта. Иту иуварс авæрдта æмæ ныссагъæс и...

Кæрты иу иннæйы афæрсы, ирон фæндырæй дзæбæх чи зоны цæгъдын, зæгъгæ. Нинæ йæ мидбыл бахудт, Зинæ уый бафиппайдта æмæ йæ хъуыры абадт.

— Ды цыдæр у, уæддæр зоныс фæндырдзæгъдæг.

— Бæргæ зонын, фæлæ...

— Чи у? — алырдыгæй йæм сдзырдтой йе ’мбæлттæ. Нинæ Зинæйы хъусы цыдæр бадзырдта.

— Æцæг зæгъыс? — Зинæйы æрфгуытæ ныхыл хæрдмæ стахтысты.

— О, — йæ сæр батылдта Нинæ, — фæлæ нæ бакомдзæн. Никуы фæцæгъды.

— Цом-ма! — ныфсджынæй загъта Зинæ.

Йæ уæлхъус Зинæ æмæ Нинæ куыд æрбалæууыдысты, уый хатгæ дæр нæ бакодта Асиат.

— Асиат, — лæгъстæцæстæнгасæй йæм бакаст Зинæ, — иу цагъд-ма нын акæн... Зыбыты иунæг цагъд.

Нинæ къæмдзæстыгæй лæууыд, Асиат ын куы бауайдзæф кæна, уымæй тæрсгæйæ. Фæлæ æнæдзургæйæ куы афæстиат, уæд фæныфсджын и.

— Нæ госпитæлы цæфты номæй дæ курæм, иу цагъд нын акæн.

— Гъемæ хорз, — загъта Асиат.

Зинæ æмæ Нинæ йæ фæйнæфæрсты алæууыдысты.

3-æм палатæйы рæзты куы фæцæйцыдысты, уæд гом дуарæй радзырдта Сослан:

— Нинæ!

Асиаты зæрдæ ныссæххæтт кодта. Нинæ базгъордта палатæмæ, рахуыдта украинаг лæппуйы.

— Кæртмæ йæ хонын кæны Сослан, — загъта Нинæ.

Тыргътæ хуры рухсæй тæмæнтæ калдтой. Асиат бакаст йæ палатæтæм, кæд, мыййаг, искæй исты æххуыс хъæуы, зæгъгæ. Палатæты уыди, фестæн кæмæн нæ уыд, ахæмтæ.

Сослан иунæгæй аззад æмæ та йæ йæ уæззау хъуыдытæ сæ уæлныхты ахастой... Йæ зæрдыл æрлæууыд Лазæр...

...Ногбон 1943 азы Сослан йæ дарæс куы сыгъдæг кодта, уæд касти къухмæрзæн æмæ хъусцæджытæм. Йæ разы Лазæр куыд æрбалæууыд, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта.

— Ногбоны хорзæх дæ уæд! — салам ын радта Лазæр.

— Дæу дæр, — раарфæ кодта Сослан.

— Уыдон та дын цы сты?! — афарста Лазæр фырдисæй.

— Ницы, — атымбылтæ сæ кодта, йæ дзыппы авæрынмæ сæ куыд хъавыд, афтæ йæ Лазæр йæ хъæбысы ныккодта.

— Сослан, æвирхъау хæст нæ сæмбæлын кодта кæрæдзиуыл дыууæ хатты. Хъуыды-ма кæныс, нæхимæ æфсæддон гарнизоны, хæсты фыццаг бон Таймуразимæ?

— Куыннæ, куыннæ! Кæнын!.. — зæрдæскъæфтæй дзуапп радта Сослан. — Дæ зæрдæ куы бахъарм хæсты койæ...

— Хæсты койæ?! — фæхъыг уыцы ныхас Лазæрæн. — Хæсты кой мын цы уыди, уый уыди, фæлæ мæнæн мæ зæрдæ дæу уындæй бахъарм! Æргом ныхасы къæм нæй!..

— Мæн уындæй?! — йæ сау æрфгуытæ, зæрватыччы базыртау, сæхи айтыгътой фæтæн ныхыл.

— О! — дзуапп радта Лазæр. — Фæлæ ма уæддæр дызæрдыг кодтон. Уый ды дæ бæлвырд æви нæ, зæгъгæ. Фæлæ мын абон, Ногбоны Басыл баххуыс кодта, æмæ дын дæ къухы уынын бæлвырд æвдисæндар... Рагæй кæй агурын, уыцы адæймаг ды дæ?!

Дзодзыккайы-фырт уыйас æдзæмæй лæууыд æмæ йын йæ галиу армытъæпæнæй Лазæр æнцонæй систа бурбын дари къухмæрзæн, чысыл дур æмæ хъусцæджытæ. Лазæры цæстытыл ауад, Асиат йæ сынтæгыл, йæ чысыл чызг йæ фарсмæ, афтæмæй. Къухмæрзæны иу кæрон ауыдта дыууæ дамгъæйы, раст хъусцæджытыл куыд фыст ис, афтæ. Дызæрдыггаг нæу — йæ размæ лæууы Светланæ йы фыд. Карз, мæстæлгъæдæй йæм нымдзаст æмæ йын афтæ:

— Сослан! Хæсты быдыры кæй сæмбæлдыстæм, уый диссаг у, фæлæ... Ноджы диссагдæр та уый у, ацы хъусцæджытæ дæ къухмæ куыд æгъдауæй бахаудысты. Мах сæ зæрингуырдæн куы ауæй кодтам. Асиаты хъусцæджытæ...

Сосланæн йæ сæр разылд, цыдæр æнахуыр хъæрзт ма дзы сирвæзт, стæй сдзырдта:

— Асиат?! — æмæ афæлурс.

— Кæд дæ фæнды, уæд дын æй радзурдзынæн. Æрмæст ам... — йæ цæст ахаста къазармайыл. — Ам ныхас кæныны фадат нæй. Цом, атезгъо кæнæм.

Чысыл рæстæджы фæстæ Сослан æмæ Лазæр, зымæгон хъæды мит сæ къæхты бын хъыстхъыстгæнгæ, цыдысты ахсджиаг ныхас кæнгæ. Лазæр дзырдта зæрдæуынгæгæй, Сослан хъуыста лæмбынæг... Афтæ базыдта Сослан, Асиатыл цы æвирхъау хъуыддаг æрцыди, уый...

— Мæ чызг Светланæ, мæ фырт Артур, Асиат, кæм сты?» — ныхъхъæрзыдта цæф арсау йæ хуыссæны. Куыддæр æм кърандас райсыны хъару фæзына, афтæ фысдзæн алы рæттæм. Ссардзæн сæ æнæмæнг...

«Цæй зынаргъ мын сдæ Лазæр, æмæ дæ хæст куыд аныхъуырдта!.. — ныккæрзыдта Сослан. Уыцы ахсджиаг ныхасы фæстæ уайтагъддæр куыд басыгъдтæ арты цæхæры!» — хъуыды кæны йæхинымæр. Æмæ та йæ йæ хъуыдытæ ахæссынц куы Орелы быдыртæм Лазæры ингæнмæ, куы та Асиатмæ. Чи зоны, цас ма йæ не суæгъд кодтаиккой йæ хъуыдытæ, фæлæ уæдмæ йæ хъусты азæлыд диссаджы зæрдæмæдзæугæ фæндыры цагъд. Цыдæр зонгæ йæм фæкаст... Ау, æмæ рагæй ирон цагъд куы нал фехъуыста, уæд æм афтæ цæмæн кæсы, цыма йæ хæрзæрæджы фехъуыста... йæ бинаг былы галиу къуымыл фæхæцыд дæндагæй æмæ ныссагъæс и. Лæмбынæгдæр ныхъхъуыста... Æмæ!.. Фæндыры зæлтæ йæ фелвæстой сæ базыртыл, ахастой йæ дæс азы размæ къæвдабон Сæуæхситты колхозы адæмæй дзаг быдырон станмæ. Станы галиуырдыгæй хъуысти Ханты цагъд. Хуылыдз адæмы æхсæнты фæбыры, ауыдта фæндыр Асиаты хъæбысы... Раст уыцы цагъд хъуыст ныртæккæ кæртæй... Чи уа уый?..

— Асиат!.. — ныхъхъæр кодта Сослан. — Уый Асиаты цагъд у! — йæ тымбыл къухæй ныххоста къул.

Раст уыцы рæстæг Сараны-фырт бадти йæ кабинеты. Асиаты фæндыры цагъд бахъуызыд уый зæрдæмæ дæр. Цымæ чи цæгъды?! Госпитæлы кусæг сылгоймæгтæй ахæм цæгъдæгæй куы никæй зоны. Тыргътæм рацыд, рудзынгæй акаст кæртмæ. Зоя æмæ цæф цонгой кафыдысты «кæсгон» кафт. «Дæ хорзæхæй, чи цæгъды?» — лæмбынæг ныккаст фæндырдзæгъдæгмæ. «Асиат?!» — бадис кодта хирург. Арф ныуулæфыд. «Йæ алы уæнджы дæр лæджыхъæддзинад куыд ис», — йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ фыды мад-иу хорз адæймагæй куыд загъта, уый. Джихæй касти кæртмæ.

Зинæ æмæ Нинæ Асиаты кæртмæ куы рахуыдтой, уæд ын Нинæ фæндыр йæ хъæбысы авæрдта. Асиат сындæггай фæндыры гæрз йæ уæхскыл æрбакодта. Исдуг æнцад абадт. Ныууынæргъыдта, уæзбын цæстæнгас ахаста дыккæгæм хирургион хайады рудзгуытыл. Йæ æнгуылдзтæ арæхсгæ азгъордтой фæндыры амонæнтыл. Госпитæлы кæрты аивылдысты æнкъард зæрдæмæдзæугæ фæндыры зæлтæ. Кæрт сын æгæр къуындæг уыд æмæ уылæнтæ-уылæнтæй райдыдтой бырын госпитæлы рудзгуытæй иу уæладзыгæй иннæмæ.

Чысыл раздæр цæф æфсæддонтæ цыренæй цы шахмæттæй, лотойæ... хъазыдысты, уыдон ныр лæууыдысты пырхытæй, чысыл стъолгæндтыл. Æппæт рынчынтæ, цæф сырхæфсæддонтæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ — се ’ргом фæндырдзæгъдæгмæ аздæхтой...

Къолайы хъустыл цыдæр уынæр æрцыд. Атындзыдта тыргъты. Куы иу палатæмæ бакæсы, куы иннæмæ...

Æртыккаг палатæйы дуарæй куы бакаст, уæд ауыдта Сосланы, ног ахст тигр йæ æфсæн къалатийы куыд катай кæна, афтæ тыхсгæ. «Чи цæгъды?!» — хоста къул йæ къухæй. Бамбæрста, кæртæй цы аив цагъд хъуысы, уый Сослан фыццаг хатт кæй нæ хъусы, уый. Æвирхъау хæсты тымыгътæ дæр æй кæй нæ фенкъуысын кодтой йæ бынатæй. Ноджы стыр хъыгæн бамбæрста, Асиат Сосланæн кæй цæгъды, уый дæр. Æрлæууыд Сосланы сынтæджы раз, йæхинымæр загъта: «Адон уæлæуыл куы нæ баиу уой, уæддæр мæрдты иу кæндзысты».

Сослан хоста къул цъынд цæстæй, цыма къулы сæрстытæй рыг згъæлди, афтæ, æмæ хъæр кодта:

— Уым чи ис?!. — йæ фыртыхстæй йæ сурхид акалд, — чи цæгъды?!..

— Чи дæ хъæуы, æмбал капитан? — афарста йæ Къола йæ сынтæджы сæрмæ къулыл электрон сигналы æлхъивæнмæ ацамонгæйæ.

Сослан фæхъус, сабийы ссад пырхгæнгæ йæ мад куы баййафа, уыйау фæци.

— Бахатыр кæн, медицинон службæйы капитан, — фæтыхст Сослан. — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, чи цæгъды фæндырæй?..

— Чи цæгъды, зæгъыс?!

Хирург æм комкоммæ бакаст æмæ зына-нæзына йæ мидбыл бахудт.

— Дæу æхсæв-бонмæ хæсты быдырæй йе ’ккой чи фæхаста, уый...

— Чи у?! — фырзæрдæскъæфтæй та афарста Сослан.

Фæлæ... Сараны-фырт дуары æдде фæци.

«Хæсты быдырæй!» — йæ хъустыл азæлдысты хирурджы ныхæстæ. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Джызæлы быдыры хæст. Танчы ссыгъд... Сыгъди танчы экипаж. Танкисты сыгъдтытæ хуыссын кодта, фæлæ æгъатыр арт фæтых йæхиуыл дæр. Федта йæ галиу фарс судзгæ танкæ дæр, судзгæ салдæттæ куыд гæппытæ кодтой, уый. Абон дæр ма йæ хъустыл уайы, йæ танчы механичы тарст хъæр: «Æмбал капитан, судзыс!..». Дарддæр?.. Дарддæр ницыуал хъуыды кæны... Йæхимæ æрцыд госпитæлы рухс палатæйы... Йæ хъуыды йын фескъуыдта капитаны дзурын:

— Мидæмæ!..

Дуарæй бахызт Къола. Йæ фæстæ — Асиат.

— Сослан, дæ фарстæн дзуапп, — загъта хирург æмæ Асиаты цæсгомæй систа маскæ.

— Асиат!.. — ныууынæргъыдта Сослан.

Асиат æм æнцад каст мидбылхудгæ. Хирург лæууыд фырдис цæстæнгасимæ...

Æппынæрæджиау сдзурын бафæрæзта Сослан.

— Асиат, бахатыр кæ!.. Асиат!.. Хатыр!..

Хирург цыма Сосланы ныхасмæ æнхъæлмæ каст, афтæ дуармæ фæстæрдæм акъахдзæф кодта, Асиаты маскæ Дзодзыккайы-фырты къæхтæм сынтæгыл æрæвæрдта. Иу каст ма фæкодта Сосланмæ, æмæ йын йæ цæстыты уымæлæй разы уæвгæйæ, йæ фæстæ дуар рахгæдта æнæуынæрæй.

— Асиат... — сдзырдта Сослан. — Йæ къухтæ йæм сивæзта. Фæлæ уый лæууыд цавддурау. Сослан фæлæбурдта хуыссæны къæхты ’рдыгæй хиуромæн гæрзмæ æмæ йæхи раргъæвта...

Дæс азы дæргъы ивылд доны фæйнæ былгæронæй кæрæдзимæ дзынæзтой Сослан æмæ Асиат. Сараны-фырт доны сæрты баппæрста хид...

Цыди рæстæг, йемæ хаста æнæниздзинад Сосланæн. Райдыдта лæдзджытыл цæуын. Езейы-фырт фæсидт аразгæ къахгæнæгмæ æмæ йын бафæдзæхста Дзодзыккайыфыртæн хорз «къах» саразын.

Рацыд дыууæ мæйы. Æрхæццæ Сосланы госпитæлæй рафыссыны амондджын бон. Сараны-фырты фæндыд, Асиат госпитæлы кусгæ куы баззадаид, уый. Сосланæн дæр дзы куыст разындзæн, фæлæ не сразы сты.

Санитаркæты агъуысты Асиат украинаг лæппу Тарасыл кодта дарæс. Лæппу базыдта иронау дзурын. Цин кодта йæ ног, аив дарæсыл. Урс хæдон, сау бæттæнджын цыбыркъах сау хæлаф, сырх туфлитæ æмæ урс цъындатæ. Раст ахæм уæлæдарæс уыди, Сослан хæсты фыццаг бон рудзынгæй акæсгæйæ, уынджы цы чысыл лæппуйы федта йæ мадимæ, ууыл...

Тарасы рæвдыдтой цæф хæстонтæ кæмæн цы йæ къухы уыди, уымæй.

Асиат касти лæппумæ æмæ хъуыды кодта, кæд, мыййаг, йæ чызг дæр искуы афтæ цæры æмæ йæ рæвдауынц æцæгæлон адæм, кæннод та кæд, мыййаг, искæй фæсдуар къулбæрзæйæ бады...

Агъуысты скъаппы фæстейæ рацыд Сослан. Асиат æй исдуг нал базыдта. Йæ цæстытæ фæирд сты æмæ «и-и», — зæгъгæ, фæкодта.

Сослан йæ мидбыл бахудт. Йæ риуы дзыппæй систа къухмæрзæн, райхæлдта дзы хъусцæджытæ. Рæвдаугæ, фæлмæн æвнæлдæй сæ бакодта Асиаты хъустыл. Хъусцæджы къах Асиаты хъусæй раппæрста цъылинаджы къæбæл...

Чи лæдзджытыл, чи æнæ цонг, кæмæн йæ сæр баст æмæ йæ къах гипсы æвæрд, хæст кæй ныццæнкуылтæ кодта, уыдон лæууыдысты тыргъты, сæ фæрнджын, сæ хъазæнхъул лæппу æмæ сæ зынаргъ æмбал Сосланæн фæндараст зæгъынмæ рацыдысты.

Сослан рацыд лæдзджытыл. Исдуг æй нал базыдтой йе ’мбæлттæ. Йæ хæрзконд гуырыл аив бадти капитаны формæ. Йæ фæтæн риуыл сæууон хурмæ ферттив-ферттив кодтой йæ хæрзиуджытæ. Асиат цыди йæ фæстæ. Йæ рахиз къухæй хæцыд Тарасы къухыл.

Дохтырты агъуысты дуармæ лæууыдысты: Езеты Андрей Андрейы фырт, Мæдинæ Марклены чызг, Сараныфырт, Нинæ æмæ цалдæр сылгоймаджы урс халатты.

— Фæцæут уæдæ, и? — сдзырдта Езейы-фырт. — Дæ аразгæ къах рæхджы рæвдз кæй уыдзæн, уый дæ ма ферох уæд.

— Бузныг, — загъта Сослан.

Сараны-фыртæн тынг æнцон нæ уыд Асиатæн хæрзбон зæгъын, фæлæ нæй хуыздæр амал.

— Уæ цæрæнбон бирæ, сымах руаджы абон уынын боны рухс, — зæрдиаг арфæ ракодта дохтыртæн Сослан æмæ æрбатыхст, Доционæн куыд раарфæ кодтаид, уый йæ армы не ’фтыд. Цард адджын у æмæ Сослан æрзоныгуыл кодта Доционы раз.

Мæдинæ дæр хуыздæр уавæры нæ уыд. Фæтыхст. Йæ къухты æнгуылдзтæ æддæг-мидæг ауадысты æмæ ныхъхъæр кодта:

— Сисут æй! Сисут æй!.. — æмæ балыгъд дохтырты уатмæ. Тъахтиныл йæхи баппæрста æмæ ныккуыдта...

Дзодзыккаты фæдыл кæсгæйæ, Сараны-фырты размæ иу хæстон бакатай кодта:

— Цæргæ та кæм кæндзысты, цæргæ?

Хирург æм бадзырдта:

— Паддзахадон хæстонцæрæнуæтты фондæй сын коммуналон хæдзары радтой дыууæ уаты. Сослан кусдзæн Джызæлы МТС-ы механикæй. Асиат дæр уым кусдзæн медицинон хойæ...

Уыцы бон изæрæй Сослан æмæ Асиат атындзыдтой вагзалмæ алагираг поездмæ.

Поезд йæ бæлццæттæм æнхъæлмæ каст хæкъуырццæй уффытæгæнгæ.

Сæ зæгъинæгтæ нæма фæкъахыр сты, афтæ сæ поезд ныххæццæ кодта Алагирмæ, бонивайæнты.

Æрдæг мæй лæууыд арвы астæу, стъалытæ кæрæдзимæ сæ цæстытæ ныкъуылдтой. Сослан æмæ Асиат цыдысты Алагиры уынгты. Сослан рæстæгæй-рæстæгмæ æрлæууы æмæ йæ куы цæмæй афæрсы, куы цæмæй.

— Диссаг мæм уый кæсы, — дзуры Сослан, — æмæ мæ куыд фæрæзтай?

— Æмæ-гъа, — æфсæрмæй дзуапп радта Асиат.

— Куы мæ базыдтаис, уæд та куыд акодтаис?

— Æмæ-гъа.

— Тæрсгæ нæ кодтай?

— Ау, куыд тарстæн демæ... Къухмæрзæн мæм куы равдыстай, уæд мæ зæрдыл æрбалæууыд, мæ галиу уæны кæронмæ-иу цыдæр куыд фæбыцæу, уый.

— Иууылдæр диссаг сты, фæлæ мæ къам куыд радавтай, уый æгæр æмбисонд у.

— Æниу хъусцæджытæ дæ къухы куыд бафтыдысты, уый та куыд схуындæуа?

— Ихæн дын нæу, — афарста Сослан.

— Нæу.

Сæууон хуры тынтимæ бахæццæ сты Ногхъæумæ. Сæумæрайсом Ногхъæуы уынгты фæцæйцыдысты лæдзджытыл хæрзконд нæлгоймаг æфсæддон дарæсы æмæ рæсугъд сылгоймаг сау къаба æмæ сау бæрзондзæвæтджын туфлиты. Быдырдзау сылгоймæгтæ сæ æхсырфытæ сæ уæхсчытыл, афтæмæй хæлæггæнгæ кæсгæ баззайынц сæ фæстæ. Уыцы адæмæй бирæты зыдта Асиат. «Уæ райсом хорз», — салам сын лæвæрдтой. Устытæ кæрæдзимæ бакастысты, кæмæн салам дæтты æнæзонгæ сылгоймаг? Ногхъæуы сылгоймæгтæй ничи базыдта, кæддæр фидисы сæрæн кæй дардтой, уынгты сабитæ кæй мæстæй мардтой, зæронд пысулты чи цыди, уыцы Асиаты.

Асиат æрæнкъард. Базыр-зыр кодта, ацы хъæумæ фыццаг хатт куы æрбакъахдзæф кодта, уый æрымысгæйæ. Сосланæй нæ аирвæзт йæ мидхъуырдухæн, рæвдаугæ хъæлæсæй йæм дзуры:

— Ма кæн афтæ.

Асиаты хъуыры кæуындзæг фæбадт, дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ сæр афтæ акъул кодта рахизырдæм æмæ Сосланы галиу уæхскыл аныдзæвыд.

Лазæры хæдзары кæртмæ æххæст нæма бахæццæ сты, афтæ Сослан йæ худ систа. Мынæг куыдæй ныккуыдта... Куыдта Асиат дæр. Чысыл рæстæджы фæстæ Лазæры зынгхуыст тохынайæ скалд фæздæг...

Асиат скъаппæй райста арахъхъы графин æмæ агуывзæ. Сослан агуывзæйы рауагъта арахъхъ. Рухсаг загъта Лазæрæн, Таймуразæн æмæ æппæт хæсты фæмард советон хæстонтæн.

— Руу.саг ут, — ацахуыста æмæ æрæвæрдта стъолыл агуывзæ.

Уымæл цæстытæ æмæ змæлгæ роцъойæ сфæрæзта дзурын:

— Цы сахъ лæппутæ баззадысты хуысгæ хæстон быдырты!..

Æрбадт стъолы раз æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Гъеуæддæр раст нæ бакодта Зæринæ...

Асиат æмбаргæ йæ сæр батылдта æмæ йæм бакаст:

— Ма зæгъ афтæ. Æппæты бон нæу сидзæргæс бадын. Йæ каутæ куы æрызгъæлдысты, уæд фыццаг аз йæ цæхæрадоны иу кæрон сбийæггаг, йæ цæхæрадоны æрдæг радта. Дыккаг аз та... Афтæмæй йæ хай байуæрста.. Йæ картоф æмæ нартхор, æмбис зымæджы фаг дæр нæ кодтой. Колхозы кусыны хъару дæр æм нæ уыд.

Сослан ныссагъæс, стæй бафарста тар цæсгомæй:

— Дæ хорзæхæй, æхсæры къæцæлтыл ын чи ныкъкъаппа-къуппатæ кодта йæ цæхæрадон, уый чи у? Цавæр адæймаг у?!

— Æхсæз мæймæ хæстæй чи фездæхт, ахæм лæг.

— Зоныс æй?

— Зонын, фæлæ дæ ницæмæн хъæуы.

— Фæлæуу-ма, фæлæуу!.. — смæсты Сослан. — Цы цæсгомæй-иу æрлæууыд фронтовичы цæхæрадоны?! Диссаг мæм уый кæсы æрмæст!.. Æви Байсогъуыры-фырт искæйы бæхдонæй бæх давгæйæ фæмард!..

— Хорз, æндæр хатт æй бафæрсдзыстæм, — йæхицæй разы нал уыди Асиат.

Æрсабыр Сослан. Дуар сæхгæдтой. Рацыдысты. Уынджы сыл амбæлд зæронд ус, гогызы цъиутæн хæринаг лæвæрдта.

— Дæ райсом хорз, — салам радтой усæн.

— Уæ цæрæнбон бирæ, — раарфæ кодта сылгоймаг. Зæронд ус сын радзырдта, зæгъгæ, Зæринæ фæсхохмæ иу зæронд лæгмæ фæцыди чындзы. Йæ чызджы дæр йемæ акодта.

Чысыл рæстæджы фæстæ Сослан æмæ Асиат сæ ныхасы къуыбылой дардæй халгæ цыдысты, Асиаты райгуырæн хъæуы ’рдæм. Фæсте аззад дыргъцæхæрадон.

— Асиат, — загъта Дзодзыккайы-фырт. — Ныр хъæумæ куы бацæуиккам, уæд куыд уаид?

— Нæ, — йæ сæр батылдта Асиат, — æндæр хатт.

Сослан бамбæрста Асиаты уавæр. Ныхасы уаг æндæр донвæдыл ауадзыны фæдыл загъта:

— Акæс-ма, — ацамыдта хъæды къулмæ. — Кæс-ма, Куывддон бæласы бын цы дзæбæх зыны. Нал хъуыды кæныс Фыццæгæм майы дугъ?

— Кæнын, — йæ сæр батылдта Асиат.

Чысыл рæстæджы фæстæ Сослан æмæ Асиат лæууыдысты сæ зынаргъ донхæрис бæласы бын. Къабузджын донхæрис цыма йæ бæлццæттыл цин кодта, афтæ базмæлыд, йæ къалиутæ хæстæг æруагъта зæхмæ, йæ рог сæр-сæр ссыди, раст цыма æппæт бæлас фестад егъау дзæнгæрæг, мынæг æхцон зæллангимæ...

I СÆР

Хуссар Ирыстон дæр Сафиатæн адджын цæрæн бынат нæ разынд æмæ та йæ базыртæ систа. Йæ хæзгул лæг Гæдоимæ атæхдзысты денджызы сæрты скæсæнырдæм. Аннæйы мæт æй æппындæр нæй. Йæ фырты та рæстæгмæ сидзæрты хæдзармæ ратдзæн.

Аннæ куы бамбæрста, Сафиат йæ лæппуйы сидзæрты хæдзармæ æнæ ратгæ нæ фæуыдзæн, уæд ыл хинæй рацыд.

— Æри йын йæ гæххæттытæ æмæ йæ æз ратдзынæн, мæхæдæг,дæр уым исты куысты ныллæудзынæн æмæ йæм мæ цæст дардзынæн.

Сафиаты зæрдæмæ фæцыд уыцы хъуыды æмæ йын лæппуйы гæххæттытæ йæ ныхты фæсагъта. Аннæ æмбæрста, сидзæрты хæдзары сæ дыууæйæн дæр æнцондæр кæй уыдзæн, уый, фæлæ Сосланæй æфсæрмы кодта, кæд мард у, уæд — мæрдтæм, кæд æгас у, уæд та йын искуы куы бауайдзæф кæна, мæ лæппу иу ирон дзырд дæр куынæуал зоны, зæгъгæ. Æмæ йæ къухы гæххæттытæ куы бафтыдысты, уæд ацыд хæстæг хъæутæй иумæ æмæ хъæугæрон къуылых Микъолозы самандур хæдзары дуармæ æрлæууыд.

Микъолоз æмæ йæ бинойнаг Данæ Аннæйы бахуыдтой сæрдыгон къулсарайы бын фосдонимæ æмкъул агъуыстмæ.

— Кæд ыл æрвæссыс, уæд табуафси, — загъта лæг.

Аннæ йæ цæст ахаста, «агъуыст» схонæн кæмæн нæ уыд, уыцы къуымыл.

— Тæдзгæ нæ кæны? — бафарста Аннæ.

— Тæрккъæвда куы вæййы, уæд...

— Гъемæ хорз... Адыууæ боны зындзыстæм.

Цалынмæ сæхимæ цыд, уæдмæ йæ хъуыдыйы йæ ног хæдзары самадта пец, йæ къултæ йын байсæрста, чъырæй йæ сцагъта.

Дыккаг бон Сафиаты кæртæй абырыд хъысхъысгæнгæ дыууæ галæй ивтыгъд уæрдон. Хæдзары дзаумæттæ дзы амад. Аннæ æмæ Артур мæгуыргурты лæуд кодтой. Аннæйы зæрдæйыл цыма, уыцы галтæ лæууыдысты, хæдзары дзаумæттæ та йын йæ сæр хостой, афтæ зын ын уыди сæ уынд. Фæлæ цы йæ бон уыди. Уынгмæ рацыдысты цыппар адæймаджы: Аннæйы къухы пысулты баст, лæппуйы къухы — скъоладзауы хызын, Сафиаты къухы ног сæрак хызын, Гæдойы къухы та — сау чумæдан. Иуцалдæр сардзины куы ауадысты, уæд бахæццæ сты, фæндаг кæм фæсаджил, уырдæм. Æрлæууыдысты. Сафиат йæ фырты йæ хъæбысы акодта:

— Мæ хъæбул, Астæуккаг Азийы хорз у, куыддæр æрбынат кæнæм, афтæ дæ акæндзынæн.

Фæндаджы галиуырдæм — цæгатмæ, фæраст сты Гæдо æмæ Сафиат. Рахизырдæм — скæсæнмæ та араст сты Аннæ æмæ Артур.

Цыдысты æнæдзургæйæ. Аннæйы зæрдæмæ нæ цæуы хинæйдзаг Гæдо. Бæлвырд ныхас ын нæй. Дæлæмæ дын куы зæгъа, уæд ды уæлæмæ цу. Гæдоимæ дард фæндагыл нæ, фæлæ мидхъæуы ацæуын дæр никуы бауæндид.

Аннæ æмæ Артур сæ агъуыстмæ базылдысты, йæ цары фæйнæджытæ йын змисæй ныхсадтой, йæ къултæ йын байсæрстой. Чысыл джиппæй самандур скодтой æмæ сын Микъолоз самандур пец самадта. Бæстон æй байсæрстой.

Данæ сын зырнæйзылд хъæдын сынтæг радта. Барæвдзытæ сты. Æппæт уыцы куыстытæ лæппу кодта уæнгрогæй.

Иу изæр ног чъырæйцагъд агъуысты, хъарм пецы фарсмæ куы бадтысты, фæтæгены цырагъы рухсмæ къулыл Аннæйы къухтæ цъындагæнгæ куы хъазыдысты, пецы та нартхоры кæрдзын къулы рæбын куы лæууыд, цæхæрмæ дæрддзæф, уæд Артур Аннæйы фарсмæ æрбадт æд чиныг. Йæ цæст ахаста агъуыстыл.

— Нана, мамæ нæ куы хона, уæд нæ хæдзар куыд ныууадздзыстæм?

Ус ницы сдзырдта. Ахъуыды кодта исдуг: «Йæ чысыл къухты фыдæбон дзы ис, мæгуырæг, æмæ дзы йæ зæрдæ нæ иртæсдзæн».

— Нана, — рæвдаугæ йын йæ цонгмæ бавнæлдта лæппу.

— О мæ цæст.

— Æз никуыдæм ацæудзынæн нæ хæдзарæй. Ды та?

— Æз дæр, мæ хур... Бакæс-ма мын исты.

— Цы?

— Цы дæ фæнды, уый.

Лæппу Къостайы «Ирон фæндыр» арафæлдах-бафæлдах кодта:

— Бакæсдзынæн «Æнæ хай»....

Аннæ лæппумæ иртасын райдыдта афæстаг рæстæг ас адæймаджы æууæлтæ. Æвæццæгæн, æмбары, царды фæрæзтæй бирæтæй æнæхай кæй у, уый. Æмæ ныр дæр уыцы номимæ æмдзæвгæ, æвæццæгæн, уымæн равзæрста...

Сафиат æмæ Гæдойы фæнд афтæ уыд: æфцæгыл ахиздзысты Цæгат Ирыстонмæ, уырдыгæй та Хъаспийы денджызыл хъарм бæстæм. Йæ фыды хъæздыг бынтæй ма цы къæс баззад, уый аргъ йæ гуыбыныл ронбастæй нæ лæууы, мыййаг? Гæдойы зæрдæ алхæныны тыххæй, рæстæгæй-рæстæгмæ йæ къух йæ тыппыр гуыбыныл ахæссы, ома æхца нæм ис, æхца. Гæдо йæхи ныттар кодта, йæ бур рихийæн куы йæ галиу кæрон мæсты змæлд фæкæны, куы йæ рахиз. Сафиат бамбæрста, æхца уымæ кæй не сты, уый фæдыл мæсты у, уый. Æмæ сæ сфæнд кодта лæгмæ раттын. Иу къæдзæхы рæбын æрбадтысты. Сылгоймаджы рон сафтид, Гæдойы рон та байдзаг. Лæг йæ цæст йæхимæ æрныкъуылдта. Сафиат дзы дзæвгар хистæр уыд. Рагæй йæм йæ зæрдæ хаста, цалдæр хатты йæ ныууадзынвæнд дæр скодта. Фæлæ...

Иу хуыцаубон, боныцъæхтыл Аннæты рудзынджы раз æрлæууыд Микъолоз. Йæ хъустыл ауад зæрдæмæдзæугæ мынæг хъæлæсы уагæй зард. Зарыдысты Къостайы «Хъуыбады». Исдуг мидбылхудгæ лæугæ аззад. Стæй йæ цыма исчи фæрæхуыста, афтæ фесхъиудта, хъыг æм фæкаст. Лæппу зары, фæлæ зæронд та йæ дзых цæуыл ныххæлиу кодта, æви мын йæ фыдæбонджын хæдзары зары. Раджы сæ асурид, фæлæ чысыл лæппу йæ удылхæцæг у. Йæ хосы муртæ дæр уый руаджы хæдзар куы нæ ссарой, уæд баззайдзысты рæгътыл. Бæлвырд хъусы зарæджы ныхæстæ «...Дыгурмæ ахызт Адайы ’фцæгыл...»

— Мæнау йæ зæнгтæ немыцаг æфсæйнæгтæй йедзаг куы уыдаиккой, уæд цы æфцæгыл ахызтаид, уый йын лæппутæ федтаиккой! — хъæрæй загъта Микъолоз.

Цæмæй Аннæитæ бамбарой, уый дæр хуысгæ кæй нал кæны, уый, уый тыххæй бацыд сугсæттæн къодахмæ, фæрæтæй дыууæ дзæхсты ныккодта къодах, фæрæт дзы аив фæсагъд. Сонтæй акаст, боныцъæхтæ цы уынгыл бадт, уымæ. Тынг кадджын нæу йæ цæсты, сæумæраджы сугсæттæны хъæр цы хæдзарæй цæуа, уый. Уæззау къахдзæфтæй фæраст Аннæты ’рдæм. Нал бауагъта зарæг кæронмæ азарын. Сындæг дуар бахоста. Зарæг фемыр. Ракаст лæппу.

— Дæ райсом хорз, баба, — салам радта Артур.

— Кæй райсом у, уый хорзæхæй хайджын... — загъта лæг. — Аннæ нæма фестад?

— Дæ райсом хорз, — уæгъд халаты ракаст Аннæ.

— Аннæ, ацы хус рæстæг мæ хостæ мæ къухы куы бафтыдаиккой... — фæтыхст Микъолоз.

Цы зын бамбарæн уыд Аннæйæн, лæппуйы та куыстмæ кæй агуры, уый. Иу хаттæй иннæ хатмæ йæ нал вæййы ауадзинаг, фæлæ йæ фæсдуар цæры. Абон æй йемæ быдырмæ картоф къахынмæ хонинаг бæргæ уыд. Ницыуал ской кодта.

— Сыфцæй ласыс?

— Уæдæ? — фæхъæлдзæг лæг сылгоймаджы æмбаргæ фарстæй.

— Лæппу, дæхи арæвдз кæн, — загъта Аннæ.

Уынгмæ куы рацыдысты, уæд сыл сæууон ирдгæ йæхи расæрфта. Уасджытæ хъæу сæ сæрыл систой.

Диссаг у уасæг, йæхæдæг ма æфтуанхъæдыл фæбады, афтæмæй адæмы базгуылы кæны.

— Дæ худ æнгомдæр æркæн, — загъта лæг, — суазал уыдзынæ.

— Нæ, уазал мын нæу.

Микъолоз лæппуйæн амыдта стъалытæ, хæрдмæ скаст æмæ йæм дзуры:

— Кæс-ма, ныртæккæ у фæззæджы мæйтæн сæ фыццаджы кæрон. Дæ зæрдыл бадар, уалæ Авд хойы æмæ Фыййауы лæдзæг кæм сты, уый. Ныр сæумæрайсом у, фæлæ чысыл фæстæдæр мæй, дыууæ мæйы фæстæ та изæрæй, æхсæвæрафон уыдзысты, ныр куыд сты, раст афтæ арвы астæу. Зæхх афтæ зилы.

Артур исты зæрдылдаринаг хъуыддаг куы фехъусы, кæннод йæ царды исты диссаг куы вæййы, уæд йæхинымæр афтæ фæзæгъы: «Куы нæ мæ ферох уаид папæйы ссыдмæ». Ныр та загъта: «Куы нæ мæ ферох уаид дыууæ мæймæ».

Хур бæндæны бæрц куы суад, уæд схæццæ сты хохрæбынмæ. Фахсыл куы фæхæрд кодтой, уæд-иу лæппу размæ азгъордта, куы-иу бастади, уæд-иу йæ мидбынат абадт. Куы-иу аулæфыд, уæд та-иу азгъордта. Микъолоз та цыд, уыцы иу цыды уагæй, афтæмæй сæ хосты раз æрлæууыдысты. Бæрз бæласы цæнгтæй арæзт мæхъийыл æрæвæрдтой авд-аст лæвæрæны хос.

— Лæппу, æри-ма дæлæ сыджыты бын пыхц бæндæн, — сдзырдта зæронд лæг сагойæ хос мæхъийыл æфсæргæ.

Артур рæвдз фелвæста пыхц бæндæн, йæ сыджыт ын æрцагъта æмæ йæ баскъæфта Микъолозмæ. Хосы мæкъуыл дзы æрбабастой мæхъимæ: дыууæ фарсы кæрæдзимæ, фæстаг фарс — разæй мæхъийы цæггондмæ — мæхъийы хъилтæ иумæ æлхынцъгонд цы цæггондмæ æрцæуынц, уымæ.

— Баба, пыхц бæндæн цæмæн хуыйны, стæй йæ доны цæмæн нывæрдтай дысон, иннæ бæндæнтæ афтæ куы нæ фæкæныс? — бафарста Артур, мæкъуылы рæбын куы æрбадтысты, уæд.

— Пыхц бæндæн быд у сусхъæды æддаг цъары мидæггаг цъæрттæй. Куысты размæ йæ хъæуы удайын. Хусæй сæтгæ æмæ скъуыйгæ кæны. Уымæлæй та йæ пыл дæр нæ аскъуындзæн.

— Бацамондзынæ мын куыд бийгæ у, уый?

— Уалдзæг. Сусхъæды лæппын талатæй рауадздзыстæм цъæрттæ æмæ сбийдзыстæм.

Фестад, æрзылд мæкъуылы алыварс. Бауыгъта йæ:

— Хорз баст у, — райста хъил, мæкъуылы бын æй разæй атъыста.

— Æз цæудзынæн разæй, — загъта Артур.

— Нæ, мæ хур, — карзæй загъта лæг. — Фыдбылыз адæмы знаджы хай уæд. Цы нæ вæййы, куы нæ йæ бауромай. Ды хæц фæсте.

Ацы куыст лæппуйæн æнæ зонгæ нæ уыд. Æрхæцыд фæстейæ мæкъуылы бын, мæхъийы астæуккаг хъæдыл. Рафæндараст мæкъуыл. Микъолоз йæ хъилæй аразы мæкъуылы. Уырдыджы æгæр тагъд куы фæбыры, уæд хъилыл хæрдмæ схæцы æмæ хъилы фындз зæххы фæсæдзы, мæкъуыл æрлæууæгау кæны. Хъил чысыл фæныллæгдæр кæны æмæ та мæкъуылы бырд фæсæрæндæр вæййы. Хъилæй аразгæйæ быры мæкъуыл фахсыл дæлæмæ...

Хур ныгуылæнмæ фæкъул, афтæ Микъолозы хосы чысыл мæкъуылтæ, цыма рагæй дæр комы бын уыдысты, афтæ лæууыдысты фæндагмæ хæстæг. Фæстаг мæкъуыл карз уырдыджы æгæр згъордта. Артур æй фæстейæ уромы, куы йæ фазыл абыры, куы дзуццæджы, куы йæ зæвæттæй нылхъивы зæхх. Иу фæзилæны, цыма Микъолозы къухæй мæкъуыл уромæн хъил феуæгъд, афтæ мæкъуыл ныййарц бынмæ. Лæджы сæры, арв ферттывдау, февзæрд хъуыды: «Нал æй бауромдзынæн». Йæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодта...

— Артур, ауадз! — æмæ йæхи иуварс аппæрста.

Мæкъуыл æнæуромæгæй ныххæррæгъ кæмдæр комы бын. Лæг исдуг ницы бамбæрста, лæппу йæм бауад:

— Баба...

— Ма тæрс, — дзырдта лæг. — Дæхи нæ ныццавтай? — йæ къух ын йе уæхскыл æрхаста.

— Нагъ.

Лæг фестынмæ хъавыд, фæлæ æваст ныхъхъæр кодта:

— Мæ къах, лæппу! Æнхъæлдæн, мæ къах саст у! — æрбадт фæстæмæ. — Лæппу, рæвдз азгъор Хуссаркоммæ, асæрды колхозæн хос кæм ссывтам, уырдæм. Нæ сыхы лæгтæ уым хос æфснайынц, фехъусын сын кæн.

Артур цыппæрвадыгæй азгъордта Хуссаркоммæ.

Хур аныгуылд, афтæ Микъолоз хуыссыд йæ хæдзары кæрдæгхуыз зырнæйзылд хъæдыл сынтæджы. Стæгсастæвæрæг зæронд Дыгыцийы йæм æрхуыдтой. Федта йæ. Нæ фыдхуыз, æнцъылдтæ къух, йæ риумæ цы урс зачъе хæццæ кодта, ууыл æрхаста.

— Саст у зæнг синмæ хæстæг.

— Мæ хостæ баззадысты! — ныккатай кодта Микъолоз.

Артур цалдæр боны йæхи ракуырдта скъолайæ. Комы рæбынæй лæгуæрдонæй æрласта Микъолозы хос. Хохы фæхстыл цы хос баззад, уыдонæн та йæ бон ницы уыди. Фосы холлагæй не сфаг уыдзыстæм, зæгъгæ, Микъолоз йæ фос радта колхозмæ. Иунæг хъуг ма баззад йæ бирæ фосæй йæ кæрты.

Зæнджы састимæ йæ æппæт низтæ дæр æртымбыл сты Микъолозыл. Иу изæр йæ размæ æрбахуыдта Артуры, йæ усы, Аннæйы æмæ сын афтæ зæгъы:

— Уанион, уадзын дæ мæнæ хорз адæмимæ иу кæрты. Кæд базонай цæрын, дон бадæттæг дын уыдзысты.

— Кæд нæ лæппу зынид, — йæ зæрдæ æрбауынгæг Данæйæн.

— Хуыцау хорз у, — тыхулæфт кæнгæ загъта лæг. Йæ галиу къухæй Артуры уадул æрсæрфта. — Лæппу, цу-ма, акæс, кæддæра Авд хойы æмæ Фыййауы лæдзæг кæм симынц?

Артур фæсырх. Йæхимæ рамæсты, куыд дзы байрох стъалытæм цæст дарын...

— Ныртæккæ, — загъта лæппу æмæ азгъордта кæртмæ. Арв уыди сыгъдæг, цыма сау хъæдабæ хъуымацыл цæхæры кæфой бапырх чынди, афтæ. Кæсы æмæ арвы астæумæ ссимынц авд фаззоны. Фыййауы лæдзæг сæ бынмæ чысыл дæлдæр хуссарвæрсты ссæуы.

Чи зоны æмæ цас фæкастаид æрттиваг стъалытæм лæппу, йæ хъустыл кæуыны хъæр куы нæ æрцыдаид, уæд. Базгъордта мидæмæ.

— Баба! — ныхъхъæр кодта Артур. Йæхи йыл фæдæлгом кодта.

Хæдзар адæмæй айдзаг. Фæсæмбисæхсæв Микъолозтæм адæмы змæлд куы басабыр, уæд Аннæ æмæ Артур сæ сæртæ нывæрзæныл æруагътой. Аннæ афынæй, фæлæ лæппуйы цæстытыл хуыссæг нæ хæцыд. Хъуыды кодта, райсом йе ’мбæлттæй кæмæнты зæгъдзæн ингæн къахынмæ Дыгыци. Фыццаг хатт нæ къахынц, мыййаг. Афтæмæй бафынæй. Райсомæй куы ракаст, уæд уарыд митæмхæццæ къæвда. Ас лæгау ныккатай кодта.

Уыцы бон дыууадæс лæппуимæ Артур фæцæйцыд уæлмæрдтæм. Зæронд Дыгыци сын бацамыдта кæм къахгæ у, уый. Цыппар лæппуйы та йемæ акодта чырын кæнынмæ.

Артур райста кирка, иу къупп, иннæ къупп... Йæ фарсмæ балæууыд йе ’мбал Будзийы кирка. Фæзынд уæгъд зæхх, белтæ йæ калдтой хæрдмæ. Афтæ зынди, цыма белтæ сæхæдæг калынц сыджыт. Уæраджы сæрмæйы æрфæн æй куы скъахтой, уæд сæм хъару нал уыд. Ноджы хуырджын рауад. Лæппутæн сæ хистæр Будзи фынддæсаздзыд уыди, кæстæр Куыдзийыл та цыдаид дæс азы, фæлæ уый дæр кæд сæрæн арæхст белимæ, уæддæр-иу афæллад.

Лæппутæ бастадысты æмæ сæ белты хъæдтыл сæхи æруагътой. Къæвда, цыма фыдæнæн кодта, афтæ йæ уарынæй не ’нцад. Иучысыл куы аулæфыдысты, уæд Артур йе ’мбæлттыл йæ цæст ахаста.

— Цæй, февналæм, æндæр уæлæсыхаг Елиозæн æнæхъæн къуыри куыд фæкъахтам, афтæ ныр дæр ныффæстиат уыдзыстæм.

— Уæд зымæг уыди, — загъта Будзи, — стæй къуыри нæ, фæлæ æртæ боны.

— Æмæ уæд гыццылтæ уыдыстæм, — сдзырдта æппæты кæстæр Куыдзи.

— Устытæ нæм куы нæ фæкастаиккой, уæд къахтаиккам къуыри, — карзæй та загъта Артур.

Артур киркайæ хойы хуырзæхх, йæхинымæр ахъуыды кодта: «Мæныл та цыди уæд иуæндæс азы, ныр та мыл цæуы æртындæс». Йæ зæрдыл æрлæууыд, хъомгæс куы уыд, уæд йæ фос Елиозы цæхæрадоны кау куыд басастой æмæ йæ куыд фæнадта! Уый фыдæнæн ын нæ куымдта ингæн къахынмæ, фæлæ фефсæрмы йе ’мбæлттæй.

Лæппутæ куысты тымыгъы бацыдысты æмæ нæ бафиппайдтой, сæ размæ Аннæ æмæ ма иу Гитта тæбæгъимæ куыд алæууыдысты, уый.

— Рацæут, исты ахæрут, — дзурынц сæм устытæ.

Лæппутæй чи дзыхъхъы лæууы, чи хуыр бедрайæ хæрдмæ иста бæндæныл, чи бедра хаста чысыл æддæдæр. Дзыхъхъ куыд арфдæр кодта, афтæ йæ размæ обау та йæхи иста бæрзонддæр.

Лæппутæ кæд æххормаг уыдысты, уæддæр сæ ничи фезмæлыд. Аннæ райхæлдта тæбæгъы баст. Тæбæгъы уыди æхсæз чъирийы æмæ сæ сæрыл карк къуыдыр фыхæй. Гитта дурынæй хъæдын къусмæ рауагъта къуымæл. Рухсаг загъта æмæ йæ æрæвæрдта тæбæгъы фарсмæ зæххыл.

— Рацæут, мæ хуртæ, ахæрут, — дзуры сæм Аннæ.

Тынг зын сæм фæкæсы марды тыххæй конд хойраг хæрын.

— Кæмæ дзурынц? — дзуры та Аннæ. — Уæ фыдæбон Микъолозæн ныххæлар кæнут.

Лæппутæ амбырд сты...

Дыккаг бон изæрæй ныгуылæнырдыгæй сырхбын мигъты æхсæнæй разынд сасиры йас хур. Артур æй ауыдта.

— Лæппутæ, райсом хур уыдзæн, — сывæллæттæ сæ сæртæ аздæхтой ныгуылæнмæ. Сцин кодтой. Хур аныгуылд, фæлæ ма йæ тынтæй куы иу хохы цъупп арæвдауы, куы иннæ. Хæхты æхсæнты, ранæй-рæтты бадти уардихуыз мигъы къуымбылтæ.

Дыгыци сæм рацыд, йæ сæр разыйы тылд бакодта.

— Уæ цæрæнбон бирæ, уæ фыдæбон хæлар уæд Микъолозæн.

Микъолозы æвæрæн бон уыди хурбон. Хуссарвæрстæ уайтагъд ахус сты, фæндæгтæ айсыстысты. Адæм цыдысты зианы кæртмæ. Сылгоймæгтæ, æнæбон зæрæдтæ, къуылых æмæ цæнкуыл лæгтæ.

Сихорафон. Дыгыци бацыд зианы чырыны размæ, фæндарасты «дыууæ» ныхасы загъта. Лæппутæм ацамыдта. Будзийы къухы цыппар хъилы. Чырыны бын сæ атъыста Дыгыци. Цыппар лæппуйы алæууыдысты иуырдыгæй, цыппар лæппуйы — иннæрдыгæй. Лæппутæ зыдтой, сæ асмæ гæсгæ сæ чи кæм лæудзæн, уый. Чырын фыццаг чи сисдзæн, уыдон нæ, фæлæ сæ ивгæ чи кæд кæндзæн, уый дæр бæрæггонд уыд.

Артур лæууыд сæры ’рдыгæй рахиз фарс, йемæ лæууыд Будзи. Дыгыци сын ацамыдта йæ къухæй, сисут, зæгъгæ. Уанион ма бæргæ фæлæбурдта чырынмæ, фæлæ ма йæ къухтæ аныдзæвдысты уазал фæйнæгыл. Уæззау чырын уæз кодта хъилтыл, хъилтæ карстой чысыл сабиты уæхсчытæ. Артур йæ разæйцæуæг лæппуйы æрчъитæм кæсгæйæ ахъуыды кодта: «Мæхъи дæр конд у цыппар бæрз хъилæй, чырын дæр хæссынц цыппар бæрз хъилыл».

Данæ йæхи хойгæ атындзыдта йæ лæджы фæдыл...

II СÆР

Поли, Зæринæйы мад, царди Зæринæйы чызг Байсогъуырты Дианæимæ. Изæрæй райсоммæ, райсомæй изæрмæ зæронд ус æнхъæлмæ каст йæ фырт æмæ йæ сиахсмæ. Йæ сиахс Лазæры сæфты хабар кæд раджы сыхъуыст, уæддæр æм æнхъæлмæ кæсы. Хæст фæуыныл у æмæ æнæмæнг ссæудзæн йæ фырт. Фæлæ Полийы æнхъæлмæ кастæн сау хæст скодта кæрон. Йæ зынг бахуыссыд йæ фыртæн дæр. Йæ цæстысыг нæма байсыст, афтæ дыууæизæрастæу йæ дуармæ балæууыд сау бæхджын...

— Тарнизæй фæзиан Зæринæ...

— Мæ бæлццæттæй — мæ кард мæ кæрдбадзы, — загъта Поли æмæ Дианæимæ ралыгъди хохæй быдырмæ. Æрджынарæджы хъæуы балхæдта иу зæронд хæдзар.

Хъуыди йæ скъæт æмæ кæркдон саразын. Колхоз æмæ йын сыхбæстæ феххуыс кодтой æмæ сарæзта скъæт. Йæ фæрстæ йын байсæрддзæн æмæ кæд хъуг балхæнын йæ армы бафтид.

Поли быдырмæ ацыд. Дианæ дыууæ бедраимæ æрлæууыд æндæрæбоны сыджыты змæсты обаугонды раз. Йæ æмбæрзæн кæддаг базыхъхъыр кодта, бедрайы доны йæ къухтæ анхъæвзта æмæ сæ афсæрста сæртæг сыджыт змæсты... «Тъæпп-тъæпп» сахъарийыл кæрæдзимæ хæстæг тъæпп кæны змæсты луаситæ, хохаг сæнæрттау. Дон сыл бакалы æмæ сæ айсæрды. Йæ зæрдыл æрлæууыд скъола, куыд уыдзæн ног скъолайы?..

Йæ хъуыдыты нывæфтыды хал ын фескъуыдтой Поли æмæ сæ сыхаг зæронд лæг Тепсарыхъо. Раппæлыдысты Дианæйы куыстæй. Сæхи фæфистæг кодтой æмæ балæууыдысты сæрдыныл. Дианæ сыджыткъухæй æрбадт зæххыл æмæ ... бафынæй.

— Уæдæ та нын товартæ куыд фæасламдæр кодта нæ паддзахад и, — загъта Тепсарыхъо тута бæласы бын æрбадгæйæ.

— Æхца нæй, æндæр æмбæлы цæрын.

— Æмæ æхца дæр уыдзæн, — зæрдиагæй та загъта лæг. — Уæдæ сæ зынаргъ аргъæй куы æлхæнæм, уæд нæм фылдæр уыдзæн æхца?!

— Хъуамæ бонæй-бонмæ царды уавæртæ хуыздæр кæной, уæдæ ма нæ туг цæуыл ныккалдтам. Хæст басабырыл авд азы сæххæст, йæ æстæмы бацыд, — загъта Поли.

— Æмæ нæ уыныс цы диссаджы арæзтæдтæ цæуы нæ бæстæйы?

— Уый дæр диссаг у, — цымыдисæй загъта зæронд ус, — фæлæ уыцы пырх хæдзæрттæ, горæттæ куыд арæвдз кодтой. Иу бон нын быдыры газетты нывтæ æвдыстой, иу горæт куыд дæрæнгонд уыд æмæ йæ ныр куыд сарæзтой!

— Æз дæр æй федтон. Уый Сталинград у... Дур дзы дурыл нал уыди. Иу ныхасæй, куыройуат уыди æмæ йæ сарæзтой, — йæ сæр батылдта ахъаззаг. — Уæллæй, Поли, нæ адæм хæсты цы хъару равдыстой, ныр йæ фæстæ хæлд хæдзарад йæ къахыл слæууынмæ æвдисынц, æз дын амæлон, ноджы æхсардзинаддæр. Раст нæ зæгъын, зæгъдзынæ?!

— Раст зæгъыс, — сразы Поли.

— Дæ сывæллон скъоламæ рæвдз у?

— Иу бон нæм ахуыргæнæг æрбацыд, исты æххуыс, дам, дын бакæндзыстæм.

— Хорз æмæ ма дæ скъоламæ ахуырæн æхца фидын нæ хъæуы.

— Бæргæ, Тепсарыхъо, æмæ мын сидзæр куы нæ уаид æмæ йын йæ ныййарджытæ куы фидиккой æхца.

— Уымæй раст зæгъыс, фæлæ ис ахæмтæ æмæ сын паддзахад пенси дæр нæ фиды, æхца дæр сæ ахуырыл фидынц.

— Омæ мах уыдонимæ цы барыс?!

— Уыдонимæ дæ нæ барын, фæлæ, зæгъын, кæд уыдонæн сæ фыд знаг уыдис, уæддæр сывæллæттæ цы аххосджын сты, цæрын сæ нæ хъæуы?

— Уый бæргæ афтæ у, фæлæ паддзахад йæхæдæг зоны, цы кæнгæ йын у, уый.

Ралæууыд фыццæгæм сентябрь. Хъæлдзæгæй згъордтой сывæллæттæ скъоламæ. Поли бахуыдта Дианæйы 5-æм къласмæ.

Уырыссаг литературæ æмæ æвзаджы ахуыргæнæг Армукъаты Ладемыр номхыгъдмæ гæсгæ дзырдта æмæ бадын кодта ног æрбацæуджыты. Дианæ лæууыд æппæты фæстæ. Бæлвырд хъуыста сусу-бусутæ. Фæлæ æртыккаг партæйыл дуары ’рдыгæй цы дыууæ чызджы бадынц, сæ иу фыдрæсугъд, уыдон хъаугъа кæнынц Дианæмæ кæсгæйæ.

— Кæс-ма, уæлæ фæстаг чызг уырыссаг у.

— Æцæг-æцæг, — загъта йæ фарсмæбадæг, — йæ къæхтыл дæр ботæтæ ис.

— Ботæтæ дæр о, фæлæ йын цы цъæх цæстытæ ис!

— Цъæх цæстытæ мæныл дæр ис, — фæзыст кодта рæсугъд чызг. — Фæлæ йæ цæсгом цы ирд у, æхсыр æмæ туджы æвдылд, дзыцца афтæ фæзæгъы.

— Уырыссаг у, ууыл ныхас дæр нæй, — загъта фыццаг саулагъз чызг.

Чызджыты быцæу фæбæрæг кодта ахуыргæнæджы ныхас:

— Байсогъуырты Дианæ Лазæры чызг, — дыууæ чызджы дисæй кæрæдзимæ бакастысты.

Ладемыр иннæ скъоладзауты куыд хуыдта сæ бандæттæм, афтæ фæхæцыд Дианæйы цонгыл æмæ йæ фæхоны.

— Махырдæм æй æрхоны, — мынæг хъæлæсæй бадзырдта саулагъз чызг йе ’мбалы хъусы.

Ахуыргæнæг Дианæйы куыд хуыдта, афтæ скъоладзаутæн сæ сæртæ зылдысты сæ фæдыл.

Дианæйы сбадын кодта хъаугъагæнæг чызджытæн сæ фæстæ.

Дианæ сындæг æрбадт. Катайгæнгæ бакаст йæ разæйбадæг чызджытæм, стæй акаст ахуыргæнæджы фæстæ.

Игæрхуыз дæрдджын костюм аив бадти æрыгон лæппуйы уæнгтыл. Раздæхт. Æмбаргæ, фæлæ тызмæг, сатæгсау цæстытæ ахаста къласыл. Йæ бæзджын сау сæрыхъуын хæрдмæ фаст. Йæ цæстæнгасмæ гæсгæ куы йæ иу æрфыг йæхи хæрдмæ фехсы, куы та йе ’ннæ...

Рацыд цалдæр боны. Дианæ æрæгмæ зонгæ кодта йе ’мкъласонтимæ. Тæлфаг нæ уыд. Дыууæ къуырийы ахуыр кæнынц æмæ фæйнæг æмæ йæ бандонæй æндæр къласы мидæг никæм ма уыди. Уый æмæ дын йе ’мбал, суанг лæппуты раз дæр скуыси вæййы. Ахуыргæнджытæ уайтагъд бафиппайдтой, Дианæ æгæр æхгæдзæрдæ кæй у, уый, цыма къласы цардмæ стырзæрдæйæ кæсы. Ладемыр ма бафиппайдта, урочы рæстæг исчи къласы дуар куы фегом кæны, уæд куыд иу, афтæ сывæллæттæ сæ сæртæ дуармæ азилынц. Æрмæст Дианæ баззайы размæ æнцад кæсгæ. Исчи æрбацыд æви нæ, уый йæ мисхалы бæрц дæр не ’ндавы, афтæмæй схъомыл уыдзæн, Хуыцауæй æруадзæгау, æнæмæтæй.

Фæлæ ахуыргæнæг рæдигæ кодта. Мадзура Дианæ æнкъары къласы цард æмæ скъолайы цард дæр. Æмбæрста, Ладемыр хæдзары бирæ кæй кусы, уый бæрæг уыд йæ куыствæллад къухтыл. Йæ разæй чи бадти, уыдонæй саулагъз чызг Фатъи у, иннæ та — Земæ.

195... азы августы мæйы фыццаг бонтæй иуы Цæгат Ирыстоны педагогон училищейы раз бæласы æнцой йæ къухы гæххæттыты папкæ, афтæмæй æнкъардæй лæууыд чызг. Йæ уæлæ дæрдджын джиппæйфыст къаба æмæ ирон дзабыртæ. Фæсонтыл мыдхуыз дыууæ дзыккуйы быды. Училищейы дуармæ дыууæрдæм кодтой фæсивæд. Чи æнкъардæй, чи кæуындзастæй, чи та хъæлдзæгæй. Чызгмæ чи фемдзаст вæййы, уый сдзуры: «Цы рæсугъд у», «Цы даргъ дзыккутæ йын ис...»

Уый уыди Дианæ... Сындæг къахдзæфтæй фæраст училищемæ. Директоры кабинеты дуарæй бахызт.

— Цы зæгъыс, чызг? — афарста йæ директор.

Уый къæмдзæстыгхуызæй радта салам.

Директор, чызджы салам мисхалмæ дæр не ’рдаргæйæ, афтæ афарста:

— Куыд кæсын, афтæмæй «дыууæ» ралухтай, и?

Дзырд «ралухтай» чызджы зæрдæ кардæй акарста.

— Æвæццæгæн, фæрæдыдысты... Фыссынæй æвзæр бæрæггæнæн никуы райстон.

Директоры зæрдæмæ нæ фæцыд чызджы къæйных дзырд. Стæй, дæ хорзæхæй, бацæуынмæ та йæм йæ ныфс куыд бахаста?! Гуыппырсар ныййарджытæ йæм минæвæрттæ куы кæнынц, уæд?! Фестад. Рудзынджы размæ бауад, йæ роныл йæ къухтæ ахаста йæ гуыбынæй синтæм, фездæхт Дианæмæ.

— Адонмæ ничи кæсы? Тæсчъы дзаг рæдыдтæ чи скæны, уый нæ рæдийы, фæлæ мах! Гъы! — æркаст чызгмæ къахæй сæрмæ. — Зонын хъæуккаг ахуыргæнджыты бæрæггæнæнтæ...

— Мах ахуыргæнджытæ хорз сты, — загъта Дианæ.

Директор рамæсты æмæ фæтъæлланг ласта.

— Чызг! Дæ зонындзинæдтæ равдисынæн дын уыди сæрмагонд рæстæг лæвæрд! Ницы зонындзинад равдыстай. Цы ма дæ фæнды?!

Дианæ йæм сæркъулæй бакаст æмæ ныфсджынæй загъта:

— Мæн фæнды мæ куыст фенын!..

— Не ’мбæлы! — фæхъæр кодта директор. Стъолмæ базгъордта, цыдæр цæппæр дзы фелхъывта. Æрбацыд хæрзхуызтæ сылгоймаг-секретарь.

Директор секретары фæрсы, йæ къухтыкæлмæрзæнæй йæ лæгуын сæры хид сæрфгæйæ:

— Дæ хорзæхæй, базон-ма ацы чызг цавæр у, кæцон? — æрбадт бандоныл. — Искуы ацы фæлварæнты рæстæг фæуыдзæн. Адæм мын мæ сæр разилын кæнынц.

Сылгоймаг æнкъардæй загъта:

— Сидзæр чызг у... Ничи йын ис.

— Куыд ничи? Нарты Сосланау дурæй гуырд у?

— Йæ фыд хæсты фæмард, йæ мад та ам амард...

Секретары ныхасмæ кæронмæ нæ байхъусгæйæ загъта карзæй директор:

— Ацы сидзæртæн, хæсты сидзæртæн, сæ зондахаст галиу у!

Зæрдæуынгæгæй бафиппайдта сылгоймаг:

— Сидзæр йæ риуыгуыдырæй лæгæрды царды быдыры йæ гутон...

Училищемæ кæй не сфæрæзта фæлварæнтæ, ууыл хъыг кодта Дианæ. Кæд Поли дæр мæстæлгъæд уыди, уæддæр йæ ныфс нæ асаст æмæ загъта:

— Хуыздæрæн кæд афтæ рауад, уæддæр бæрæг нæй. Скъола æххæстæй каст фæу. Стæй дæ ме ’фсымæрмæ Ленинградмæ арвитдзынæн. Уым хойраджы техникум дзæбæх ахуыргæнæн уагдон у, мæнмæ гæсгæ, стæй ме ’фсымæры зæрдæмæ дæр цæуы...

III СÆР

Иу уалдзыгон бон фæссихор Дзæуджыхъæуы горæтгæрон рынчындоны бацæуæны кæрты, æрвхуыз ахуырст даргъ бандоныл бадтысты нæлгоймаг æмæ сылгоймаг рынчындоны уæлæдарæсы. Мынæг хъæлæсæй ныхас кодтой. Уыдон уыдысты Сослан æмæ Асиат. Сæ рæзты уынгмæ аивгъуыдтой урс халаты сылгоймаг æмæ хæрзконд чызг скъоладзауы дарæсы. Йæ фæсонтыл цонджы стæвдæн сау дзыккуйы быд. Сослан бафиппайдта Асиат чызджы фæдыл кæсгæ кæй баззад, уый, æмæ йæм рæвдаугæ сдзырдта:

— Ныууадз, курын дæ...

Цыма сæ исчи бандонæй фехста, афтæ æмбаргæ дæр нæ бакодтой уынгмæ куыд фæраст сты, уый. Асиат йæ зæрдæйыл хæцгæ, Сосланы галиу къах хъыррыст-хъыррыст кæнгæ, афтæмæй тырныдтой автобусты æрлæууæнмæ. Уыдонæн дæр сæ бахæццæ, автобусæн дæр йæ фæраст. Чызгæн ма ауыдтой æрмæстдæр йæ фæсонтæ. Чи зоны æмæ Асиат бастад, науæд та уыцы чызджы фæсонты уындæй йæ зæнгтæ фæдон сты. Сосланы цонгыл йæ уæз æруагъта æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Сослан æм дзуры:

— Асиат, мæ хур, ныр уал азы цал чызджы уыныс, уалыл афтæ дæхи хæрыс?! Куы нын загътой, фæсарæны службæгæнæг булкъон æй райста, зæгъгæ, уæд ын ам æнхъæл цæмæн дæ?

Сылгоймаг ницы сдзырдта, афтæмæй йæ галиу уæхск æмæ сæр баиу кодта, ома, нæ зонын.

Чызгимæ чи ацыд, уыцы дохтыр æрбацæйуад сæ рæзты. Ауыдта сæ æмæ дзыхълæуд фæкодта, стæй Асиатмæ ацамонгæйæ афарста:

— Цы кæны?

Сослан æмæ Асиат бакастысты дохтырмæ.

— Дохтыр Доцион! — хъæлдзæгæй сдзырдта Сослан.

— Сослан, Асиат!..

Кæрæдзиуыл ныццин сты. Мæдинæ йæ галиу къух Асиаты дæларм акодта, рахиз та Сосланы.

— Радзурут-ма, кæм фесæфтыстут? Цы кæнут? Куыд у уæ лæппу «госпитæлы фырт?»

— Нæ «матортæ» магуса кæнынц æмæ сæ цалцæг кæнæм... — хъазгæмхасæнтæй дзуапп радта Сослан æмæ бандонмæ фæраст сты.

— Цомут мидæмæ, — зæрдиагæй загъта Доцион.

— Нæ... Мæнæ уæлдæфмæ абадæм, — загъта Сослан, — мах æвдæлон адæм стæм, фæлæ кæд дæу не ’вдæлы, мыййаг, — хатыр курæгау бакаст Мæдинæмæ.

— Мæ куыст раджы фæдæн, фæлæ... — абадт се ’хсæн. — Кæм фесæфтыстут, уæддæр?

— Мах уыдыстæм Бухары. Уырдыгæй алы рæттæм фæфыстам писмотæ, нæ сывæллæтты агуырдтам. Фæлæ никуы æмæ ницы, — загъта хъуыдыджын цæстæнгасæй Сослан.

Доцион æрæнкъард.

— Нæй гæнæн. Зынæн фидар уæвын хъæуы. Æмæ уæ лæппу та куыд у?

— Куыд нæ уыныс, афтæ стæм нæ лæппуйæ дæр, — загъта та Сослан.

— Цы кодта? — цымыдисæй афарста Доцион.

Асиатæн йæ зæрдæ уынгæг кодта, архайдта йæ цæссыг уромыныл æмæ ницы дзырдта.

— Йæ мад æй акодта.

— Йæ мад?!

— Цæвиттон, дард Бухары скъоламæ æрцыд мæскуыйаг къамис. Къамисы уæнгтæй иу сылгоймаг бадти 6-æм къласы, сæ лæппу кæм ахуыр кодта, уым. Ахуыргæнæг Тарасы ракодта фæйнæгмæ. Куы йæ ауыдта, уæд йæ размæ ауад, лыстæг æм ныккаст. Тарасæн йæ фындзы бын галиуырдыгæй уыди æндахау нос, уымæ йын каст, афтæмæй базыдта йæ лæппуйы...

Исдуг сæ ничи ницы дзырдта. Доцион йæ миддунейы тынг катайы бацыд. Искуы ууыл дæр ахæм бон куы акæна?! Фестад.

— Æмæ уæ хъуыды кæны, хъуыды, лæппу? — тыхстхуызæй та афарста Мæдинæ.

— Куыд нæ? — сыгъдæгзæрдæйæ загъта Сослан. — Уалдзæджы скъолайы уæгъд рæстæг нæм ссыдысты. Ныр нæ куы базониккой рынчын стæм, уый, уæд ам æрбалæууиккой.

— Цæугæ дæр ма нæ! — загъта Доцион. Аджих, стæй та бафарста, — æвæццæгæн уый фæстæ ралыгъдыстут нæхимæ?

— О, — дзуапп радта Сослан, — фæлæ бынтондæр уымæн рацыдыстæм æмæ Хуыцауæй бузныг, мæнæ Асиат, куыд фæзæгъынц, сдзæбæх. Стæй нæхимæ хуыздæр у, ууыл ныхас дæр нæй.

— Кæцы терапийы уæм зилынц æмæ чи у уæ дохтыр?

— Фыццæгæм. Дохтыр — Хъупейы-фырт.

— Уый хорз дохтыр у, адæймаг та ноджы хуыздæр. Æз дæр ам куыстон 4-æм хирургийы. Фæлæ, уæ фарн бирæ, мæ чызг астæуккаг скъола фæци каст æмæ Ленинграды институтмæ йæ ных сарæзта. Иунæгæй йæ нæ уадзын. Райсом цæуæм...

— Иунæг чызг дын уыди, мæнмæ гæсгæ, — загъта Сослан.

— Иунæг, мæнæ автобусмæ йемæ рацыдтæн... — дзуапп радта æмæ уыцы цъусдуг рацахста арвæрттывдау Сослан æмæ Асиаты фæдзуарæвæрд цæстæнгас æмæ фæджих, стæй сæ рæвдз афарста, — мыййаг исты аипп загътон?!

— Цытæ дзурыс?! — йæ сæр батилгæйæ фæрæвдз Асиат.

— Дохтыр Доцион, — тæнзæрдæйæ сдзырдта Сослан дæр.

Æмæ уæд Мæдинæ йæ ныхас дарддæр ахæццæмæ бавдæлд:

— Мæн та ма цыдæр гæххæттытæ бабæстон кæнын хъæуы...

— Бахатыр кæн, æмæ институты æмдзæрæн нæй, — бафарста Асиат.

— Ис, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ ис фæрæз дæр. Цæвиттон, нæ госпитæлмæ раст дæу рæстæджы, Сослан, æрбаластой цæф артиллерист Кузнецовы. Ныр дæр службæ кæны Советон æфсады сæрмадзанты хæйтты, ленинградаг. Фарон Кисловодскы улæфыдысты æд бинонтæ æмæ мах дæр абæрæг кодтой стыр æгъдауимæ... Уый нын бахъуыддæгтæ кодта. Ленинграды рæстæгмæ цæрынæн æрфыст тынг зынтæй къухы æфты. Уый фæстæ коммуналон хæдзары дзæбæх стыр агъуыст. Уыцы гуыргъахъ хъуыддæгты фæстæ куыст ссарын зын нæу. Æмæ кусдзынæн Урицкийы номыл рынчындоны, Фантанкæйы къанауы раз.

— Æнæ адæмæй цæрæн нæй, — загъта Асиат.

— Зæрдæхæлар адæмтæ бирæ ис, — йæ хъуыды загъта Сослан дæр.

— Егъау у Кузнецовы æххуыс, — дзуры дарддæр Мæдинæ, — ныхас дæр ыл нæй, фæлæ уый куы нæ уыдаид, уæддæр горæтмæ хæстæг хъæутæй иу дзæбæх зæронд усмæ цардаиккам. Горæтмæ та мæ чызг згъордтаид электричкæйы, куыд мингай студенттæ, афтæ, — загъта æмæ йæ сæр рæсугъд хæрдмæ сисгæйæ фестад.

Фестадысты Сослан æмæ Асиат дæр.

— Æнæниз ут, — раарфæ кодта Доцион æмæ фæраст рынчындоны сæйраг дуармæ нæ, фæлæ галиуырдæм — терапевтон хæйттæм.

Уыцы бон изæрæй Доцион дыууæ дзаг хызынимæ рынчынфæрсæг бацыд Сослан æмæ Асиатмæ æмæ йыл хъæлдзæг æмæ æфсæрмдзастæй тынг бацин кодтой.

Хирург æрбад бандоныл æмæ афтæ радзырдта:

— Хъупейы-фыртимæ ныхас кодтон, æркастæн уæ низыхатты историтæм æмæ раст зæгъын: мæ зæрдæ уæ барухс. Æрмæстдæр уæ нервытæн сæ рохтыл æрхæцын хъæуы, æндæр уæм ницы низыхатт ис, Хуыцауæй бузныг. Фæлæ, бахатыр кæнут, æз уын фæндгæнæгæн нæ бæззын, фæлæ цот хъæуы...

Уыцы ныхас фехъусгæйæ сæ дыууæ дæр асырх сты фырæфсæрмæй, фæлæ Мæдинæ йæхи афтæ дардта цыма сын сæ фефсæрмы нæ бафиппайдта. Æппынфæстаг Сосланы армы бафтыд:

— Ды, Доцион, тынг зæрдæхæлар адæймаг уыдтæ æмæ дæ. Æз дæ руаджы цæрын...

Æртæйæ дæр бахудтысты...

IV СÆР

Доныскъæфæнты къуырийы бонтæй иуы Дзæуджыхъæуы дзулфыцæн заводы цехы дуарæй бахызтысты заводы директор абадгæ чызг Саукалмты Зузу æмæ Ленинградон хойраджы техникум фæуыны диплом йæ дзыппы афтæмæй — Байсогъуырты Дианæ. Цехы куы фæцæйцыдысты, уæд кусджытæ лæугæйæ аззадысты... Зузуйы раз сæм æнæзонгæ чызг æрдхæрæны рæсугъд фæкаст. Раст цыма æрдзмæ нал сфаг адæмæн цы лæвæрттæ кодта уыдонæй, Зузуйы куы фæлдыста, уæд. Æмæ цыма негртæй ракуырдта сау фæтæн цæсгом, фæтæн фындзимæ, мыстæй та — лыстæг сау цæстытæ мæнгард цæстæнгасимæ, ирон адæймагæй та ракуырдта ирон æвзаг. Æмæ йæ æцæгдæр фыццаг фенды ничи схондзæн ирон. Æмткæй райсгæйæ, уыди монгойладжы хуызæн. Йæ цæстæнгасæй нæ аирвæзт кусджыты цымыдисдзинад. Хыссæзмæнтæг сылгоймаг егъау æнтуаны аг батылдта хыссæзмæнтæн машинæмæ, скусын æй кодта. Аг зилын райдыдта, йæ мидæг змæлыд, галы сыкъатау, егъау хыссæзмæнтæн. Агмæ калди дон, сылгоймаг Дианæйы ауыдта æмæ джихæй аззад, айрох дзы ссад рауадзын.

Бацыдысты хыссæзмæнтæн машинæты размæ. Дианæ салам радта кусджытæн æмæ æрлæууыд, джихæй кæсгæ цы сылгоймаг баззад зилгæ аджы уæлхъус, уый раз, стыр хъыгзæрдæйæ загъта йæ фыццаг дæсныдзинад хæрзхъæд дзул кæнынæн:

— Цы кусыс?! Рауадз ссад... — дисæй скаст Зузумæ, фæлæ уый æнцад лæууыд. Бæрæг уыди, ахæм хъуыддаг фыццаг хатт кæй нæ уыны цехы, уый. «Галы сæр» мæсты змæст кæны æнтуан æмæ афтæ зынди, цыма голлаг æхсыры аджы æхсынц. Дианæ агмæ ацамыдта:

— Æнæ ссадæй æнтуан доны змæнтын стыр рæдыд у. Ссады хæрзхъæддзинад дон æхсгæ кæны. Хыссæ вæййы æнæхъару, æфхæрд. Ахæм хыссæйæ хæрзхъæд дзул никуы рауайдзæн. Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Кæрдзын арынджы сфыцы»...

Хыссæзмæнтæг хатыр ракуырдта, айрох мæ, зæгъгæ, æмæ аджы сæр æрæхгæдта. Ссад рауагъта. Дианæ бамбæрста ссад бæрцгай агмæ куыд цæуы, уый. Зузу фæраст хыссæхæйттæгæнæн машинæтæм, фæлæ йæм Дианæ дзуры:

— Ссад хыссæзмæнтæн машинæтæм кæм цæуы, уыдон куы федтаиккам.

— Табуафси, — фæхæрд кодтой цармæ æвæрд асинтыл. Ссадлуарæн машинæтæй луæрст ссад хыссæзмæнтæн машинæтæм кæм цæуы, уым æхсаргардау цæхгæрмæ æвæрд сты магниттæ. Сусæны мæйы мыдыбындзыты æвзæн бæласы къалиуыл куы æрзæбул уа, афтæ магнитыл бæзджын фæлтæрæй ныххæцыдысты ссады цы æфсæйнаджы фыдлыстæг муртæ ис, уыдон.

— Ныртæккæ сменæйы технолог æрбацæудзæн æмæ сæ бакой кæндзæн, — стырхъыгзæрдæйæ загъта Саукалмон æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Алы сменæ дæр сæ сыгъдæг кæны.

Чысыл рæстæджы фæстæ Зузу æмæ Дианæ лæууыдысты дзулфыцæн пецты раз. Фараст пецы дзыхæй, чъырсудзæн гарнатау, калди тæвд, алы пецы дзыхмæ дæр лæууыд сылгоймаг. Йæ хидæй йæ фæсонтæ хуылыдз, исдуг афтæ зынди, цыма йæ урс хæдонæн йæ фæсонтæ тар хом хъуымацæй æмпъызт сты. Хæдæттæ сæ фæсонтыл нындæгъдысты. Пецы раз æвæрд ис стъол. Стъолæн пецы ’рдæм фарсыл дыууæ уыдисны бæрц æфсæйнаг лыггæгтæй талачъигонд. Дзулфыцæг пецæй исы æртæ дзулфыцæн джиппы иумæ æндæгъдæй. Хойы сæ резинæ обаугондыл. Кусæджы галиу фарс лæууы хыссæйæ дзаг джиппыты вагон, йæ рахиз фарс — дзулæвæрæн вагон. Дзулфыцæджы рæвдз архайдыл цæст нæ хæцы. Рæвдз æвдæлон кæны пецæй дзулты тæрхæг, хыссæйæ дзаг джиппытæ дзы авæры, афтид джиппытæ кæрæдзийы сæрыл ацамайы æмæ сæ авæры галиу фарс вагоныл. Куыддæр стъолы дзаг дзултæ æвдгæйттæй æвæрд фæвæййы, афтæ та пецы дзыхы раз алæууы дзулæй дзаг тæрхæг...

Афтæ дзулфыцæджы сулæфыны бон дæр нæй. Кæройнаг — фарæстæм пецыл лæууыди сидзæргæс Гормонты Азæ — фондз сывæллоны мад. Йæ фарсмæ — æстæм пецыл та куыста йе ’мбал Селфуткаты Уæлмес, æнæзæнæг уагъд ус.

Зузу æмæ Дианæ æрлæууыдысты цехы кæрон бригадиры стъолы раз. Директор егъау дуармæ ацамыдта.

— Дзул цæуы экспедицимæ, уым аст сахаты алæууы, стæй йæ арвитæм дуканитæм.

Дианæ йæ цæст ахаста дзултæй дзаг вагæтты тыгуырмæ. Азæ экспедицийæ афтид вагон кæуылты æрбаластаид, уый нæ уыд æмæ Дианæ аиувæрстæ кодта вагæттæ.

— Бригадир кæм уа, цымæ? — тыхстхуызæй загъта Зузу.

Дианæ Зузумæ комкоммæ бакаст:

— Хорз уаид, пецы разæй дзулы вагæттæ айсын.

— Ома куыд?! — Дианæйы хъуыды кæронмæ зæгъын нæ бауагъта, афтæмæй афарста директор. Уымæ уыди хорыссыны дæсныйад. Дзул фыцыны технологийæн ма цыдæртæ æмбæрста, фæлæ дзулфыцæн заводты ифтонггарзтæн та мур дæр ницы.

— Стъолтæ дæр баивын хъæуы къаддæртæй, — загъта та Дианæ.

Зузуйы лыстæг сау цæстытæ æдзæстуарзон æрттывд фæкодтой, фæлæ уæддæр цымыдисæй бафарста:

— Бæлвырддæр-ма радзур.

— Фараст пецы рæзты ауадзын хъæуы згъоргæ гæрз. Гæрз згъордзæн хуынкъгонд стъолты бынты. Дзулфыцæг калдзæн дзултæ стъолмæ, стъолæй хаудзысты гæрзмæ, гæрз сæ скъæфдзæн экспедицийы æвæрд егъау зилгæ стъолмæ. Зилгæ стъолы раз лæудзысты дыууæ кусæджы æмæ сæ æвæрдзысты вагæтты. Уæд, — ацамыдта тыгуыр вагæттæм, — цехы ахæм хъуыддаг нæ уыдзæн. Уыцы фæрæз зын саразын нæу, йæ хъуыддаг та у стыр уæлахиз. Дзулфыцæджы хъаймæты куыст фæрогдæр уыдзæн дыууæ хатты: иуæй йæ дзул амайын нал хъæудзæн, иннæмæй та йæ рахиз фарс уыдзæн уæгъд æмæ йæм дзулы тæвды бæсты цæудзæн уæлдæф. Мæгуырæг, æнæуый дæр пецы дзыхæй чысыл тæвд куы нæ кæлы, стæй цех уыдзæн парахатдæр.

Цалынмæ Дианæ йæ сыгъдæг зæрдæйы фæндтæ дзырдта, уæдмæ Зузу та йæхинымæр фидар фæнд ацарæзта: кæд дзулфыцæн заводты ахæм арæзтад ис, уæд æй ацы ницæйаг чызгæй цæмæн иса?

Йæ цæст йæхимæ æрныкъуылдта... Уæлдæр ахуыргонддзинад кæмæ уа, уый, мыййаг, нæ зоны, куыд кусгæ у, уый?!

Дианæ æнхъæл уыди æмæ йæм Зузу зæрдиагæй хъусы æмæ йæ афарста:

— Хахнывтæ æрбахæссон?

— Нæ. Нæ хъæуы, — фидарæй загъта Зузу. — Заводы бон нæма бауыдзæн.

Сæ размæ æрбацæйцыд бригадир Баранов, йæ къухы дыууæ ног цинк бедрайы. Дианæйы куы ауыдта, уæд йæ бедраты дзыгъал-мыгъул ссыди вагæтты æхсæн...

Дианæйы дæсныйад уыди техник-технолог, фæлæ йæм ахæм зæрдæрухс куыст не ’рхауди. Технологтæй куыстой сæрмагонд ахуырад кæмæ нæ уыдис, фæлæ ацы заводмæ æрыгон чызгæй чи æрбацыд, урс дадалитæ дзы чи рауагъта, ахæм сылгоймæгтæ, пенсиисджытæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сæ бынæттæн тæрсгæйæ Дианæйæ сæ удхæссæг федтой. Саукалмоны ма хуыздæр цы хъуыди æмæ йæ иу сменæйæ иннæмæ æппæрста. Æппынфæстаг ын йæ бар бакодта æнæхъæн бригад. Куыста сыгъдæгзæрдæйæ. Æмбæрста кусджыты уæззау куыст, фæлмæн сæм дзырдта, фæлæ сæ домдта куыст дæр. Йæ цæст дардта кусджыты æдасдзинадмæ. Дыууыназдзыд чызгæн иттæг зын уыди сменæйы сæргълæууæгæй кусын. Йæ бригады уæнгтæй се ’ппæтæй кæстæр уыди. Кæд иттæг сыгъдæгзæрдæйæ куыста, уæддæр заводы æмбырдты йе ’взæр куысты койæ æндæр ницы уыди. Сменæйы куысты хыгъд уыди æппæтæй æвзæрдæр. «Ау, уый куыд у?» — йæхи фæрсы æдзух, фæлæ йæ æнæхин сæр ницы ахсы. Уæвгæ æнкъары заводы цыдæр хъуыддаг ис, фæлæ цы?! Сменæйы размæ ссад, хыссæтæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ раст райсы, пъланмæ гæсгæ йе ссадæй цас æмбæлы, уыйас дзул ратты экспедицимæ. Куы йæм хъуаг рауайы ссад, куы та уæлдай. Уый бирæ рæдыд нæу дзулфыцыны кондадоны хъуыддаджы. Ахæм бригадиртæ ис æмæ сæм иу сменæйы 200–250 килойы ссад нæ фæфаг вæййы хыгъды нымадмæ гæсгæ. Иннæ хатт та рауайы уæлдай. Уыдонæн цыма уый æмбæлы, афтæ сæ куыст цæуы. Фæлæ Дианæмæ дæс килойы ссад куы нæ сфаг вæййы, уæд ын цехы сæргълæууæг Налхъуыдаты Азаухан йæ хыгъды фæстæ сырх кърандасæй æрфыссы фидтон 1 киломæ 26 сомы[1]. Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ бахаты курæг Зузумæ, технологæй мæ сæвæр, зæгъгæ. Саукалмон, зæронд кусæджы куыд сисон йæ бынатæй, зæгъгæ, афсон кæны.

Заводы уыди цæстфæлдахджыты къорд. Бригадиртæ уæй кодтой дзул. Æхца лæвæрдтой цехы сæргълæууæг Налхъуыдаты Азауханмæ. Уый та йæ хæйттæ кодта къорды уæнгтæн. Цы бригадирæй сæм егъаудæр хай хауди, уый уыди сæ цæджындз æмæ... кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр кусæг. Фæлæ сæм Дианæйæ та цы пайда хауы? Мур дæр ницы! Æрмæстдæр йæ хыгъды гæххæттытæ рæсугъд къухуавæрæй фыст. Æмæ, дæ хорзæхæй, рæсугъд мит дæр у, фæлæ уазал у. Нæ! Саукалмон æй чидæр хæрæг уасынæн куыд дардта, афтæ нæ фæдардзæн. Зузу æнæзонд нæ уыди. Сонтæй æрыгон кусæджы, уисойы къуыдырау, заводы дуар æддейæ фæкæнынмæ дæр йæ ныфс нæ хаста, закъонæй æдас нæ уыди. Æмбисонды фадат ын фæци. Азаухан улæфынмæ ацыди Сау денджызы былмæ. Æмæ йын йæ бынаты сæвæрдта æвæлтæрд Дианæйы. Уый нæ разы кодта, мæ бон нæ бауыдзæн, зæгъгæ, фæлæ йæ ской дæр нæ бауагъта. Райдыдта кусын. Æппындæр кабинеты нæ бадт — куы ссæдты къæбицы, куы лабораторийы, куы цырв цæттæгæнæн цехы, куы экспедицийы, æмæ йæ кæм нæ фендæуыдаид?

Уыцы бон Дианæ куыстмæ куы бацыд, уæд уыны дзулфыцæн цехæй экспедицимæ дуары раз стыгуыр сты дзулы вагæттæ. Йæ цæст ахаста дзултыл. Иу вагонæй райста буханкæ, ракæс-бакæс æм кæны. Дзулфыцæг Азæ йæм дзуры:

— Дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Уый мæ вагон у.

Дианæ Азæмæ хæстæг бацыд, дзул æм æвдисы æмæ йæ бафарста:

— Хæрзхъæд дзул у, фæлæ-ма зæгъ, кæцы сортмæ хауы? Нæдæр урс у, нæдæр тар у.

— Æз абон урс дзул фыцын, — загъта Азæ.

Дианæ буханкæ дыууæ дихы акодта, рудзынгмæ хæстæгдæр бацыд, бæстон æм æркаст. Дзул тар цæмæн у? Сасиртæ хæрз æмпъызт æмæ койгонд куы сты. Æнæрхъуыдыйæ скаст вагоны номырмæ. Зæрдылдараг уыди, æмæ гъе исты хабар фехъусæд, гъе та фенæд, уæд æй æнæуæлдай тыхархайдæй бадары йæ зæрдыл. Ныр дæр вагоны номыр 52 йæ цæстыты раз, афтæмæй ссад цехмæ кæцæй цæуы, уырдæм атындзыдта. Куыддæр бригадир дыккаг сорт ссады голлаг фыццаг сорт ссаддæттæг машинæйы гуыффæмæ фæфæлдæхта, афтæ йæ уæлхъус алæууыд. Йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди Барановы фыдми хъуыддаг, фæлæ чызг бригадиры къæрных архайдыл фæгуырысхо. Ныккаст гуыффæмæ, ссад тар, фæлæбурдта ссадмæ, чысыл ма бахъæуа йæ къух ын ма рацахсой ссивгæ фыййæгтæ. Фелхъывта сырх цæппузыр. Машинæ æрлæууыд. Фелвæста ссад йæ армы дзаг. Стыр дис æмæ хъыгзæрдæйæ федта тар ссад. Тызмæг цæстæй бакаст Барановмæ.

— Æдзæсгом!..

Бригадир йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, афтæмæй загъта:

— Дæ зондахаст куы нæ аивай, уæд дын ам бирæ кусгæ бонтæ нал ис.

Йæ зæнгтæ фæдон сты. Ау, куыд нал кусдзæн? Йæхи фæныфсджын кодта:

— Цъаммар! Цы цæсгомæй ауагътай фыццаг сорты дыккаг? — ныккатай кодта. — Æзынма миты хъæпæнау урс дзулы сæппыйы, гогызы айкау дзыгъуыртæ-дзыгъуыртæ кæцæй вæййы. Дæ хъуыддагмæ каст æрцæудзæн, уый зонгæ кæн.

Бригадир йæ ныхасы уаг фæлæгъз кодта:

— Цæй æнæзонд дæ. Адæймагæй ма радав, æндæр паддзахадыл цы ауæрдыс? Уæртæ адджын гуылты цехмæ ма бакæс, кæддæра сæ иу къух царвы нæ тулынц, иннæ та мыды?

— Ома куыд?

— Афтæ. Адджын гуылты хыссæйы сæкæр, царв, æйчытæ цас æмбæлы, уымæй æвæрынц цыппæрæм хай дæр нæ.

— Уæдæ сæ цы фæкæнынц?

Баранов ныххудт.

— Давгæ...

Чызг йæ къæмисæнтыл фæхæцыд, стæй йæ сæр систа æмæ карзæй бафарста:

— Фæлæуу-ма, фæлæуу. Зæгъ-ма мын, кæмæй давыс?

— Паддзахадæй.

— Нæ, рæдийыс! Давыс адæмæй!..

— Адæмæй ницы давын.

— Куыд нæ? Ау, урс дзулы бæсты йын тар дзул нæ уæй кæныс? Хъуамæ адджын гуыл комы тайгæ кæна, ды та... Стæй, дæ хорзæхæй... Уæвгæ, дæумæ цæй хорзæх ис...

— Тынг дын тæригъæд кæнын. Мæ цæстытыл уайы, куыд тыхст æмæ мæгуыр уыдзысты дæ къæхтæ æмæ къухтæ. Уымæн æмæ сæр цас къаддæр куса, уыйас уыдон кусынц фылдæр. Фæлтау... бирæ нæ, бирæйæ бирæгъ дæр не ’фсæды, фæлæ чысылгай... Æмæ дæ рæсугъд къæхтыл дыууæ хуызæнæн туфлийы скæн. Кæсын дæм æмæ... — йæ сæр батылдта, — куы нæ фæзондджындæр уай, уæд, куыд загътон, афтæ уыдзынæ мæгуыр, стæй нæ кусдзынæ ам дæр!

— Бирæгътæ! — загъта Дианæ æмæ фæраст ссад луарæн сасиртæм. Бригадир йæ фæстæ адзырдта:

— Фендзыстæм, кæддæра уыцы зондахастимæ цы сойтæ смæрзис!

Дианæ фæлæууыд, сæрыстырæй хъуазау йæ сæр фæхъил кодта, фæлæ дзурын ницы сфæрæзта. Йæ сæр галиуырдæм фæкъул, афтæмæй фæхæрд кодта æфсæйнаг асинтыл. Куыддæр егъау зыр-зыр кæнгæ сасирмæ ныккаст, афтæ йæ размæ алæууыд заводы фæстауæрцгæнæг, селфуткæ арæзт къæсхуыртæ сылгоймаг Икрæ. Иучысыл акодта цæстыздæхæн ныхæстæ, стæй йын аивæй йæ цыды нысан бакой кодта:

— Дæ кабинеты дæ цырагъы рухсæй дæр не ссардзынæ.

Дианæ йæ æнæхин зæрдæйæ хъавыд бригадиримæ йæ быцæу радзурынмæ, фæлæ банкъардта, нæ йæ бамбардзæн æмæ йæ ныхас аныхъуырдта. Ракæнон сайд сылгоймаг асиныл йæхи бауагъта, акаст, бамбæрста ничи сæ хъусы æмæ йæ фæндон загъта:

— Зоныс мæ, цы зæрдæ дæм дарын, уый. Дæхи хъус ме ’вдисæн, айфыццаг æмбырды дæ сæрыл лæгмæрдтæ куыд кодтон, уый. Гъемæ мæ бамбар. Рæдийын дæ нæ кæнын...

Икрæ Дианæйæн ныхæстæ куы кодта, раст уыцы цъусдуг рæстæг та бригадир иу вагон æнæ паспортæй ауагъта дзулласæн автомобил-фургонмæ.

Бамбæрста, Икрæ дзы цыдæр агуры. Сонтæй йæ хъавыд афæрсынмæ, цы зæгъинаг у, уымæй. Цыма йын йæ ныхæстæ тынг æхсызгон уыдысты, афтæ йæм лæмбынæг хъуыста. Икрæ та йæхирдыгонау бамбæрста Дианæйы къæрцхъусæй хъусын æмæ дзырдта:

— Дзулæвæрæн вагæтты тæрхæджытæ цалцæг кæнинаг сты, уый зоныс.

— Зонын.

— Гъемæ, зæгъын, сцалцæг сæ кæнæм. Ныр сæрд у æмæ...

Дианæйы цæстыхаутæ сæхи ныллæг æруагътой æмæ стыр дисæй бафарста:

— Ома... куыд?..

— Баххуырсæм Ивановы кæнæ Сидоровы, сцалцæг кæнæд 2000–3000 тæрхæджы, æхца та... — йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй ацамыдта сæ дыууæмæ.

Дианæ афæлурс, стæй асырх, йæ къухтæй йæ сæрыл фæхæцыд æмæ ныхъхъæр кодта:

— Ацу!.. Ацу мæ разæй! — фæстауæрцгæнæг фæтарст æмæ асиныл азгъордта бынмæ.

— Бирæгътæ! Балбирæгътæ!.. — йæ мидбынат æфсæйнаг астæрдыл ссады рыгыл æрбадт æмæ ныккуыдта. Чысыл рæстæджы фæстæ фестад æмæ дзулфыцæн цехмæ фæраст. Дзулфыцджытæ сæ дыккаг вагæттæ нæма байдзаг кодтой. Æрлæууыд дзулæйдзаг вагæтты раз, йæ цæст ахаста вагæттыл. «Ау, дзул уадзыны фæнд нæ кæны, æви?» Стъолыл гæххæттытæм æркаст, иу къæбæр дæр нæма радта экспедицимæ. Афарста Азæйы:

— Бригадир кæм ис?

— Экспедицимæ ацыд.

Фæраст экспедицимæ Барановы агурæг. Дзул фургонты кæм æвæрынц, уырдæм ахызт, кæсы æмæ галиуырдыгæй æртыккаг фургоны раз лæууы æрдæгдзаг вагон. Йæ зæрдæ æнахуыр сæххæтт фæкодта, бадис, цæмæн æнæнцой гуыпп-гуыпп скодта йæ зæрдæ, ууыл. Йæ размæ рауад экспедитор Бурнац. Хъæлдзæг ныхас кæны йемæ. Фæлæ йæм чызг йæ хъус нæ дары. Фæкаст вагонмæ. 52-æм вагон, цас диссаг у, вагон æмæ вагон. Фæлæ йæ æнкъараг зæрдæ æнцой нæ кодта. Исдуг фæджих. Стæй вагонмæ ацамыдта. Бурнац хæрдмæ фæхауд, ахæм хъæр фæкодта:

— Ацы вагонæн йæ паспорт!..

— Фæлæуу-ма, цы хабар и, цæуыл хъæр кæныс? — фæлмæн хъæлæсæй дзуры экспедитор.

Чызг хæстæг бацыд вагонмæ.

— Райсут дзул! Байдзаг кæнут вагон!.. — экспедитор æмæ бригадир лæууынц, кæсынц æрдæг вагонмæ. Дианæ та мынæг, фæлæ карз ныхасы уагæй загъта:

— Рæвдздæр!

Цæстыфæныкъуылдмæ вагонæй тахтысты афтид тæрхæджытæ, машинæйæ та дзулæй дзаг тæрхæджытæ...

Дианæ хъуыдытæгæнгæ фæраст ссады скъладмæ. Уыцы бон сменæтæ ивæн бон уыди. Райсомæй чи куыста, уыдон цыдысты æхсæвы сменæмæ. Хъуыд ноджы къæрцхъусдæр уæвын. Æхсæвæрафон ацыд æмдзæрæнмæ. Йæ цæстытæ куыддæр кæрæдзиуыл фæхæцыдысты, афтæ йæм заводæй æрбафæдис сты — Баранов куыстмæ нæ рацыд. Рæвдз фестад. Кæд чысыл рæстæджы фæстæ цехы сменæ иста, кæд куыстмæ йæхи цæттæ кодта, уæддæр ма æнхъæлмæ каст Барановмæ. Фæлæ уый нæ зыны. Кæсы, æмæ кусджытæ урс бæлæттау, урс уæлæдарæсы згъорынц сæ куыстуæттæм. Дзулфыцджытæн та сæ къухтыл урс æрмкъухтæ. Алчи йæ пецы размæ бонасадæн кодта,тымбылкъухæйхæцджытæ ерысы хæд размæ куыд тæлфой, афтæ.

Не ’рбацыд Баранов. Кæмæндæр аныстуан кодта, кæй фæрынчын, уый. Сабийау æнæхин Дианæйы бауырныдта бригадиры хабар. Йæ абоны мæстытæ дзы исы æмæ йын фыдæнæн кæны, уый йæ фæсонæрхæджы дæр не ’рцыд.

Фæсæмбисæхсæв дыууæ сахаты уыдаид, афтæ Дианæ æрбадт бригадиры стъолы раз. Йæ цæст ахаста дзулфыцджытыл. Сæ рæвдз архайдыл цæст нæ хæцыд. Азæ вагоны иу фарс байдзаг кодта, ныззылдта йæ. Афтид фарсыл та райдыдта буханкæтæ æвæрын æмæ йæм дзуры:

— Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн æмæ ме скъаппæй цæхджын джитъритæ æрдав, хъарм дзулимæ ахæрæм.

Дианæ дæгъæл райста Азæйæ. Чысыл рæстæджы фæстæ урс гæххæтты тыхтæй стъолыл æрæвæрдта джитъритæ. Азæ æмæ Уæлмес иу скъаппы сæ дарæс ластой. Уæлмес ауылты-ууылты уæлæдарæс ивæны смидæг, бакодта се скъапп. Азæйы хызынæй систа 500 сомы æхца. Йæ куатæйы бын сæ йæ кусæн хæдоны дзыппы нывæрдта. Цæстыфæныкъуылдмæ хыссæйæдзаг джиппыты вагон æрбатылдта æмæ йæ куыст кодта дарддæр. Сыгъдæгцæстæй семæ бахордта джитъритæ. Райсомæй авд сахатыл кусджытæ сæ куыстуæттæ радтой иннæ сменæмæ. Азæ æмæ Уæлмес дæр, Уæдæ цы уыдаид, сæхи ахсадтой, сæ уæлæдарæс скодтой. Азæ дын йæ къух йæ дзыппы куы акæнид. Йæ уд йæ къæхты бынæй атахт. Афæлурс. Йæ зæнгтæ фæдон сты æмæ бандоныл æрбадт.

— Цы кодтай? Цы хабар у? — амбырд ыл сты сылгоймæгтæ.

— Мæ сывæллæттæн, зæгъын, исты балхæнон, æхца мемæ рахастон...

— Чи уыдаид?.. Уый та цы диссаг у? Чи дын байгом кодта дæ дуар?

Уæлмес се ’ппæтæй тынгдæр батыхст. Фæлæ чи байгом кодта, уый нæ зæгъы, Азæйы нал уагътой:

— Æвæццæгæн мын ахаудысты ардæм цæугæйæ, — барæй загъта Азæ. Нæ йæ уырныдта, Дианæ ахæм æбуалгъ ми бакæндзæн, уый.

— Цæмæн гæды ныхас кæныс? Дысон Дианæ джитъритæ не ’рхаста не скъаппæй?

— Нæ, нæ, — фыртыхстæй фестад Азæ. — Уый нæ уыдзæн!

— Уæдæ чи уыди?

— Де скъапп дын чи байгом кодта, уый сæ райста, — сдзырдтой адæм.

Раст сменæ дæтгæйæ тæккæ зындæр ран куыд уыди Дианæ, джиппыты хыссæты мидæг ссад цас ис, уый куыд нымадта, афтæ цехсæрфæг уырыссаг фыдцъылыстæ сылгоймаг æй йæ цонгæй рацахста æмæ йæ ивазы.

— Æдылы фæдæ? Цы кæныс? — афарста йæ Дианæ.

— Цом, цом мемæ, уæд æй базондзынæ, цы кæнын, уый, — загъта сæрфæг. Æмæ йын джыбыйау йæ халаты тæрттыл ныззæгæл.

— Суадз мæ зæгъын! — хъæр ма кодта Дианæ, фæлæ йæм хъусæг кæм уыд? Къуыридзыд рæуæды бæндæнæй ласæгау куыд кæнай, афтæ йæ цехы дæсгай кусджыты цæстыты рæзты — давæг, давæг, зæгъгæ, хъæргæнгæ ахст лæгау фæхоны. Асинтæй куыддæр схызтысты, афтæ сæ размæ фæци Азæ.

— Бахатыр кæн, Дианæ. Ды кæй нæ уыдтæ, уый æз тынг хорз зонын, — йæ цонгыл ын фæхæцыд.

Дианæ йæм дисæй бакаст:

— Цы нæ уыдтæн?! Цы кодтон?! — тарст цæстæнгас ахаста сылгоймæгты фæлмаст цæсгæмттыл.

Агъуыстмæ фæраст сты. Сæ фæдыл цымыдисæй аивылдысты кусджытæ. Адæм æппæт иуы нæ уарзынц. Иутæ йын алывыд калдтой, иннæтæ та йæм тæригъæддаг цæстæй кастысты. Дианæ хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йæ мидбынат æрбадт æмæ æнхъæлмæ каст цы уыдзæн, уымæ.

— Нæ, нæ, уый йæ аууонæй дæр тæрсгæ куы кæны, — бæргæ ма дзырдта Азæ, фæлæ йæ ныхæстæ ныгъуылдысты хъæр æмæ хъæлæбайы.

Уæлмес ратыдта Дианæйы скъаппы дуар. Азæ йыл йæхи ныццавта, тарсти кæд Дианæмæ йæхи æхца ис, зæгъгæ.

— Мæнæн ме ’хцатæ сты фæндзгай тумантæ дæс гæххæтты, — фæхъæр кодта Азæ.

Дианæ йæ бамбæрста:

— Ма тæрс, суарийы хицау дæр нæ дæн.

Йæ пысултæ йын куыд сгæрстой, афтæ сæ сæргъы балæууыд милиционер. Адæм дзы фæтарстысты. Тарст хъæртæ фехъуыст.

— Уæ райсом хорз. Байсогъуырон уæ чи у?

Азæ ныккуыдта, Дианæйы йæ фæстæ амбæхста.

— Уый нæ уыд!

Дианæ Азæйы аиуварс кодта æмæ милиционеры бафарста:

— Курын дæ, кæй уацмæ гæсгæ мæм сидыс?

Милиционер загъта:

— Æхца куы давтай, уæд афтæ æнхъæл уыдтæ æмæ дæ ничи базондзæн. Дæс сахатыл æрбацæудзынæ. — Сидты гæххæтт æм радта.

— Æз дæр! — сонт хъæр фæкодта Азæ.

Саукалмон цехмæ куы бацыд, уæд ын радзырдтой хабар, æмæ æвæстиатæй адзырдта милицæмæ.

Милицæ Дианæйы нæ бахæрам кодта. Арвы хъугæй дæр бæрæгдæр уыди йæ раст уд. Фæлæ æцæг давæджы дæр не ссардтой.

Дианæйы ныфс асаст. Куыстагур азылди горæты куыстуæттыл, фæлæ никуы æмæ ницы.

Райдыдта кусын сухариты цехы, сухаритæ гæххæттын голлæгты æвæрæгæй. Йæ къухты скъуыдтæй туг хъардта. Сухариты цехы хицауæй сæвæрдтой, дзулфыцæн цехы сæрфæгæй чи куыста, Дианæйы худинаджы хуынд чи кодта цехы, æхца адавтай, зæгъгæ, раст уый. Куыд æй фæндыд, афтæ йæ æфхæрдта.

Фараст мæйы бакуыста дзулфыцæн заводы. Уыцы цыбыр рæстæджы йын йæ æвзæр куысты тыххæй уыди цалдæр æфхæрд цæстмæдарды. Зузумæ-иу, йæхи бакъул кодта, мæхи куысты мæ сæвæр, зæгъгæ. Йæ хъæдгæсты халагъуды хуызæн фындзы фæрстæ-иу, хæфсы тæнтау слæнк-лæнк кодтой, йæ алыварс-иу акаст, цыма йæ Дианæимæ лæугæ исчи куы фена, уæд йæ кад æрхаудзæн, афтæ. Йæ уæхсчытæ-иу базмæлын кодта, ома мæ бон дын ницы у, æмæ-иу атындзыдта йæ разæй, хъылмайæ лидзæгау.

Дианæ агуырдта куыст. Цыфæнды куыстыл дæр разы уыди, æрмæст ын уæд æмдзæрæны бынат. Иу тæвд бон куыст агургæйæ йæ зæрдæ ницæмæй барухс æмæ æнкъардæй æрцæйцыди горæты проспекты æмæ дын хæрхæмбæлд куы фæуаид йе ’мкъласон чызг Земæимæ. Кæрæдзийыл ныццин сты æмæ æрбадтысты бандоныл. Дианæ зыдта, Земæ нæ горæты сывæллæттæ хъомылгæнæн цæхæрадæттæй иуы сæргълæууæгæй кæй кусы, уый, бакой ын кодта, куыстæн ын исты амал куы скæнид. Земæ æнхъæл уыди æмæ Ленинграды кæй сахуыр кодта, уымæй ыл ам, дзулфыцæн заводы, тынг æрвæсдзысты, фæлæ йын йæ хъуыддæгтæ куы радзырдта, уæд фестад. Бамбæрста, йæ ныхæстæ Земæмæ кæй нæ бахъардтой æмæ ма йæхи дæр цæсты кæй бафтыдта, уый.

Хъал чызг ын ныр бафиппайдта йæ хус æмæ скъуыдтæ къухтæ.

— Цы зæрдæ дын бавæрон, ницы дын бауыдзæн мæ бон.

— Ау, мæрзæджы бынат дæр уæм нæй? — тыхстæй йæ афарста, раст цыма сæрсæфæны былыл лæууыд, ахæм хуызæй.

— Нæй, — фидарæй загъта Земæ. Æмæ ма йæ зæрдæйы уаг амбæхсыны охыл афарста. — Æмæ уæд Фатъи та цы ми кæны, Фатъи, Ленинграды?

Фырдиссагæй ницы сдзырдта. Ау, ныр Фатъийыл у? Йæ фыртыхстæй цы фæуа, уый куы нæ зоны, уæд. Ныр та райсом йæ къухтыпырх калгæ сухариты голджытæ йæ фæстæ рарæгъ уыдзысты? Йæ æнæмæт фарстæй йын йæ зæрдæ уыйас фæхудын кодта æмæ хъавыд дæрзæг ныхас зæгъынмæ, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд.

— Хъæууонхæдзарадон институты ахуыр кæны.

— Йæ «дзæбæхтæ» нæм хъуысынц! — айуанæй загъта Земæ æмæ ныххудт. — Æвæдза, адæмæй куыд ницы басусæг кæнæн ис...

— Ахæмæй ницы фехъуыстон.

— Ау, дыууæ уырыссаг лæджы кæй акодта уый дæр нæ фехъуыстай?

— Нæ, нæ фехъуыстон.

— Æмæ ды ахæм уыдтæ. Цъиутау-иу цы хъуыддаг уасыдысты адæм, уый-иу ды нæма зыдтай.

— Цæмæн? — йæ сæр батылдта Дианæ. — Цы хъуыддаг мæ фæхъæуы, уый æз æнæдзургæйæ дæр фехъусын.

Уымæй цы зæгъынмæ хъавыд, уый нæ бамбæрста Земæ.

— Цæй, дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд.

Бæгуыдæр æм уыдис куыст. Хъомылгæнджытæ сæрды уæгъд рæстæджы цæудзысты æмæ уыдоны бæсты. Уыдис æм хæринаггæнæджы бынат дæр. Фæлæ, дæ хорзæхæй, уый цæмæн райса, цы пайда йæм хауы? Фæлтау райсдзæн иу дуканигæсы чызджы, кæнæ райсдзæн хорз къаба йын чи бахуыйа, уый чызджы. Цæмæй йæм бынтон ма фæхæрам уа, уый тыххæй йын Земæ йæ дæларм йæ къух акодта æмæ йæ бахуыдта, сæ разы цы адджын дон уæйгæнæн киоск уыди, уырдæм... Æмæ йæм Земæ дары балхуыз адджын доны агуывзæ сæрсæргæнгæ. Дианæ нæ райста агуывзæ йæ къухмæ дæр æмæ йæ уæд Земæ авæрдта сывæллонджын цигайнаг усæн.

Сæ размæ бандоныл бадти хæрзконд саухил лæппу æмæ йæ сау цæстытæй каст дыууæ чызгмæ. Йæ зæрдæмæ фæцьвд мыдхуыз цъæхдзаст чызг. Уый уыди Астанты Фидар. «Йемæ базонгæ хъæуы», — загъта йæхинымæр æмæ чызг йе ’мбалæй куы фæхицæн, уæд йæ фæстæ араст. Нал æй суагъта уæгъд. Аууонау бафтыд йæ фæдыл.

Фидар йæ минæвæрттæ æрвыста Байсогъуырты хистæрмæ, Полийы æфсымæрмæ, æппынфæстаг Полийы сыхаг Тепсарыхъомæ дæр.

Фидар афтæ æнхъæл уыд, æмæ чызг æрмæстдæр сразы уæд, æндæр хъуыддаг тæбæгъы æвæрдау рæвдз уыдзæн. Ныр давыдон арты куы судзы. Иуæй йæ бинонтимæ тох кæны, иннæмæй чызджы хæстæджыты аххосæй хъуыддаг, оцани бæхау, размæ не ’ккуырсы. Минæвæрттæ æрвитыны хæд размæ та бинонты æхсæн рауади хъаугъа. Мынци йæ къæдз лæдзæгæй зæхх æркъупп-къупп кодта æмæ карзæй загъта:

— Мах хæдзар стæм, хæдзар! Æмæ... Хæдзайраг чызг цæуылнæ бацагурæм и, Инал?

Дзерассæ фæныфсджын йæ тиуы ныхасмæ.

Инал йæ хуыссæны йæхи раргъæвта, йæ рихи асхъаудта. Мынцимæ бахатыд:

— Гъе! Минæвар ма дзы хуыздæр цы уа.

Мынци рамæсты.

— Уæдæ мах хынджылæггаг стæм? Ногбонты басылгурау зилæм хæдзар-хæдзар. — Фырмæстæй фестад. — Уæд фыды мыггагмæ, уæд йæ мады æрвадæлтæм, уæд кæмæ, уæд кæмæ! — мæсты бадт æркодта фæстæмæ.

Фидар ницы дзырдта.

— Цыма чызг замана бакодта? Уалæ Абайты чызг цы кæны? Æндзылерæй кусы. Кæннод джызæйлаг, йæ фыд сæрдарæй кусы... — Дзерассæ нымадта, йæ зæрдæмæ чи цыди, уыдон. Кæннод цы рацу-бацу кæнæм? Чызджы цонгыл фæхæц æмæ рафардæг ут.

— Нæ уыдзæн уый. Æз бирæгъ нæ дæн, — загъта Фидар. — Стæй чызг нæ бакомдзæн.

Гъе! Нæ нын бакомдзæн! Ницы хъусут? Йæ гуыбын дзы фæрисдзæн, — йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта, тюлены базыртау Дзерассæ. — Мæнæ хæдзармæ æрбацæудзæн, хæдзармæ!

— Хæдзарыл ныхас куы цæуа, уæд мах хæдзар дæр хуыздæр нæу, — загъта Инал.

— Æппынфæстаг махæн нæ хæдзар Астанты хæдзар у! Фæлæ ды чызг кæмæй агурыс, уыцы къæсс Бураты у æви Байсогъуырты, уый бæрæг дæр куы нæ и! — йæхи фæбирæгъ кодта, йæ мигъбадт цæстытæ сырх цады цалдæр зылды акодтой, йæ уæззау гуыр батылдта, йæ къухтæ йæ сины сæрты фæсагъта. Фæлæуу-ма, фæлæуу, æмæ нын цæуылнæ бакомдзæн, уæдæ?!

— Комгæ кæны, фæлæ скъæфын нæ бакомдзæн, — загъта та фырт.

— Скъæфын нæ комы! — сбустæ кодта сæрыстырæй Дзерассæ. — Цыма мын йæ гуыппырсар æфсымæртæ æмæ ныййарджыты къухтæй рараст уыдзæн!

— Нал дзурдзыстæм ууыл, — загъта Фидар. — Фæлæ баныхас кæнæм æмбæлттæ чи уыдзысты.

Бинонтæ кæрæдзимæ бакастысты. Цæстæнгас бамбæрста Фидар æмæ аджих. Зæгъæм, æрхондзæн, йæ мад кæмæй зæгъы, уыцы чызджы, фæлæ уый у хъæддых. Нæ йын кæсдзæн йæ рынчын фыдмæ. Нæ бафæраздзæн йæ бинонтимæ. Уымæн æмæ уый буц хаст у. Къухылтухгæ чи уыдзæн, уый та — Дианæ. Йæ мад сын, мыййаг, сæ цардмæ йæ дзых куы нæ дардзæн. Уый дæр ахъуыдыйаг у. Цы у, уымæй æппæтæй дæр уыдзæн уыдон. Æрмæстдæр уыдон. Иу фæхæцæг ыл нæй. Æмбисæхсæв сси, уæддæр ма ныхас кодтой Фидары хъысмæтыл. Инал бакаст йе ’рвадмæ æмæ йæ бафарста:

— Мынци, зæгъ-ма, чызгæй æвзæрæй исты фехъуыстай?

Мынци йæ бынаты базмæлыд:

— Хуыцауыстæн ницы. Сæ сыхаг зæронд лæг Тепсарыхъо дзы кæй зæгъы, уый йæхæдæг дунейы аргъ у!

— Чызгæй алчидæр хорз вæййы, — æдзæстуарзонæй та йæ ныхас баппæрста Дзерассæ.

Йæ усы ныхасмæ йæ хъус не ’рдаргæйæ Инал йæ фыртмæ бахатыд:

— Лæппу, Чырыстийы Мадымайрæмыстæн, дæ хъуыддаг кæн.

Дианæ Фидарæй йæхицæн стыр ныфсытæ æвæрдта. Уый ахуыргонд у æмæ йæ таурæгъ, йæ радзырдтæ, йæ аргъæуттæ царды цæудзысты Фидары руаджы.

Фидары хъуыддаг рæзыд. Дианæйы куысты хъуыддаг та бынтон куыройуатмæ цыди: сухариты цехы кусджыты æмбис суæгъд кодтой, кæй дзулфыцæн цехмæ пецы раз дзулфыцæгæй раивтой, кæй та куыстæй бынтон арвыстой. Зузуйы бон нæ уыд Дианæйы заводы æддæдуар фæкæнын æмæ йын бакой кодта: кæд дæ фæнды, бракгонд дзул кæм ссæндынц, уым дæр кусæгæй, табуафси, кус.

— Уæдæ, Зузу, ды куыд зæгъыс, афтæ дæр нæ уыдзæн, — загъта Дианæ æмæ иу æмбырды радзырдта:

— Мæнæн мæ бон давын нæу, сымах та давын уарзут. Адджын гуылтæн сæ нæлхæ адавут, маргарин та йын алхæнут йæ бæсты. Æз та афтæ нæ кæнын æмæ гъай-гъай дæн æвзæр кусæг... Раттут мын технолоджы бынат!..

Директор, инженер, цехы сæргълæууæг, экспедитортæ та йæ бынтон фæцæйныхъуырдтой, афтæмæй сыстад æмæ ма сæм дуары разæй сдзырдта:

— Бирæгътæ! Æз цæуын, фæлæ зындзынæн!..

Дыккаг бон йæ пысултимæ рараст æмдзæрæнæй. Горæтимæ ма йæ бастой æрмæстдæр райкомы фæскомцæдисы йæ гæххæттытæ. Горæты бæрæгастæу, цыппар уæладзыгон хæдзары дыккæгæм уæладзыджы галиуырдыгæй фæскомцæдисонты кабинеты дуармæ æрлæууыд. Йæ фыртыхстæй йæ армы нæ бафтыд йæ дымст сау чумæдан къулрæбын æрæвæрын. Ныр ацы кабинеты чи бады, уый йæ бæстон куы бафæрсид, кæдæм цæуы, стæй цæмæн, уæд ын сæ бæргæ æрдзурид кæрæй-кæронмæ: чи зоны йæ бафæрсид: «Ау, ахæм хъизæмæрттæй кæуыл сахуыр кодтай, уыцы куыст цæмæн уадзыс? Фæлæуу-ма, æз дын феххуыс кæнон», — æмæ йын ссардзæн исты куыст. Йæ мæгуыр зæрдæйæ афтæтæ хъуыды кодта. Фæлæ ахæм хъуыддагæй ницы рауад. Раст цыма фæскомцæдисы йæ гæххæттытæн æхсæвæр æвæрдтой, афтæ йын дзырды уысммæ йæ фæскомцæдисоны уæнджы хыгъды гæххæтт йæ къухты фæсагътой, æмæ дæ хъуыддаг раст.

Сæргуыбырæй, йæ къухы чумæдан, афтæмæй цыди автобустæ лæууæнмæ горæты кæронмæ, йæ рæзты згъордтой машинæтæ, сæ иу азгъордта халагъуд æвæрд дыууæ цæттæ хæдзары къулимæ. Тæхудиаг æрбауа, уыдон кæй фатеры къултæ уыдзысты. Кæм кусдзæн, куыд уыдзысты йæ дарддæрьх царды хъуыддæгтæ? Йæ зæрдыл æрбалæууыд Фидар. Йæ мидбылты бахудт. Куыддæр ма йæ фена, афтæ йын зæгъдзæн, фысгæ кæй кæны, уый. Иу уацау ын хъæууон цардыл æрдæг фыст кæй фæци, стæй дзы хатыр ракуырдзæн, нырмæ йын æй кæй нæма ской кодта, уый тыххæй. Фысджытæй дæр ын зонгæ куыд нæ уыдзæн? Æмæ йын ныр йæ фыстытæм йæ иу цæстæй æркæсынмæ йæ сæрмæ чи нæ хæссы, уыдонмæ Фидаримæ куы бацæуа, уæд æм бынтон æндæр цæстæй кæй кæсдзысты, ууыл гуырысхо нæ кодта.

Дыууиссæдз аргъауæй фылдæр ныффыста — йæ мады мад ын кæй кодта, уыдон. Иу бон дзы цалдæры бæстон батыхта æмæ сæ ахаста наукон-иртасæн институтмæ. Институты директор сæ баурæдта. Дыууæ мæйы фæстæ сæм бацыд. Директор лæууыд агъуысты астæу зæронд арсау æмæ йын загъта: «Ахæм аргъæуттæ нæм бирæ ис». Егъау тыхтон райста æмæ рацыд. Банкъардта, иу дамгъæ дæр дзы кæй нæ бакастысты. Цыди фистæгæй æмæ хъуыды кодта, Хуыцауы æлгъысты хъуыддаг кæд нæу, уæд уый цы хабар у? Нæдæр йæ таурæгъ бæззы, нæдæр йæ аргъæуттæ бæззынц, нæдæр йæ радзырдтæ бæззынц. «Аивадон æгъдауæй сты лæмæгъ», — йæ хъустыл ауад директоры ныхас. Аргъаугæнæг куыд радзура, уымæй йæм æвналæн нæй. Аргъау иунæг уæлдай ныхас дæр нæ быхсы. Цæуы горæтгæронмæ. Йæ цардыл куы фæхъуыды кæны, уæд йæ цæсгом ныттар вæййы. Йæ алыварс горæты цард æхсиды цæджджинагау. Фæлæ дзы уый ничи тавы. Цæуы иувæрсты. Фидарыл дары йæ зæрдæ. Æппынфæстаг йæ фарсмæ цæудзæн нæлгоймаг æмæ йæ нæлгоймаджы уæззау куыст йæ къухæй ахаудзæн.

Изæрмилты ливоры гæрæхтимæ Дианæ балæууыд Фидары уаты къуымы. Фæтæгены цырагъы мынæг рухс тади чындзуынæг адæмы æхсæн. Уаты уыйас дзыллæ сæмбырд æмæ дыууæ адæймаджы æхсæн калм нæ абырыдаид...

Æххуырст æмæ фæсдзæуинтæн ма-иу сæ фадыварцмæ дæр æркастысты уæздæттæ. Фæлæ Дианæмæ нæ уыди кæсæг: нæдæр йæ бæгънæг цæнгтæм, нæдæр йæ хуылыдз къæхтæм. Ауалдзæджы йæ капеччытæй цы туфлитæ балхæдта, уыдонæн сæ фæрстæ байгом сты. Йæ хъуыртæй йæ сдзурæн дæр нал ис.

Йæ цæнгтæ рæмбыныкъæдзты онг гом сты, афтæмæй хурæй къæвдайæ доны, бабызау, цъæпп-цъæпп кæнынц къухтæ. Йемæ цы чындзытæ æрцыд, уыдон æгъдаумæ гæсгæ сихорафон донмæ нæма цæуынц, фæлæ уымæн бæрæг афон рагæй нал ис.

Скъæты дуары раз æрлæууыд. Дуар фæндыры тæнау аивæзт суанг уæллаг æвдузæнæй. Бинаг æвдузæны иу зæгæл дæр нал уыди. Дæлбазыр сарайæ райста дзæбуг æмæ зæгæлтæ. Дуары алыварс асыгъдæг кодта фаджысæй æмæ дуар бæстон бавæрдта йæ бынаты. Фыццаг дзæбуджы цæф цыма йæ зæрдæйы æрхæндæджы дуар байгом кодта, афтæ зæрдæрухсæй райдыдта зæгæлтæ къуырын.

Кæвдæсы фаджыс йæ былтæй кæлы. Куырис кæвдæсæй рахауы æмæ фаджысимæ сæвдулы. Кæй зæгъын æй хъæуы, стур ын йе ’мбис дæр нæ бахæры. Уымæ гæсгæ ис кæрты æрдæгхæрд хъæллæгъты цъына. Скъæты кæрты, кæдæм нæ фæзилай, куырисбæттæн урс телтæ къæхтыл здыхсынц.

Азгъордта та сарамæ æмæ æрбахаста хъайванхуыйæн зæгæлтæ. Кæрты ’рдыгæй фæсдуар ныкъкъуырдта егъау зæгæл. Дзæбуг æмæ зæгæлтæ къулрæбын авæрдта. Райдыдта телтæ æмбырд кæнын. Куыд тагъддæр æмбырд кæны, афтæ скъæты къулыл телы куырис егъауæй-егъаудæр кæны. Уазал уыд, фæлæ цырд архайдæй стæвд. Афæстаг рæстæг тынг сæдых, йæ хъару цыдæр фæци. Йæ гаруз систа фыртæвдæй, фæлæ къæхтæ та уазал уыдысты. Иу бонæй иннæмæ æмгъуыд кæны йæхицæн къалосты дзабыртæ бахуыйынмæ, фæлæ та йæ нæ равдæлы. Телтæ æмбырдгонд фæци. Фæлæ фаджыс кæртмæ куыд акала. Йæ гаруз та йæ уæлæ акодта æмæ ауад скъæты фæстæмæ. Къулрæбын уыди цыдæр æфсæйнæгтæ, хъилтæ, сугтæ, къодæхтæ. Иуварсмæ сæ хæссын райдыдта.

Куы ’рцыд, уæд, дыккаг бон, иннæ чындзытау йæ уат чъырæй куы рацагътаид, уæд уыдаид хорз чындз. Уымæн йæ уаты къулты сахъаритæ зындысты æмæ сæ сæрдын нæ хъуыд? Уыцы бæзджын сæрстытæ бахус уæвынæн рæстæг нæ хъуыд? Науæд æхсад æхсады бынаты нæй, æфснайд æфснайды бынаты, хъæндил фаджысты куыд æвдула, афтæ иудадзыг уыцы æмтъерыйы мырхы.

Скъæты астæу фаджысыл дæргъмæтæй лæууыдысты къуырф бел, сагой æмæ къæпи. Уæдæ цавæр адæм сты дзаума бынатæй райс, дæ куыст дзы бакæн æмæ йæ базыввытт кæн кæмфæнды уæд? Бавдæлд æмæ тæгæнайы сæхсадта дзæбугтæ, аркъаутæ, фæрæттæ, сагой, къæпитæ, белтæ. Æниу сæхсадта уæздан дзырд у, фæхафта сæ кард æмæ змисæй фæныкдоны. Бацыд скъæтмæ... Райдыдтой сагой, бел æмæ къæпи, æз фæрæвдздæронæй фаджыс калын.

Фæци стуры бынтæ сыгъдæггонд. Бакаст фысты скъæтмæ. Бакæсæны рахиз къуымы уыди самандурæй амад хæлд пец. Йæ къæй йын куыд систæуыд, афтæ йæ мидæг ныккалд. Пецы фендæй йæ зæрдæ барухс — скъæт-иу рæвдз афснайдзæн æмæ-иу ам фысдзæн. Тетрад æмæ кърандас æмбæхстæй дардзæн къулрæбын самандурты бын. Уыцы бæллиц ыл цыма базыртæ асагъта, афтæ фæуæнгрог. Фæлæбурдта сагоймæ, фæлæ ам цæхæрадонмæ фаджысæппарæн никæцæй уыд. Сугсæттæнæй фæрæт бадавта æмæ скъæтæн йæ цæхæрадоны ’рдæм къул хойын райдыдта...

— Цы ми кæныс? — йæ цуры Бибо куыд балæууыд, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта.

— Мæнæ, зæгъын, фаджыс ардыгæй цæхæрадонмæ калдзыстæм, — къæмдзæстыгхуызæй загъта Дианæ.

— Æмæ дæ æз хуымæтæджы «техникон æдасдзинады дохтыр» хонын, — загъта тиу æмæ йæ чындзы къухæй райста фæрæт. Цалдæр тъæппæн дыууæ самандуры рафтыдта.

— Стæй йын рудзынг скæндзынæ, кæннод уазал уыдзæн, — загъта ма чындз.

— Скъæты зæхх фæйнæгæй кæнинаг бæргæ у, йæ къултæ дæр згъæлынц, ног скъæт кæнын хъæуы, — загъта Бибо.

Кæрæдзийы къухтæй исгæйæ куыст сцырен...

— Кæрты хъæллæгътыл ма арт бандзардзыстæм, — сагъæсхуызæй алæууыд æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта Дианæ. — Бибо, афтæ ма зæгъ æмæ фæнд кæнын, фæлæ мауал акалут фаджыс кæртмæ, скъæты дуары размæ. Мæнæ дуармæ нæ кæсыс, — базмæлын кодта дуар, — йæхи зæххыл хафы. Ахаф ын йæ бынæй иу уыдисны бæрц, — амоны кæрдо бæласы бын нартхоры гонмæ. — Курын уæ, зæхмæ мауал калут нартхор хæддзуйæ гонæй. Гъеныр уый куыд рæсугъд у, хуыты рæгъау рауадз ногмарзт кæртыл, гоны дуарыл схæц æмæ нартхор æргæр-гæр кæны... Æфснайдбæрæг нæм никуы вæййы. Иу бон сихорафон хуыты фæстæ марзтон кæрт æмæ уынгты цæуæг дыууæ сылгоймаджы ныхас æрбайхъуыст: «Сæ чындз дæр сæхи хуызæн у...»

— Че-ендз! — хæдзарæй райхъуыст Дзерассæйы хъæр. — Уæ че-ендз!

— Ма йæм ацу, фæлтау мæнæ ам æрбад. — Бибо йæ бæмбæджджын куырæт самандурыл авæрдта. — Иучысыл аулæф. Чъиритæ кæны æмæ та дын «цума» кæндзæн.

Дианæ нæ бакуымдта бадын, фæлæ хæдзармæ дæр нæ ацыд...

Æппынфæстаг сæ абоны куыст фæбæрæг уыдзæн сæ фосыл. Сæ тæнтæ фаджысæй амæзт нал уыдзысты. Къæпи æмæ халамæрзæны фæстæ уисойæ бæстон сæрфта къуымтæ.

— Че-ендз! — ныййазæлыди та æфсины хъæлæс.

— Ацу, дæ хорзæхæй, — бахатыд æм Бибо.

Дианæ бацыди хæдзармæ.

О Хуыцау! Цыма агъуысты уаддымгæ сыстад, афтæ уыди хылы-мылы: къустæ, тæбæгътæ, уидгуытæ — скъаппы цыдæриддæр уыди, уыдон се ’ппæт дæр симдтой стъолыл, пецы сæрыл, рудзгуытыл. Арынг нал зынди мигæнæнтæй. Рудзынгыл сасир, стъолыл картæфтæ куыд ссæста, афтæ æмтъеры. Хуыссæныл рæвдзæй лæууыд хуын. Зæхх, о, уымæ бакæсын йæхæдæг зæрдæскъуыды фаг уыд: карчы пакъуытæ, цъыф, хыссæ, хъæдурыхъилты фæлхор — сæмхæццæ сты иумæ.

— Мæ дарæс, — сдзырдта æфсин.

Азгъордта Дианæ æмæ уатæй рахаста къаба, куыд æй раласта, афтæмæй. Иту авæрынмæ йыл хъавыд, фæлæ йын æй раскъæфта йæ къухтæй:

— Афтæмæй та дын хъыг вæййы, де ’взæры кой кæй айхъуысти, уый!.. — къаба йæ уæлæ скодта.

Дианæ лæууы джихæй, нæ зоны, кæцырдыгæй райдайа æфснайын.

Зæронд лæг бæргæ урæдта йæхи, фæлæ та нал фæлæууыд:

— Баст хæрæг дæр дæм нæ фæлæудзæн. Ацы хæдзар зæды бадæнау æфснайд уыди. Дысон æй ныхсадта, аходæны фæстæ йæ ныхсадта. Ныр ма йæм бакæс! Хуыдонæй цы кæныс!..

Йæ лæджы уайдзæф мисхалмæ нæ æрдаргæйæ Дзерассæ загъта:

— Уæдæ уыцы лæппу цæй æрæгмæ цæуы?

— Æмæ та уæ дыууæ цæут?

— О, нæ дыууæ, — сæрыстырæй дзуапп радта ус. — Æрбацæуы.

Бацыди Фидар. Дианæ ацыди уатмæ, уый дæр йæ фæстæ.

— Раив дæ хæдон.

— Нæ хъæуы...

— Абон дæр æй куы нæ раивтай.

— О, ныр мæ дзаумæттæ ласдзынæн!

Фидары бон уыди, йæ туфлитæ нæ раласгæйæ йæ хæлаф скæнын кæнæ раласын. «Афтæ аив нæу», зæгъгæ йын куы бауайдзæф кодта, уæд-иу стыр хъыгзæрдæйæ загъта «Рæстæг мын нæй!»

Фидар скодта сыгъдæг хæдон.

— Зоныс, Фиу, æз дæр цæуын.

— Ды та кæдæм?

— Чындзæхсæвмæ!

— Сым дæр куыннæуал фехъусон, афтæ! — уатæй федде.

— Че-ендз! — фехъуыст къæлидорæй æфсины хъæр. Хæдзармæ æнкъардæй бацыд Дианæ.

— Цы кæны, чындз та, цы? — афарста Инал.

Фидар йæ мæгуыр зæрдæйæ йæ фыдæн хъаст кæнынмæ хъавыд æмæ ской кодта йæ усы фæндон. Дианæ фæуыргъуыйау. Ау, куыд ын радзырдта йæ ныхас?!

— Æмæ цæуылнæ хъуамæ ацæуа? Равдисыны аккаг, мыййаг, нæу? Чындз, дæхи-ма арæвдз кæн ныртæккæ!

— Баба, куыд балæудзæн дзургæ кæмæ нæ кæны, уыцы зæронд лæджы кæрты! — рамæсты фырт.

— Уый та цы хоныс? — бадис кодта фыд.

— Ау, ирон æфсарм нал ис? — загъта та Фидар.

— Чындз, мæнмæ хъус. Арæвдз-ма кæ дæхи.

Дианæ ацыд къæлидормæ йæ цæсгом æхсынмæ. Фидар йæ уæлхъус алæууыд.

— Æнцад у! Фехъуыстай?!

Хæрдмæ фесхъиудта йæ мойы сонт хъæрæй æмæ йæм хуылыдз цæсгомæй скаст:

— Цæ-цæ, цæмæн?..

— Че-ендз, — райхъуыст та æфсины хъæр.

Бацыдысты хæдзармæ Фидар æмæ Дианæ.

— Дæхи цæуылнæ рæвдз кæныс? — комкоммæ афарста Инал чындзы.

— Никæдæм цæуы æмæ уымæн, — дзуапп раттынмæ фæрæвдз Фидар.

— Ныууадз-ма нæ, цæй! — фæзыст кодта Иналыл Дзерассæ дæр.

Нырмæ сабыр уыди, фæлæ йæ фырты зæрдæ куы базыдта, уæд фæныфсджын.

— Уæдæ æниу цы зæгъат, — айуанæй загъта зæронд лæг. — Уæ чындзы уæлæ, куыдз цы ратона, уый скæнинаг нæй, æмæ...

— Чындзы æнæхъæн афæдз йæ цæгат фæдары, — йæ ныхас ын айста Дзерассæ.

— Уæ амонд бахæрут... — фæсмонгондæй загъта Инал. — Мæ бон ницыуал у.

— Æмæ дзурын дæ бон хорз куы у, — алхыскъ æй кодта йæ ус.

Зæронд лæг бакаст чындзмæ.

— Чындз, мæ хур, нæй гæнæн. Адæмы æхсæнмæ цæуы сохъхъыр дæр, хъæрæу дæр, куырм дæр... Фæлæ бæгънæг адæймаг нæ цæуы!

Ацыдысты мад æмæ фырт. Дианæ йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ райдыдта æфснайын...

Фырфæлладæй йæ къæхтæ кæрæдзийыл къуыргæ дыууæ бедра æмæ кæрæмисимæ рацыд донмæ. Адæмы аив фæйнæгæй конд кулдуæрттæ æмæ кæртытæм хæлæг кæнгæ. Уисæй быд кулдуæрттæ стæмæй фæстæмæ нал ис. Кæмæн ис, уыдонæн та аив быд...

Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы бульварыл рацу-бацу кодта уындæй бакастджын бæзæрхыгтæ лæппу, тар фæныкхуыз чырынтæ пъалто æмæ тарморæ зынаргъ цармæй хуыд хъусджын худы. Иунæг фембæлæг адæймаг дæр ын салам нæ дæтты. Ацы горæты зоны æрмæстдæр æртæ адæймаджы: Доциты Мæдинæ, Светланæ æмæ йæ лæг Аркадийы. Уый уыди Артур.

Æстдæс азы рацыди, йæ райгуырæн Ирыстонæй куы фескъуыддзаг, уæдæй нырмæ. Царды уавæртæ йæ афтæ арæзтой æмæ уал азы мидæг йæ фыдæлты зæххыл йæ къах никуы æрæвæрдта. Йæ хъуыдытæ æгæр тагъд згъорын куы райдайынц, уæд сæ кæнæ йæхæдæг фæуромы, кæнæ та йын сæ горæты цард бахъыгдары, æмæ дзыхъхъынногæй æрлæууы, йæ хъуыды кæм фескъуыйы, уым. Цæуы сындæг къахдзæфтæй.

Аркади, Светланæ æмæ Артур. Иу аз фесты каст уæлдæр скъолатæ. Аркади æмæ Светланæ сæ цард баиу кодтой дипломтæ райсыны хæд фæстæ. Уый та Тюменмæ хъуамæ æрвыст æрцыдаид, фæлæ йæ арвыстой сæхимæ Данæйы размæ. Йæ дунейы хæс бафыста Данæ. Ныр йæ ных сарæзта йæ райгуырæн Ирмæ. Ам ын Ирыстоны хæстæджытæ дæр куыд нæ уыдзæн. Фæлæ кæм æмæ чи сты? Йæ галиу амонæн æнгуылдзæй йæ фындзы бын хырхау дыууæрдæм ахаста æмæ ныссагъæс ис...

Кæд æмæ йын Доцитæ сæ æртæ уатæй иуы цæрыны бар дæттынц, уæддæр нæ разы кæны. Абондæргъы фатер агуры. Куыст ссардта — слестгæнæджы бынат, фæлæ цæрæнуатæн цы кæна. Цы капеччытæ йæм ис, уыдон кооперативон æртæ уатон фатерæн фыццаг фиддонæн радта. Ныр та æвæстиатæй хæдзар амал хъæуы. Йæ хъуыдыйы февзæрдысты Доцитæ...

Аркадиимæ базонгæ сты, Ленинграды метрополитенæй фыццаджы дæр цы цыппар станцæйы гом кодтой, уыдонæй «Владимирон»-ы станцæйы ирæттæ студенттæ зиуæй куы æфснайдтой, уæд йын йæ цыппаркъухджын бырæттæ хæссæны дыууæ къухыл куы фæхæцыд, уæд. Дыккаг хатт — Стыр Петр I бæхыл кæм бады, уыцы цырты раз. Уæд йæ æнæзонгæ чызг Светланæ Къостайы æмдзæвгæ «Æнæ хай» куы зарыд, уæд...

Ныр, Хуыцауæй бузныг, Ирыстоны царды гуылфæны цæудзæн æмæ йæ хионтæй кæд искæй базонид. Зæххы гæбаз йæ къухы куы бафтид, уæд дзы иу къæс скæнид. Ныр та иу къуым иумæйаг кæрты балхæндзæн...

Бульвар Кировы уынгимæ кæм сбыцæу уырдæм куы ныххæццæ æмæ ныр фæстæмæ фæзила, зæгъгæ, афтæ йæм иу йæхи карæн лæппу бахатыд:

— Æфсымæр, зынг дæм нæ разындзæн?

— Табуафси, — мидбыл бахудт Артур. — Фæздæг нæ уадзын, фæлæ зынг дарын. — Йæ пъалтойы галиу дзыппæй систа спичкæйы къопп æмæ йæм æй бадардта. Артуры дисæн лæппу йæ дзыхæй тамако æриста, йæ дзыппæй систа спичкæтæ.

— Хатырæй уæд æфсымæр, æз фæздæг уадзын, фæздæггæнæг дæр æмæ зынг дæр аууонау ме ’мдзу кæнынц. Уæдæй нырмæ дæм мæ цæст дарын, — спичкæйы къопп йæ къухæй хæрдмæ фехста æмæ йæ рацахста уæлдæфы. — Цæй, базонгæ уæм, адæм се ’ппæт иу мад, иу фыдæй нæ райгуырынц.

Артур æм исдуг джихæй каст. Райгуырæн Ирыстон, мæнæ цæмæй дæ адджын. Райгуырæн зæхх! Кæм ис дæуæн æмбал!..

— Базонгæ уæм, — мидбыл бахудт Артур.

Афтæ æнæнхъæлæджы базонгæ йæ фыды æрдхорд Арсæгты Таймуразы фырт Маркимæ.

— Дæ фарн бирæ, мæ бинойнаг мемæ ис, — фæкаст бæласы бын Верæмæ.

— Амондджын ут, — раарфæ кодта Артур.

— Цæуын, фембæлдзыстæм ма, — загъта Марк æмæ атындзыдта йæ усмæ.

Цæстуарзонæй сæ фæстæ акæсгæйæ та ахъуыды кодта бинонты хъуыддаг кæнын кæй хъæуы, ууыл. Фæлæ, иуæй минæвæрттæ кæмæ барвита, ахæм чызгыл нæма сæмбæлд, дыккагæй та, æнæмæнг хъæуы иу къæс...

Афтæ хъуыдытæ кæнгæ фæраст, æндæрæбон цы хæдзар федта иумæйаг кæрты, дзæбæх сыхæгтимæ, уыцы хæдзармæ...

Зымæг-зымæджыдæргъы Инал йæ хуыссæнæй нал фестад. Уæддæр йæ куыстуарзон, фæлæ æнæбон къухтæ æнцой нæ зыдтой æмæ-иу йæ хуыссæнуаты Дзерассæйы æххуысæй куы цъылын бабаста, куы фæрæты хъæд амадта, куы хæрæджы хамут æмпъызта. Фæлæ йыл æнæхатыр низ бонæй-бон тыхджындæр кодта æмæ ма-иу йæ разы кусинæгтæ бæргæ æрæвæрын кодта, фæлæ сыл йæ бон нал цыд æмæ-иу йæхи ауагъта. Комахсæнты йæ дунейы цардæй ахицæн...

Йæ хæд фæстæ амардысты Мынци æмæ Аминæт дæр.

Дианæ рагæй лæгъстæ кодта Фидарæн хæдзары самандур пец агуридурæй раивын. Фæлæ нæ разы кодта. Иналы амарды хæд фæстæ Дзерассæ Бибоимæ балыгъдысты Мынцийы хæдзармæ цæрынмæ.

Куы фæуалдзæг, уæд та Дианæ Фидарæн лæгъстæ кæнын райдыдта пец агуридурæй раивын. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр хъæуы 500 дуры. Агуридуры мин та у æвддæс сомы1...

Æмæ ацы хатт Фидар сразы. Æркалдта дур... Иу райсомраджы Дианæ пец халынмæ бавдæлд... Фидар уыцы бон тынг æнæвдæлон уыди, фæлæ уæддæр æрлæууыд йæ фарсмæ... Байгом, арвы дуарау, дыууæ агъуысты æхсæн. Фæхаста дыууæ боны дуртæ...

Æртыккаг бон цыдæр æнахуыр уæззау уыди. Бафæллад. Йæ астæуы рыст дæр, æвæццæгæн, уымæн нæ банцади дысон-бонмæ. Хæссы — æртыгæйттæ...

— Мæ бон нæу, — хъæрзгæйæ бакой кодта Фидарæн.

— Дыгæйттæ хæсс, — загъта Фидар.

Райдыдта дыгæйттæ хæсын. Хаста зынтæй. Куы-иу афæстиат, уæд та-иу рахъæр кодта:

— Цы фæдæ?!

— Бафæлмæцыдтæн, — загъта Дианæ.

— Омæ иугæйттæ хæс, иугæйттæ! — фæзыст ыл кодта. — Абон æй фæуын хъæуы, райсом та цары тохына амайдзыстæм.

1 1961 азы размæ.

Райдыдта хæссын иугæйттæ... Бастад, бафæллад, йæ бон нал у нæдæр дурмæ фæгуыбыр кæнын, нæдæр цæуын. Риссы астæу, риссынц къæхтæ, йæ æппæт гуырæй дæр ныууæззау, ныффæллад, афтæ никуыма бафæллад. Æрбадт.

— Дур! — рахъæр кодта Фидар.

Гъæй-джиди, ныр фестыны бæсты зæххы скъуыды куы аирвæзид уыцы хуызæнæй, æрмæст æй фестын ма бахъæуæд.

— Кæм дæ! Дур!..

Дианæ уæзбын фестад, райста дур æмæ фæцæуы. Æрæвæрдта йын æй йæ разы.

— Цы кæныс? — афарста йæ Фидар.

— Мæ бон ницы у.

— Ау, иугай дуртæ хæссын дæр нал у? Мацы кæн, нырма тохынайы цæджындз амайын хъæуы, уæдæ пец сæрдинаг, мæн та горæтмæ зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæныны курсытæм æрвитынц...

— Фиу, ма ацу.

— Куыд нæ ацæуон? Æнæцæугæ мын нæй. Дур!..

Йæ рыстæй йæ цæсгом нынцъылдтæ кæнгæйæ та дур æрдæг гуыбырæй фæцæйхæссы. Куыд арæхдæр риссы, уыйас хъуаг æййафы Фидар дурæй.

— Иу дур дæр нал фæразыс, æви? — фæтъæлланг кодта Фидар.

— Иу дур нæ, фæлæ цæуын дæр мæ бон нал у, цæуын, — кæуынхъæлæсæй загъта Дианæ.

Фидар бамбæрста, æцæгдæр йæ бон цæуын нал у, æндæр æфсон куы никуы фæкæны...

Уыпы æхсæв боныцъæхтыл Дианæ ныййардта лæппу. Ном æвæрдыл тыхст нæ уыдысты бинонтæ, Дианæ йыл йæхæдæг сæвæрдта йæ фыды ном Лазæр.

Дианæйы палатæйы хуры тын егъауæй-егъаудæр йæхи айтыгъта æмæ рудзынджы ныв къулыл зынди тæбæккæй.

Фесхъиудта. Йæ разы рудзынджы авг чидæр гуымиры хост бакодта. Бакаст æм Фидар.

— Фиу, лæппу... — сдзырдта Дианæ.

— Базыдтон æй, — загъта Фидар.

— Сыдæй мæ удыгага схауы, рæвдздæр мын исты.

— Дæу стонг-стонгæй ма чи фæразы, — сбустæ йыл кодта лæг...

Уæдæ кæй æрбахаста, уыдон ма цымæ рудзынджы бын цы дары, мæстæй марынмæ?

— Зæгъын, афтæ уал дæ абæрæг кæнон.

— Омæ уый дæр хорз, — хъуыддаг фæлмæн уагыл ауадзыны фæдыл загъта сылгоймаг. — Фиу, тагъд мын иу дзулы къæбæр искуыцæй æрбадав.

— Кæцæй дын æрбадавон? Нырма радио дæр куы нæма сдзырдта?

— Уæд та дуканимæ...

— Мæн дуканитæм зилынмæ не ’вдæлы!

— Ницыуал мæ хъæуы, фæлæ...

— О, цæуын мæ хъæуы...

— Кæдæм? — фыртæссæй афарста ус.

— Куыд кæдæм? Горæтмæ курсытæм!..

Дианæйы сæр разылди, йæ цæстыты раз уæлдæфы ленк кодтой сызгъæринхуыз фæрдгуытæ. Цыдæр æнахуыр, цыма’ йæ хуыссæн аныхъуырдта, афтæ йæм фæкаст. Ау! Уый та куыд?! Куыд цæуы? Æндæраз куы уыди. Ахуыргæнджытæ сæ зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæнæн ахуырты фондз азæй фондз азмæ куы вæййынц. Уый та æндæраз куы уыди?

— Ма ацу, курын дæ...

— Нæй мын æнæ цæугæ! Дæу æрмæстдæр дæхи мæт ис, фæлæ мæн кусын хъæуы.

Фæаууон Фидар. Раст æй цыма рудзынджы рахиз тарваз аныхъуырдта, афтæ. Дианæ йæ миддунейы хъуыдыйы Фидаримæ аууонау æмдзу кæнын райдыдта. Ахызт рынчындоны кæртæй, фæраст уынджы дæлæмæ, æртæ-цыппар тигъы дæлдæр ис хойраджы дукани. Æгæр фæстиат кæны фистæгæй æмæ фæуромдзæн автобус кæнæ уæзласæн, уæлдай йын нæу, æрмæстдæр тагъддæр дзулы къæбæрмæ куы ныххæццæ уаид. Машинæ фæлæууыд дуканийы раз, фæлæ ма дуканийы дуарыл цæхгæрмæ æвæрд ис æфсæйнаг æхгæнæн... Нæ бауромдзæн машинæ...

Йæ миддунейы куы Фидаримæ цæуы, куы къулыл рудзынджы тынмæ кæсы æмæ ныр цал æмæ цал хатты загъта: «Хуры тын уæлæ уыцы.., — скæны нысан къулыл, ныр та ссардта йæ ныхмæ къулыл электрон цырагъы чъыпгæнæн, — уымæ куы бахæццæ уа, уæд æрбацæудзæн æмæ йын цы бирæ хæринæгтæ æрбахæсдзæн уый та? Чи зоны, æмæ ма йын хæрзхъæд къафеттæ дæр æрбахæсса. Къулыл рудзынджы ныв егъауæй-егъаудæр кæнгæ быры рахизырдæм.

Хуры тын быры рахизырдæм, уæддæр Фидар зынæг нæма и. Гъер цымæ цæуыл быры аууонау йæ фæдыл? Афтид дзулимæ йæм куыд басхъæл уыдзæн? Æнæмæнг, дуканийæ фæраст базармæ. Базар та ис хъæуы астæу... Уый сыгъдæгæй дæр базармæ ацыди, ныртæккæ халсартæ æмæ рагдыргътæ сæ цæттæйыл сты. Йæ цæстытыл ауад рудзынджы тарвазыл егъау хызын куыд авæрдта: джитъритæ, кæрдотæ æмæ дзы цы нæ уыдзæн. Йæ хъуыдыйы уыйас арф уыди æмæ ма суанг йæ фындзыл ауад джитъри æмæ пъамидорты хæрзад тæф. Гъер цымæ базармæ цæмæн ацыди, дзул уал ын куы сдавтаид...

Афтæ хъуыдытæ кæнгæ афынæй...

Дианæ æрыхъал. Медицинон хо йын аходæн æрбахаста. Иннæ палатæмæ нæма бацыди, афтæ тæбæгъ уыди афтид. Уæдæ кæм ныффæстиат? Æнæмæнг æрбацыд, фæлæ афынæй æмæ йæхи дæлрудзынг æрныгъуылдта. Кæс-ма, ныртæккæ йæм сгудзи кæндзæн. Йæхи сивæзта рудзынгмæ, фæлмæн уарынмæ хъаз дæр ма йæ сæр афтæ сивазы, фæлæ йæ цæстытæ атартæ сты, йæхи æруагъта йæ хуыссæны...

Фæлурсæй, æнæбонæй, сæ хæдзармæ схизæн къæсæрыл æрбадт Дианæ. Сывæллон ын йæ хъæбысæй райста Дзерассæ æмæ йæ сынтæгыл æрæвæрдта. Йæ мидæггаг юбкæйы дзыппæй систа æхца, йæ галиу къухы сæ авæрдта, къух та ауагъта, бæрæг уыди, куыд бæстон сгæрстой дзыппы къуымтæ æнгуылдзтæ, уый. Сзынди та къух. Дианæмæ бадаргъ кодта йæ дыууæ къухы, галиу къухы армытъæпæны уыди дыууæ сомы, йæ рахизы та лыстæджытæ, сом чысыл хъуаг. Æндæр æм нал баззад, йæ фырт ын дæс боны размæ цы туман ныууагъта, уымæй.

— Нартыкæнтыстæн, дзæгъæл хæрд дзы ницы бакодтон...

Фæнымадта сæкæр цас балхæдта, макъаронтæ...

— Хорз, нæ мад, бузныг, æгайтма ма мæм цыдтæ, — загъта Дианæ æмæ асырх. — Ацы æхцатæ дæр уадз дæхицæн, кæд аизæр зынид...

— Нæ, — ахъаззаг йæ сæр батылдта Дзерассæ. — Афтæмæй куы нæ фæзына, уæд та?

— Куыннæ фæзындзæн? — стыр уырнгæхуызæй загъта Дианæ.

Дзерассæ зыдта, йæ фырт йæ бинонты иу хатт дæр кæй нæ бабæрæг кодта, уый, фæлæ йæ уымæй нæ бафарста, йæхæдæг та йæ басусæг кодта.

— Æз цæуон, — загъта Дзерассæ, — афонмæ Бибо цы митæ кæны иунæгæй. — Агъуысты катайы зилæнтæ систа, йæ пысултæ æмбырд кæнгæ.

— Нæ мад, иу-дыууæ боны ма фæлæуу.

— Нæ-æ, æнæ цæугæ мын нæй, — дзаумæттæ йæ хызыны тъыссы.

***

Иу къусыдзаг æм ссад уыди æмæ дзы хыссæ скодта, кусæг лæджы тымбыл къухы йас хыссæ... Цæхæрадонæй æрбахаста нас, насджынæн. Цалынмæ сывæллоны пысултæ æхсадта, уæдмæ кастрункæйы сæр хыссæ йæ уæлныхты систа. Ныртæккæ сывæллоны сисдзæн, авдæн акой кæндзæн, чысыл æй арæвдаудзæн æмæ та йæ фæстæмæ абæтдзæн, къахæй йæ уздзæн, къухтæй та сыгъдæг кæндзæн нас.

Куыддæр сывæллоны йæ хъæбысмæ систа, афтæ æнæнхъæлæджы дуарæй бахызт Фидар. Дианæ цины уынæр фæкодта, сабийы сынтæгыл авæрдта, ахъæбыс кæнынæввонгæй, рæвдз ауад йæ размæ, фæлæ уый йæхи фæзылдта...

— Сывæллон кæуы, — сдзырдта Фидар.

Саби куыдта æнæбон уынгæг цъæхснаг хъæлæсæй.

Ус æм бауад йæ фыдхъыджы цæссыг уромгæйæ. Фидар æнæнцой рауай-бауай кæны агъуысты.

— Фиу, — дзуры йæм Дианæ, — йæ æфхæрд аныхъуыргæйæ, — фæхæц-ма сабийыл, æз насджынтæ ракæнон.

— Нæ, мæн не ’вдæлы! — цъилау ныззылди. — Цалынмæ автобус хъæуы сæрæй здæхы, уæдмæ æрбауадтæн.

Йæ зæнгтæ бадзой-дзой кодтой Дианæйæн. Ау, уый та куыд? Сонтæй æд сывæллон алæууыд дуармæ.

— Нæ, нæ дæ ауадздзынæн æнæ насджынтæ бахæргæ. — Иуварс æй ссоны дуарæй лæг, фæлæ ус ныббыцæу æд саби.

— Фæлæуу, — лæгъстæ кæны Дианæ. — Кæдæм цæуыс?!

— Санаторимæ! — фæтъæлланг ыл кодта Фидар. — Æви мæнæн хæрæгау кусынæй æндæр улæфын не ’мбæлы?!

Дианæйыл цыма арв æркалд, афтæ фæци. Уый та куыд? Санаторимæ? Цæуæд, уæддæр æй нæ бауромдзæн, фæлæ... Фæлæ иу бон та цæуылнæ фæлæууы?!

Раст уыцы дзолгъо-молгъо хъаугъаимæ фехъуыст машинæйы хъæр. Фидар уыцы-иу гæппæй балæууыд агъуысты рудзынджы раз ахæм хуызы, раст цыма уыцы рудзынгæй йæ сызгъæрин цъиу атахт. Фездæхт йæ усмæ.

— Гъер аивгъуыдта автобус!..

— Фæлæуу, иумæ скомдзаг кæнæм, — ныллæгъстæ та йын кодта ус. — Кæс-ма, ныртæккæ ацæттæ кæндзынæн насджынтæ. Мæ хыссæ цæттæ у. Фæхæц сывæллоныл.

— Æвзæр ахуыр дæ скодтон, — бахъуыр-хъуыр кодта Фидар. — Нырмæ дæр дын ыл æз хæцыдтæн?!

Ницыуал сдзырдта Дианæ. Йæ хъæбысы мутакан тыхт саби, афтæмæй дын стъолы раз нас сыгъдæг кæныныл куы бамыхуыр уаид. Сывæллон кæуы, сывæллоны сæрты къухтæ архайынц кард æмæ насы къæрттытимæ. Иуæй, нас æмæ кардмæ йæ цæст дары, иннæмæй, сывæллоны фæсабырыл архайы, гæныстоны ’рдыгæй та архайы лæгъз æвзагæй лæджы уромыныл... Уый та цæхæртæ калы мæстæй. Цоппай кæны куы дуармæ, куы рудзынгмæ. Цæмæй йæ ныхасмæ расайа, уый тыххæй йын ракодта сæ сыхаг Созыр Украинæйæ уырыссаг усимæ куыд сыздæхт, уый кой. Уым рæстæгмæ куыстмæ æрвыст уыди. Æмæ йæ дисæн Фидар афтæ куы нытъæлланг ласид:

— Тынг хорз бакодта, цардæй исты фендзæн уырыссаг усимæ.

Сылгоймаджы зæрдæ фæкъæпп кодта. Ау, æмæ уый ирон усимæ — Дианæимæ цардæй ницы уыны? Афтæ йæм кæсы? Фæлæ та ницы сдзырдта.

Фидар алы машинæйы уынæрмæ рудзынгыл йæхи ныццæвы. Иу уынæры фæстæ рауад.

— Мызуры автобус рахæццæ, æз уым абадон...

— Фæлæуу... Ма ацу... — уыцы сдзырдимæ дын кардæй йæ галиу къухы стыр æнгуылдзы зæрдæ кæрæй-кæронмæ куы æрбакæрдид...

— Ой! — сонт хъæр фæкодта. Уыцы иу уысмы стъолмæ æрхаудтой кард æмæ насы къæртт, сæ уæлæ æрсаха кодта туг... Æнгуылдзы фыд фæхæлиу хæфсы дзыхау. Туг тæдзгæ сывæллон сынтæгыл авæрдта, фæкаст æмæ ма ауыдта Фидары чъылдым, тохы быдырæй лидзæг тæппуды фæсонтау. Азгъордта йæ фæдыл. Уынджы каурæбынæй срæдывта фæтæн сау халыг дугъысыф. Хъæдгомыл æй авæрдта. Йæ рахиз къухы армытъæпæнæй йыл хæцыд, уæддæр туг уайы.

Уæлкъухтыл чи ахъæбæр, уыцы тугтæ цæссыгæй æхсгæ бацыд йæ уазал хæдзармæ. Йæ æнæхин зонд нæ бамбæрста, цæмæн фæзынд зилгæ дымгæйау Фидар. Йæ хæдон ивынмæ? Æмæ йæ куы нæ аивта, автобусы фездæхтмæ тагъд кæнгæйæ. Фæдисонæй цæмæ æрхæццæ? Йæ ноггуырд фырты фенынмæ? Æмæ йæ æгæр-мæгуыр йæ номæй дæр куы нæ бафарста...

Æдзæмæй лæууыд агъуысты астæу, абухгæ денджызы рындзыл зыбыты иунæг цырагъау...

Иу райсом Дианæ донгуырæнæй донхæссæныл доны бедратæ куы æрбацæйхаста, уæд ыл амбæлд Верæ, уый та донмæ фæцæйцыд.

— Дæ хæрзæггурæггаг мæн. Фидар уæззау хызынимæ схæццæ. Хæрзаг бирæ цыдæртæ дын схаста.

— Æцæг? — бахудт Дианæ æмæ атындзыдта сæхимæ. Йæ фæдыл ма адзырдта сыхаг:

— Мæ хаймæ зындзынæн.

Фидары баййæфта хусæй йæхи дасгæ.

— Нæхи амæттаг у, — хъæлдзæгæй сдзырдта Дианæ. Фæраст æм, фæлæ лæг нытътъæлланг ласта.

— Сæударты кæм лекка кæныс, сывæллоны иунæгæй цæмæн ныууагътай?

Æрфæрсынмæ йæ хъавыд, фондз æмæ ссæдз боны кæм ис, уымæй, иу хабар уæд та сау халоны къахыл бабастаид, фæлæ ауыдта агъуысты астæу морæ егъау дымст хызын. Хызыны уындæй дзы сирвæзт хæринагыл цины æбæрæг дыгъал-дыгъул. Фидар цыдæр дзуры, фæлæ йæм йæ хъус нæ дары. Хызын абадт уæлдæфы, йæ хуылфæй æркалдысты... чингуытæ...

— Чингуыты уындæй дæ цæстыты туг тæдзы! Уыдон дæ дарæг кæй сты, уый та не ’мбарыс... — стæй къæссафæлдæхт фæци:

— Мæ дзаумæттæ-ма мын арæвдз кæн. Районы ахуыргæнджытæн æмбырд ис. Æрæджы кæнын, — ахæм хуызы дзырдта æмæ йын знаг дæр балæггад кодтаид. Дианæ фестад.

Чысыл рæстæджы фæстæ, Фидар кæсæнмæ галстук куы баста, уæд æм дзуры:

— Фиу, æхца дæм исты ис?

— Ис, цы кæныс?

— Иу дзидзайы мур ма-иу балхæн...

— Хорз! — фæзыст кодта лæг. — Дæу та хæрынæй дарддæр ницы сагъæс и.

Æхсыр æмæ къофихуыз ног костюм аив бадти Фидары гуырыл. Урс хæдоны дыстæ морæ запонкæтимæ костюмы дыстæй кастысты. Сау туфлитæ æрттывтытæ калдтой. Костюмы галиу риуы дзыппæй зындысты дыууæ сызгъæрин хуыз ручкæйы сæры, сæ иу чернилæйы, иннæ та — кърандас. Сæрыл ставд уылæнтæй бадти сатæгсау хъис сæрыхъуын. Уынгæй йæм йе ’мбал ахуыргæнæг æрбадзырдта æмæ йæхицæй буцхуызæй фæраст.

Дианæ хъавыд чингуытæ бафснайынмæ, фæлæ сæ ныууагъта. «Мæ хаймæ зындзынæн», — йæ хъусты айзæлд Верæйы хъæлæс. Уадз æмæ фена цы схаста, уый. Фæлæ уайтагъд æрфæсмон кодта. Цæмæн? Цæмæн фена? Ма фена... Аджих...

Уыцы бон йæ цъæх хъæрмхуыпп дæр не скодта дзидзайы мурмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Изæрырдæм сæ размæ æрлæууыд уæзласæн машинæ. Рудзынгæй йæ федта Дианæ.

Хъæлдзæгæй сабийы йæ хъæбысмæ фелвæста. Раст егъау гæххæтты асыкк Фидар æмæ шофыр машинæйæ куыд æристой, афтæ сæ уæлхъус алæууыд Дианæ æд сывæллон. Цыдæр диссæгтæ сын балхæдта. Канд дзидза нæ, фæлæ уыцы асыччы къалбас дæр ис, цыхт...

«Сындæг, сабыр-сабыр», — афтæ дзургæ арæхстгай зæххы æрæвæрдтой егъау асыкк.

— Цы бирæ хæринæгтæ балхæдтай, — хæлдзæгæй сдзырдта Дианæ.

— Æдылы къоппа! — фæтъæлланг ласта Фидар æмæ асыччы сæр тюлены базыртау фегом кодта фæйнæрдæм. — Телевизор дын балхæдтон... Фæлæ дæу дæ гуыбынæй æндæр ницы мæт и! Къодæхтæй дын дзы ныййарт чындæуа!..

Шофыр исдуг джихæй кæсгæ аззад, стæй уыцы иу гæппæн йæ машинæйы раз февзæрд æмæ йæ кабинæйы абадт. Уыцы-иу схуыст фæкодта, йæ цæлхытæ фæндаджы рыг скалдтой æмæ афардæг...

Фидар та йæ фæстæ, йæ къухтæ фæйнæрдæм æппæрстæй, стыр дисæй кæсгæ баззад...

Дианæ та ницыуал айхъусгæйæ банкъардта ахаудзæн уый, æрбадт йæ мидбынат æд саби...

Доныскъæфæнты иу бон Дианæ бадти хæрзæфснайд агъуысты стъолы раз. Лазæр фынæй кодта. Пецы сæр тæбæгъы, егъау къусæй æмбæрзт, афтæмæй æртæ картофджыны æнхъæлмæ кастысты хæдзары хицаумæ.

Дианæ фыст фæци радзырд «Зæрдæйы хъынцъым». Æвæрдта бындур иннæ радзырд «Быран»-æн, афтæмæй фехъуыст Фидары къæхты хъæр.

Фыццаг рæстæг ын нæма уæндыд зæгъын, фæлæ йæ уæддæр базыдта, сусæгæй ракъахта чумæдан, йæ армы бафтыд, скъæты самандурты бын цы тетрад уыдис, уый ссарын дæр. Иу бон ма йæ кæсыныл дæр схæцыд, фæлæ йæ бæстон бакæсынмæ, иуæй, йæ сæрмæ нæ хаста, иннæмæй та фыстмæ былысчъилæй каст.

Уæдæй фæстæмæ тынгдæр æфхæрдта Дианæйы. Ноджы йæм ахæм цæстæй касти, раст цыма йæ усæн тынг æвзæр хъуыддаг базыдта, афтæ. Фæлæ йын æй уалынмæ йæхæдæг куы бакой кодта, уæд фырмарг æмæ æнæуынондзинадæй нал зыдта йæхи ма цы фæкодтаид, уый, æмæ йыл комивазын бахæцыд...

Алыбон дæр архайдта фæгуырысхо уæвыныл: фыста абон æви нæ? Диссаг уый у, æмæ кæд фыссы? Дзерассæ сын ныууагъта хъугаг рæуæд, уый æнæкойгонд нæ вæййы, уæдæ саби дæр афтæ. Кæрты бæндæныл æдзух дзаумæттæ тыд, хæринаг конд. Уæддæр фыссы цыдæртæ...

Бацыди Фидар, Дианæ фестад, тетрад иуварс авæрдта æмæ чъиритæм фæраст.

— Мæн ницы хъæуы. Нæ ахуыргæнджытæй иуыл цыппор азы сæххæст æмæ нын фынгæвæрд уыд.

— Æз та дæумæ æнхъæлмæ кастæн æмæ...

— Омæ дын афтæ нæ фæзæгъын, мæнмæ-иу ма ’нхъæлмæ кæс, — загъта Фидар æмæ æд костюм йæхи хуыссæнтыл бауагъта.

Дианæ бамбæрста, абон дзæбæх зæрдæйы уагыл ис, уый, æмæ дын йæ цуры куы абадид тетрадимæ. Фидар фыст куыд уыдтаид, ахæм уавæры.

— Фиу, бакæсæм-ма радзырд. Ды ахуыргонд дæ æмæ мын мæ рæдыдтытæ бацамон, ногæй йæ рафысдзынæн æмæ йæ арвитдзынæн почтæйæ уæлæ фысджытæм...

Нæ йын бакаст йæ цæсгоммæ, уымæн æмæ йæ нывæрзæнмæ бадти.

Кæсы Дианæ... Нæ уыны Фидар йæ былтæ куыд сзылынтæ кæны фырмæстæй, уæд уазал мидбылхудт ахъазы йæ былтыл, уæд марджы сзилынц цæстытæ, æнæуынон æрттывд фæкæнгæйæ...

Уалынмæ пуртиау фæхаудта Фидар. Абадт йæ хуыссæны. Уыцы иу уысм Дианæйы фæкаст æмæ Фидары фæлæбурд театрадмæ фæиу сты. Тетрад æнцъылдтæй атахт агъуысты æмæ йæ тъупп фæцыд пецы раз къуымы сугтыл.

Дианæ фæкаст куы Фидармæ, куы тетрадмæ.

Фестад, пецы размæ бацыд æмæ йæ зонгуытыл æрбадт, тетрад систа йæ цæсгоммæ, цыма дзы хатыр куырдта, стæй йæ нылхъывта йæ риумæ æмæ ставд цæссыг згъордта йæ рустыл. Фидар та фырмæстæй хъæргæнгæ рауай-бауай кæны агъуысты къуымты.

— Фысгæ мын кæны уый! Мæлæты бæдæйнаг! Дæу хуызæн фанатиктæ бирæ ис. Æдылы...

— Æдылы?... Фана-атиктæ?! — йæхицæн дзурæгау дзуры Дианæ.

— О! Фанатиктæ! — фæцъортт ын кодта тетрад йæ къухтæй. Дианæ йæ ауыдта йæ лæджы къухы уæлиау, суанг электрон цырагъы æмвæз... Уыцы мæсты æмæ тыхджынæй та зæххыл ныццавта тетрад, уый зæххæй фесхъиудта æмæ сынтæджы бын скуыси, раст цыма йæхи амбæхста, афтæ. Дианæ йæм бабырыд йæ фазыл. Райста тетрад сынтæджы бынæй.

— Фысгæ кæны! Ничи йæм кæсы?! — хъæр кæны Фидар. — Ныууадз дын зæгъын, уыцы ницæйаг фыссын!..

Ницы дзуры Дианæ. Йæ къухтæй лæгъз кæны, чи ныффæсал, уыцы тетрад.

— Зон! Зон! — тилы, амоны Фидар йæ рахиз къухæй. — Зон, зæххæй дын цы сæр сзына, уый дын æз цæвæгæй кæрдæг къуырæгау акъуырдзынæн!

Нæ, Дианæ нæ бауадздзæн йæ сæр къуырын. Уæлдайдæр та йын «зæххæй уæлæмæ чи сзына, уыцы сæр». Бавдæлд æмæ мæйы бонмæ уæлæ горæты йæ сабийæн æхсæвиуат сывæллæтты рæвдауæндоны сбынат кодта, йæхæдæг ныллæууыд дзулфыцæн заводы. Фæлæ та йæ заводдавджытæ сагойы фындзыл систой.

Фидар, фыццаджыдæр, уыди разы Дианæйы хъуыддагæй, уымæн æмæ йæм иуæй æртхъирæн кодта, ома æнæбакæнæг æмæ æнæфæхæцæг у, зæгъгæ, æмæ йæ фæстæмæ уымæ хъæуы. Æмæ уæд?! Уæдмæ та Фидар Земæимæ йæ рæстæг æрвитдзæн.

Фыццаг дзæбæх зонгæ уыдысты, стæй уæд иу æхсæв, хъæуы ног клубы фæскомцæдисон æмбырд куы уыди, уæд уырдыгæй Земæ афардæг Фидаримæ, Астанты хæдзармæ æмæ, дæ хъуыддаг раст, бацардысты.

Мыдамæст мæй кæй хонынц, чындзæхсæвы фæстæ уыцы мæй дæр æххæст нæ баурæдта йæ хæс, афтæ Фидар бамбæрста тынг зын ын уыди йемæ цæрын. Йæхи ус Дианæ хуыздæр кæй у. Цæуын æм хъæуы. Фæлæ цы ’фсонæй? Арвы айдæнау ын Земæ йæ алы къахдзæф, йæ алы фæзылдмæ дæр кæсгæ куы кæны. Æмæ цалынмæ Дианæмæ куыд æмæ цы хуызы схæццæ уа, ууыл бæстон хъуыдытæ кодта, уæдмæ Земæ банхъæлцау и...

V СÆР

Дианæ та дзулфыцæн заводы тъыфылы бахауд. Зузу йæм тарæрфыгæй куы ныккаст, уæд йæхинымæр загъта: «Ацы хатт уын афтæмæй нал рауайдзæн». Фæлæ фæрæдыд. Зузу æмæ йæ хъузонтæ тыхджындæр уыдысты. Дианæ та куырдта йæхи дæсныйад хицауадæй технолоджы куыст, фæлæ йæм хъусгæ дæр нæ кодтой. «Кæд дæ сухаритæ æмæ нæ бæзгæ дзулы змæст æнтыды магъыли кæнын нæ фæнды, уæд ныллæуу бригадирæй», — загъта Зузу Дианæйæн. Ныллæууыд бригадирæй. Хуыцау æмæ йæ уд зонынц, уымæн цытæ кодтой! Сменæ цы бригадирæй иста, уый-иу æнтуантæ æмæ хыссæты къаддæр ссад æвæрдта, уæдæ пъадвалы ссады къæбицæй ссад цехмæ цы вазыгджын агрегатыл цæуы, уырдæм дæр дзæвгар къаддæр лæвæрд цыд ссад, уый Дианæ æмбæрста. Агрегатмæ мыст куы нæ быры, уæдæ ахæм прибортæ дæр нæй æмæ агрегатæн йæ кæцы хайы къуымты цас ссад ис, уый чи æвдыстаид. Цас ссад ис æппæт агрегаты, уый бæрæг у, ссад æвгæнæн егъау асыччы куыд æмбæлы, афтæ ссад æвгæд куы цæуа, уæд. Уæдæ хыссæтæ дæр цас ссадæй конд цæуынц, уый бæрæг у, фæлæ ам дæр æвгæдтой къаддæр. Бригадир куыд æмбæлы, афтæ лæвæрдта сменæ...Уымæ гæсгæ йæм ссад хъуаг уыди. Хъуаг ссад-иу æхцайæ Дианæйы «фæсонтыл» сырх кърандасæй æрмыхуыр кодта цехы сæргълæууæг Бидих...

— Сымах машинæтæй давут, — карзæй сæм æмбырды балæвæрдта Байсогъуырон, — давут ссад, дзул, сæкæр, нæлхæ, айк, адджын хълапи...

Зузу фæтъæлланг кодта, йæ монгойлаг цæсгомыл йæ къарейаг цæстытæ цæстфæлдахæджы æрттывд фæкæнгæйæ:

— Дæу тæрхондонмæ бадæттын хъæуы, уыйас ссад цы фæкодтай?

Дианæ бахудти:

— Тæрхондонмæ? Сымах уе ’ппæт дæр тæрхондон нæ, фæлæ хуымæтæг милицæйы кусæджы фендæй дæр уырытау уæхи æмбæхсут.

Хъыгдары. Хъыгдары Фыдыбæстæйы сæрвæлтау чи фæмард, уый чызг, хæсты чи нæ уыд, уыдоны цоты — Зузу æмæ Арсены хуызæтты. Ссад хъуаджы фæдыл æй бафхæрынмæ сæ ныфс нæ бахастой. Се ’ппæты балхæнын сæ бон, нæ бауыдзæн, æхцайыл нæ тыхсынц, фæлæ тæрхоны лæгтæм дæр ис Дианæйы хуызæттæ. Архайдтой дуары æдде йæ фæкæныныл. Иу амал ын ссардтой. Адджын гуылты цехы бригадиримæ баныхас кодтой æмæ иу æхсæв «фæрынчын», йæ бæсты бакусын кодтой Дианæйы. Райсомæй сæударты Зузу фæзынд æмæ загъта:

— Адджын гуылтæ кæнынц фæтæгены ад.

— Уæдæ... — загъта Дианæ зыбыты иунæг дзырд æмæ æнæуæлдай тыхстæй экспедицимæ бацыд. Уым хъаугъа, хъæлæба систой Арсен, Зузу...

— Ахæстонмæ! — хъæр систа Зузу, — æнæсудæй. — Дæс тоннæйы гуылтæ фесæфта.

Дианæ сæм дзуры сабыр ныхасæй, æмæ йæм куы нæ хъуыстой, уæд хъæрæй загъта:

— Сабыр ут! — амоны хæрзад тæф цы гуылтæй цæуы, уыцы вагæттæм. — Ахæм гуылтæ абоны онг нæ адæм сæ дзыхмæ нæма схастой. Ам ис, паддзахад йæ сабитæн, йæ адæмæн цы къæбæр хæрын кæны, уый...

Нæ йæ уадзынц, фæлæ сæм нæ хъусы...

— Паддзахад, иу сæдæ килойы ссадæй ахæм гуылтæ куы кæнат, уæд уымæн уадзы 5 килойы нæлхæ, 5 килойы сæкæр, 50 айчы... Уыдон ам сты. Фæтæген нæ фæлæ, — ныфсхаст нысаны уагæй загъта Дианæ.

Мæсты йæм уыдысты дзулласæг шофыртæ дæр, экспедитортæ дæр...

— Милицæ! — хъæр кæны Зузу.

— Милицæ! — ноджы тынгдæр ныхъхъæр кодта Дианæ. Фæлæ милицæйы бæсты æрбалæууыд Цæгат Ирыстоны хойрæгты хæрзхъæд бæрæггæнæджы къамисы сæргълæууæг Цилин. Æмæ ныффидар кодтой акт... «Адджын гуылтæ кæнынц фæтæгены ад».

Дианæ Цилинæн дзырдта:

— Фæтæген нæ, фæлæ закъонæй куыд æмбæлы, афтæ конд сты, дзыхы дон кæнынц!..

Æртхъирæнæй, зыстæй, тыххæй æвæрын кодтой «сæфт къæбæрыл» йæ къух, фæлæ Дианæ не сразы æмæ йыл сарæзтой æндæр гæххæтт: дæс тонны гуылтæ, иу гуылы уæз 100 гр., гуылы аргъ 9 капеччы... афтæмæй йыл æрнымадтой...

Цæвиттон, Фидары алименттæ, кæцыты нæма федта, нæ йæ хæдзар, фæлæ æппæт мыггаджы хæдзæрттæ дæр уæйгæнгæ рауайдзысты. Уыцы хъуыдыйæ фæуыргъуыйау. Йæ цæстытæ фæирд сты...

Фæлæ!.. Гуылты вагæтты чырæ, сухариты цехмæ йæ ных куы сарæзта, уæд сæм атомар кодта, раст ныййарæг йæ мард хъæбулы фæстæ куыд атомар кæны, афтæ, фæлæ йæ ноджы тыхджындæр алхъывтой Зузу æмæ Арсены æлгъаг къухтæ æмæ уæд ныккуыдта хъæрæй...

Фидын ын нæ бакæнын кодтой гуылты аргъ, фæлæ йын æй æдзух йæ цæстмæ дардтой. Акæса-ма, уыдон куыд хорз адæм сты, уымæй. Æндæр афонмæ арвы кæрæтты лидзид дзулфыцæн заводæй. Бæргæ ацæуид. Фæстæмæ хъæумæ стыр разæнгардæй ацæуид, колхозы куыстæй æппындæр нæ тæрсы. Зæхх! Табу дын фæуæд, зæхх бакус æмæ дын æй авды бæркадæй ратдзæн. Фæлæ кæм цæрдзæн? Фидары гуымиры митæ быхсынæн дæр йæ ныфс куы нал хæссы...

Æма та бавдæлдысты заводы давджытæ æмæ Дианæйы хыссæйы ныккалдтой агуыридуры цъæлтæ... Дианæ æнхъæл уыди, фæтæгены хъуыддагау, дурты хъуыддаг дæр бамыр кæндзысты. Фæлæ дын иу бон йæ сæрæн ницы зонгæйæ райста милицæйæ сидтон. Паддзахады раз кæм фæзылын, ууыл дисгæнгæйæ хъавыд раздæр сæм бацæуа, фæлæ йæ хуырым куы схоной, уымæй тæсгæйæ зæрдæскъæфтæй æнхъæлмæ каст йæ бæрæггонд бонмæ.

Йæ сидты гæххæтт йæ къухы, афтæмæй фæхæрд кодта фæтæн асинтыл хæрдмæ, хæдзармæ. Фыццаг йæ къахы ист хъæлдзæг уыди, чи йæ федтаид, уый йæ уым службæгæнæг фæхуыдтаид. Фæлæ иу уæладзыг иннæйы фæдыл дæлейы куы аззадысты, уæд дзы тас бацыд. Бæстыхайы сабырдзинад ын йæ уæнгты тасдзинад æфтауы. Йæ цармæй йæ фыды æхсæн тæфсæгау ризы. Исдуг æм афтæ дæр фæкаст, цыма дзы нал рацæудзæн. Алидзыны фæнд æм фæзынд. Æмæ дын асинтыл куы фæдæлæмæ уаид. Ныртæккæ тыргътæм ныххæццæ уыдзæн æмæ федде уыдзæн. Фæлæ йæ нæлгоймаджы бæрнон хъæлæс сахлæуд фæкæнын кодта. Оххай, уайтæккæ дæр карз ?ылд фæкодта æмæ згъоры асинтыл хæрдмæ...

Чи йæ раздæхта, уыцы милиционер ын ныффыста егъау чиныджы йæ ном, йæ мыггаг... Уыцы ницæйаг миты фæстæ йын ацамыдта дуармæ. Дианæ дуар бахоста хæрз сындæг. Мидæмæ йын загъдæуыд æмæ бацыди.

Кабинеты астæу лæууыд бæзæрхыгтæ, асæй рæстæмбисæй бæрзонддæр нæлгоймаг, милицæйы капитаны цины. Йæ рахиз къухæй ацамыдта рахизырдæм — иннæ кабинетмæ. Федта гом дуары мидæгæй дуары бакомкоммæ стъол...

— Саккаг кæн, — сдзырдта капитан мидæггаг агъуыстмæ амонгæйæ.

Не змæлы Дианæ. Цæмæн æй хоны уырдæм? Дыууæ æддæг-мидæг кабинеты ничи уыди æмæ дзы уый тасдзинад уагъта. Кабинеты дуары бакомкоммæ уыди рудзынг, йæ размæ стъол. Стъолæй рудзынджы æхсæн къæлæтджын бандон. Бандонæн йæ галиу фарс æфсæн скъапп. Стъолыл мыхуыргæнæн машинкæ. «Тæхуды æмæ уыцы машинкæйæ дæ къухфыстытæ ныммыхуыр кæн!» — ахъуыды кодта Дианæ...

— Кæмæ дзырдæуы, — фесхъиудта капитаны бæрнон ныхасмæ, — бахиз мидæмæ.

«Мидæмæ, иннæ уатмæ?» — ницы хуызы бацæудзæн, маргæ йæ куы акæна, уæддæр. Дыууæ дуары æхсæн къуымы уыдис карст-барстæй бандоны бынат. Æмæ уым цы бандон уыди, ууыл сбадти ахæм хуызы, цыма зæхх куы фæфæлдæха, уæддæр дзы нæ фезмæлдзæн.

Милиционер ын йæ бæстон бадтыл зына-нæзына йæ мидбылты бахудт. Ахъуыды кодта йæхинымæр: «Хетæг хъæдмæ нæ, фæлæ хъæд Хетæгмæ».

Дианæ та мыхуыргæнæн машинкæмæ ныджджих, нæ бафиппайдта, машинкæйы фæстæ стъолы фарсмæ слестгæнæг куыд æрбадт, уый.

Райдыдта слест. Фарстатæ дæтты, фарст расайы сæры тылдæй «нæ», зæгъгæ, дзуапп. Сылгоймаджы стырзæрдæ дзуаппытæ капитаны йæ бæстон куысты уавæрæй фæиппæрд кæнынц, дæлвæндагмæ рахауæгау. Хæстæг æм куы бадид, уæд кæд хъуыддаг фæрæстмæ уаид, зæгъгæ, йæ бадын кодта йæ размæ стъолы галиу фарсмæ ацамонгæйæ, фæлæ Дианæ сбадти йæ рахиз фарс, къулрæбын. Цæмæн æм сбада хæстæг, дæ хорзæхæй?

Йæ размæ куыд æрбадт, ууыл дæр та слестгæнæг йæ рихийы бын бахудт. Цы ми кæны? Кусгæ нæ кæны абон æви?! Хъæддых дæр æм фæлæууын хъæуы. Ау, афтæ бынтон æнаххосæй йыл гуырысхо чындæуы?!

Дианæ дæр дард уыди, кабинеты цы хъуыддаг цыд, уымæй. Йæ цæстæнгас æриста стъолы бынмæ æмæ йын федта йæ къæхтыл йæ туфлитæ. Сатæгсау хæрзхъæд æрттывдтытæ калгæ туфлитæ. Туфлиты кæмттæ лыстæг сау цыллæ синагæй æлвæст сты кæрæдзимæ, афтæ... зæгъæм туфлийы мидæг æвзаг куы нæ уаид, уæд йæ бæрзондæвæрд, уæлфад къæхтыл синаджы рæгъытæ зыниккой чындзы разкъæртт къабайы риуы æгънæджытау, фæныкхуыз цъындайыл.

Слестгæнæг æм кæсы дисæй. Уадзыг баци æви? Цы хабар у? Раст цыма милицæйы хайады нæ бады, фæлæ йæ мадмæ, уæливыхты тæбæгъы раз. Нæ, карз æм фæлæууын хъæуы. Уыди ахæм хъуыддаг дæр æмæ иу хатт слест кодта тынг тæссаг фыдгæнæджы æмæ йын сисын кодта йæ къухты хъадамантæ. Йæ ныфс хæссы цыфæнды суйтæ хъуыддаг райхалынмæ дæр, фæлæ йæ разы цы сылгоймаг бады мæнæ ныр, уыимæ исты бакæна, уый дызæрдыггаг фæци. Цы кæсы, дæ хорзæхæй, йæ къæхтæм, цы дзы ныууагъта? Рамæсты æмæ фестад.

— Æз дæумæ дзурын, Байсогъуырон!

Капитан ныр фæхъуыды кодта, уæдæй нырмæ йæм йæ мыггагæй кæй нæма сдзырдта, уый. Дианæ йæ мыггаг фехъусгæйæ, мæнтæджы сыф рог уддзæфмæ базмæлæгау, сындæг фестъæлфыд. Уый рацахста капитан æмæ йæ цæст йæхимæ æрныкъулгæйæ, йæ ныхасы уаг куыд æмбæлы, уымæй дзæвгар бæрзонддæр систа. Басæттæд, агуыридурты цъæлтæ хыссæйы кæй ныккалдта, ууыл, æмæ йын фатер дæр ратдзысты, зыпп, зæгъгæ. Уæдæ заводы дæр кусдзæн йæхи дæсныйады бынаты, технологæй, афтæ йын дзырдта.

Ницы дзуры аххосджын.

— Байсогъуырон! — фæхъæр кодта капитан. — Стыр дисы мæ æфтауы, дæхи куыд дарыс, уый! Ау, милицæйы агъуысты куы бадыс? Æз дæумæ дзурын! — кæд æм зыстæй дрырдта, уæддæр, арвы хъугау бæрæг уыди йæ рæстдзинад. Фæлæ кусын хъæуы, фарста та радта дыккаг хатт.

— Зæгъын, æппын ницæмæй тæрсыс? Æмбарыс, дæу аххосджын кæнынц, хойраджы куыстуаты фыдракæнддзинад кæй бакодтай, уый тыххæй. Сæрмагонд статья дын амоны советон закъон, гукк! Иу, зыбыты иунæг дзырд скæн, кæд гоби нæ дæ? — йæ ныхы сурхид акалд æмæ йæ рахиз амонæн æнгуылдз йæ рæсугъд фындзы бын хырхæй фадæгау кæны, йæ галиу къухæй йæ ныхы хид асæрфта, стæй къух ахаста цыбырæлвыд къæбæлдзыг сæрыл. — Иу ныхас скæн! Дзур цыфæнды дæр, дзур! Æви дзурын нæ зоныс?!

— Цæуылнæ!.. Зонын дзурын, — ныфсджынæй сдзырдта Дианæ.

Слестгæнæджы цæсгомыл райгонд уддзæф ахаста йæ зæлдаг къухмæрзæн.

Дианæ йæм зулмæ бакаст:

— Æмæ ма... куыд зонын дзурын, уый куы зонис! Фыццаджыдæр, мæнмæ ахæм ныхасы уагæй ма дзур, дæ разы фыдгæнæг нæй. Дыккагæй та æгæр зонын дзурын æмæ, дæ тæригъæд дæхи.

Слестгæнæгæн æхцон уыди, кæй сдзырдта, уый. Иннæмæй та йын фæхъыг, акæса-ма, куыд ныфсхаст дзырды уагыл хæст у. Ничи йæм кæсы?! Æмæ йæм бакаст.

Дианæ йын рацахста йæ цæстæнгас.

— Æмбал мидхъуыддæгты хайады капитан... мæнæн хъыг у, стыр лæгтæ, мæнæ дæу хуызæттæ, кæлмхæрд адæймæгты хахуыр ныхæстыл кæй æууæндынц. Уыдон галиу зондæй мæн æфхæрут. Фæлтау бавдæлут æмæ равзарут, чысыл мызд исгæйæ саукалмонхуызтæ... сызгъæрины цæмæн цъæпп-цъæпп кæнынц? Æви мæнæй фылдæр кусынц? Æппындæр нæ!..

— Ныууадз! Хæлæг кæныс!.. — барæй йыл фæзыст кодта слестгæнæг.

— Хæлæг?! — йæ сæр батылдта Дианæ æмæ йæ мидбылты бахудт. — Æдзæстуарзондзинадæй цух кæй дæн, хъизæмар дæр уымæн кæнын...

Капитаны зæрдæ фæтæнæг. Сæ фембæлды фыццаг уысмы дæр куы банкъардта, йæ разы сыгъдæг уд кæй бадти, уый, уæд ма йæ цы тухæнæй мары. Фæлæ куыст, куыст у. Фестад. Абадт. Тызмæгæй стъолыл гæххæттытæ азмæста.

— Уæдæ зæгъыс, ды нæ ныккалдтай агуыридуры цъæлтæ хыссæты?

— Нæ!

— Басæтт! Æмæ дын фатер дæр ратдзысты, кусгæ дæр кæндзынæ технологæй. Кæд Зузуйы фыдæнæн афтæ бакодтай?..

Слестгæнæг æнхъæл уыди, ныртæккæ йæхи раст кæндзæн, æрдиаг самайдзæн. Ахæм хъуыддæгты сылгоймæгтæ куыдтæ фæкæнынц, афтæ.

Ныууынæргъыд Дианæ. Тæрккъæвдайы агъоммæ арв куыд ныннæры, афтæ йæм фæкаст йæ улæфт. Æмæ йын йæ кæуын йæ былалгъыл æнхъæл куы уыди, уæд «аххосджын» йæ ныхас бынтон æндæр донвæндагыл ауагъта, фæлтæрдджын æфсадфæтæг йе знагыл чъылдымырдыгæй куыд ныббырса, афтæ. Фырдисæй слестгæнæг æнæрхъуыдыйæ хъуызæгау йæхиуыл схæцыд, денджызы бынæй дæлдон нау сбырæгау, фæлæ уайтагъд абадт фæстæмæ.

Дианæ йæм йæ сæр галиуырдæм раздæхта æмæ райдыдта дзурын:

— Æмбал капитан, зарæг «Фæнды уырыссаггæгты хæцын», уым ахæм зæрдæриссæн дзырдтæ ис: «... Бафæрсут-ма бæрз бæласы бын чи бадæлгом?..» Бауырнæд дæ, зарæг чи ныффыста, ууыл хæсты фæстæ цард йæ сындзкъух куы æруагътаид, уæд дзы нæ ферох уыдаид зарæгмæ бафтауын: бафæрсут-ма уыцы хæстонты, уæззау цæфтæй цæугæдæтты уылæнтæ сæ хъæлæсы кæй айстой; бафæрсут-ма уыцы хæстонты, Белорусси, Ленинграды облæсты... уæлдайдæр та зындгонд Синявины... цъымаратæ æмæ цæтты, удæгасæй чи аныгъуылди, чи танкæйы, чи æд хæцæнгарз... Бафæрсут-ма уыцы хæстонты, Кавказы хæхты чи фæмард, йæ туджы мæцгæ та чи ныссалд... Уæдæ зымæгон не ’фсæдтæ тæгæр их цæугæдæттæн сæ иннæ былгæрæттæм куы форсировкæ кодтой, уæд-иу немыцы сармадзанты снарядтæ ихы уæлцъар атайын кæнгæйæ ацарæзтой егъау айгæрст. Уыцы айгæрстыты чи аныгъуылд æд хæцæнгæрзтæ æмæ æд ивтондзæг асыччытимæ, уыцы; хæстонты дæр ма афæрсæд зарæджы автор. Бæллæх та ма уый мидæг ис, æмæ цы хæстон-лæппуты кой скодтам, уыдон нымад сты æнæбæрæгæй сæфтыл. Ноджы дзы нæ ферох уыдаид: бафæрсут-ма, Фыдыбæстæйы сидзæрты, Сау денджызæй Мурмæнскмæ, Брестæй Сталинградмæ, Ленинградæй Кавказы хæхтæм, йæ фыд тохы быдыры цы зæххы гæбазы æрхауд, уый чи агуры ацал-ауал азы... Йæ фыд хæстæй кæмæн аирвæзт, уыдон та сæ фырхъал æмæ æнæмæтæй абон дæр ма хъуыр-хъуыр кæнынц, скъоламæ капеччытæ кæй фыстой, ууыл. Уæд мах та?!

Слестгæнæджы егъау цæстытæ атымбыл сты... Йæ былтæ фенцъылдта. Бирæ дзуринæгтæ йæм ис, уый бæрæг у. Дзурæд, хъусдзæн æм.

— Чи кæны мах мæт? Кæд базондзæн нæ бæстæ йæ хæсты сидзæрты цард?! — йæ галиу тымбыл къухæй æртъæпп кодта стъолы кæрон...

Цæуæд слест æндæр уавæрты, кæддæра капитан йæ сæрмæ æрхæссид йе стъолмæ дæрзæг æвнæлд бауадзын. Фæлæ абон хъуыддаг цæуылдæр дзурæг кæй у, уый æнкъары. Йæ службæйы куыд нæ фæхæрхæмбæлд ахъаззаг фыдгæнджытыл, сгуыхт къæрныхтыл, æддейæ бакæсгæйæ ахуыргæндтæ, афтæмæй та галиутæ, фыдзондтæ. Мæнæ ныр йæ размæ чи бады, уый дæр цыма гоби у, фæлæ ма йæм хъусгæ бакæнут.

— Чи бамбардзæн?! Нæ сæфт фыдæлтæ сæ домбай бæрзæйыл цы царды æфсондз хастой. Мах, сæ сидзæртæ, уыцы æфсондзы бын куыд дыдæгътæ кодтам æмæ кæнæм бæгънæг æмæ æххормагæй?!

Слестгæнæг банкъардта, цы зæгъинаг ма у, ууыл дывæнд кæй кæны, æмæ йæм йæ сæр батылдта, ома дæумæ хъусын, зæгъгæ. Æмæ та райдыдта:

— Сыбыры бинаг къæйтты амæттаг куы фæуон, уæддæр мæ зæрдæйы рыст зæгъдзынæн. Мах схъомыл стæм æмæ цæрæм хæстæй чи сыздæхт, уыдоны сывæллæттæм къулбæрзæйæ кæсгæйæ. Сæ сойы тæфмæ нæ сæртæ зилгæйæ, сæ уæлæдарæсмæ нæ цæсты фиутæ тайгæйæ. Æниу нын цæй цæсты фиу уыди æмæ ис? Пысырайы æууæрцъ æмæ цъæх, цæхæрайы фыхæй цæсты фиу æмæ зæнджы магъз æвæрæн нæй! Уыдонæн, акæса-ма, адæймаджы хъæздыг æвзаджы сын ном дæр нæй, ома мад æмæ фыдджынтæн. Къостайы загъдау, сæ сихор, се ’хсæвæр сæ мæт нæ уыд. Æмæ хъомыл кодтой æнæ зынæй. Уымæ гæсгæ сæ æнæниздзинад дæр у хуыздæр. Мах, сидзæртæ, уæлмит, уæл их цы нартхор тыдтам, уыцы кæритæй-иу сæм зымæгон æхсæв къæскъæсгæнгæ нартхоры уæрдон уæззау батылд, мах æмæ нæ мадæлтæ та-иу бон-изæрмæ нæ рæтты цы их нартхор фæрæвдыдтам, уыдон-иу нын быдыргæстæ æмæ дружинниктæ ракалдтой. Уыдон — фыдджынтæ, æндæр ном ссарын сын мæ бон нæу, искуы федтой ронæй калд нартхоры нæмгуытæй мит куыд тайы, уый? Мæн уырны нæ фæрнджын æрдз ратдзæн адæймаг, сидзæртæм йæ хъус чи æрдара. Нæ зонын, чи дæ ды, æмбал капитан, фæлæ мæнæн хъыг у, цæмæн мæ бахъыгдардтат Зузуйы тыххæй? Чи у? Йæ фыды домбай къухтæ æмæ йæ мады хъарм къухты æндæвдадæй чи схъомыл, ахæм лыскъуд æмæ давæг! Давæг, æндæр ничи!..

Слестгæнæг æрбатыхст. Йæ тæрттæ феуæгъд кодта. Йæ рахиз къух аивæзта, къулыл цы урс бос дзеудзæлæй кодта, уый сагойхуыз бакодта рудзынджы тарвазы рæбын электрон розеткæйы. Уайтæккæ фехъуыст рудзынджы сæр цы сау чумæданхуыз уыди, уый хæрзсындæг ш-ш-ш...

Дианæйы хъус æй куы рацахста, уæд дзы фыццаг фæтарст. Стæй йæ зæрдыл æрлæууыд техникумы электротехникæйы урокты ахуыр кодтой: «Уæлдæф сатæггæнæн»...

Слестгæнæг удæнцой улæфт скодта сыгъдæг уæлдæф. Æмæ кæд Дианæйæн дæр æхсызгон уыди, агъуысты цы сатæг дымгæ зилахар систа, уый улæфын, раст сæрдыгон тæвд бон нартхор рувгæйæ хæхтæй рог уддзæф дымгæ радымæгау, уæддæр йæ маст ноджы тынгдæр рафыхт. Ацамыдта рудзынджы сæрмæ æмæ бафарста:

— Уынут, цытæ уын ис?..

Слестгæнæг фæмыр кодта кондиционер.

— Гъе афтæ, нæ бæстæ цы хорздзинæдтæ уадзы, уыдон дæр уыдонæн, дарæсæй, хойрагæй... Мах та? Цас хъару ис идæдз сылгоймаг æмæ сабийы къухты? Ноджы махæн нæ къæхтæ æдзухдæр уыдысты хуылыдз, ницæйаг къахыдарæсы... Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау немыцимæ хæсты 1941—1945 азты йæ æрыгон уд чи радта, уыдон сæ цотæн, сæ ныййарджытæн ныууагътой царды фæрæзæн, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр тамако дымæг лæг йæ махоркæ цæм атуха, æрмæстдæр уыйас гæххæтты гæбаз... Гæххæтты гæбаз! Райгуырæн социалистон бæстæйы сæраппонд кæй фæмард, уый уацæрвыст!..

Ноджы ма мах, сидзæртæ, æмыр стæм фæрнджын æмæ амондджын дзырд «папæ» зæгъынæй...

Слестгæнæг стъолмæ йæ тыхт цæнгтыл йæ сæр æваст æрæппæрста æмæ ныккуыдта.

Дианæ фæтыхст. Уый та куыд?! Йæ армы фыртыхстæй ницыуал æфтыд. Хъæуы йæ басабыр кæнын, исты йæм сдзурын... фестад.

Хæстæг æм бацыд. Кæсы сæрмæ, ауыдта слестгæнæджы рахиз хъусы бын гуырцæй рахæсгæ дыууæ сау стъæлфы. Йæ зæрдæ ныццæлхъ ласта... Стъæлфытæ йын йæ зæрдыл æрбалæууын кодтой...

Ирыстоны гуыппырсар фæсивæд. Ленинграды академитæ æмæ университеты чи ахуыр кодта, уыдон-иу æрхуыдта йæ мады мады æфсымæр Хазбийы ус...

Иууылдæр тынг дзæбæх лæппутæ уыдысты, фæлæ се ’ппæтæй дзæбæхдæр уыди Артур кæй хуыдтой, уый. Йæ хъусы бын уыд дыууæ стъæлфы. Дианæ бамбæрста, Хазбийы ус æмæ йæ чызджы ахастытæй, зæрдиагæй кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы лæппу сæм кæй æрцæудзæн, уый. Артур йæ ном... Уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ-иу Дианæйы æрвыстой уæд дуканимæ, уæд кæдæм...

Сæ уыцы æнæфенд хъуыддаджы фæдыл мад æмæ чызгæн Хазбийы æрдхорды чызг Надя куыд бауайдзæф кодта, ныр уый йæ сæры февзæрд: «... уымæн æй рарвит-барвит фæкæнут, цæмæй йæ ма фена Артур. Уый, дам, æнкъары чи сты „фæныкгуызтæ“...», — ныггуыбыр кодта цетен сæрмæ æмæ сдзырдта хъуызгæ, ныллæг æмæ ныфсджын хъæлæсы уагæй:

— А-ар-тур, уый ды дæ?!

Слестгæнæг фæуыргъуыйау йæ ном аххосджынæй фехъусгæйæ...

Уыцы рæстæг дуар байгом æмæ кабинетмæ бацыд урссæр нæлгоймаг пъагæтты...

Слестгæнæг рæвдз фестад, алæууыд æмраст æмæ сдзырдта:

— Æмбал инæлар!..

— Ныууадз, — загъта инæлар, — ахон чызджы йæ хæдзармæ, кæд ын хæдзар ис, æмæ ацыд...

Фидар хъынцъым кæны йæ пысултæ æхсгæйæ. Афæстаг рæстæг горæтæй хъæуы астæу лекка кæны. Фæлæ уæддæр йæхи аххосджыны бынаты не ’вæры. Хиваст разындзæн Земæ, уый æнхъæл чи уыди. Æрмæст йе ’рхоныныл кæй фæтагъд кодта, ууыл æвæсмон нæу. Райгуырд сын чызг. Уый мад у? Хуыцаубонты сывæллонмæ йæ къух нæ кæны. «Фидар, сывæллон». «Сывæллонæн хæринаг». Найгæ иу изæр — мад, иннæ изæр — фыд. Фыццаг рæстæджы йын афтæ дзырдта: «Æз дæ айкæвдылдау дардзынæн». Фæлæ йæ ног усмæ куы ’ркаст, уæд йæ къусы бын ныккуыд та. Уый аххосæй та цыма сагъæссаг ничи у, афтæ йæм кæсы?

Иу хатт горæты проспекты дзæкъул-мæкъултимæ æрцæйцыдысты хъуымæцты дуканийæ. Рагæй агуры хъæдабæ къабайаг, сызгъæринтæ уæйгæнæн дуканимæ дæр йæ зæрдæ æхсайы. Дуармæ хæрхæмбæлд фесты иу хæрзконд нæлгоймагимæ. Ныццин сты кæрæдзийыл. Фидар ахæм митæ нæ бары, ноджы нæлгоймаджы цæстыты æрттывд цы амоны, уый йын æнæзонгæ нæу. Куы фæхицæн сты, уæд айтæ-уыйтæ нал фæкодта æмæ йæм дзы æрлæвæрдта. Земæ йæм хъуыста, стæй загъта:

— Байсогъуырон мæ æнхъæл дæ?!

Дианæйы кой йын фæхъыг. Йæ цæст ахаста йæ къухты цы тыхтæттæ уыдис, уыдоныл:

— Рауайынтæ ма дæ хъæуы уымæ. Сывæллон хаста æмæ цы ми гæнæг уыди, уый никуы федтон. Бинонтæн дæр лæггад кодта. Ды та дæ иунæгмæ базилын дæр нæ фæразыс.

— Æмæ сæ кæд федтаис, мæнимæ лекка кæнынæй дæ æвдæлд? Æвæццæгæн ма дисæй дæр мæлыс, сывæрджынæй мæ зæрдæ цы хойраг загътаид, уый-иу мын куыд алхæдтай? Уымæн та, мæгуыр, иу хатт адджын гуыл цыппар суари æмæ 2 капеккæй дæр куы нæ балхæдтай. Дæхæдæг мын æй дзырдтай.

Фидар бамбæрста хъаугъайæ уæлахизæй кæй нæ рацæудзæн, уый, æмæ йын тыхтæттæ йæ къухты фæсадзынмæ хъавыд хилдасæны раз, фæлæ ус сæрыстырæй бахызт йæ разæй.

— Ды та кæдæм цæуыс?! — фæзыст ыл кодта, — нæ уыныс нæлгоймæгты у, уый, — йæ маргæйдзаг цæстытæ туасау иннæрдæм ахызтысты сылгоймаджы буары. Рады бадæг кæройнаг нæлгоймаджы фарсмæ æрбадт Земæ. Йæ фарсмæ йæхи æруагъта йæ лæг дæр. Не ’рбадтаид, фæлæ дзы сисын хъуыд йæ маст. Цæмæн ныццин сты? Цæмæй йæ афхæра, уый тыххæй æрымысыди... Сæ сарайы уæллаг хайы сæхицæн хæдзар кæнынц, растдæр зæгъгæйæ, кæны Фидар. Æмбары, хæдзарæй йын пайда кæй нæй, лæппу дзы хъомыл кæны, йе ’мбис Дианæйы у, иннæ та — Фидары. Фæлæ тæрхондоны сын куы ратæрхон кæной сæ кадавар мулк, уæд дзы Дианæмæ æхцайæ чи хауы, уый йын цæмæй ратдзæн, ноджы алименттæ дæр бæстон нæ фиды, дыууæ азы ма куы рацæуа, уæд дæ гуырæй райгæ у, йæ хæдзары хай æхцайæ нымадæй уыдон фаг дæр нæу. Гъе стæй куыд цæрдзæн иу хæдзары? Æмæ кæны хæдзар. Æнхъæлдта æмæ йæ фарсмæ Дианæ хорз æфсымæрау куыд лæууыд, афтæ балæудзæн Земæ дæр, фæлæ...

Рад куыд бахæццæ, уый нæ бафиппайдтой æмæ сын æй иу лæг бакой кодта. Фидар фæгæпп ласта æмæ дын рæвдз иу хæрзхуызтæ æрыгон хилдасæг сылгоймагмæ абадт...

Земæ нæу æнæсагъæс йæ цардыл. Æфснайд æмæ сыгъдæгдзинадæй йе сæфт уыны Фидар. Сыгъдæг æмæ хорз дзаума дарын та уарзы куысты дæр æмæ хæдзары дæр. Фыццаг рæстæджы-иу афаудта Дианæйы, фæлæ куы æркаст йæ цардмæ, уæд йæхиуыл æрхудт. Куыддæр æгъдауæй фæкаст залмæ æмæ йæ маст рафыхт. Йæ лæг йæхи æруæззау кодта бандоны. Иучысыл ма, æмæ Фидар афынæй уыдзæн. Йæ тыхтæттæ йын йæ разы авæрдта, фæкæс сæм, зæгъгæ, сдзырдта йæ лæгмæ æмæ хъавыд фездæхынмæ, фæлæ лæугæйæ аззади. Йæ лæг ахæм тæхудиаг уавæры бадти æмæ йæ сæр нæ, фæлæ йæм йæ цæстытæ разылдысты, авджын чындзы цæстытау. Земæ йæ мидбыл бахудт æмæ феддæ. Фидар æнхъæл уыди, дуканимæ фæцæуы. Цæуæд!..

Цæуы рæстæг. Фидар кæд дзæбæх уавæры уыди, уæддæр каст дуары раз тыхтæттæм. Земæ йæхицæн балхæдта финляндиаг сау пъалто. Уый егъау тыхтон у. Иннæйы та сывæллонæн æмæ йæ мадæн. Стæй ма цыдæр сабиты батинкæтæ йе ’фсымæр æмæ йæ хойы сывæллæттæн. Къухты хæцъилæй дæр афтæ нæ загъта, уый та дæуæн. Ныуулæфыд. Кусын дæр нæ комы. Картоф губакгæнгæйæ йæ рæнхъы фарс кæронмæ ахæццæ кæндзæн æмæ слæудзæн, Фидар дæс азмæ дæр куы нæ схæццæ уа, уæддæр. Дианæ та куыд рæвдз уыди! Куыд куыстæнтыст уыди! Сывæллонджын уыдаид, нæ, райсомæй йæ фестыныл никуы фæзынд нæдæр йæ сабийы рынчын, нæдæр кæуаг саби. Земæ та...

Дæ фыдгул æмæ æхсæвы сывæллонмæ фестæд, уæд райсомæй хъуг дуцынмæ — Фидар. Æмæ уый тæссæй разы вæййы сывæллонмæ фестын. Фестынмæ куыд фæзивæг кæны, фæлæ хъуг дуцынмæ та ноджы тынгдæр. Æнхъæл уыди æмæ сывæллон куы фæзына, уæд хæдзары æфсины куыстытæм фæлæмбынæгдæр уыдзæн, фæлæ фæфыддæр. Йæ хъус дары дуары хъистмæ, фæлæ Земæ зынæг нæй. «Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, кæм уа?! Цæй, зындзæн, æвæццæгæн, йæ цæсгомы æфсæрм бацыди æмæ йын хæдон æлхæнынмæ ауад. Уæлæ сæрмагонд хæдæтты дуканийы цы дзæбæх мæскуыйаг хæдон федта, уый.

Кæннод ма йын цы бауæндыд? Цæхæрадонмæ йæ къух дæр нæ бакæндзæн, куы бакæна, уæддæр йæ иу æртыккаг хаймæ. Ома æртæ хайы йæ акæндзæн. Йæ чызджы хай дæр уымæн, Фидарæн кусгæ у. Цалынмæ йæ сæры цъуппыл нæма сбадти, уæдмæ йын йæ рохтæ æрбалвасын хъæуы. Ау, лæг нæу, æви?!

Æмæ уæддæр цæй æрæгмæ цæуы? Йе ’хсызгон бадт йæ зæрдæмæ нал цыди æмæ йæ мидбынат катай кæнын райдыдта. Æрдзæй хиуарзгæ, маргзæрдæ, æнахъинонтæ чи сты, уыцы адæмы мыггæгтæн хъылма у искæй барæвдауын, искæмæн хорздзинад фæуын. Хи уд фæхъуаг, фæриссыны фæлтау, фæриссын кæндзысты сæ хъæбулты дæр. Зулцæстæй бакæсы, чысыл сывæллæтты къахыдарæстæ цы тыхтоны сты, уымæ. Йæ тъæнгтæ рафыцынц йæ хуылфы, фаронæй нырмæ йын туфлитæ æлхæд нал уыди, уый та йæ хо æмæ æфсымæры сабитæн сæлхæдта. Æмæ уæддæр, цæй æрæгмæ цæуы?! Фестад, йæхи хæрзæхсад дæр нал акодта, хилдасæг ма йæм цыдæртæ дзырдта, æппæт залы хилдасджытæ æмæ кусджытæ дæр æм сæ сæртæ разылдтой. Тыхтæттæм фæлæбурдта æмæ дуарыл ныссуйтæ йæ фырмæстæй. Æмæ куыд нæ мæсты кæна, Хуыцауы хатырæй, кæм ис? Уæдæй нырмæ хилдасæны залы ацы тыхтæттæм чи нæ фæкаст, ахæм нæ баззад. Иу та ма уайдзæф дæр бакодта, зæгъгæ, дзаумæттæ æфснайæн камерæ у, æви? Фæлтау æй сызгъæрин хæдон дæр нæ хъуыди. Рабырста уынгмæ æд дзæкъул-мæкъултæ. Фæраст хæдæтты дуканийы ’рдæм æмæ дын сылгоймæгты хилдасæнмæ егъау рудзгуытæй куы фемдзаст уаид. Уæртæ æмбисонд! Йæ ус бады тæккæ рудзынджы раз сомихаг хæрзхуызтæ, дæлæмæдзыд нæлгоймаг хилдасæджы раз...

Уыцы хъаугъа аивгъуыдта, йæ къæхты бын æй ныккодта, уæдæ цы! Бирæ цыдæртæ йæ бахъуыд йæ къахы бын акæнын, цæмæй йын цард дыккаг цæф мауал ныккæна, уый тыххæй. Земæ загъд-замана кодта, йæ чызг йæхи мыггаг кæй хæссы, уый фæдыл. Дианæ та хицæныл нæ разы кæны. Кæд Фидар уайтагъд балæвæрдта хицæн кæныны хабæрттæ тæрхондонмæ, уæддæр. Уымæ гæсгæ йæ сывæллон кæвдæсарды ном хæссы. Уый нæ хатыр кæны нæдæр Дианæйæн, нæдæр Фидарæн.

Декабры фæстаг бон Фидар скъолайæ æрцыди цъыфызмæстытæй æмæ сынтæгыл æрбадт, тар цæсгом, æлхынцъæрфыг æмæ хъуынтъызæй. Земæ уызта авдæн. Куыд ын нæ уарзы йæ уыцы бадт. Стæй йын æй чи уарзы. «Ма бад афтæ», — дзырдта-иу ын Дзерассæ. «Уый дын цавæр бадт у?» — бауайдзæф ын кодта кæддæр Дибæ дæр. Бады æд пъалто, æд худ, æд батинкæтæ, раст цыма йæ хуылфы дæс роды марды ис, ахæм хуызы. Ахæм хуызы бадын та йæ бон у дзæвгар рæстæг, йæ къах тилгæйæ.

— Уый дын цавæр бадт вæййы?! — фæзыст ыл кодта Земæ.

Ницы сдзырдта æмæ йæ бадт дæр нæ фехæлдта.

— Уæд та дæ худ сис, ралас дæ пъалто, къахыдарæс дæр ласын хъæуы. Нæ уыныс пъол ногæхсад у, уый? Сынтæгыл дæр ма бад. Æппын дæ куыд ницæуыл сахуырчынди нæдæр хæдзары, нæдæр институты...

— Дæуау... — сдзырдта зыбыты иунæг дзырд Фидар. Хъыг уыди уыцы дзырд сылгоймагæн, фæлæ ныхъхъус. Æвæдза, куы нæма бацардысты, уæд уый æнхъæл чи уыди æмæ ахæм зæрдæмæдзæугæ, хæрзконд нæлгоймаг ахæм хъомрын разындзæн. Цы дзæбæх цардмæ йæм æнхъæлмæ касти æмæ йæ фæндтæ йæ хъуыры куыд фæбадтысты. Дианæйы тæригъæды дæр ма бацыди. Йæ цард дарддæр куыд уыдзæн ацы æнæхсæстимæ? Аджих, авдæн дæр æрлæууыд. Авдæн куы æрæнцад, уæд сабиныккуыдта, фæлæ мад æдзæм каст кæны зæххы иу зæгæлы сæрмæ.

— Ауз!..

Земæ фесхъиудта, авдæн базмæлыд. Бакаст та йæ лæгмæ.

— Дæ мад, дæ фыды хатырæй, ма-иу бад афтæ.

Фидар йæ рахиз къух йæ хæлафы дзыппы ауагъта, нæ йæм арæхст æмæ йæхи феккуырста, йæ рахиз къах адаргъ кодта æмæ систа æхца, стъолыл сæ æрæвæрдта.

— Цы хорз у, — бацин кодта Земæ. Иуæй йæ маргтæдзгæ бадтæй базмæлыд, иннæмæй та хъаугъа фæиппæрд уыдзæн, аннæмæй та бæрæгбонмæ истытæ балхæнын хъæуы. Фестад, авдæн авæрдта Фидары раз. — Цæуон, дуканийæ исты хойраг æрхæссон, — Фидар фæгæпп кодта. Йæ дыууæ цонджы митссивæн фыййæгтау йæ размæ уæлдæфы хæсгæ.

— Æхца нæм куы фæзыны, уæд иу ран нал фæлæууыс! Дыууæрдæм тыннывæндæгау фæкæныс хæдзарæй дуканийы астæу æмæ æхца цыдæр фæвæййынц.

— Цы, цы?! — карзæй йæ афарста Земæ.

— Цы фехъуыстай, гъе уый! — дзуапп радта Фидар.

Чидæр дуар бахоста, акаст æм Земæ. Уайтагъд фæстæмæ фездæхт:

— Скъолайæ дæм æрæрвыстой, бæрæгизæрмæ, дам, зилæн кæнынмæ фæкæс.

Лæг фæсæррæтт кодта, йæ пъалто феппæрста:

— Мæ иннæ хæлаф кæм ис? — æд батинкæтæ йæ хæлаф ласы.

Ус æм сахкаст кодта, хæлаф ныссуйтæ батинкæтыл тыхласт кæнгæйæ æмæ йæ дари мидæггаг феддæ, афтæмæй йæ фехста.

— Хæлаф загътон!

Земæ æдзæмæй лæууы, кæсы зыгъуыммæтæ хæлафмæ. Уадзыгауæй ахызт дуарæй. Æрбахаста уатæй хæлаф. Лæг хæлаф аскъæфта усы къухтæй æмæ та йæ æд батинкæтæ йæ уæлæ ссивы...

Рафыхт, рамæсты Земæ. Кæд æмæ кæм федта цымæ æд къахыдарæс хæлаф ласгæ æмæ кæнгæ? Афтæмæй цымæ цавæр цот схъомыл кæндзысты?

— Мæнæн мæ бон нæ бауыдзæн дæу æнахъинон митимæ карз тох кæнгæйæ сывæллон схъомыл кæнын! — æмæ авдæн узынмæ фæци фырадæргæй.

Сывæллон скуыдта, чи зоны æмæ хъаугъамæ, чи зоны, æмæ авдæны мæсты змæлдмæ.

— Хæдæгай, уæд дæ сæмпæрчъи хо та мæ кой цæмæн кæны? Æз ын йæ теуайы рагъхуыз сæры фаст æрпырх кæндзынæн.

— Ничи кæны дæ кой, — къуызгæ сдзырдта Фидар.

— Мæ цæсгомыл цавæр сау тæппытæ, хъулæттæ уыди?

— Цытæ дзурыс?

Земæ фæзмы Аниссæйы:

— «Йæ цæсгомы, ома мæн цæсгомыл, сау хъулæттæ йын ме ’фсымæр куы ныссыгъдæг кодта, уæд æй нал хъæуы», ома ды мæн нал хъæуыс. Æз дæу фæрсын, мæ цæсгомыл цавæр саутæ ис? Тынг хорз æй зоныс, æз дæуæй æндæр никæй федтон. Дæ усы арæнхæдзары куыдзы уагъд куы ныккодтай æмæ сау денджызмæ мемæ куы афардæг дæ, уыцы тезгъотæ... Дæумæ куы нæ байхъуыстаин, уæд мæ лæппу гуыпп-гуыпп кæнид. Æвзæр æмæ æвзæртæ! Æз дæуыл сыкъатæ нæ ныссагътон, уый та йæ лæгыл дзæбидыры сыкъатæ æрсагъта. Æз æй æрфæрсдзынæн мæ цæсгомыл цавæр хъулæттæ уыдис, уымæй?

— Уый дæр дæ бафæрсдзæн.

— Бафæрсæд.

— Стыр загъдмæ ацæудзæн хъуыддаг.

— Загъд?! Нæ федтат.

Ногбон æхсæв Земæ загъта:

— Æз демæ нал цæрын, фæлæ дын сабыр цардæй дæр ницы зæрдæ æвæрын. Дианæйæн михцухæй куыд æрвитыс алименттæ, мæнимæ дын афтæмæй ницы рауайдзæн.

— Закъонæй фидаргонд нæу нæ чызг.

— Мæ тæригъæд æй фæуæд, кæд хицæныл цæуылнæ разы кæны?

— Уымæн æмæ йæ хæдзармæ æрцæуинаг у.

— Никуы уыдзæн уый! Кæд дæ фæскъæбут дæ дыууæ цæстæй фендзынæ, уæд ма Дианæ дæр æрыздæхдзæн. Чи зоны йæ хæдзармæ о, фæлæ дæумæ — никуы! Куы æрцæуа, уæд та йæ сæрызонд фæцыди. Ды адæймагимæ дзурыс, фæлæ æз та кæимæ дзурын?!

Уыцы ныхас Фидарæн тынг хъыг вæййы.

— Куыд кæимæ? Æз ничиуал дæн ныр, нæ? Гъемæ хорз, æз мæхæдæг нал цæрын демæ!

Уыйадыл Фидары артыл цард дыккаг хатт бакалдта дон. Райдыдта архайын, цæмæй йæ пецы арт скæна Дианæ. Тъæнджы мæйы йæм фараст хатты скуыси. Йæ фосы тыххæй фездæхы рухсæй. Æндæр æм, чи зоны, æхсæв куы ныллæууид, уæд, майдыма, балымæн уаиккой. Æмæ дын иу бон бæстон куы æрбадид Дианæйы агъуысты. Цы зын бамбарæн уыди Дианæйæн, æхсæвиуат кæнын кæй уыд йæ зæрды, уый. Фыццаг æм дзуры æгъдауæй, фæлæ куы нæ састи, уæд æм милицæ æрбакæнынæй бартхъирæн кодта.

Йæ хъару равдыстаид, фæлæ йæ Дианæйы ныфсджын хъæлæсы уаг басаста, æмæ загъта:

— Тагъд зындзынæн, — æмæ федде...

VI СÆР

— Уæдæ та ницы зæрдæрухс дзуаппимæ цæуын, нæ? — хъыгзæрдæйæ афарста Артур, йæ æрмкъухтæ йæ къухты æууæрдгæ, Дианæимæ ахъаззаг ныхасы фæстæ цæуыныл куы ныллæууыд, уæд. Сылгоймаг æм хæрам зæрдæ нæ дардта, фæлæ йæ фыртимæ амой кæна, ахæм ныфс æм нæ уыд.

Артур скаст къулыл Дианæйы фыды къаммæ.

— Æвæдза, сæрæн дæ, куыд æй ссардтай! Æз куы зонин мæ фыд цы ран ныгæд ис, уый, уæд æм мæ гуыбыны цъарыл дæр фæбырин. Куыд кæсын афтæмæй мæм хъусгæ дæр нæ кæныс, — сбустæ кодта лæппу æмæ хуыйæн машинæйæ систа сабийы хæдон. Базыдта Аркадийы дыууæ хæдонæй карст Лазæрæн — хæдон. Æнæдзургæйæ исдуг фемдзаст сты цыппар цæсты. Нæлгоймаг бамбæрста — нæ хъуыд цæстæнгас здахын хæдонмæ... Цæмæй йæ рæдыд сраст кæна æмæ сылгоймаг бынтон ма ныфсæрмы уа, уый тыххæй загъта:

— Мæ нана, рухсы бадæд мæрдты, уый дæр-иу мын искæй хæдæттæй хæдон бахуыдта, — загъта, æмæ та йæ зæрдæйы уаг бакой кодта.

— Цал хатты дын загътон, ницы дзы рауайдзæн æмæ мæм уыцы хуызы мауал дзур, — дзуапп радта Дианæ, фæлæ йæ цæстытæ сæхи æруагътой зæхмæ. Уыцы æфсарм цæстæнгасæй лæппуйы зæрдæ ныссæххæтт ласта. Уый ныфсæй хуыйæн машинæйы раз абадт æмæ йæ ныхасмæ расайдта. Дзырд йæ фæстæ дзырд сайгæ, афтæмæй лæппу ныхасы бози Ленинградмæ аздæхта.

— Адæймагмæ топпы кæсæнæй кæсыс æмæ дзурын дæр лæг нæ уæнды, — бустæхуызæй уайдзæф кæны Артур.

— Куы нæ, — мидбылты худгæйæ сдзырдта Дианæ.

— Æз Ленинграды ахуыр кодтон, изæрæй та метроарæзтады куыд куыстон... Мæ цард мын зоныс. Ды та ницы дзурыс, æви æз дзæгъæлдзых дæн. Æппындæр нæ!

Дианæ бахудт, стæй йæ цæсгом фæтар æмæ загъта:

— Ме студентон цард у... — фæхъус, — куыд æй зæгъон, нæ зонын.

— Куыдфæнды дæр æй зæгъ, æз дæ бамбардзынæн.

— Цардтæн нæ техникумы æмдзæрæны иу хъæдын хæдзары — Шувалово, зæгъгæ.

— Шувалово зонын. Къахдзоныгътыл бырыны студентон ерыстæм, Парголовомæ электричкæйы Шуваловойыл цыдыстæм, бахатыр кæн, хъусын дæм.

Дианæ ныссагъæс и. Йæ сæры сыхуылы агуры, уæдæ йæ ленинградаг æмбисонды хъуыддæгтæй кæцыйы радзура. Æмæ æрдæбон ныхас хъазтизæртыл кæй цыди, уымæ гæсгæ йæ зæрдыл æрлæууыд...

... Цæвиттон ногбоны бæрæгбон æхсæвмæ цæлгæнæны Еленæимæ Дианæ дæр архайдта, дуканитæм цæуын æй куы нал хъуыди, уæд.

Хазбийы æрдхорды чызг Надя, ахуыр кодта Герцены номыл педагогон институты. Йæ чызг Неля та политехникон институты. Йæ фырт Сергей — хæстон академийы... Уыдон сæхи рæвдз кодтой пединституты хъазтизæрмæ. Дыууæ чызджы хæрзарæзтæй рацыдысты, уæлдайдæр Неля, ног чъерамихуыз костюм, хæрзхъæд цырыхъхъытæ... Сæ пъалтотæ сæ уæлæ кæнынмæ куы фесты, уæд дын Сергей йæ мадмæ бахатыд:

— Мамæ, Дианæйы дæр ма немæ рауадз.

— Ацæуæд, — йæ чызджы хæрзуындæй йæ зæрдæ барухс уæвгæйæ сразы Еленæ.

— Æз нæ цæуын, — фæрæвдз Дианæ.

— Ацу...

Еленæйы ныхмæ ныллæууыны хъару йæм нæ разынд æмæ тынг нæуæндонæй йæ куатæйы бæттæнты æлхынцъ райхæлдта... Йæ уæлæ Неля скъоламæ цы къабайы цыди, уыцы формæ-къаба. Йæ къабайыл ауыдта урс стъæлф. Хуылыдз къухæй йæ асæрфтытæ кодта æмæ дын куы фæцыдæр уаид. Йæ къæхтыл йæ каучукбын туфлитæ куыд кодта, афтæ йын Еленæ йæ разы авæрдта йæ фыдæлтыккон зылынзæвæт цырыхъхъытæ, адон скæн, зæгъгæ, загъта æмæ агъуысты фæмидæг. Ссæрфта цырыхъхъытæ, уæдæ йын æндæр гæнæн нæ уыд... Йæ дзыккутæ дыууæ быдæй йæ фæсонтыл йæ синтæй дæлдæр, афтæмæй йæ скуысси кодтой, бæхты дугъ кæмæй фæзæгъынц, ахæм залы. Зал цæхæртæ калдта алыхуызон электрон цырæгътæй.

Институты фылдæр чызджытæ кæй ахуыр кодта, уымæ гæсгæ æрбахуыдтой æфсæддон денджызон училищейы курсантты. Хæрзаив, æлвæст лæппутæ сынты базырау сау денджызон дарæсы цæхæртæ калдтой. Сæ къахайст дæр иттæг аив уыди. Ахæм фæсивæды уындæй зæрдæ рухс кодта.

Лæппутæ хæрзарæзт сты, фæлæ чызджытæ ноджы арæзтдæр. Дари, фæсмын, хъæдабæ къабаты уыдысты рæсугъд гæлæбутау, туфлитæ — риуы æгънæджытау. Залы уæлдæфы йæ æнæзынгæ тынтыл, уыгæрдæны алымыггаг дидинджытæ иу тæф куыд дæттой, афтæ зилахар кæны алымыггаг хæрзхъæд духиты иугонд тæф. Æмæ уыцы æхцон уæлдæфы хъуысынц музыкæйы аив зæлтæ. Кафынц фæсивæд дыгæйттæй, цъилау зилынц. Дианæ уыцы аивдзинадмæ кæсгæ аззад исдуг. Сæ размæ æрбацыд денджызон æфсæддон флоты дарæсы бæрзонд, хæрзконд лæппу. Дианæ йæм йæ хъус не ’рдардта. Фæлæ чызджыты дисæн лæппу æмраст алæууыд Дианæйы раз.

Сергейæ хатыр ракургæйæ Дианæмæ æрхатыд.

— Чызг, саккаг кæн иу кафт.

Байсогъуырон æм йæ фырдисæй хæрдмæ дæр ма скаст.

Сергей йæм дзуры:

— Дианæ, дæумæ хаты.

Чызг уый æнхъæл нæ уыд, æмæ йæ хæрзарæзт æмбæлтты разæй уый хуындæуа кафынмæ. Фæтыхст æмæ сдзырдта:

— Нæ зонын...

Денджызон фæлмæн мидбылты бахудт:

— Цом, æз дæ сахуыр кæндзынæн.

Неля æмæ йæм Надя æнæуынон цæстæнгасæй кастысты.

Лæппу йæ риуыл йæ къух авæрдта æмæ фæзылд.

— Цы рæсугъд у. Æппæт залы тæккæ хæрзконддæр дæм хатыд æмæ йæ асхуыстай, — цæстуарзон уайдзæф ын бакодта Сергей...

Дианæ йæ сæр бынмæ æруагъта. Ой! Йæ къабайыл та ауыдта урс тæпп... Фыркатайæ ма цы фæцадаид, уый нал зыдта, йæ къухæй йæ аивæй бамбæрзта. Фæлæ æдзух йæ къух йæ гуыбыныл куыд дардзæн? Акæсын нал уæнды залмæ æмæ йæ цæстæнгас хæссы дыууæ æмкъай къæхтыл рæсугъд туфлитыл.

Кæсы, æмæ та ныфсхастæй æрбацæуынц æрттиваг нæлгоймаджы туфлитæ, æфсæддон денджызон дарæсы сау фадгуыты. Рахиз къах алæууыд йæ тæккæ размæ, Дианæ йын йæ улæфт дæр ма банкъардта, галиу къахы къупп фæцыд рахиз къахы фадхъулыл. Хъусы ныхас:

— Чызг, иу кафт саккаг кæн...

Дианæ йæ сæр нæ сисгæйæ та «нæ зонын», зæгъгæ, загъта.

— Цом, базондзынæ... — лæгъстæйæ бахатыд лæппу...

Афтæ кæрæдзийы фæдыл йæ размæ цыд къæхты къупп.

Дианæ ныкъкъæмдзæстыг, йæхи цы фæкæна, уый нал зоны, ноджы йæ сау къабайыл — урс тæпп. Скъолайы формæ кæй у, уый арвы хъугæй бæрæгдæр дары ацы дзыллæ рæсугъд къабаты æхсæн. Мæсты кæнын æм райдыдтой йе ’мбæлттæ. Сергей та сæрыстыр уыди йæ æнтыстдзинадæй. Суанг ма сæ комкоммæ чызджыты къорд дæр бафиппайдта, лæппутæ кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ кæмæ цæуынц, уый, æмæ йæм былысчъилæй кастысты.

Дианæйы раз та кæрæдзийы фæстæ алæууыдысты лæппутæ: сæ иу сатæгсау костюмы, иннæ — морæ костюмы, аннæ... Фæлæ Дианæ нæ комы. Йæ цæсгом ныссырх æмæ тугæмхæццæ ныцци фырæфсæрмæй. Бæргæ акафыдаид, фæлæ уый цавæр кафт у? Лæппуйы хъæбысы куыд уыдзæн? Йæ иу къух лæппуйы къухы, иннæ та йе уæхскыл? Куыд аныдзæвдзæн кæйдæр лæппуйы къух йæ астæуыл? Уыцы хъуыдыйы тæссæй дзы йæ къабайы урс тæпп дæр ма айрох. Раст уыцы цъусдуг та йæ размæ æфсæддон наудзог лæппуйы къæхты къупп фæцыд.

Дианæ лæппуйы кителы æрттиваг цæппузыртыл йæ цæстæнгас ахаста, стæй цæстæнгас алыгъд къæхтæм.

— Саккаг кæн иу кафт...

Нæ та сразы Дианæ.

Сергей æм рамæсты:

! — Цæуылнæ кафыс?!

Дианæ йæм бакаст фæлмæст цæстытæй. Гъер æй цæуылнæ ныхъхъуытты уадзынц, цымæ? Нæ уынынц чызджытæ куыд пæр-пæр кæнынц. Цы туфлитæ сыл и, лæг сæ йæ риуы æгънæгæн æрсадздзæн, ахæм рæсугъд къахыдарæсы цъилау зилынц æрттивгæ пъолыл. Уый та? Йæ дæрдджын сау къабайы кæй хуызæн у?

Æвæдза, Неля йын уæд та, æрвылбон институтмæ цы балхуыз къабайы фæцæуы, уый куы радтаид, уæд сирид кафджыты тымыгъы. Штраусы «Хæлынбыттыры» вальсы музыкæйы зæлтæ йæ сæ уæлныхты систой. Вальс! Цы ма и уымæй аивдæр кафт. Кафгæ! Æнæакафгæ йын нæй. Йæ сæр хæрдмæ систа, æрыгон хъуаз цардыхос агур бæрзæндты куыд афæлгæсы, афтæ. Ныртæккæ акафдзæн, фæкæсут-ма, кæддæра кæмæй æвзæрдæр акафид! Ирон кафтмæ дæсны куы у, уæд нæ базондзæн вальс. Йæ къахæвæрд ын бацамондзысты æмæ фæцалх уыдзæн. Уромæг æй нал бауромдзæн, æрмæст ма йæ хонæг фæуæд кафынмæ!

Æмæ... Фыццаджыдæр йæ размæ чи алæууыд, уыцы лæппу та æрбацæуы тæргæбæхæй. Ныртæккæ ахиздзæн. Лæппу та алæууыд йæ размæ.

— Цом, æз дæ сахуыр кæндзынæн, — дзуры та лæппу Дианæмæ.

Чызг фæсæрæн æмæ куыддæр йæ къухтæ хæрдмæ систа, лæппуйы размæ акъахдзæф кæныны зæрдæйæ, афтæ та ауыдта йæ къабайы æнæхайыры урс тæпп æмæ фæфæстæмæ. Лæппу ма бæргæ хъавыд йæ рацахсынмæ, фæлæ чызг алыгъд...

Хазбитæм куы бацыдысты, уæд Еленæ дисæй афарста, сургæ уæ ракодтой, зæгъгæ. Сергей дзуапмæ фæрæвдз худгæйæ:

— Дианæимæ акафынмæ чи нæ тырныдта, ахæм лæппу нæ уыд хъазтизæры...

— Ау!.. — йæ сæр æнахуыр тылд бакæнгæйæ сдзырдта Еленæ.

Дыууæ чызджы та, цыма сын сæ хъултæ амбылдтой, ахæм хуызы бацыдысты сæ агъуыстмæ...

— Æххуырсты бынаты сын цæмæн уыдтæ? — бафарста йæ Артур.

— Фæлварæнты рæстæмбис бæрæггæнæнтæ истон... Еленæ мын-иу къуырийæн лæвæрдта дыууæ туманы...

— Уанцон нæу! — фесхъиудта Артур, — æмæ дæ афтид трамвайтæн бон иу сом æмæ абази куы хъуыд?..

— Алыгъдаин, фæлæ Полийæ æфсæрмы кодтон...

— Рухсаг уæд, — загъта Артур æмæ йын фестад...

Исдуг сахæй аззадысты Артур æмæ Дианæ. Дианæ зæрдæскъæфтæй æнхъæлмæ каст чи йæм хъуыста, уый цы зæгъдзæн, уымæ. Æппын æрæджиау лæппу загъта:

— Ды дæр къаддæр хъыцъыдæттæ нæ банызтай, — æмæ ныууынæргъыдта. Хъыгзæрдæйæ ахъуыды кодта, цæуын афон ын кæй у, ууыл. Æмæ дын йæ дисæн Дианæ афтæ куы сдзурид:

— Нæ загътон, мæ царды хабæрттæй сæ иуы куы радзурон, уæд иннæты зæрдæ фæхуддзæн.

— Ма бацу сæ хъыджы.

Æмæ та Дианæ ахæм хабар ракодта:

...Цæвиттон, Хазбийы усы хъустыл æрцыд, Ленинграды дзæбæх лæппу кæй фæзынди, уый. Æмæ хъуамæ фена йæ чызджы. Дзæбæх чызг уыди, раст зæгъын хъæуы. Æрхуыдтой, горæты цы ирон фæсивæд уыди, уыдон. Кæд сæм æнæзонгæ дзæбæх лæппу фæзынид. Хуынды æгъдау афтæ уыди, кæй хонынц, уымæн йæ зонгæ ирæттæ хоныны бар ис, чызг уа, лæппу уа.

Дианæ уыдта, зæрдæскъæфтæй куыд æнхъæлмæ кастысты уазджыты иу къордæй иннæмæ мад æмæ чызг, уый. Уыди, фыццаг хатт сæм чи сæмбæлд, ахæмтæ, фæлæ кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уый нæ зыны. Неля бавдæлд æмæ театрмæ дыууæ билеты райста, акæса-ма, цалынмæ рæвдзытæ кæной, уæдмæ лæппуимæ театрæй дæр ма фездæхдзысты. Æнхъæл уыди театры сæхи аирхæфсдзысты, базонгæ уыдзысты бæстондæр. Æниу æй сонтæй театрмæ куыд хуыдтаид, фæлæ цынæ вæййы, чи зоны æмæ сразы уа, ахæм рæсугъд чызгимæ чи нæ атезгъо кæндзæн. Фæлæ лæппу нæ зыны. Цæмæй билеттæ ма фесæфой, уый тыхкæй хæдзары æфсин йæ чызгæн бакой кодта — Дианæ æмæ Надя театрмæ куы ацæуиккой...

Еленæ бахатыд Надямæ... «Дианæйы фадыварцимæ. — Ницы хуызы.» — «Æвгъау сты билеттæ сæфынæн», — батыхст ус...

Надя бахудт æмæ хинцæстæнгасæй афтæ зæгъы:

— Билетты мæт дæ æппындæр нæй. Фыццаг хатт дын нæ зæгъын, фæлæ та æдас нæ дæ, кæмæ æнхъæлмæ кæсут, уый ма фена Дианæйы. Айфыццаг дæр ма дын куы загътон, Артуры цæстытæ ма æрхæцæнт «уæ фæныкгуызыл...»

Еленæ сфæлыста Дианæйы йæхи пысулты. Йæ къухы йын иу билет æмæ фæндаггаг фæсагъта æмæ театрдзау арæвдз...

Дианæ Еленæйы зæронд, тæнæг пъалтойы уазалмæ куы рацыд, уæд йæ буары дымгæ иннæрдæм хызт. Чысыл рæстæджы фæстæ автобус æрлæууыд Майоровы уынджы Чысыл оперæ æмæ балеты театры раз. Фыццаг хатт бакъахдзæф кодта театрмæ. Йæ пъалто, йæ худ æмæ æрмкъухтæ балæвæрдта дзаумæттæ æфснайæн агъуысты кусæг сылгоймагмæ. Бафиппайдта, алы сылгоймагимæ дæр нæлгоймаг кæй ис. Стыр джихæй кæсгæ-иу аззад, нæлгоймæгтæ сылгоймæгтæн сæ дарæс ласынмæ сæ хъус куыд дарынц, уымæ. Суанг ма дзуццæджы дæр æрбадынц æмæ сыц æххуыс кæнынц сæ хъарм дзабыртæ рæсугъд сæрдыгон туфлитæй аивынæн дæр. Нæ зыдта кæдæм ын цæугæ уыди, уый, донхуыз къаба цы сылгоймагыл уыди, йемæ сау костюмджын лæг, уыдон фæдыл ныббарц. Кæсы, æмæ хæрæндонмæ бацыдысты. Фæстæмæ раздæхт. Иуты фæдыл та бафтыд, уыдон та бацыдысты залмæ, адæм æнæмæтæй, сæрбæрзондæй кæм тезгъо кодтой, уырдæм. Цавæр сты, ардæм хæрынмæ æмæ тезгъо кæнынмæ æрбацыдысты æви театрмæ? Фæчапар та ласта дзаумæттæ æфснайæн уатмæ. Чи афæстиат, уыдон æнæмæнг тагъд кæндзысты æмæ кæд æппынфæстаг уыдон руаджы сæмбæлид йæ бандоныл. Бæрзонд кæсæны раз йæхимæ кæстытæ кæны иу æрыгон сылгоймаг, сынты базырау сау хъæдабæ къаба æмæ урс туфлиты. Нæлгоймаг та йæ разы лæууы. Дианæ бамбæрста, цы лæг æмæ ус æрбацыдысты, уыдон тынг æнæвдæлонхуыз сты æмæ семæ цæудзæн. Æцæгдæр фæраст сты. Фæлæ йæм сылгоймаг йæхи разылдта æмæ йæ рæсугъд цæсгомыл хъыджы фæд фæзынгæйæ загъта:

— Чызг... Цæй æнахъинон арæзт дæ дæ хорзæхæй? Дæ урс цъындатæ уæд та ралас...

Фæсыкк, уайтæккæ дæр йæ дæрзæг уайдзæфыл æрфæсмон кодта, чызджы ныккукахуыз ауынгæйæ. Йæхи ма цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Йæ цонгмæ йын рæвдаугæ февнæлдта æмæ загъта:

— Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд. Урс цъындаты худинаг у. Сахор сæ...

Йæ цъындатæн ахорын æмбæлы, уый йæ фæсонæрхæджы дæр куыд никуы æрцыд. Зæгъгæ та йын æй куыд ничи кодта, æвæдза?

Цæстуарзон сылгоймаг ныкъкъæмдзæстыг:

— Дæ хорзæхæй, бахатыр мын кæн.

— Бузныг, — мидбылты бахудт Дианæ. — Стыр бузныг.

Сылгоймаг фæныфсджын:

— Тæбын ахорæнтæ уæййаг ис дуканитæ Пассажы, Ленинградон базарадон хæдзары, Невский проспектыл, — фæлмæн сæракæй хуыд сау хызынмæ февнæлдта. — Æхца дæм кæд нæй, мыййаг?..

— Нæ хъæуы, — батыхст Дианæ. — Балхæндзынæн. Æрмæст нæ зонын цы хуыз?..

— Сау, æрмæстдæр сау! — хæстæг æм йæ аив фаст сæр бахаста. — Ныр та сæ ралас, — йæ æрвхуыз цæстытæ амбæрста аив ахуырст цæстыхаутæй. — Афтæ рæвдздæр у, — мидбылхудгæ балæууыд йæ лæджы фарсмæ, уый та кæсæны раз йæ бур рихитæ даргъ морæ цыбырдæндаг сæрвасæнæй даудта.

Дианæ рæвдз фæгуыбыр кодта, ныртæккæ йæ æнæхайыры цъындатæ феппардзæн æмæ ахоргæ нæ, фæлæ сæ уæртæ къуымы егъау гогонхуыз æрттивгæ бырондоны нысхойдзæн. Йæ туфлийы бæттæнмæ дæр ма фæлæбурдта.

Фæлæ!... Фæуыргъуыйау. Йæ цæсгом кæуынхуыз æрбаци... Йæ сæрбынмæ куыд цыд, афтæ æрбадт дзуццæджы. Нымпылд. Йæ хуымæтæг сау цъындатæн сæ зæвæттæ æмпъызт куы сты морæ цъындайы зæрондæй. Æрфæндыд æй, зæхх йæ быны куы фескъуыид æмæ куы аныгъуыдид æбæрæгæй. Хуыцау бахизæд æмæ ма йыл дзæбæх сылгоймаджы цæст æрхæца...

Иу цъусдуг сæ дыууæ дæр ныхъхъус сты. Сабырдзинад фехæлдта Дианæ:

— Иунæг хатт дæ федтон Хазбитæм къæлидоры. Дæуæн дæ бацыд, мæнæн та Надяимæ мæ рацыд. Æз дæ хорз бахъуыды кодтон, уæлдайдæр дæ сау стъæлфытæ. Уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд мын Надя ахæм хабар ракодта:

— Уый Артур у. Сиахсагæн æй бæлдат кæнынц Хазбитæ. Уымæ та мелæй фыст дæр не сты. Ныр дæр Сергеймæ æрбацыд. Дыккаг хатт сæм бацыди. Нæ федтай Еленæ йыл куыд ныццин и?..

Цалынмæ Дианæ дзырдта, уæдмæ лæппу фырдистылд кодта йæ сæр, ныр сдзурын сфæрæзта:

— Мæн, сиахсæн?! — йæ галиу къух йæ домбай риуыл æвæргæйæ æрбатыхст... Фæлæ цъусдуг рæстæджы фæстæ йæ мидбылты худгæ загъта:

— Хорз мæ зыдта Надя, — йæ сæр та батылдта, — фæлæ йæ æз нæ зыдтон...

— Уый дæр дæ уæд нæма федта, фæлæ дæ нæ ирон фæсивæд цы дзырдтой, уымæй хатдзæг кодта, — загъта Дианæ.

Артур ныуулæфыд æмæ та бахатыд Дианæмæ:

— Исты ма куы радзурис. Нырма раджы у.

— Æндæр хатт, — загъта Дианæ æмæ йæ афæндараст кодта...

VII СÆР

Фехъуыст дуары хойын æмæ сабиты хъæлæба. Йæ сыхаг куыстæй æрцыд æмæ йæхи чызджы дæр æмæ Дианæйы лæппуйы дæр рахуыдта, сывæллæтты рæвдауæндоны газы пецтæ кæй ахуыссыдысты, уымæ гæсгæ...

Дианæ бацин кодта йæ сывæллоныл. Цæй фыссын æмæ ма цæй цы. Хæринаг кæныныл балæууыд. Йæ къухтæ архайдтой, йæ хъуыдытæ та йæ царды алыварс зилахар кодтой. Духовкæйы раз бады æмæ сабыр артыл дзул фыцы. Хъуырдухæн кæны йæ царды дыууæ хъысмæты æхсæн. Йæ цæстытыл йæ хæдзар куы ауайы, уæд та йæ разы фегуырынц бæрцбарст дыууæ нæлгоймаджы. Райдыдта мысын сæ ныхасы уаг. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ хъуыддæгтæ куыд фæйнæхуызы сты, сæ ныхасы уаг, сæ хъуыдыйы баст дæр, афтæ. Тебæисæнæй йæ разы зæхх хойæгау кæны йæ хъуыдыйы фæткмæ гæсгæ.

Дианæ ныууынæргъыдта. Цы кæна, цы фæуа? Йæ размæ цард саджил куы у? Кæцырдæм цæуа? Галиуырдæм цæуа æмæ та уыцы хъизæмæрттæм йæхи баппара? Рахизырдæм цæуа æмæ йæ сывæллон та?.. Абон æй уарзы, райсом æй куы акъуыра? Тебæисæн пецы раз æрæвæрдта æмæ разылд йæ сабимæ. Хъазæнтæ ныппырхытæ кодта. Зæххы астæу уæлгоммæйæ лæууыд морæ арс, йæ хъæбысы йæ æрбакодта. Аджих та. Уалынмæ фесхъиудта йæ лæппуйы дзурынмæ:

— Мамæ, уый мæн арс у, — æмæ йæ раскъæфта йæ мады хъæбысæй. — Артур æй мæнæн балхæдта. — Арсы къæхтæ пъолмæ хæццæ кодтой, афтæмæй бацыд йæ хуыссæнмæ æмæ афынæй.

Дианæ йе ’ргом рудзынгмæ аздæхта. Уыны цæуæг адæмы къæхтæ. О Хуыцау, куыд арæзт къæхтæ цæуы: нæлгоймаджы къæхтæ — хъарм батинкæты, сывæллæттæ — батинкæты. Сылгоймæгтæн сæ фылдæр даргъхъус цырыхъхъыты. Уыцы къæхтæ зыхъзыхъгæнгæ уайынц. Цæуынц. уæзбын къæхтæ дæр, «дугъы» уад чи фæци, уыдон...

Иу каст ма фæкодта фынæй Лазæрмæ æмæ æрбадт, хæрзæхсад йæ тæрс фæйнæг æнгузау цы фыдæлтыккон фыссæн стъолæн æрттывта, уый фарсмæ. Фынддæс сомæй йæ балхæдта дæрдджын дзаумæттæ уæйгæнæн дуканийы. Куыддæр рафæлдæхта тетрад, афтæ гуымиры дуары хостмæ фесхъиудта.

— Цавæр æвирхъау гуыпп-гуыпп та ныккодтай дуар? — бахъуыр-хъуыр кодта Дианæ, Фидар мидæмæ куы бахызт, Уæд.

— Куыд дæм кæсын, афтæмæй ницы фæзондджындæр дæ, дæхи бар дæ ныууагътон æмæ, — бæрнон хуызæй бауайдзæф кодта Фидар.

Ницы сдзырдта Дианæ. Бандон ын йæ разы авæрдта.

— Кæм уыдтæ?

— Нæ бадын, цæугæ кæнын. Ныртæккæ скъолаты фæллойадон ахуыртæм ныдздзагъыр сты нæ хицауад, æмæ уый фæдыл ам сæмбæлдтæн. Нæ æрмадз къуындæг у æмæ ног æрмадз аразæм. Ног станоктæ нын ратдзысты. Иу ныхасæй, куыст — къубалмæ. Агуыридурæй, хъæдæрмæгæй, цыдæриддæр хъæуы — рæвдз сты.

— Дæ хæдзармæ дæр дзы исты фæбырын кæндзынæ, и?

— О, Земæимæ хæдзæрттæ кæнæнтæ ис... — фæсыкк. — Цавæр хæдзар? Дæлæ дæ хæдзармæ æрцу æмæ нæ царды кой кæнæм. Нæ мад дæр дæм æнхъæлмæ кæсы, кæд, дам, уыцы хæйрæг тагъддæр ацæуид. Æрфаз и хæдзары, мæн федде кодта. Æз дæр уаты, уæдæ ихæнæй мардаин, пец ацамадтон. Гъе ахæм мæгуыры бонтæ мыл ис.

Дианæ бахудти æмæ загъта:

— Иу хæдзарæй дыууæ тохынайæ фæздæг цæуын амонд у.

— Цæй, ахæм ныхæстæ ныууадз, нæ царды кой бакæнæм. Æвæдза, цы хорз бакодтай, хицæныл кæй не сразы дæ, уымæй.

— Уымæй æз цы бакодтон, уый бакодтон, фæлæ ды хорз кæныс, ныр фондз мæйы æхцайы капекк нæма бафыстай, стæй мын тæрхондон цы армы æхца стæрхон кодтой, уый дæр нæ дæттыс... — Фæхъус.

Цытæ дзуры? Бацæрын æнхъæлмæ йæм куы кæсы. Бæргæ нæ бацæрид, фæлæ йæ лæппу искæй фæсдуар куыд хъомыл кæндзæн. Фесхъиудта машинæйы уасынмæ. Фидар фæгæпп кодта.

— Райсом мын рæстæг нæ фæуыдзæн, фæлæ дæхи цæттæ дар. Кæфхъуындары куыддæр атæрон, афтæ нæ тæккæ хæдзармæ, — æмæ дуары æдде фæци...

Дианæйы фæллад зонд исдуг нæ афыхта, Земæйы кæфхъуындар кæй схуыдта, уый йын æхсызгон уыди æви хъыг. Фæлæ Фидары ацыды фæстæ йæ маст сабухта. Нæ йын ныххатыр кæндзæн йæ къаппа-къуппа фыддзард. Уæдæ пъадвалы уымæлы дæр нæ джиуид. Уый та, Дианæ йæ ныхбынты туг цы хæдзары къултыл фæкалдта, уым цæры. Æвæстиатæй цæугæ. Цæугæ тæккæ райсом! Æмæ базондзæн Земæ, искæй амонд куыд исгæ у, уый. Амонд? Йæ разы февзæрд Фидар. Фæсарæйнаг зынаргъ кæрцы. Йæ къæхтæ дæр хъарм. Уыдон та?.. — йæ тымбыл къухæй стъол ныццавта æмæ загъта хъæрæй:

— Фæлæуу афтæ!..

Фæстейæ аззад горæт. Згъоры зымæгон фæндагыл арæхстгай Маркы «москвич». Йæ фарсмæ бады хицæй бузæй Фидар. Ныхас сыл бацайдагъ.

— Хонинаг æй куы уыдтæ? — бафарста йæ Марк.

— Нæма йæ хонын, — райгондæй загъта Фидар. — Тынг тыхст у, уадз æмæ бамбара чи дæн, уый. Йæ къæхтыл дæр нал лæууы фырфыдхуызæй. Цы бахæрой, уый дæр сæм нæй. Уымæй сывæллæтты рæвдауæндон æхгæд у, сæ тæвдгæнæн цыдæр кодта. Мæймæ дæр, дам, не сцæттæ уыдзæн. Æмæ йын мæй цы хæрын кæндзæн? Йæ цæсты фæкадджындæр дæн, куыд кæсын, афтæмæй. Рахуыдтаин æй, фæлæ куы бамбæрстон цы бахæрой уый сæм нæй, уæд мæхи фенцъылдтон. Бамбæрстон æй, æхцамæ тынг æнхъæлмæ каст, уый дæр.

— Æхца дæ агуырдта? — зæрдæуынгæгæй йæ афарста Марк.

— Нæ, нæ ’агуырдта! — уæлахизæй, йæхицæй бузныгхуызæй дзуапп радта Фидар. — Алименттæ, дам, мын нæ фидыс, стæй йын хæдзары мулкæй цы æхца æмбæлы, уый кæй нæма радтон, уый дæр мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта.

— Æмæ йын цæуылнæ дæттыс цы йын æмбæлы, уый? Стæй алименттæ цæуылнæ фидыс?

— Сывæллоны паддзахад хæссы, æхсæвæддæйы вæййы.

— Æмæ йын фидын нæ хъæуы? Стæй хуыцаубоны уæддæр нæ вæййы сæхимæ? Ницы йын хъæуы æппын?!

— Уадз æй, Марк, уадз. Уый фаг фыдæбæттæ никуы ис. Уадз æй æмæ бамбара, лæг цы у, уый.

— Ахæм ныхæстæ кæныс раст, цыма уæ цард ды нæ фехæлдтай, фæлæ уый. Куыд кæсын, афтæмæй та закъонæй хицæнмæ дæуæн нæ, фæлæ уымæн бадæтгæ уыди. Адæм дæр дис кодтой, ды кæй балæвæрдтай, ууыл.

— Гъер ма чи, чи, фæлæ ды афтæ зæгъын куыд уæндыс? Нæ йæ федтай цы туджы ахаст æм ис, уый? Иу хатт æй хыл кæнгæ куы баййæфтай, стæй æдзух хъаугъа кодта. Балæвæрдтон мæхæдæг æмæ цы?! Мæ бон нал уыди, алцæуыл дæр дзургæ æмæ хыл кодта.

— Æмæ ныр нал хыл кæндзæн? — бафарста Марк. — Дæумæ баст хæрæг дæр нæ фæлæудзæн. Куыд кæсын афтæмæй сæ рæхджы ласынвæнд нæ кæныс?

— Нæ! — карз æмæ даргъæй ауагъта йæ дзырд.

— Иу ныхасæй, ахуыр æй кæныс, — айуан ыл систа Марк.

— Кæнын æй! Цас фылдæр зынтæ фена, уыйас йæ цæсты кадджындæр уыдзынæн.

— Æгас хъæубæстæ дæр æй зоны, æз дæр æй уыдтон, мæ разы нæ царди! Иунæг сахат дæр нæ уыдтæ иунæг. Дæ фарсмæ лæууыд дæ аууонау. Æмæ цы домбай хъаруйы хицау уыди, уый уыдтой адæм. Цы йын фæлварæнтæ кæныс, кæд æй хоныс, уæд мæнæ гъеныр дæр раздæхæм фæстæмæ...

— Нæ! Æдылы фæдæ! Стæй йæ кæдæм хонын?! Иу хæдзармæ дыууæ усы?!

— О, хæдæгай, Земæйы Дианæ æнхъæл ма у. Уый дын дæ рыг æрцæгъддзæн.

— Ницы мын æрцæгъддзæн уый дæр. Закъонæй фидаргонд нæу нæ цард.

— Уæдæ уæд чызгæй дæр дæ бон у зæгъын, мæн нæу.

— Нæу закъонæй.

— Кæс-ма, цард куыд у, уымæ, Земæйы дæр фесæфтай...

— Ницы йæ фесæфтон.

— Сабыр! — фæзыст кодта Марк. —Æхца та сын цас ныууагътай, цæ?

— Сау капекк дæр нæ!

— Уæллæй, куыд кæсын, афтæмæй дæ бинонтæм афтид армæй скуыси дæ? Кæд дæм æхца нæ уыди, гормон, уæд мæнæн загътаис, сывæллонæн æхсыры аргъ, уæддæр...

— Кæмæ нæй æхца?!. — сæрыстырæй загъта Фидар æмæ йæ галиу риуыдзыппæй фелвæста æхцайы гуцъула. — Адон æхца не сты? Йæ фондз мæйы алименттæ... Фæлæ йын сæ нæ радтон...

— Ахуыр æй кæныс? — карз æмæ мæстæлгъæдæй бафарста Марк, фæлæ йæ Фидар бамбæрста йæхирдыгонау.

— Цæуылнæ, сахуыр уыдзæн! Пъадвалы цæры, мæгуыргур æй хонынц, стонг æмæ бæгънæг у. Уæдæ куысты мидæг дæр нæ арæхсы, куыдзы тард æй ракодтой дзулфыцæн заводæй. Æнхъæл уыдтæн фæзондджын, фæлæ ницы уæлдай фæци...

Дзуры, дзуры Фидар, фæлæ йæм Марк нал хъусы. Раст уыцы рæстæг цыдысты Мичуринæй Æрыдоны æхсæн. Машинæ фæурæдта. Фидары сæрты дуармæ йæхи куыд раивæзта, афтæ йæ сæры февзæрд хъуыды: цы нæ вæййы, афтæмæй йыл исты куы æрцæуа зымæгон, талынг, зæхх — авгау. Уæд ма искæйы тыххæй дæр дзуапп дæтт, фæлæ? Йæ сабийæн æхсыры аргъ чи нæ ныууагъта?..

— Цæмæн æрлæууыдтæ? — афарста Фидар.

Ницы сдзырдта Марк, афтæмæй рахызт. Сыгъдæг хæцъилæй йæ разы авг бæстон сæрфы, сæрфы, сæрфы.

Нæ зоны, цы фæкæна ацы марг лæджы. Рæвдз абадт æмæ асыффытт ласта. Бахæццæ сты Æрыдоны кæрз фæзилæнмæ, Марк разы уыди машинæ сфæлдахыныл, йæхи цард æм мисхалы бæрц дæр нал касти. Разы уыди йæ мæлæтыл, фæлæ афтæмæй ацы цъаммар куы баззайа удæгас...

— Сабырдæр цу! — бауайдзæф кодта Фидар. — Нæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæлдзынæн, уый æнхъæл нал дæн. Æз кæмæ дзурын?!

Йæ гуымиры сæры смидæг æвирхъау гуырысхо. Марчы зæрдæ ма æхсайа йæ усмæ? Уæдæ йыл афтæ тынг цæмæн тыхсы. Æдылы къоппа, — батъæпп кодта йæ ных. Æмæ сæ нырмæ куыннæ бамбæрста, зæгъгæ, хъуыдытæгæнгæ нæ бафиппайдта куыд æрлæууыдысты, уый.

Марк рæвдз дæгъæл фелвæста, дуар ахгæдта æмæ фæраст кæдæмдæр. Фидар уынгты фанарты рухсмæ бакаст: «Æрыдоны милицæйы хайад». Тагъд нæ разынын æнхъæлæй йæ кæрцы æфцæгготы æрныгъуылд. Куыддæр арæдзæ-мæдзæ кодта, афтæ фехъал милицæйы бæстыхайы дуары гуыпмæ. Кæсы æмæ рацыд Марк дыууæ милиционеримæ. Цымæ цæмæ рацæуынц?

Æрлæууыдысты машинæйы раз.

— Рахиз, æз дæ нал ласын! — карзæй йæм дзуры Марк.

— Уый та цавæр диссаг у! — фæхъæр кодта Фидар.

— Æнæ уæлдай ныхасæй! Ай мæ машинæ у æмæ дæ дарддæр нал ласын.

Фидар йæ фындзы бын хъуыр-хъуыр кæнын систа. Иугай ныхæстæй æмбарын кæнынмæ хъавыд, Дианæйы тыххæй афтæ кæй кæны, уый, фæлæ йын йæ æнæсæрфат ныхæстæм йæ хъус ничи æрдардта.

— Рабыр æддæмæ! — фæхъæр ыл кодта Марк.

Рахызт машинæйæ æмæ, кæд йæ маст рафыхт, уæддæр загъта:

— Æмбалхор. Ацафон ма кæдæм фæцæуон?

— Нырма раджы у, — загъта милиционертæй иу.

— Нæхимæ дæ куы фæрсой, уæд та цы зæгъдзынæ? — хъуыр-хъуыр кодта Фидар.

Марк машинæмæ бахызт. Фидары дисæн йæ «москвич» фæстæмæ разылдта. Йæ дыууæ сырх рухсы ферттивгæйæ...

Марк æрлæууыд хойрæгты дуканийы раз. Балхæдта алыхуызон хæринæгтæ, адджинæгтæ...

Дианæ кæм царди, уыцы хæдзары дуармæ æрлæууыд. Комкоммæ йæм æрбацæуынц Аркади æмæ Светланæ. Кæрæдзийы зыдтой. Аркади сæ районы рынчындоны сæйраг дохтырæй куыста, Светланæ та юрисконсультæй. Ныццин сты кæрæдзиуыл.

— Цом, дæ сыхагмæ дæ хонæм, — загъта Аркади. — Махæн нæ хорз æмбал у.

— Уымæ цæут? Уæ хорзæхæй, мæнæ йын цыдæртæ сæрвыста Фидар æмæ сæ айсут. Мæн тынг не ’вдæлы. Хъæумæ цæуын.

— Æмæ йæхæдæг та кæм и? — афарста Светланæ.

— Цыдæр хъуыддаджы фæдыл иу ран афæстиат. — Райста иу тыхтон, авæрдта йæ Аркадимæ, стæй та иннæйы. — Æвæдза æнæ хызын фæндагыл цæугæ куыд нæу, — загъта Марк.

— Цы дзæбæх тæф кæнынц.

— Зæрдиаг æлхæд бакодта, — загъта Марк.

Марчы афæндараст кодтой æмæ дзагармæй бацыдысты Дианæмæ. Стъолыл æрæвæрдтой хæлц.

— Фидар сæ æрбарвыста Маркæн.

Дианæйы зæрдæ исдуг фæфæлмæн Фидармæ. Фæлæ хызынæй куы ракалдысты хæринæгтæ, уæд сыл йæ цæст ахаста: къалбас, сæкæры къоппытæ, нæлхæ... къофи, печенитæ, цайы къопп...

— Цæуыл ныджджих дæ? — афарста йæ Светланæ.

— Адон Марк йæхæдæг балхæдта, — ныфсджынæй загъта Дианæ.

— Гъемæ уый та ноджы хуыздæр, — бацин кодта Аркади æмæ фынг кæнынмæ фæци.

Марк та цыди зæрдæрухс æмæ хъæлдзæгæй. Йæ хъуыдыты уыди Дианæтæм. Сывæллон цин кæны печенитыл, Дианæ та йæ уазджытимæ къофи цымы...

Аркади æмæ Светланæ Дианæйæ куы æрбаздæхтысты, уæд рауад бинонтæм ахсджиаг ныхас Дианæ æмæ Артуры хъысмæтыл.

— Раздæр куы скарз кодтаид хъуыддаг, — загъта Аркади,’— уæд ма, чи зоны, исты рауадаид. Ныр та йæ адыууæ боны йæ лæг аласдзæн.

— Нæ зонын, аласа йæ, — загъта Светланæ. — Уæлдайдæр адыууæ боны.

Бирæ фæныхас кодтой. Уæд иу хуызы, уæд иннæ хуызы Дианæйы хъысмæтыл. Æмæ æрцыдысты ницы хатдзæгмæ, афтæмæй фестадысты, раст радиойæ Мæскуыйы Кремлы сидтытæ куы райхъуыстысты, уæд.

Дианæ сагъæссагæй лæууы фыссæн стъол æмæ хуыйæн машинæйы æхсæн. Адæмæн уæлæдарæс хуыйдзæн. Æмæ уæд йæ таурæгъ та? Йæ риу æмæ йæ зæрдæйы чи нал цæуы, голладжы æфтыд хæрзхъæд нартхоры зады судзинтæ голлагæй куыд рабырынц, афтæ йæ хъуыдытæ æддæмæ куы бырсынц. Хорз сты, æвзæр сты, уый та бæрзонд стъолыл бадæг редакторты хъуыддаг у. Фæлæ бæрзондыл бадæг цы бакæса, уый фыссын нæ хъæуы? Йæ къухты æхсæн нылхъывта йæ сæр. Сæрымагъз абухта. Уысмæй-уысммæ, сау мигъты æртæн-мæртæнты, кæм йæ цалхы дзагæй, кæм та йыл цыма фæныкхуыззæлдаг баппæрстæуы, ахæм хуызты Мæй куыд разыны, афтæ йæ æмтъеры хъуыдыты æхсæнæй фæзыны Артуры сурæт... Йæ ахастытæ зæрдæ æвæрынц, царды рæвдыды ад ын кæй фенын кæндзæн. Сæры магъз фестад денджыз, абухы. О, худинаг, æд сывæллон цы фæнд скодта? Фестад, рацу-бацу кæны. Йæ фырт æнæмæнг йæ фыды къухы хъомыл кæна, уый йæ куы фæнды, уæд кæйдæр лæппумæ йæ хъус цы адардта цымæ? Ссæудзæн Фидар æмæ сæ аласдзæн. Цæрдзæн йæ хæдзары, ацы талынг пъадвалы къуымы нæ фæлæ. Алы мадæн дæр йæ сывæллоны хъысмæт сæйрагдæр у. Згъордзæн сæ бæхты дугъ кæрты, дыргъцæхæрадон та нæртон диссаг у. Скъолайы бæрæгбон изæртæм дæр æй хондзæн йемæ. Бынтон дзæбæх цæрдзысты ныр. Базыдта, куыд хъыг у, дыууæ æмбалæй сæ иу хæрам куы кæна, уый. Уæдæ сæ хъæуы араздзысты ног дыргълæмарæн завод, хъæуы сæрмæ æвæрынц нефтсгарæг. Стыр хъæуы аразынц сæкæры завод. Сосæ фæндæгтæ арæзт æрцæудзæн быдырты. Стыр хъæумæ уадзынц æрдзон газ. Сæ сыхæгтæ-иу колхозы автобус кæнæ машинæ баххуырстой æмæ-иу горæтмæ театрмæ афардæг сты. Никуы, никуы ацыдысты уыдон. Ныр та хъæуы тæккæ бæрæгастæу хурварс сарæзтой галуан. Кино дзы æвдисынц. Горæтæй æмæ сыхаг республикæтæй æрцæуынц артисттæ æмæ равдисынц театр. Уырдæм дæр æй никуы ауагъта... Фесхъиудта. Ныр дæр афтæ куы уа, уæд та?!

Ахæм фæллад у, æмæ йæ фырфæлмæстæй цыма æд машинæ денджызы уæлцъарыл ленк кæны. Йæ буары хæйттæ цыма ныффæтæнтæ сты цæгатаг кæрдгæ ихтау. Йæ æнгуылдзтæ дæр цыма иу уыдисны бæзнæн уыдысты, афтæ æруæззау, æнæнхъæлæджы йæ хъустыл айзæлд Фидары æртхъирæн хъæлæс: «...Ныууадз дæ фыссын! Ды цы хорздзинад зæгъдзынæ адæмæн, дæхицæн куы ницы зоныс, уæд?! — Бæлвырд ын уыны йæ æнæуынондзинады цæстытæ. — Зон! Зон, зæххæй дын цы сæр сзына, уый дын акъуырдзынæн, цæвæгæй кæрдæг къуырæгау!..»

Бауад йæ фыссæн стъолмæ, йæ рахиз тымбыл къухæй ныццавта стъол афтæ тыхджын æмæ стъолыл агуывзæйы æвæрд ручкæтæ æмæ кърандæстæ ныззæлланг кодтой.

— Нал! Нал цæуын, мæнæй æндæр мачи фесæфæд.

Фыссæн стъол æй йæхимæ æрæлвæста. Чызгæй-иу дзулфыцæн заводы æмдзæрæны сойы цырагъы рухсмæ фыссынæй, ныр дзæнæты уавæрты куы цæры. Фæсæмбисæхсæвты фыст фæци таурæгъ «Быран».

Дианæ дуканимæ куы цыди, уæд фембæлд кæрты сæ сыхæгтимæ Валентинæ Иваны чызг æмæ йæхи фысым Нинæйыл.

— Йæ лæг æй мæлæты арæх абæрæг кæны, — загъта Валентинæ Иваны чызг.

— Мæн, иу дзырдæй, нæ фæнды бацæрой, уый, — загъта Нинæ.

— Мæ зæрдæмæ дæр нæ цæуы йæ лæг. Цардæй йæм ницы фендзæн. Замманайы лæппу йæ агуры, фæлæ æд фырт зивæг кæны.

— Уый тыххæй? — карзæй загъта Нинæ. — Ахæмтæ зонын, æмæ сæ цард сарæзтой, сæ иуæн дæр — цот, иннæмæн дæр, цæрынц. Куыд дæ фæнды афтæ мыл худæд дæ зæрдæ, æз Дианæйæ куы уаин, уæд ын йæ фырты базыввытт ласин, хæссæд æй, мæхæдæг афардæг уаин.

— Æз дæр уый зæгъæг дæн. Хуыцау йæ зонæг, цы æнхъæлмæ кæсы цæ лæппумæ.

— Уый карæнæй алчидæр афтæ вæййы, æниу мах афтæ нæ уыдыстæм? Нæ сывæллонæй æндæр ма нæ цы фæхъæуы азæххыл.

— Уый сылгоймагæн æрдзæй лæвæрд у, — аивæй акаст кæрты дуармæ Валентинæ Иваны чызг. — Йæ курджытæй мæн зæрдæмæ та шофыр цæуы, дыууæ чызджы кæмæн ис, уый. Хи хæдзар æмæ йæм автомобиль.

— Уый дæр дзæбæх лæг у, фæлæ а милиционер чи у, уый мæм дзæбæхдæр кæсы, — загъта Нинæ.

— Куры, дам, æй æд сывæллон.

— Уæддæр зын, тынг зын у æнæус лæппумæ æд фырт... Нæ дæ мемæ разы?

— Дæн. Дæн, фæлæ мæн уырны, хи хъæбулау æй схъомыл кæндзæн.

— Нæ, — ахъаззаг батылдта йæ сæр Нинæ. — Милиционер хуыздæр у.

— Разы дæн демæ, фæлæ Хуыцау ныххатыр кæн, æнæ хæдзар, æнæ ’рвад у, уæлдайдæр та сымахмæ, ирон адæммæ, уыцы хъуыддæгтæ бæрзонд æвæрд сты. Фæлæ ныртæккæ уыдæттæм ницы уыйас цæстдард цæуы; куыд дзурынц афтæмæй, дам, кæцон у, уый бæрæг нæй. Уырыссаг ус æй схъомыл кодта.

— Кæд хъæды халонау зыбыты иунæг у, уæддæр хæрзуд у. Куы загътон, Дианæйы бынаты фæстæмæ дæр нæ фæкæсин, афтæмæй йæм смой кæнин, — ныуулæфыд Нинæ.

— Нинæ, цы уый зоныс, — цин кæнгæйæ загъта Валентинæ Иваны чызг. — Мæнмæ хыссæ конд ис. Æртæ чъирийы скæнæм æмæ Дианæйы дæр æрбахонæм.

— Нæ бакомдзæн.

— Уæд та сæхимæ абаддзыстæм.

— Нæ зонын... — фæсыкк Нинæ. — Уæртæ æрбацæуы... Дианæ, нæ басыдтæ? Цом уал махмæ.

— Бузныг, — загъта Дианæ æмæ пъадвалмæ фæуырдыг кодта.

— Йарæппын уæдæ йæхи мойгæнæг сылгоймагау дæр нæ дары, гъе дæхи ацахор, гъе та уæлæдарæсæй хуызæнæн...

— Йæ удыхъæд бæззы, — загъта Нинæ.

Уынджы, кæрты ныррухс электрон цырæгътæй æмæ Артуры бахызт фæиу сты. Йæ къухы гæххæтты даргъ тыхтон, афтæмæй.

— Кæй кой кæнай — къæсæрмæ, — сдзырдта Нинæ.

Валентинæ Иваны чызг фæкаст дуармæ:

— Кæй хъæуы, уый йæм фæзынд. Уæдæ афтид армæй дæр нæ.

— Уæ изæртæ хорз, — салам радта Артур.

— Æгас нæм цу, Артур, æгас! — загъта Валентинæ Иваны чызг.

— Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, — раарфæ кодта Нинæ.

— Бауайын уæм æмбæлы?

— Дæу хуызæн дзæбæх уазæгæн кæддæриддæр æмбæлы, — хъæлдзæгæй загъта Нинæ.

Артур æфсæрмдзæст æмæ сæргуыбырæй фæуырдыг кодта пъадвалмæ. Æрлæууыд Дианæйы агъуысты дуары раз. Сындæг дуар хойы.

— Æдылы къоппа, — мæстæлгъæдæй загъта Нинæ. — Йæ амонд йæ къахы фындзæй къуыры. Кæс-ма, йæ хостæй йæ базыдта æмæ дуар гом кæнынмæ фæстиат кæны.

— Хуыцау бахизæд, — батыхст Валентинæ Иваны чызг, — æмæ йæ лæг фæзына.

— Ма тæрс, — æууæнкджынæй загъта Нинæ. — Стæй йæ куы ’рбаййафа, уæд цы? — рамæсты, — кæс-ма, дæ хорзæхæй, уый ус ракуырдта, сывæллон дæр ма йын ис...

— Омæ йæ фæстæмæ кæй агуры, уымæ гæсгæ зæгъын.

— Фæстæмæ йæ агуры, уымæн æмæ йæ дыккаг ус йæ бынаты бадын кæны.

Сæ размæ дзырдбæрц Артур куыд бацыди, уый сæ ничи бамбæрста. Ам нæй, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд сæ дыууæ дæр фестъæлфыдысты.

— Ам ис... — æмдзырд фесты дыууæ усы.

— Иу хатт-ма бахой, — загъта Нинæ, — стæй йæ уæд мæ бар уадз.

Артур рог къахдзæфæй фæуырдыг кодта æмæ та сындæг хойы Дианæйы дуар.

— Кæс-ма, кæс, æвæццæгæн ыл уынджы йæ цæст æрхæцыд æмæ уымæн фæтагъд кодта сæхимæ, æндæр ын мæ хойы чызг цавæрдæр чиныг æрбахæссинаг уыди æмæ уымæ æнхъæлмæ кастаид.

— Хæрзаг хъусы хойын æмæ кæуы, — загъта Валентинæ Иваны чызг.

— Кæуы, — йæ сæр ныфсхастæй батылдта Нинæ. — Уымæн æмæ йæ æнæ уарзгæ нæу.

— Омæ кæй нæ бауарзай, ахæм лæппу у? Цæхæртæ куы калы йæ фырхæрзæфснайд æмæ хæрзаивæй.

— Къæбæлы хуызæн лæппу, — загъта Нинæ.

Дианæ лæууыд дуары хæд цур, кæд дуар нæ гом кодта, уæддæр йæ хъус дардта, æддейæ цы митæ цæуы, уыдонмæ. Бæгуы дæр базыдта Артуры хост, хъусы дæрддзæфгæнæг къахдзæфты уынæр, сылгоймæгтимæ ныхасы тауыс. Аздæхт, уый рахатыдта, исдуг хъавыд йæ фæдыл азгъорын, удаистæй ахъæр кæнын. Дуар гомгæнæнмæ дæр ма февнæлдта, фæлæ йæхи фæурæдта. Къæрцхъусæй ныхъхъуыста кæрты ныхасмæ. Нæлгоймаджы ныхас куы нал хъуыст, уæд уыцы иу риуыгъдæн хъавыд дуар фегом кæнынмæ, фæлæ фехъуыста Артуры хъæлæс æмæ дуары æнцойы бамыр. Цæуыл тыхсы, цæ? Йæ лæгæн куы сразы хицæныл. Цæмæй дзы стъæлфы, цæ? Йæ фырт та? Цы йын зæгъдзæн куы схъомыл уа, уæд?! Æвæццæгæн ацыди, батыхст, фæлæ хъусы пъадвалмæ къаххъæр.

— Дуар-ма бакæн! — дзырддзæугæ ныхасы уагæй дзуры Нинæ. — Кæмæ дзурын æз! Дæ хъæддаг митæ мын ма уынын кæн!

Дианæ дуар бакодта.

— Дуæрттæ цы сæхгæдтай, кæд дæм бырсгæ нæ чындæуы? — бахъуыр-хъуыр кодта Валентинæ Иваны чызг дæр.

— Мидæмæ, — къæмдзæстыгæй загъта Дианæ æмæ Артуримæ сæ цæстæнгас фæдзуарæвæрди. Сæ дыууæ дæр асырх сты.

— Уазæгæн «æгас цуай», зæгъ, — бауайдзæф кодта Нинæ æмæ дуары æдде фæци. Йæ фæстæ Валентинæ Иваны чызг дæр.

Алæууыдысты æдзæмæй, æрæджиау уазæг сдзырдта:

— Мидæгдæр цæуын не ’мбæлы?

— Цæуылнæ?

Артур йæ тыхтон стъолыл авæрдта. Йæ худ систа, йæ тыхджын къухтæй йæ цыбырæлвыд сæрыхъуын хæрдмæ афаста, стъолæй райста тыхтон æмæ лæгъстæйæ загъта:

— Дианæ, мæнæ ацы дидинджытæ стъолыл сæвæрон? Лæг дæм дзурын дæр нæ уæнды. Бирæ азты дзæбæхæй цæр...

Дианæ ныфсæрмы:

— Артур, стыр бузныг де ’рхъуыдыйæ, фæлæ нæ хъæуы. Ныртæккæ ссæудзæн æмæ хъуамæ ацæуон, — фæтар Дианæйы цæсгом.

— Чи?! Кæдæм?! — сонтæй сдзырдта лæппу. Йæ цæсгомы хуыз. йæхи рафæлив-бафæлив кодта. Дыууæ къухæй сæрмæ февнæлдта, йæ сæрыфæхстæ æнгом æрбалхъывта, стæй ныфсджын æмæ зæрдæбынæй загъта:

— Ничи ссæудзæн! Никæдæм цæуыс!.. Æз.. Æз дæ нæ уадзын!.. — агъуысты дыууæрдæм рацу-бацуйыл фæци. Фæлæууыд Дианæйы раз, Дианæ дзы исдуг тæрсгæ дæр ма фæкодта æмæ æддæдæр акъахдзæф кодта. — Æз дæ нæ уадзын!.. — уæззаугомау æрбадт, йæ размæ йын Дианæ цы бандон авæрдта, ууыл, сæргуыбыр æмæ æфхæрдæй. Ахæм æфхæрдхуыз ын уыди æмæ цыма уыцы иу уысмы фæгуыбыр, Дианæмæ афтæ фæкаст. Артуры цæстытыл цæстысыджы халас федта, кæд цæссыг йæ бæзджын цæсты тъыфылты фæтæпп-фæтæппæй амбæхста, уæддæр. Æппынфæстаг йæ къухтæй бамбæрзта йæ цæсгом.

Дианæ йæм хъавыд бакъахдзæф кæнынмæ, фæлæ... йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Йæ цæстытыл ауад... Мадæл зæрватыкк æдзæрæг хæдзары мидæг ахстон скæны, лæппынтæ рауадзы. Æмæ иу хатт агъуыстæй рацæйтæхгæ бахауы рудзынджы дыууæ рамкæйы æхсæнмæ. Уыны авгæй йæ лæппынты хæлиу дзыхæй, хъусы сын сæ æххормаг цъæхахст, нæ сæ æфсады иунæгæй сæ фыд æмæ сцъиу-цъиу кæнынц. Мад стæхыныл архайгæйæ бафæллайы, фæхойы йæхи æвгтыл, фæтухитæ кæны, бафæлмæцы... Æмæ амæлы... Ау, Дианæ йæхи бауадздзæн уыцы зæрватыккау фесæфын?! Нæ бауадздзæн!.. Фæлæуу, фæлæуу, йæ фырт та? Æмæ йæ фырт цæрдзæн йæ бæсты? Æмæ афтæ куы рауайа, æмæ йæ лæппуйы сæрвæлтау бацæудзæн тъыфыл арты. Фидаримæ, фыдлæгимæ царды иу æфсондзы бынмæ йæ фырты тыххæй, æмæ йæ фырт уый куы нæ бамбара уæд та? Куы йæ бамбара, уæддæр ма йын исчи ратдзæн дыккаг цард?.. Цалынмæ афтæ хъуыды кодта, уæдмæ Артур дуарæй ахызт...

***

Æхсæвæрафон йæ лæппуйы къурткæ хуыд куы фæци, раст уыцы цъусдуг чидæр дуар бахоста. Фестъæлфыд. Артуры уæздан хост базыдта. Цы кæна, афтæмæй Фидар куы æрбалæууа. Исдуг сахлæудгæнгæ аззад. Дуар та æрбахостæуыд. Дуармæ ауад.

— Чи дæ? — зæрдæскъæфтæй афарста.

— Æз дæн, дæ хорзæхæй, бакæн-ма дуар, — фехъуыста Артуры æхсызгон хъæлæс.

— Ацу, курын дæ, ацу...

Дуары æддейæ нæлгоймаджы къаххъæр куы~ адард, уæд Дианæ йæ бинаг былыл дæндагæй фæхæцыд. Йæ дыууæ къухæй ныххæцыд дуары хæцæныл. Ныттылдта йæ... æмæ ныккуыдта...

Йæ фысым Нинæ федта Артур куыд фæзылд, уый, æмæ фæуырдыг кодта пъадвалмæ.

— Дуар-ма бакæн, — сдзырдта Нинæ.

Зивæггæнгæ байгом дуар.

— Мæнæ йæм цы хъарм у! Æмæ цы хæрзад тæф цæуы уый та! — цыма Дианæйы уавæр нæ бафиппайдта, ахæм хуызы йæхи дардта æмæ стъолыл фыдджыны размæ бабадт, аивæй йæ цæст Дианæмæ даргæйæ. Уый та йæхи цы фæкæна, уый нæ зонгæйæ рауай-бауай кодта. Нинæ исдуг джихæй алæууыд, стæй афтæ зæгъы сагъæсхуызæй:

— Дианæ, мæ къона, æз æххормаг дæн, фыдджын ахæрæм. Иунæгæй йæ куы хордтаис, уæд æй æз не ’рбаййæфтаин.

Нинæ фыссæн стъолы сæрмæ къулыл ауыгъд Лазæры къаммæ фæкомкоммæ:

— Алыхатт дæр дæ фæрсинаг вæййын, Фидаримæ уын иумæ ист къам куыд нæ ис, уымæй.

— Никуы бакуымдта... — сирвæзт Дианæйæ.

— Афтæ-ма мæ размæ æрбад.

Æрбадт бандоныл Нинæйы раз.

— Дианæ... — Нинæ йæ дзæбæх зæрдæйы ахастæй йæ рахиз къух йæ риуыл авæрдта. — Гъер бавдæл æмæ кæимæ фидауыс, уыимæ сис дæ къам. Ды, Дианæ, хорз лæджы къухы фидауыс. Ахæм та у дæ милиционер. Бæх барæгæй фидауы, уый бамбар. Байхъус мæнмæ, нæ фæрæдидзынæ...

Дианæ йæ сæр æруагъта.

— Хорз, æз дæ былæй аппарон, фæлæ дæ Доцион, йæ чызг, йæ сиахс, уыдон дæр дæ сафгæ кæнынц? Æз Мæдинæйы хæсты рæстæгæй нырмæ зонын. Иу госпитæлы куыстам. Уый хирургæй, æз та санитарæй, стæй медицинон хойæ. Гъер дын мад куы уаид æмæ дын мад иунæг загъд куы кæнид, уæд сразы уаис. Мах та чи стæм? Фæлæ зон, мах дæр дын æцæгæлæттæ кæй не стæм, уый. Адæймаг æфсымæртæ æмæ хотау кæимæ цæры, уыдон се ’ппæт иу мадæй нæ райгуырынц. Бамбар, мæ къона, нæй, нæй хи удæй хи цард давæн! Чи йæ адавы, уыдонæй ничи ма фæфæндараст. Дæ фыртæн ис фыд, фыды мад, хæдзар.

Афтæ нæ зæгъын, æмæ йыл дæ къух сис. Фæлæ дæ фыртæн дæ чызгон сæр тухын фæнд ма скæн. Ницы цард федтай дæ лæджы къухы. Ницы цард фендзынæ куы та баиу уат, уæддæр. Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у. Гъер ма дæм Артур уолæ уынджы тигъæй йæ къух куы фæтила, рацу, зæгъгæ, уæд фæстæмæ дæр мауал фæкæс. Афтæ дын зæгъид дæ дзæбæх фыд дæр.

— Н-нагъ, — йæ сæр батылдта Дианæ.

— Цæуылнæ? — хин каст æм бакодта Нинæ, — æви... дæ зæрдæмæ нæ цæуы?..

Дианæ зæхмæ кæсгæ баззад. Нинæ ма цыдæр зæгъинаг уыди, фæлæ дуар уæздан æрбахостæуыд. Дианæ фестъæлфыд. Нинæ дæр базыдта, чи хойы уый, йæ хосты уагæй æмæ загъта:

— Уый у! — йæ амонæн æнгуылдз фæхъил кодта, йæ сæр батылдта æмæ мидбылхудгæ адзырдта:

— Мидæмæ!..

Дуар байгом æмæ бахызт Артур цæхæркалгæ милицæйьгдарæсы, майоры цины.

— Уæ изæртæ хорз...

— Кæй изæр у, уый хорзæх... Кæй кой кæнай — къæсæрмæ... — фестад Нинæ.

Фестад Дианæ дæр.

Нинæ æдзæстхиз цинтæ кæны уазæгыл, Дианæ та цы акодтаид, уый нал зыдта. Иуæй Нинæйы раз ныкъкъæмдзæстыг, иннæмæй йын æхсызгон уыди Артуры бацыд. Фæлæ... Фидар, мыййаг, фыдбылызау куы фæзына. Æмæ æниу цы, фæзынæд... Æппындæр дзы нæ тæрсы. Нинæ дæр ам куы и, фæлæ кæдæм фæцæуы, кæ?

— Мæ фыдджыны хаймæ зындзынæн, — загъта Нинæ æмæ федде.

Дианæ чъири дыууæ дихы акодта, тæбæгъы йæ авæрдта æмæ йын æй йæ фæдыл адавта. Йæ фæстæмæ фездæхынмæ Артур лæууыд агъуысты астæу йæ ног кителы.

Дианæ йæ мидбылты бахудт æмæ загъта:

— Амондимæ фæдар дæ ног дарæс.

— Бузныг, — загъта мидбылхудгæ Артур дæр æмæ йæ дыууæ къухæй йæ кителы тæрттæ æрриуыгъта.

Стæй та йæ къухтæ йæ цыбырæлвыд сæрыхъуынтыл æрхаста.

— Дæ къæбæлдзыг сæрыхъуын та алвыдтай?

Лæппуйæн æхсызгон уыди, йæ сæры конд ын кæй бахъуыды кодта, уый. Райдзаст цæсгомæй бакаст Дианæмæ æмæ загъта:

— Сæрыхъуын мыл фидауы, уый хатын, фæлæ цыфæнды куы фæдзурæм, уæддæр æфсæддон лæг дæн æз, — йæ дыууæ къухæй йæ хæлафы фадгуытыл схæцыд уæлдæр æмæ сбадт, Нинæ цы бандоныл бадт, ууыл. — Абон нæм рæнхъыстады аив лæуды цæстæнгас уыди... — загъта Артур æмæ ницыуал сдзырдта Дианæйы сагъæсхуыз цæсгоммæ фемдзаст уæвгæйæ.

— Артур, — сдзырдта Дианæ, — цæмæн æрбацыдтæ?

— Мæ хъуыддаджы фæдыл, — дзуапмæ фæрæвдз лæппу. Йæхинымæр та ахъуыды кодта: «Мæ ном йæ дзыхы цы дзæбæх бады», — æмæ йæ рихийы бын бахудт, сылгоймаджы фарста цыма уымæ ницы бар дардта, ахæм хуызы.

— Курын дæ, ацу. Фидар æрбацæуинаг у.

— Æрбацæуæд! — фестад æмæ ныфсджын къахдзæфтæй рацу-бацу кæнын райдыдта. — Æппындæр дзы ницы æфсæрмиаг дæн æз.

Цыдæр æнахуыр фæхъыг Дианæйæн йæ ныфсджын ныхасы уаг. Дæрзæг ныхас зæгъинаг ын уыди, фæлæ...

— Ацу, ацу, дæ хорзæхæй...

Артур дуармæ ауади, æрлæууыд æмæ фырхъыгхуызæй афтæ куы зæгъид:

— Цымæ цæмæн у цух, уарзæг адæймаг уарзондзинады ад банкъарынæй?!

Нæлгоймаг йæ хъуыды загъта афтæ, æнæуый йæ зæрдæйы судзаг сисынæн йæхицæн дзурæгау. Фæлæ!.. Ацы иунæг хъуыдыйад сæ дыууæйы суйтæ хъысмæты цалх рацарæзта раст фæндагыл. Æмæ, дæ хъуыддаг раст, зынаргъ кæсæг, Дианæ ныссагъæсы и. Æрхудт йæхиуыл. Æмæ цытæ кæны? Кæмæ æнхъæлмæ кæсы? Кæмæй æфсæрмы кæны, уыдонæй йæ исчи бабæрæг кодта, куыд цæрыс, зæгъгæ? Чи йæ хъыгдары ацы дзæбæх лæппуимæ йæ цард саразын? Асырх. Уый бафиппайдта Дзодзыккайы-фырт æмæ йæм ныфсджынæй бакъахдзæф кодта.

Дианæ дзы фæтарст, йæхи фæзылдта йæ сæр æмæ йæ къух батылдта:

— Нæ, нæ! Æрбадæм æмæ баныхас кæнæм.

Ныр та Артур асырх. Фыдджыны размæ абадт. Дианæ дæр йæхи æруагъта стъолы кæрон. Уыдис сæм ныхас. Лæппу дзырдта йæ царды фæндтыл. Дианæ та загъта, ацы уалдзæг, Хуыцауы фæндæй, йæ фыды ингæнмæ къухæвæрынмæ цæуинаг у...

— Иумæ ацæудзыстæм, — фæрæвдз Артур.

— Нæ хъæуы. Светланæ цæуы...

— Уый та цæмæн? — фæсыкк, куы та ныззыкъуыр уа, уый тæссæй йæхи раст кæнынмæ фæци. — Рацæуæд, ноджы дзæбæхдæрæй цæудзыстæм. — Йæ цæсгом фæтар.

— Цы кæныс? — батыхст Дианæ.

Артур æм донæй дзаг цæстытæй бакаст.

— Цæй амондджын дæ. Куы зонин мæ фыд кæм ныгæд ис, уый, — фестад, æрбатыхст, — бауырнæд дæ, мæ гуыбыны цъарыл æм фæбырин...

Байсогъуырон æм хæрдмæ кæсы, æххуысхъуаг къаннæг саби йæм фæкаст æмæ йын йæ къухмæ бавнæлдта.

Лæппу фæуыргъуыйау. Цы ’рцыд?!

Æргуыбыр æм кодта. Дианæ банкъардта цыдæр æнахуыр, сыгъдæг, æхцон нæлгоймаджы буары уддзæф йæ гом хæдоны тæрттæй. Исдуг кæрæдзимæ кæсынц цыппар цæсты. Æппынфæстаг Дианæ фестынмæ хъавыд, фæлæ Артур, йæ къух ын нæ уæгъд кæнгæ йæ разы дзуццæджы æрбадт. Йæ сæр ын æрæвæрдта йæ уæрджытыл.

Дианæ йæ цæсгом æруагъта лæппуйы цетен сæрыл...

Иу бон райсомæй раджы Фидар бабадт автобусы. Æмæ карст-барстæй дыууæ сахаты фæстæ ныфсхастæй бахоста Дианæйы агъуысты дуар. Ныртæккæ йæ фырты йæ хъæбысмæ фелвасдзæн, стæй ахъæбыс кæндзæн Дианæйы æмæ сæхимæ... Фæлæ! Куы ничи кæсы æддæмæ. Мидæгæй дæр куы ницы уынæр цæуы? Дуары мидæг æгуыппæг ахаст æй тасы бафтыдта. Дуар та йæм цыдæр æгомыгæй каст.

Бахоста та дыккаг хатт, æртыккаг хатт. Нæй, ничи ис дуары мидæг. Рацыд кæртмæ. Нинæ йæ рудзынгæй ауыдта, фæлæ йæм барæй нæ ракаст. Ныр рацыд сæрыстырхуызæй Нинæ, цыма Дианæ мой кæй скодта, уый канд Фидарæй нæ, фæлæ æппæт хиуарзаг нæлгоймæгтæй дæр йæ маст иста, афтæ. Салам раттыны фæстæ йæ Дианæйæ куы бафарста, уæд ын загъта:

— Цы дзы кæныс?

— Хонгæ йæ кæнын. Иу бон дæр ын нал ис ам ныууадзæн... Сывæллон дæр тæригъæд у!

— Хонгæ зæгъыс? Кæдæм? Киномæ? — айуанæй бафарста Нинæ.

— Нæ тæккæ хæдзармæ! — бæгуы лæгау загъта Фидар.

Нинæ хинхудт бакодта:

— Байрæджы кодтай, мæ лымæн. Кæй хъуыди, уый йæ æд фырт ахуыдта йæ хæдзармæ.

Фидар сахлæуд кæнгæ аззад. Сайгæ йæ кæй нæ кæны, уый сылгоймаджы ахастыл бамбæрста æмæ мæстæлгъæдæй фæхъæр кодта:

Худинаггæнæг!..

Мыдыкъусы хуызæн, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, сæ ахæм кæрт Дианæ куы марзта, уæд æрбацыд Артур æмæ дуармæ фæхсбадæн бандоныл æрбадт, Дианæмæ йæ рахиз къухæй бандонмæ ацамонгæйæ:

— Мæнæ ма афтæ мæ размæ абад, мæ хуры хай.

Дианæ йæ цъылын йæ размæ къулы æнцой æрæвæрдта, æрбадт æмæ йын Артур ахæм хабар радзырдта:

— Адунейы царды, мæ рæсугъд, ницы ис æнæнхъæлгæ. Абон партион конференцийы фембæлдтæн мæ ленинградаг æрдхордтæй иуыл, сыгъдæгзæрдæ адæймаг Хъабанты Махарбегыл. Уый дæр-иу рæстæгæй-рæстæгмæ мемæ метрополитены акуыста. Ахуыр кодта Ленинградон æфсæнвæндаджы институты. Æнтыстджынæй йæ каст фæци. Арвыстой йæ Сыбырмæ Тайгайы зындзæуæн хъæды æфсæнвæндаг гæрдынмæ «Байкал-Амуры сæйраг магистраль». Ныр та кусы нæхи горæты æфсæнвæндаджы вагзалы хицауæй. Бирæ фæныхас кодтам. Ис ын бинойнаг æмæ дыууæ лæппуйы... Дæу тыххæй йын радзырдтон. Фæнды йæ базонгæ уын демæ æмæ нæ лæппуимæ. Æфсæнвæндагæн ис йæхи сæрмагонд къаннæг дзулфыцæн завод. Технологтæ ис, фæлæ сæм дзулфыцæн техникæ ифтонг гæрзты дæсны нæй. Дæ дæсныйад «техник-технолог» кæй у, уый йын куы загътон, уæд загъта, тæккæ райсом, дам, мæм фæзынут...

Дианæйы цæстытæ фырцинæй доны аленк кодтой, куысты амонды сæуæхсиды уддзæф та аивылд йæ зæрдæйы...

Уыцы къуырийæн йæ фыццаг хуыцаубон Артур йæ хæдзары стъолы раз бадти æмæ цыдæртæ фыста. Уалынмæ кæртæй фехъуыст нæлгоймаджы æмæ чысыл Лазæры ныхас...

— Уый сыгъдæгæйдæр Махарбег йæхæдæг у! — сдзырдта зæрдæрайгæйæ Артур æмæ йæ размæ ауад. Дианæ дæр йæ фæстæ...

Кæрæдзийыл ныццин сты «бон хорз» зæгъгæйæ...

— Дзæбæх хæдзар дын ис, — хъæлдзæгæй загъта Махарбег, — зæххы гæбаз дæр... хæрзкойгонд цæхæрадон...

— Цæнæбæрæг цæхæрадон у? — йæ уæхск базмæлын кæнгæйæ загъта Артур.

— Цы ис, уый хорз, — загъта уазæг.

Дыууæ нæлгоймаджы æрбадтысты фæхсбадæныл. Дианæ та мидæмæ бацыд. Лазæр дæр йæ рæсугъд бæхыл уынгмæ фескъæрдта...

Махарбег радзырдта ахæм хабар:

— Дзулфыцæн заводы директор Хасан Дианæйæ стыр разы у. Йæ фыццаг кусгæ бон ын йе столыл æрæвæрдта гæххæтт, кæцы ран бæрæггонд уыди, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр, цыппæрдæс техникон фиппаинаджы... йæ куыст хорз зоны, зæгъгæ дзы арфæгонд у. Уый мæнæн дæр æхсызгон у, кæй зæгъын æй хъæуы...

Цас ма ныхас кодтаиккой, чи зоны, Дианæ сæ мидæмæ куы нæ хуыдтаид, уæд.

— Цæмæн мидæмæ? — зæгъы Махарбег, — ам мæнæ дзæнæты бадæн куы у...

Чысыл рæстæджы фæстæ сæ кæрты сыхæгтимæ бадтысты тымбыл фынджы алыварс...

Артур уæзбын йæхи диваныл æруагъта. Дианæ дæр йæ разы æрбадт æмæ йæ бафарста:

— Цы кæныс? Цæуылдæр тыхсыс?..

— Знон Ашхабадæй писмо райстам, фыссы нæм Мидхъуыддæгты министрад... — æрбатыхст Артур...

— Кæд дын зын у, уæд ма дзур.

— Нæ, абон уа, райсом уа, уæддæр дын æй зæгъдзынæн. Мæнмæ дæуæй æмбæхст ницы ис. — Батыхст та. Ныуулæфыд. — Мæ мад иу лæгимæ куыд алыгъд, уый дын дзырдтон. Бавдæлд æмæ йæ хæхты... къæдзæхæй аппæрста...

— Цы?! Куыд аппæрста?! — Дианæйы зæрдæ æрбауынгæг.

— Йе ’хца йын райста, æвæццæгæн... фæлæ мæн нæ уырны...

— Базондзынæ ма Гæдойы?

— Базондзынæн. Йæ гæды ирд цæстытæ мæ нæма ферох сты, — батыхст. — Цæуын хъæуы...

Фæндаггагыл æппындæр ма мæт кæн.

— Уыцы æхцамæ æвналæн нæй. Дæ фыдмæ цæуыны капеччытæй зæгъын.

— Цæмæн уыцы æхца?

Радзырдта йын, хатыр ракургæйæ, журнал «Мах дуг» йæ таурæгъæй скъуыддзæгтæ кæй мыхуыр кæны, стæй...

Артур æм кæсгæ баззад. Йæ сæр батылдта æмæ арæхстгай, раст цыма сæртæг авджын дзаумамæ æвнæлдта, афтæ райста Дианæйы къухæй бæзджын тетрад, рафæлдæхта йæ æмæ бакаст: «...Йæ хуылыдз фæччи асалд æмæ хæбæртт-хæбæртт кæнгæ фæраст сæхимæ...»

— Тынг хорз! Æппæлинаг хъуыддаг! — зæрдæскъæфтæй загъта Артур. Фестад æмæ йæ фелвæста йæ хъæбысы суанг цары онг...

Дуары дзæнгæрæджы хъæр ссыди. Дианæ рауад. Чысыл рæстæджы фæстæ бацыди, йæ къухы алименттæн æхцайы хъусынгæнинаг æмæ тæрхондонæй гæххæттимæ. Хъусын ын кодтой, хæдзары мулкæй йæм армы æхцайæ цы æмбæлди, уый бафидын Фидары бон нæу æмæ йын лæвæрд æрцыд æмгъуыд. Бæрæг æмгъуыдмæ куы нæ бафида, уæд æм хæдзарæй цы хай хауы, уый æмбис тæлæтгонд æрцæудзæн...

Дарддæр касти, зæгъгæ, дам, закъонæй хицæнгонд æрцыдысты.

— Æцæг?! — сцин кодта Артур. — Ардыгæй фæстæмæ мæ мыггаг хæсдзынæ! Æгайтма дзы схицæн стæм, æндæр нæ йæ хæдзар дæр нæ хъæуы æмæ йæ алименттæ дæр!..

— Цæмæн?.. — загъта Дианæ æмæ цъусдуг фæсабыр... Стæй райдыдта дзурын:

— Дæ хæларзæрдыуаг æмæ дын дæ уæздандзинад æмбарын æмæ дæ дæн уый тыххæй арфæйаг. Фæлæ мæн дæр бамбар, дæ хорзæхæй. Лазæр йæ фырт у, уыимæ та ма у лæппу. Закъонмæ гæсгæ цы æмбæлы, уый исын: алименттæ дæр, хæдзарæй дæр æм цы хауы, уый, ома иу агъуыст цæхæрадонимæ йын цы ’мбæлы, уыцы зæххы хай. Дæ фæндон æмæ дæ рæстзæрдæйæ та йын йæ алименттæ æмбырд кæндзыстæм иу уатон кооперативон фатерæн. Де ’ртæуатон кооперативон фатер цы бæстыхайы ис нæ горæты, уым...

Артуры цæстытæ фырдисæй ныйирд сты. Зыдта йæ бинойнаг зондагур никæмæ ацæудзæн, фæлæ йæ хъæбулæн ахæм царды фæрæзтæ ныннывæнддзæн, уый æнхъæл нæ уыд...

> — Ныхас дæр ыл нæй, — цинæй загъта Артур, — æз разы дæн, мæ зондыкъуыбар!..

Артур дæр радзырдта ахæм хабар:

— Абон федтон... — Фæхъус. — Иу ныхасæй, раст вагæттæцалцæггæнæн заводы раз, фæзы тæккæ фæзилæны лæууыд инвалиды машинæ «москвич». Йæ размæ куы бахæццæ стæм, уæд ын йæ машинæ иуварс исын кодтон, фæлæ мæ мисхалмæ дæр не ’рдардта. Æрлæууыдыстæм йæ разы. Хъæвыдтæн ын, фæндагыл цæуыны уаг кæй хæлдта, уый фæдыл бауайдзæф кæнын. Мæнæн дæр машинæйæ мæ рахизын, «москвич»-æй дæр лæгæн йæ рахизын. Йæ галиу къахы дзабыры уæзбын змæлдæй бамбæрстон, хи къах дзы кæй нæй. Фездæхтæн, цы йæ хъыгдарон, зæгъгæ, æмæ дын сбадынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæм куы фæдзурид, цыма йæ рагон зонгæ уыдтæн, ахæм бæрнон уагæй. Æз æм бауадтæн. Хатыр мæ ракуырдта æмæ мын мæ къухы машинæзилæн ручкæ фæсагъта, йæхæдæг бабадт. Æз зилын, уый газ дæтты. Скуыста матор. Арфæ мын ракодта. Ручкæ райста æмæ мæм гом дуарæй йæ сæр куы радардта, фæндарасты салам зæгъынмæ, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Сагъдæй лæугæ баззадтæн йæ фæдыл кæсгæ. Мæ алывæрсты машинæтæ сындæг цæуынц. Венгриаг бур автобусæй та æрыгон шофыр стыр разыйæ радзырдта: «Милицæйы майор дæр уынджы уаг халын зоны?»...

— Æмæ уæддæр цы кодтай? — афарста йæ Дианæ.

— Нæ зонын, нæ зонын, — йæ къухты æнгуылдзтæ æддæг-мидæг ауадысты Артурæн. — Йæ сæр мæм гом дуарæй куы радардта, сæры тылдæй мын куы раарфæ кодта, мидбылты бахудгæйæ, уæд мæм фæкаст... — батыхст...

— Цы кæныс?! — тыхстæй йæ афарста Дианæ.

— Зоныс, Дианæ, афтæ мæм фæкаст цыма... цыма мæ фыд уыди... Ма мыл бахуд, — йæ цæстытæ доны аленк кодтой. — Сабиау мысын райдыдтон мæ ныййарджыты. Хъуыды кæнын, æз цардтæн ацы горæты, уый мын мæ нана, мæ хъомылгæнæг Аннæ дæр дзырдта. Æз, дам, дæ ахондзынæн Цæгат Ирмæ, бацамондзынæн дын дæ райгуырæн хæдзар. Фæлæ нын нæ бантыст... Раст ме скъола фæуыны рæстæг амард. Хъуаг æмæ цыбыркъух нын нæ радтой фадат нанайы фæндтæ сæххæст кæнынæн. Рухсаг уæд. Мæ фыд, мæ фыды хуызæн мæм цæмæн фæкаст уыцы лæг?!

— Омæ уый ссарын тынг зын у?

— Зын у, — дзуапп радта Артур, — сонт-монты адæймагæй гæххæттытæ нæ бацагурдзынæ. Æз мæхи уымæн æфхæрын, йæ фæстæ хæлиудзыхæй кæсыны бæсты йын йæ номыртæ цæуылнæ бахъуыды кодтон?! Æниу сæ куы бахъуыды кодтаин, уæд цы?! Аргæ дæр æй скæнин, зыпп, зæгъгæ, фæлæ цы зæгъдзынæн? «Мæ фыды хуызæн мæм фæкастæ!».

— Цæй, дæхи цæуыл хæрыс? — ныфсæвæрæн ныхас ын загъта Дианæ, — æппынфæстаг дæ фыд удæгас уæд, æмæ йæ ды та ма уын. Æз разы дæн, зæххы бын куы нæ уаид æмæ кæмфæнды дæр куы цæрид мæ фыд.

Артур фæхъæлдзæгдæр.

— Гъер мын дæ ныхас фенцон, æндæр мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста. Мæ фыд уыди æмæ мæ фыд! Æниу мæ бафæрс, уæд цымæ кæцæй райстон мæ фыд уыди, уый? — йæ сæр аныхта. — Ды куы нæ уыдаис, уæд ахсæв бонмæ дæр хъынцъым кодтаин уыцы лæгимæ. Алцæмæ дæр мæ ныфс хæссын, фæлæ мæт кæнын, цымæ дæуæн мæ бон кæд бауыдзæн зæрдиаг исты хорздзинад бакæнын.

— Æмæ нæ кæныс? Æмæ нæ бакодтай? — райгондæй загъта Дианæ. — Кæд царды исты дæн, уæд уый дæу руаджы. Мæ фыдмæ дæр цæуын де ’ххуысæй.

— Æгæр мæ ма ’ппæл.

Бахудтысты сæ дыууæ дæр.

— Рæстæг цæй тагъд згъоры, — загъта Артур. — Билетты кой кæнын хъæуы, — карз цæстæнгасæй бакаст Дианæмæ. — Æрмæст кæугæ — куыд æмбæлы, афтæ, æмбарыс, дæ уавæры не ’мбæлы кæуын, — загъта æмæ бахудт.

Дианæ дæр зына-нæзына йæ мидбылты бахудт.

Раст цыма базыдтой фæндаггон кæй сты, уый, афтæ сырддонцъиутæ мусмæ тæхæгау цыдысты Дианæйы гонорары чектæ. Театр ын райста йæ пьесæ «Уады ныхмæ». Таурæгъ «Быран» мыхуыр кæны журнал «Мах дуг», телеуынынадæй — чек, радиохъусынадæй — чек, Хуссар Ирыстоны журнал «Фидиуæгæй» — чек...

Фыдыбæстæйы хæсты уæлахизыл ссæдз азы сæххæсты уалдзæг, Фарæстæм майы, сæумæраджы, хур йæ был куыддæр сдардта, афтæ станцæ «Зикеевæ»-йы æрлæууыд поезд Брянск—Мæскуы. Рахызтысты дзы Светланæ, Артур æмæ Дианæ. Семæ ма рахызтысты цалдæр бæлццоны. Поезд куы аивгъуыдта, уæд станцæйы, кæд афтæ зынди, кадавар адæм рахызт, уæддæр дзæвгар дзыллæ баивылд фæзмæ. Уым лæууыдысты уæзласæн автомобильтæ æмæ «виллис». Иу цъæхдзаст лæппулæг, æвæццæгæн сыл хуызæй фæгуырысхо, бацыд Артуритæм æмæ бафарста:

— Куыд кæсын, афтæмæй сымах дæр уазджытæ стут æмæ уæ кæд æфсæддон хайадмæ цæуын хъæуы?

Артур загъта:

— Улемецмæ у нæ фæндаг.

— Сбадут уæдæ, — загъта лæппу.

Семæ ма «виллис»-ы абадтысты цалдæр сылгоймаджы æмæ нæлгоймæгтæ.

Бæлццæттæ сæ цæссыг нæ урæдтой. Машинæ куыд згъордта, афтæ цæссыг дæр уади. Дианæ æфсæрмы кодта Артур æмæ Светланæйæ, кæд уыдонæн дæр сæ цæстыхаутыл сæлфынæг бадти, уæддæр. Æмæ ныр æргом кæуæг адæмимæ куыдта. Артур-иу æм бадзагъул кодта, æгæр дæхи ма ’фхæр, зæгъгæ, фæлæ йæхицæн дæр йæ зæрдæйы тыппыр нæ хæлд. Æмæ-иу йæ сæр азылдта рудзынгмæ.

Гъæ-джиди, куы зониккой Артур æмæ Светланæ дæр сæ фыдæлтæ сæ райгуырæн зæххы сæрвæлтау сæ æрыгон сæртæ кæм æруагътой, уый!

Дианæ кæсы рудзынгæй. Æнæкæрон бурбын зæххытæ, иугай къудзитæ. Ног хуымгонд быдырты бырынц тауæн машинæтæ. Дианæйы цæстыты раз рæстæгæй-рæстæгмæ февзæры хæсты быдыр...

Мæнæ, мæнæ быдыр, кæм хæцыд йæ фыд! Ацы быдырты згъордта знаджы йæ разæй сургæ? Цымæ кæдæм згъоры ацы машинæ? Цæуылнæ бауромы æмæ рахиза, згъора, згъора ацы быдырты, кæд йæ къахæй æрлæууид йæ фыд Лазæры къахвæдыл... Æмæ уæд згъордзæн, згъордзæн йæ фыды къахвæдтыл, кæм бадæлгом æмæ фæстаг ныхас кæм схауд йæ дзыхæй «дон», зæгъгæ, уыцы ран ахаудзæн, бадæлгом уыдзæн йæ чызг дæр. Згъоры, згъоры цæссыг... Кæд йæхи кæуынæй хизы, уæддæр...

Се ‘мбæлццæттимæ базонгæ сты. Æрцыдысты Горькийæ, Омскæй, Хъазахæй, Украинæйæ, Гуырдзыйæ, Башкирийæ... Бæлццæттæ хуызæй дæр сты фæйнæхуызон: сæ цæстытæ, сæ сæрыхъуыны хил, сæ цæсгæмттæ, сæ уæнгты æвæрд. Фæлæ сæ фæндаг у иу ранмæ. Фæйнæхуызы цæстытæй, сæ фæйнæхуызы цæсгæмттыл згъорынц æмхуызон цæстысыгтæ... Кæмæ уайынц фæдисы сæ къухæвæрынмæ, уыдон дæр уыдысты фæйнæхуызы. Фæлæ ацы бурбын зæххыл, сæ байзæддæгтæн абон сæ цæстысыг куыд кæлы æмæ сæ цæстысыг куыд у иухуызон, афтæ уыдонæн та ныккалди сæ туг. Туг! Æмхуызон туг... Иухуызы туг...

Цæстысыг æмæ туг сты æппæт адæмыхаттæн иухуызы, уымæн æмæ мады дзидзийы æхсыр дæр у иухуызы æппæт адæмæн.

Иу фæзилæны «виллис» æрлæууыд æмæ лæппулæг загъта:

— Хъæу «Ослинкæмæ» чи цæуы, уыдон ам рахизæнт.

Æмбæлццæттæ рахызтысты. Кæрæдзийæн салам радтой æмæ фæхицæн сты. Машинæйы баззадысты Артур, Светланæ, Дианæ æмæ шофыр. Йемæ ныхас кæнгæ цыдысты.

— Улемецы æфсымæрон ингæны ис бирæ æфсæддонтæ... — дзырдта фысым, — фæлæ Ослинкæйы æфсымæрон ингæны — минтæ...

— Мæ фыд ныгæд ис иунæгæй.

— А-а, иунæгæй? — бадис кодта лæг. — Ис иугæйттæй ныгæд уæлмæрд. Уый хъæуысæр хъæдмæ æввахс у. Уыдон бирæ не сты. Иууылдæр иугæйттæй ныгæд уыдысты, фæлæ сæ иу ранмæ æрæмбырд кодтам. Хъæуысæр чи ис, уыдон та иуварс сты, ницы уыйас хъыгдæрдтой æмæ сæ ныууагътам.

Дианæйæн фæхъыг дзырд «хъыгдардтой». Ау, уый та куыд? Цымæ сæ цæмæн фезмæлын кодтой сæ «фæлмæн» хуыссæнрæттæй?

— Ногæй сæ фæкъахтат?

— О, нæ хойы хай, — къулбæрзæйæ дзуры Дианæмæ лæппулæг. — Тынг æхсызгонæн сæ нæ къахтам, — скуыдта. — Адæмы цæстысыг иу ран куы æмбырд кодтаид, уæд ыл куырой разылдаид, куырой... стæй нын салдæттæ æххуыс кодтой.

— Уагътаиккой сæ сæ мæгуырыл, — сдзырдта та Дианæ.

— Нæ сын уыди уадзæн. Æмбарын хъæуы, ам, уым, иннæ ран — ингæнтæ, ингæнтæ æмæ ингæнтæ... Гутонæн азилæн нæ уыд. Уый æмбæрстгонд у алкæмæн дæр. Нæ фыдæлтæ сæ сæртæ нывондæн уымæн æрхастой æмæ нæ гутонæн йæ цыд йæ фæндон уа, раст нæ зæгъын? — бакаст Артурмæ.

— Рас зæгъыс...

Бахæццæ сты тархъæдмæ. Хъæдмæ бацæуæны рахиз фарс, бæрзонд урс цæджындзыл фидаргонд фæйнæгыл сæрыстыр фыст:

«ПАРТИЗАНТÆЙ НАМЫСДЖЫН БРЯНСЧЫ ХЪÆДТÆ»

Шофыр баурæдта. Рахызтысты æмæ кадджын фыстыл, сæхи сивазгæйæ, сæ алчидæр йæ къух ахаста... Стæй зæрдæхъуырмæй сбадтысты автомобилы...

— Уæ амондæн, — дзуры шофыр, — хур рæстæг у æндæр ахæм цъыф вæййы æмæ æнæ трактор нæй адæймагæн ацæуæн иу хъæуæй иннæмæ. — Æддæуæз, быдыры ног арæзтад кæм фæбæрæг, уырдæм ацамыдта. — Ног фæндаг, асфальт фæндаг аразынц Мæскуыйæ суанг Брянскмæ æмæ дарддæр хуссармæ. Сымах кæцæй стут? — йæ ныхасы кæрон бафарста шофыр.

— Владикавказæй стæм, Кавказæй, — дзуапп радта Артур.

— Уæ хъæууонхæдзарадон институтæй фараст агрономмæ æнхъæлмæ кæсæм ацы аз тыллæг æфснайыны агъоммæ. Куыд фехъуыстон, афтæмæй ног агрономты амындмæ гæсгæ тыд цæудзæн фæззыгон.

«Виллис» фæхæрд кодта хъæуы ’рдæм. Æрлæууыд чысыл уæлмæрды аллейы. Рахызтысты Артур, Светланæ æмæ Дианæ.

Машинæ аивгъуыдта... Уæлмæрд уыди хæрзкойгонд, дидинджыты къутæртæ. Иутыл фæзынд дидинджыты къомбохтæ дæр ма...

Артур йæ цæстæнгас ахаста йæ æнæзонгæ æдзард каис, Байсогъуырты Лазæр, йæ сæр æнусмæ кæм æрæнцой кодта, ууыл. Бæлас дзы садздзæн.

— Фыццаг... рахизырдыгæй, — зырзыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта Дианæ.

— Чи зоны ма дзы исчи дæр уа къухæвæрджытæй, — загъта Светланæ.

— Ничи зыны, — æркаст йæ сахатмæ Артур. — Нырма раджы у. Бæрæгбоны змæлд дæр уыдзæн....

— Уыдзæн, — загъта Светланæ, — хъæуы астæу æфсымæрон ингæнæн ног цыртдзæвæн сæвæрдтой, зæгъгæ, куы загъта шофыр.

— Уым уыдзæн, фæлæ адон дæр рохауты куыд ныууадздзысты, — загъта Артур.

Цæссыгкалгæ фæцæуынц Лазæры ингæнмæ...

Хъæуы уыди хъæдæй конд хæдзæрттæ. Бирæ хæдзæртты раз дæргъæй-дæргъмæ æнцой кодтой егъау хъæды лыггæгтæ, саст суджы цæндтæ хæрз æфснайдæй. Трактортæ хъæндилтау бырыдысты быдырты. Хъæу ныгъуылди дидинæгкалгæ бæлæсты бын. Хъæдæй рабырыд калмдзæлхыг трактор, йæ фæстæ хъæды лыггаг ласгæ. Стурвос фылдæр сау-урс хъулон, стуртæ хизынц хъæдрæбын. Хъæууынгты зындысты скъоладзаутæ бæрæгбонарæзтæй, сæ къухты дидинджытæ. Дидинæг калдтой хъæды иугай бæлæстæ, уымæ гæсгæ хъæд зынди егъау урс æмæ тар хъулон-мулон хъуымацау.

Бахæццæ сты кæройнаг ингæнмæ — Лазæрмæ. Йæ къæхты ’рдыгæй исдуг алæууыд Дианæ. Артур бакаст: «Ам ныгæд ис Байсогъуырты Лазæр...»

Ныккуыдта Дианæ. Скуыдтой Артур æмæ Светланæ дæр.

— Цæй, æгæр у, — лæгъстæ кодта Артур Светланæ æмæ Дианæйæн. — Гъер нæхи куы æрбамарæм, уæд рабаддзæн? — æрбатыхст, — уæдæ уæд мæнæн та цы кæнгæ у? Нæдæр мады ингæн, нæдæр фыды ингæныл авæрдзынæн мæ къух, — скуыдта йæхæдæг дæр.

Сæ размæ уæлмæрдгæс уырыссаг зæронд лæг бацыди. Йæ худ систа. Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ фысым загъта:

— Дысонизæр дæр ма ам уыдысты иу лæг æмæ ус...

Сæ хъус æм не ’рдардтой, куынæг къухæвæрджытæ нæ цæуы, уæлдайдæр Уæлахизы бон.

Зæронд лæг разыйæ нæ баззад уазджыты стырзæрдæ ахастмæ æмæ та загъта:

— Уыдон дæр сымах бæстаг сты... Дзæнæты бадæд, — ацамыдта Лазæры цыртдзæвæнмæ. — Сылгоймагæн дæр æмæ нæлгоймагæн дæр Байсогъуыры-фырт уыди зынаргъ. Лæгæн та ма уыд йæ хæстон æмбал.., — æрбадт калд бæласы къодахыл.

«Цы?..», «Куыд?..», «Чи?..» — алчидæр сæ радта фарста æмæ фырдиссагæй кæрæдзимæ бакастысты.

— Дада, — бахатыд зæронд лæгмæ Артур. — Æмæ цы фесты?!

— Ам хъæуы кæмæдæр сты. Фыццаг ацыдысты хъæдмæ, хæсты рæстæджы сæ полкъ кæм лæууыд, уый, дам, фенæм.

— Стæй?! — цымыдисæй афарста Артур.

— Уалынмæ сæм хъæуæй рацыдысты æмæ сæ ахуыдтой. Æз дæр сæ хуыдтон нæхимæ, фæлæ сæ хъæуккæгтæ афтæ зæрдиагæй хуыдтой æмæ сæ ауагътон. Фæлæ сымах нал ауадздзынæн, сымах мæн уазджытæ стут, — бахудт зæронд лæг æмæ йæ куыствæллад къух тамакойы фæздæгмæ чи ныббур, уый йæ рихийыл æрхаста.

— Бæлвырд ма ам сты?! — тыхстхуызæй афарста Артур.

— Уæдæ, — æууæнкджынæй дзуапп радта зæронд лæг. — Ам ма сты, уымæн æмæ абон ам бæрæгбон уыдзæн, иннæмæй та Лазæры ингæны раз бæлас садзынц.

Кæрæдзимæ та бакастысты уазджытæ. Кæмæдæр ма ис Артуры фæнд.

— Бæлас садзын афон нал у. Фæлæ донхæрисы тала ныххæцдзæн. Уый садзынмæ дзы хъавынц, — йæ зæрдæ суынгæг. — Мæ иунæг фырт та фæхæцыд хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ æмæ фæмард Фарæстæм майы... — скуыдта. — Фæхæц, фæхæц æмæ Уæлахизы бон... Æмæ ма царды ад куы бавзæрстаид, уæддæр ма гъа, йæ уарзон чызг куырдуаты баззад. Уый та ма нын уыди дыккаг мæт. Æз дæр æмæ йын не ’фсин дæр дзырдтам, смой кæн æмæ дын дæ сывæллæттæм нæхи хъæбултау кæсдзыстæм, — йæ дæрзæг къухæй уыцы æмвæтæнæй йæ цæссыгтæ асæрфта. Скуыдтой иууылдæр...

— Цæй, æгъгъæд фæуæд, — загъта зæронд лæг. — Сымахæн дæр сой нæ бануазын кодта хæст, фæлæ мах дыууæ хатты банай кодта: фыццаг немыц бырстой, хæст аивгъуыдта скæсæнырдæм, нæ бæстæйы астæумæ. Уый дын иу. Сæ фæстæ ма баззадысты хуртуангонд фæнык æмæ пецтæ. Пецтæ æмæ æрмæстдæр пецтæ. Адæм кæд зыдтой знаг ам нæ баззайдзæн уый, уæддæр сæ цæрын хъуыд, æмæ æрлыгъдысты хъæдтæй сæ къонатæм. Сарæзтой та цæрæн уат къæстæ, уæдæ куыд? Дыккаг ссæст та æрцыдыстæм мах, Сырх æфсад размæ, ныгуылæнмæ куы бырстам, знаджы йæ разæй сургæ, уæд.

Йæ цæссыгтæ асæрфта къухмæрзæнæй, йæ цæст ахаста уæлмæрдыл.

— Æз æдзухдæр ууыл хъуыды кæнын, ау, цард афтæ зын куы нал у, сбад поезды æмæ фен дæ фыд, де ’фсымæр, дæ фырт... кæм фæмард сты, уый. Гъер æз сымахæй куыд разы дæн, уый куы зониккат. Æз мæ фыртмæ Берлинмæ куы фæцыдтæн. Æцæгæлон, ноджы уыйас зиантæ нын чи скодта, уыцы зæххыл цæуын тынг зын у. Бауырнæд уæ, раст цыма авджы цъæлтыл бæгъæввадæй цыдтæн, афтæ зын мын уыди немыцы зæххыл цæуын. Йæ мад дæр цыди, фæлæ йæ нæ ауагътон, æнæуый дæр æм зæрдæниз хæццæ кæны... О, хæдæгай, ныхæстыл фæдæн. Чи стут сымах та Лазæрæн? — амоны Артурмæ. — Ды йæ фырт дæ?

— Нæ, — фæрæвдз Артур æмæ ацамыдта Дианæмæ, — ;йæ чызг у...

— Хорз, — йæ сæр батылдта зæронд лæг. — Ды та йæ сиахс? — ацамыдта Светланæмæ. — Ды та йæ чызджы ходыгъд?

— Нæ, уый нæ хорз зонгæ æмæ хæлар у, — загъта Артур æнæуæлдай дисæй.

— Куыд зонгæ?! — бадис зæронд лæг. — Цæмæн æй хъæуы мæнæй æмбæхсын? — бацамыдта Артур æмæ Светланæмæ. — Сымах тынг æнгæс стут. Уæ цæстæнгас... Æмæ, æппынфæстаг, уæ хъусты арæзт, — йæ уæхсчытæ фелхъывта. — Нæ зонын, фæлæ сымах кæрæдзийæн æцæгæлон не стут.

— Мæнмæ дæр æнгæс кастысты, — загъта Дианæ, — фыццаг сæ куы федтон, уæд.

— Кавказаг адæм æнæуи дæр æнгæс сты, фæлæ сымах... — йæ сæр та батылдта, йæ худ йæ сæрыл æрæфсæрста. Акаст хъæуы ’рдæм, — уартæ æрбацæуынц уе ’мзæххонтæ...

— Дæ ном цы хуыйны, — афарста йæ рæвдз Артур.

— Николай Иваны фырт...

Æртæйæ дæр уыцы иу уысмы сæ сæртæ азылдтой фысым кæдæм ацамыдта, уыцырдæм. Æрбацæйцыдысты нæлгоймаг æмæ сылгоймаг. Нæлгоймаг йæ галиу къахæй чысыл къулых цыдис, йæ къухы цыдæр къалиу...

— Уый донхæрисы тала у, — сдзырдта зæронд лæг. — Ныссадздзæн æй’ — рæсугъд бæлас суыдзæн. Семæ йæ æрластой...

Артур Дианæйы размæ балæууыд æмæ фыртыхст æмæ дисæй афтæ зæгъы:

— Кæд ма исты зонын, уæд нæлгоймаг у, цыппар уынджы æхсæн чи ныццæхгæрмæ ис, гъе уый йæхæдæг!..

Дианæ кæсы æмæ йыл гуырысхо бахæцыд. Цы хабар у?! Æрбацæуы Артуры хуызæн, уый æнгæс... Ай та цы диссаг у? Сылгоймаг та у Фидары æнгæс! Иналы халдих!

— Ой, — фæхъæр кодта æмæ ингæны раз æрбадт.

Дзырдбæрц куы æрбацыдысты, уæд Артур сæ размæ ауад.

Светланæ æмæ Дианæ дæр йæ фæстæ. Нæлгоймаг йæ къухы донхæрисы тала зæххыл æрæвæрдта. Иуырдыгæй — дыууæйæ, иннæрдыгæй — æртæйæ, тæфæрфæсы лæуд акодтой. Кæрæдзийæн салам радтой, зианы фæдыл цы æгъдау домы, уый æххæст кæнгæйæ. «Рухсаг» куы загътой, уæд фыццаджыдæр сдзырдта нæлгоймаг.

— Куыд кæсын, афтæмæй ды цыппар уынджы астæу мæ фæдыл сагъдауæй кæсгæ чи баззад, уый дæ, милицæйы майор?

— О, уый дæн... — загъта Артур зырзыргæнгæ хъæлæсы уагæй.

— Мæ бафхæрын дæ къухы нæ бафтыд æмæ фæсмон кæныс, и?

— Æппындæр нæ! — ныфсхастæй загъта Артур. — Æз... — бакаст æм ирд цæстытæй.

— Цæй, базонгæ уæм, — загъта нæлгоймаг, æнахуыр зæрд æскъæфтæй.

Цыдæр тарстхуыз уыдысты уазджытæ дыууæрдыгæй дæр.

— Сослан Дзодзыккаты, — загъта нæлгоймаг æмæ йæ къух лæппумæ бадаргъ кодта. Æмæ... æдзынæг кæсгæ аззад, лæппу йæм йæ къух куы балæвæрдта, уæд... Диссæгтæ... Йæхи къухты хуызæн къухтæ йын куы ис. Стæй та дыккаг хатт, æдзæмæй алæуды фæстæ загъта, — Дзодзыккаты Сослан...

— Сослан?! — афарста дисæй Артур... — мæнæн дæр мæ фыд Сослан уыди... Æз та Артур...

— Арту-ур?! — афарста Сослан æмæ йæ сурхид акалд. — Дæ мыггаг?

— Дзоошвили, — къуызгæ сдзырдта Артур. Раст зæгъын æви нæ, зæгъгæ, æмæ йæ катайы бафтыдта Сосланы ахаст.

Сосланæн йæ бон фезмæлын дæр нал уыди, раст æй цыма садзгæ ачынди йæ мидбынат, афтæ дурдзавдау лæууыд.

— Асиат! — фæхъæр кодта Сослан.

— Асиат?! — фæкаст сылгоймагмæ Дианæ. — Асиат?! Асиат уыцы исдуг касти Светланæмæ, стæй Дианæмæ.

— Мæ ном Асиат, сымах?! — афарста тæссæй, цыма ныртæккæ арв æркæлдзæн, ахæм хуызы.

— Æз Дианæ... Лазæры чызг...

— Æз Светланæ Доциты...

— Асиат! — фæхъæр та кодта Сослан, фæлæ йæ Асиат нæ фехъуыста. Æнæбонæй æрцæйхауд, Светланæ æмæ йæ Дианæ рацахстой. Сослан уæддæр дзуры:

— Асиат, фен-ма ацы лæппуйæн йæ рахиз дæлхъусы сау... сау стъæлф... — фæцудыдта уый дæр.

— Ис, — фæрæвдз Артур йæхæдæг æмæ рацахста Сосланы. — Ис дыууæ сау стъæлфы...

— Дæ мад?.. — афарста Сослан æмæ Артуры хъæбысæй феуæгъд, æрбадт...

Артур æм кæсы æмæ йæ бафарста дондзæст æмæ стыр зæрдæфæйлыдæй:

— Чи дæ?!.. — дзуапп куы нæ уыд, уæд загъта. — Мæ мад? Сафиат!.. Сафиат мæ мад!..

Сосланы цъæх цæстытæ æрттывтой, афтæмæй та хæстулæфт кæнгæ бафарста:

— Аннæ?!

— Аннæ-æ! Аннæ — мæ нана! — зæрдæскъæфтæй дзуапп радта Артур йæ тыхст, æлвæст зæрдæйы уидæгтæ феуæгъд сты æмæ нырдиаг кодта йæ хъæлæсы дзаг...

— Асиат! — фæхъæр та кодта Сослан. — Нæ лæппу!.. — йæ къухтæ бадаргъ кодта Артурмæ.

Артур æнæуи дæр йæхи тыххæй урæдта æмæ йæ сæр амбæхста Сосланы хъæбысы.

Асиаты зæрдæ бамбæрста, йæ разы йæ чызг кæй ис, уый, æмæ бафарста:

— Мæдинæ... Доциты?! — акаст Сосланмæ æмæ ныр та уый ныккуыдта.

— Сослан!.. Нæ чызг!..

Уыцы бон уыди бирæ цæссыг: хъыг æмæ цины цæссыгтæ. Артур æмæ Сослан ныссагътой донхæрисы тала. Сылгоймæгтæ йыл дон ныккодтой. Зæрдæрухсæй йæм кастысты. Ирыстонæй йæ дзæгъæл хуымæтæджы не ’рластой. Ныффидар уыдзæн. Зæххы ауадздзæн уидæгтæ. Сырæздзæн. Лазæрмæ æмæ йемæ хæстонтæм сæ цот, сæ цоты цот... къухæвæрынмæ чи цæуа, уыдон хъахъхъæндзæн уарынæй, хурбон та сын дæтдзæн сатæг...


[1] 1961 азы реформæйы размæйы аргъ.



Поделиться:


Последнее изменение этой страницы: 2024-06-17; просмотров: 73; Нарушение авторского права страницы; Мы поможем в написании вашей работы!

infopedia.su Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав. Обратная связь - 216.73.216.3 (0.116 с.)